24 апреля 2024

БИЙНОНТИ ФАРНӔЙ ФИДИБӔСТӔ ДӔР

13.07.2021 | 17:14

САКЪИТИ Эльбрус

Номдзуд Расул Гамзатов ӕ публицистон уацтӕй еуеми уотӕ финста: «Фидиуӕзӕг, бийнонтӕ – етӕ ‘нцӕ, адӕймаги ка ‘фсадуй, ка ин байлӕгъ кӕнуй ӕ сӕри зунд, ӕ сӕрустурдзийнадӕ, фӕллойнӕ кӕнунмӕ арӕхстдзийнадӕ, уӕхӕн уедӕгтӕ. Бийнонтӕ – е ӕй гъудӕг, ӕгъдӕуттӕ, еу инней нимайундзийнадӕ, кӕрӕдземӕн агъаз кӕнуни агъазиаудӕр равгӕ. Гъулӕггаг ӕй, адӕймаг ӕ бийнонти кадӕ ку нӕ гъӕуай кӕна, е фиргъӕундзийнадӕ ‘й…»

Аци гъудитӕ, махмӕ гӕсгӕ, зӕгъунгъон ӕй алли адӕми минӕвар дӕр, уомӕн ӕма си алкӕмӕ дӕр бӕрзонд ӕвӕрд ӕнцӕ, тӕккӕ цитгийнагдӕр ӕнцӕ бийнонтӕ, уони фарнӕбӕл архайун.

Уомӕ гӕсгӕ ба нӕмӕ ӕнӕгъӕнӕ Уӕрӕсей дӕр ӕцӕгӕй еугурадӕмон иссӕй бийнонти, уарзондзийнади ӕма еузӕрдиуондзийнади Бон. Нӕ бӕсти ци берӕ аллихузон бӕрӕгбонтӕ нисангонд ӕнцӕ, уони ‘хсӕн ӕ «карӕмӕ» гӕсгӕ ма хуӕрз ӕригон ӕй (куд Еугуруӕрӕсеуон бӕрӕгбон, уотӕ бӕрӕггонд цӕуй 2008 анзӕй фӕстӕмӕ), уӕддӕр ӕй, баруагӕс уи уӕд, сӕ тӕккӕ райдзастдӕр ӕма зӕрдтагондӕрбӕл нимайун ӕнгъезуй.

Нӕкӕси, уотӕ рауадӕй, ӕма еци анз Уӕрӕсей нимад адтӕй бийнонти Анзбӕл – раст зӕгъгӕй, аци еугуруӕрӕсеуон бӕрӕгбон уомӕ гӕсгӕ нисангонд ӕрцудӕй, е бӕлвурд нӕй.

Аци бӕрӕгбон алли анз дӕр бӕрӕггонд цӕуй 8 июли. Киристон къӕлиндармӕ гӕсгӕ, уӕд бӕрӕггонд цӕуй цитгийнаг Муромскийти Петр ӕма Февронийи бон. Етӕ нимад ӕнцӕ бийнонти ӕма къайади киристон ауодгутӕбӕл, уруссаг культури ӕнцӕ ӕмкъайади уарзондзийнадӕ ӕма еузӕрдиуондзийнади фӕлгонц.

Аци бӕрӕгбонӕн ӕ рацӕуӕн кӕд киристон динӕй ӕй, уӕддӕр иннӕ конфесситӕ дӕр исарази ‘нцӕ, цӕмӕй исуа Еугуруӕрӕсеуон – уомӕн алли дини дӕр ес къайади ауодӕнгӕнгутӕ, кӕцитӕ ‘нцӕ бийнонти цардӕвӕрди ӕма ӕмкъайади фӕнзуйнӕгтӕ, еузӕрдиуондзийнадӕ ӕма ӕмзӕрдиуагон уарзти дӕнцӕнтӕ. Нӕкӕси, 8 июль ӕй тӕккӕ хуӕрзӕнтӕстгин бонбӕл нимад къайадӕ исаразунӕн, кӕци, дан, гъӕуама рауайа дӕргъвӕтийнӕ ӕма амондгун.

Ӕнгомӕй ци хӕдзари цӕрунцӕ, амонд дӕр уоми ес…

Куд еугуруӕрӕсеуон, уотӕ аци бӕрӕгбон нисангонд ку не ‘рцудайдӕ, уӕддӕр ӕй, ӕвӕдзи, ести хузи исфӕткон кодтайуонцӕ махмӕ Иристони. Уомӕн ӕма нӕ адӕми цардарӕзти алкӕддӕр ахсгиагӕй-ахсгиагдӕр адтӕнцӕ бийнонти цардарӕзти гъуддӕгутӕ. Бийнонти еудзийнадӕ ӕма ӕнгомдзийнадӕ федар кӕнуни сӕ амонд ӕма фарнӕ агъазиаудӕр кӕнуни фӕдбӕл нӕмӕ нӕ рагфидтӕлтӕй ӕрбахъӕрттӕнцӕ дессаги рӕсугъд ӕма тухгин ӕгъдӕуттӕ. Етӕ абони дӕр, кӕд нӕ нуриккон цардарӕзти берӕ цидӕртӕ исӕндӕрхузон ӕнцӕ, уӕддӕр ахсгиаг ӕма ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ ‘нцӕ. Гъулӕггагӕн, кӕцидӕртӕбӕл си бустӕги исустурзӕрдӕ ан ӕма нин е ба, зӕранӕй уӕлдай, хиццагӕй неци хӕссуй…

Сӕ еугурей фӕдбӕл еу уаци радзоруни равгӕ нӕййес, уомӕ гӕсгӕ ба си уӕддӕр цалдӕрей фӕдбӕл зӕгъдзинан нӕ гъудитӕ. Уой дӕр – нӕ фидтӕлтиккон таурӕхътӕй испайда кӕнгӕй. Уомӕн ӕма етӕ дӕр райгурдӕнцӕ сӕхе цардиуаги фӕлтӕрддзийнадӕй.

Мах алкӕддӕр сӕрбӕрзондӕй ранимайӕн, берӕ ӕнзти амондгунӕй ка фӕццардӕй, хуарз кӕстӕртӕ ка исгъомбӕл кодта ӕма абони сӕ кӕстӕрти кӕстӕртӕбӕл ка цийнӕ кӕнуй, уони.

Етӕ, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнцӕ нӕ боц хестӕртӕ – сӕ фӕлтӕрддзийнадӕ ӕма курухондзийнадӕбӕл гъӕуама ахур кӕнонцӕ ӕригон фӕлтӕр. Уони фӕрци базонӕн ӕма балӕдӕрӕн ес, нӕ адӕми уодиконди сӕйрагдӕр, цардаразӕг менеугутӕ.

Етӕ ба ‘нцӕ – бийнонти цард нивӕбӕл аразун ӕма ‘й еудадзуг гъӕуай кӕнун, кӕрӕдзебӕл ӕновуд ун, ӕууӕнкӕ ӕма еузӕрдиуондзийнадӕй алке ни ӕ бийнонти царди тӕккӕ хуӕздӕр уагӕбӕл хъиамӕт кӕнгӕй, еумӕйагӕй ӕхсӕнади размӕцудӕн дӕр равгитӕ ӕма фадуӕттӕ аразун, ӕма ма берӕ ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ гъуддӕгутӕ исфӕлдесунмӕ разӕнгард ун.

Бийнонтӕ амондгун ку уонцӕ, сӕ сувӕллӕнттӕ ӕнӕнезӕй ӕма цардбӕллонӕй ку ирӕзонцӕ, уӕд сӕ еугуремӕн дӕр сӕ цард ӕнтӕстгин уодзӕнӕй – е ба комкоммӕ ахеддзӕнӕй республики фӕрнугдӕр ӕма хуӕздӕр исонибонбӕл.

Махмӕ гӕсгӕ, ауӕхӕн гъудибӕл ни гъӕуама алкедӕр хуӕст уа, уомӕн ӕма ӕ фидиуӕзӕги исонибонбӕл рӕстзӕрдӕй ка тухсуй, ӕ адӕми идарддӕри карнӕ сагъӕссаг кӕмӕн ӕй, е гъӕуама цийфӕнди цӕстӕй ма кӕса нӕ цардарӕзти тӕккӕ федардӕр ӕма ӕууӕнкӕдӕр бундори уавӕрмӕ, гъома, бийнонти кадӕ ӕма ӕнӕфӕккеугӕдзийнадӕ нӕмӕ цӕйбӕрцӕбӕл цитгингонд цӕунцӕ, уомӕ.

Мах адӕммӕ алли рӕстӕгути дӕр фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг хузи ӕнхӕстгонд цудӕнцӕ нӕ рагфидтӕлти фӕдзӕхститӕ бийнонти цардиуаги, бӕлвурддӕрӕй ӕ еудзийнади туххӕй, уой фехалун устур ӕгадӕдзийнадӕбӕл нимад цудӕй. Уотӕ амудта нӕ адӕмӕй ка ци дин райста, е дӕр. Зӕгъӕн, газет «Терские ведомости» 1895 анзи номертӕй еуеми уой фӕдбӕл ниммухур кодта уац, кӕцими загъд адтӕй: «Киристон аргъауӕн куд амонуй, уомӕ гӕсгӕ сӕ цард ка бабаста, еци киристӕнттӕ, зӕгъӕн ес, ӕма хецӕн нӕ кодтонцӕ».

ЦӔБӔЛ ИСМӔСТГУН ӔЙ КУРУХОН ХЕСТӔР…

Аци уацмӕ гӕсгӕ нӕ зундгонд финсӕг Бицъоти Гриш, «Ставд-Дортӕ», зӕгъгӕ, ӕ документалон уацауи ӕримиста мӕнӕ ауӕхӕн хабар: «Ӕрӕги уӕнгӕ дӕр ма еци фӕткӕ федар адтӕй Иристони. Гъуди ма кӕнун: 60-аг ӕнзти кӕрони Дзӕуӕгигъӕуӕй бафтудтӕн Ставд-Дортӕмӕ. Зилдтӕн хеуӕнттӕбӕл. Еууӕхӕни мӕ хӕстӕгутӕй еуети хӕдзарӕй тургъӕмӕ куд рацудтӕн, уотӕ гъӕунгӕй мӕ гъостӕбӕл рауадӕй нӕлгоймаги гъӕрӕй дзубанди. Игъосунбӕл имӕ фӕдтӕн. Дзурдта, дӕлӕрдигӕй дӕр ӕй куд игъустайуонцӕ, уӕлӕрдигӕй дӕр, уотӕ гъӕрӕй. Уайтӕккӕ дӕр балӕдӕрдтӕн: зӕронд лӕг кедӕр ӕфхуӕруй, кӕбӕлдӕр ӕнӕвгъауӕй калуй ӕ уайдзӕфтӕ. Ӕмбесӕндтӕ хаста. Уартӕ, зӕгъгӕ, Уӕллагири коми уӕхӕн ӕма уӕхӕн гъӕуи ӕмзай-ӕмзӕронд бацӕнцӕ уӕхӕн лӕг ӕма уосӕ. Зулундзурд дӕр си некӕд райгъустӕй, уотемӕй, дан, уосӕ ӕ донихулуй нӕ уорӕдта. Уӕд, загъта, цӕрунмӕ цудӕнцӕ, нур ба дууӕ бони кӕрӕдземӕн нӕбал бухсунцӕ. Цӕветтонгӕ, мӕ фусунти синхӕгти лӕхъуӕн хуӕрзӕрӕги ӕ нӕуӕгкурд уосӕй рахецӕн ӕй ӕма ӕ уайдзӕфи дзурдтӕ уони ‘рдӕмӕ гӕлста, уӕззау дорти хузӕн, зӕронд лӕг…»

Еци зӕронд лӕги ӕ мастӕй балӕдӕрун ӕнгъизтӕй – уӕди рӕстӕгути ма хъӕбӕр ӕверхъау хабарбӕл нимад уидӕ бийнонти фехӕлд, уӕлдайдӕр ба ӕригон бийнонтӕ сӕ цард ӕнхӕст нӕма райдайгӕй кӕрӕдземӕй ку фӕлледзӕги уиуонцӕ, уӕд.

Нур, гъулӕггагӕн, уӕхӕн хабӕрттӕ фӕстаг цалдӕр анзей дӕргъи уоййасӕбӕл исахид ӕнцӕ, ӕма сӕбӕл дес дӕр некебал кӕнуй. Уогӕ Цӕгат Иристони статистикон управлени куд игъосун кӕнуй, уотемӕй фарӕ уавӕр еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕххуӕздӕр ӕй: къайадӕ ка исаразта, етӕ фулдӕр ӕнцӕ, ка рахецӕн ӕй, уонӕй. Уогӕ нӕмӕ нӕуӕг бийнонтӕ минкъийдӕр арӕзт цӕуй – фарӕ сӕ бӕрцӕ адтӕй 2840 (фӕлварӕй 12,3% мнкъийдӕр), ка рахецӕн ӕй, еци бийнонти бӕрцӕ ба иссӕй 1759 ӕмкъаййи (2019 анзи ба – 1811).

Ӕма уотемӕй нӕ адӕми бӕрцӕ куд ирӕза. Сагъӕссаг ӕнцӕ мӕнӕ ауӕхӕн нимӕдзтӕ: нӕуӕгигурдти бӕрцӕ нӕмӕ фарӕ иссӕй, фӕлварӕ цӕйбӕрцӕ адтӕй, уомӕй 461 сувӕллони минкъийдӕр (ӕдеугурӕй – 8206 сабийи), нӕ республики цӕргутӕй ка рамардӕй, уони бӕрцӕ ба иссӕй 8441 адӕймаги.

Ци зӕгъӕн ес, аци бӕрӕггӕнӕнти фӕдбӕл? Сагъӕссаг, хъӕбӕр сагъӕссаг уавӕр – ӕндӕр ма ци зӕгъдзӕнӕ? Иннӕ фарста ба е ӕй, ӕма идарддӕр дӕр уотӕ ку уа, уӕд нӕ республики демографион уавӕр, куд нӕ фӕндуй, ӕма куд гъӕуама уа, уотӕ кутемӕй рӕвдзӕдӕргонд ӕрцӕудзӕнӕй. Ӕви нӕ еунӕг мадзал – ӕндӕр рауӕнтӕй нӕмӕ цӕруни зӕрдтӕй ка цӕуй, етӕ?

Ӕма миграцион уавӕри ес берӕ сагъӕссаг фӕззиндтитӕ.

Аци фарста уоййасӕбӕл ахсгиаг ӕма сагъӕссаг ӕй, ӕма ибӕл хецӕнӕй бундорондӕрӕй дзорун гъӕуй. Ӕма уомӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕ иссердзинан равгӕ. Нур ба нӕ идарддӕри дзубанди ӕй, зингӕ ахедундзийнадӕ кӕмӕн ес, еци хабӕртти туххӕй.

БИЙНОНТӔ ТУХГИН ӔНЦӔ – ФИДИ ФӔРЦИ, СЕ ‘НГОМДЗИЙНАДӔ – МАДИ ФӔРЦИ

Бийнонти цард цӕмӕй райдзаст ӕма фӕрнӕйдзаг уа, сӕ исонибон ба никки хуӕздӕр цӕмӕй уа, уобӕл зӕрдрохсӕй ӕма нифсгунӕй архайуонцӕ, е, фиццаги-фиццагидӕр, аразгӕ ‘й ӕ сӕргъи ка ‘й, уонӕй.

Номдзуд Расул Гамзатов ма уотӕ дӕр загъта: «Фидиуӕзӕг, бийнонтӕ – райдайӕнти райдайӕн. Аци къӕсӕрӕй райдайуй царди над, ӕма куд рауайдзӕнӕй, е ба махӕй, ниййергутӕй аразгӕ ‘й…» Уой фӕдбӕл нӕмӕ нӕ рагфидтӕлтӕй дӕр берӕ зундгин зӕгъдтитӕ ӕрбахъӕрттӕй. Зӕгъӕн, мӕнӕ ауӕхӕн:

«Бийнонтӕ тухгин ку фӕуунцӕ, уӕд е бийнонти сӕрбӕл баст ӕй, бийнонтӕ ӕнгом ку фӕуунцӕ, уӕд е ӕфсийнӕй цӕуй…» Уотӕ ку нӕ уа, уӕдта бийнонтӕ ӕгудзӕг кӕнунцӕ – хестӕртӕ ӕма кӕстӕртӕ дӕр си тухст уавӕрти бахаунцӕ ӕма уотемӕй ӕрветунцӕ сӕ бӕнттӕ.

Дзубанди дӕр ибӕл нӕййес, цӕмӕй бийнонти цардиуагӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа, е цӕйбӕрцӕбӕл берӕ аразгӕ ‘й фиди ‘рдигӕй. Нӕ фидтӕлтиккон хабӕрттӕй ӕй хуарз зонӕн, нӕлгоймаг цӕйбӕрцӕбӕл ӕновудӕй архайидӕ уой сӕрбӕлтау, сауӕнгӕ ма ӕ цард дӕр иснивонд кӕнидӕ. Ка уи нӕ фегъустайдӕ Акими зар:

Ой, нӕ хӕхбӕстӕ нӕ, ой ку не ‘фсады

хорӕй,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Ой, цон фӕцӕуон

Дӕлӕ быдырмӕ хор ласынмӕ, гъей, тох.

Надбӕл ибӕл исцурӕвӕрӕ ‘нцӕ абӕргутӕ, гъавтонцӕ ин ӕ бӕх ӕма галтӕ, ӕ уӕргътӕ байсунмӕ.

Ой, Ходы къуылдымтӕ, ой, дӕлӕмӕ куы

лӕсынц,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Ауадзут мӕ, мӕнмӕ мӕ сабитӕ

ӕнхъӕлмӕ куы кӕсынц, гъей!

Нӕ, нӕ фӕттӕрегъӕд кодтонцӕ ӕдзӕсгон абӕргутӕ мӕгур лӕгӕн, нецӕмӕ ӕрдардтонцӕ ӕ мӕгур сувӕллӕнтти тухст уавӕр. Ӕма сӕ уӕд Аким бундзагъд никкодта, ӕхуӕдӕг дӕр фӕммард ӕй:

Ой, фӕззыгон мигъбон мын мӕ фӕндаг

ӕрцахста,

Ой, хорз Аким бадзуры:

– Мӕн Гозымы-фырт фӕстейӕ

ӕрбахста, гъей, тох!

Бийнонтӕбӕл ауодун, уони хуарзи сӕрбӕлтау ӕгъдауӕй дӕр ӕма фӕллойнӕй дӕр архайунбӕл нӕлгоймаг алкӕддӕр ихӕсгин адтӕй, ӕй ӕма гъӕуама идарддӕр дӕр уотӕ уа. Цийфӕнди зин рӕстӕгутӕ ку ралӕууа, цийфӕнди тухстдзийнӕдтӕ хъоргӕнӕг ку уонцӕ, уӕддӕр.

Ӕрӕги Уӕрӕсей дзиллӕ, дуйней берӕ паддзахӕдтӕ, рӕстзӕрдӕ дзиллитӕ исбӕрӕг бабӕй кодтонцӕ зӕрдӕбӕлдарӕн ӕма хъонци бон – астинсӕй анзей размӕ, 1941 анзи 22 июни нӕ Райгурӕн бӕстӕмӕ тогмондагӕй ӕрбалӕбурдтонцӕ немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕ. Етӕ ци тугъд ракъахтонцӕ, е нӕ бӕсти еугур бийнонти зӕрдитӕ дӕр фӕрресун кодта, ӕностӕмӕ дӕр си ка не ‘рнидӕн уодзӕнӕй, еци додойӕй.

Тохунгъон нӕлгоймӕгтӕ сӕ фидиуӕзӕг ниууадзгӕй цудӕнцӕ цифуддӕр знаги ниддӕрӕн кӕнунмӕ. Уой нихмӕ комкоммӕ тохи бацӕугӕй ӕма син мӕлӕтӕй тӕссаг уогӕй дӕр, сӕ зӕрдӕй ба нӕ цох кодтонцӕ сӕ бийнонтӕбӕл сагъӕстӕ ӕма тухст.

Финсӕг ӕма публицист, Хуадонти Иссӕ фронтӕй ӕ цардӕмбал Меримӕ ци финстӕгутӕ ӕрвиста, уонӕй еуеми уотӕ финста: «Берӕ сагъӕстӕ, берӕ бакӕнуйнаг гъуддӕгутӕ мин ес, (ахур, тугъд…) фал ма уӕддӕр мӕ сӕри, уӕдта мӕ зӕрди дӕр устур бунат разиндзӕнӕй дӕуӕн, нӕ бӕдӕлттӕн дӕр. Ӕхцай морӕ уӕмӕ ке нӕййес, е ба мӕ бустӕги маруй, фал уин уӕ царди уавӕр фӕххуӕздӕр кӕнунӕн уотӕ ӕвеппайди неци мадзал ерун.

Мӕ зӕрдтагон, Мери, уотӕ бакӕнӕ ӕма мӕ костюм, мӕ хӕдонӕ ӕма мин мӕ туфлитӕ рауӕйӕ кӕнӕ. Мӕн нецӕмӕн гъӕунцӕ, ӕнӕмӕнгӕ сӕ рауӕйӕ кӕнӕ ӕма бал уин фагӕ уодзӕнӕнцӕ, фӕстӕдӕр ба архайдзинан зундгиндӕр унбӕл. Дӕхе дӕр ӕма сувӕллӕнтти дӕр хуӕрдӕгъӕуагӕй ма уадзӕ ӕгириддӕр. Дзубанди ӕфсес цардбӕл нӕ цӕуй, фал цӕрунӕн цӕйбӕрцӕ гъӕуй, уобӕл…»

Ауӕхӕн дӕнцитӕ ма берӕ ӕримисун ӕнгъезуй. Фал, гъулӕггагӕн, ес бустӕги ӕндӕрхузон дӕнцитӕ дӕр, кӕцитӕй бӕрӕг ӕй, алли бийнонтӕ хуӕрзауодӕг фидӕй нӕ фӕххайгин унцӕ… Уомӕн ӕвдесӕн – мӕнӕ аци таурӕхъ.

Раздӕр хуӕнхбӕсти адӕм устур бийнонтӕй цардӕнцӕ. Цӕуӕт берӕ кодтонцӕ. Адтӕй уӕхӕн лӕг ӕма уосӕ, сӕ байзӕдтӕгтӕ дӕс ӕма инсӕйемӕ кӕмӕн исхъӕрттӕнцӕ. Авд ӕма уомӕй фулдӕр фурттӕ кӕмӕн уидӕ, еци бийнонти фӕрнгун хӕдзарӕ худтонцӕ. Авд хуасдзауи, авд гъӕддзауи, авд тугъдони ци хӕдзари адтӕй, е адтӕй хиццаг; алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст: нифсӕй, хъаурӕй, есбойнадӕй. Берӕ бийнонтӕн ӕнцондӕр хъӕртӕн уидӕ хуӕнхаг зин царди куститӕбӕл, тухмиуи уагӕбӕл сӕмӕ неке ӕндиудта. Хумӕтӕги нӕ байзадӕй загъдӕн, еунӕг мӕгур ӕй, алкедӕр ибӕл тухӕ кӕнуй, зӕгъгӕ. Уомӕ гӕсгӕ еу хӕдзари биццеутӕ уоститӕ корун ку райдайиуонцӕ, уӕд нӕ тагъд кодтонцӕ байуарунбӕл, бийнонтӕй рахецӕн унбӕл. Цардӕнцӕ еу хӕдзари хецӕн уӕтти, сӕ куст, сӕ хуӕрдӕ ба адтӕй еу. Киндзитӕ цӕуӕт кодтонцӕ, сӕ гъомбӕл кӕнун ба фулдӕр кастӕй нана ӕма бабамӕ. Еци гъуддагмӕ сӕхе хӕдзари куститӕй нӕ евдалдӕй.

Берӕ бийнонти ‘хсӕн сувӕллӕнттӕ дӕр адтӕнцӕ алли куститӕбӕл хуӕст, ӕмхузон сӕ рӕвдудтонцӕ, ӕ бӕдолӕн си гъолон миутӕ неке кодта. Уӕлдайдӕр ба сӕ фидтӕлтӕ. Фидӕ ӕ бӕдоли ӕ номӕй дӕр нӕ худта. Дзурдта имӕ «биццеу», кенӕ «кизгӕ». Етӕ нанайӕн, бабайӕн адтӕнцӕ «уорс уӕриккитӕ», ӕма «дзикъитӕ» ӕма «фуркъатӕ», фиди уӕхӕн ӕнкъарӕн равдесун ӕгъдау нӕ уагъта. Ӕма биццеу кенӕ кизгӕ ӕ фиди базонидӕ, ку байуариуонцӕ, уӕд.

Еууӕхӕни, дан, Курттати коми еу устур бийнонтӕ иуарунбӕл ниллӕудтӕнцӕ. Гъуддаг ӕгъдаубӕл, ӕнӕзӕрдихудтӕй рахецӕн ӕй. Фал сувӕллӕнттӕй еу биццеу ӕ зӕрдихалӕн кудтӕй иуаргути ӕхемӕ ӕркӕсун кодта ӕма ‘й бафарстонцӕ, ци кӕнис, цӕбӕл кӕуис, зӕгъгӕ. Биццеу син хӕкъурццӕй кӕугӕй уотӕ зӕгъуй:

– Лӕгъуздӕр махмӕ ‘рхаудтӕй!..

Иуаргутӕ нӕ балӕдӕрдтӕнцӕ биццеуи дзуапп, фал бийнонти хӕццӕ ку радзубанди кодтонцӕ, уӕд рабӕрӕг ӕй, ӕнсувӕртӕй еу расуггӕнагӕ ке ӕй. Биццеуи зундирахастӕй иуаргутӕ бийнонти есбойнадӕ нӕ иурстонцӕ, фал ӕнсувӕрти, ӕма расуггӕнагӕ уонӕмӕ ӕрхаудтӕй –е ба ӕ фидӕ разиндтӕй.

 

(Уодзӕнӕй ма.)