11 ноября 2024

ÆРИГОНÆЙ БАЗОНÆ ÆМА УАРЗÆ ДÆ ФИДИБÆСТÆ!..

29.07.2022 | 16:51

Евгъуд рæстæгути ци ахсгиаг æма æнæгъæнæ дзиллæн дæр æхцæуæн цаутæ æрцудæй, уонæй нæ æримисун фæндуй еуей – дæс æма æртинсæй анзей размæ, 1952 анзи 1 августи Дзæуæгигъæуи байгон æй æригон туристти республикон станцæ. Арæзт ба æрцудæй Цæгат Иристони адæмон ахуради хъæппæресæй.

Е цæйбæрцæбæл раст æма гъæугæ унаффæ адтæй, уой бавдиста рæстæг, уæдта ирæзгæ фæлтæрти æнæнездзийнадæбæл ауодуни æма сæ рæстмæ гъомбæлади гъуддаги цæйбæрцæбæл агъазиау адтæй æ ахедундзийнадæ, е дæр бæлвурдæй рабæрæг æй æ берæвæрсуг архайди фæрци. Махмæ, Цæгат Иристони туризми ирæзтæн еугур равгитæ æма гæнæнтæ дæр ке ес, е рагæйдæр зундгонд адтæй.

Æма имæ советон доги устур æргом ке æздахтонцæ, е дæр лæдæрд æй – туризм ба æй адæймаги, уæлдайдæр ба кæстæрти ирæзгæ уодиконди æма зундирахасти гъомбæлади фæрæзнæ, уæдта си адæймаги тухæбæл æфтуйуй тухæ.  «Нæдтæй ма тæрсетæ, æрдхуæрдтæ! Балций сæбæл ка рацæуй, уонæн берæ æхцæуæндзийнæдтæ раттунцæ.

Фæсарæйнаг бæститæмæ рабалци кæнуни размæ бал дæхе бæстæ базонæ. Сумах банкъардзинайтæ, е куд рæсугъд, гъомусгин æма урух æй, уой…» – дзурдта номдзуд рохситауæг Ираклий Андроников.

Балций цæун ка уарзуй, етæ хъæбæр æхцæуæнæй исæмбалдæнцæ нæ республики æригон туристти станци байгони цаубæл. Станций организацион кустити фæсте республики скъолатæ сæхе цæттæ кæнун байдæдтонцæ фиццаг республикон æмбурдмæ. Уой байгон кодтонцæ 1956 анзи Тарскийи коми. Фæстæдæр уæхæн æмбурдтæ арæзт цудæй Цъæййи, Курттати коми…

Рæстæгутæ цудæнцæ, æма Цæгат Иристони æригæнтти туристон æзмæлд баргъонæй-баргъондæр кодта, æма, куд фæззæгъунцæ, еци гъуддаги Меккæ иссæй, хъæбæр бæрзонд цæстиварди адтæй æнæгъæнæ Советон Цæдеси дæр. Уомæн еу æвдесæн – 1976 анзи Цæгат Иристони арæзт æрцудæй æригон этнографти Еугуруæрæсеуон фиццаг фестиваль. Нæ командæ си иссæй лауреат.

1983 анзи балцити штаб «Мæ Райгурæн бæстæ – Советон Цæдес» Иристони скъолати бæлццон къуæртти куст банимадта Уæрæсей хуæздæртæй еуебæл.

Нæ республики сувæллæнтти туризми райрæзти гъуддагмæ алли æнзти сæ фæллойни хай бахастонцæ берæ искурдиадæгин æма еци гъуддагбæл æновуд адæймæгутæ. Зæгъæн: Мерденти Алексей, Виктор Голубев, Гудиати Ахпол, Беройти Барис, Владимир Станкевич, Тебиати Верæ, Вадим Федорович, Лагкути Барис, Скъиати Хъазбег, Бурнæцти Тотурбег, Кцойти Астемур æма берæ æндæртæ. Етæ сæ еугур хъауритæ æма зонундзийнæдтæ дæр лæвардтонцæ ирæзгæ фæлтæрти хæццæ кустæн. Еци рæстæгутæ ка æрæййафта æма ма абони цардæгас ка ‘й, етæ нерæнгæ дæр ма нæ иронх кæнунцæ, Бурнæцти Тотурбег ци туристон клуб «Тигр» исаразта, уой.

Цæгат Иристони адæмон ахуради министради бардзурдмæ гæсгæ, 1991 анзи арæзт æрцудæй сувæллæнти-фæсевæди туризми республикон центр. Уой фæрци еудадзугон иссæнцæ республикон-бæстæзонæн слеттæ, хуæнхбæстæмæ балцитæ.

Центри косгутæ алли анз дæр кæниуонцæ тематикон балцитæ «Фæдагоргути бон», «Æгасцо, сугъзæрийнæ сæрдæ!..», «Сугъзæрийнæ фæззæг». Стендтæ дзорæг æнцæ Центри косгути уодцирен кустбæл: «Туризм æма экологи», «Иристони хуæнхаг нæдтæбæл», «Æригон туристти республикон слет», «Музейи педагогикæ».

Алли анз дæр арæзт цудæнцæ семинартæ инструктортæ цæттæ кæнуни туххæй. Ами зæрдиаг куст кæниуонцæ Абайти Майрæм, Карсанти Витали, Гутъиати Альберт, Икъати Хъазбег, Симакин Володя æма æндæртæ.

Етæ сувæллæнтти республикон туризми райрæзти гъуддагмæ бахастонцæ зингæ байвæрæн. Центри кусти бундор адтæнцæ сувæллæнтти исфæлдистадон еугæндтæ скъолати æма сæрмагонд астæуккаг ахургæнæндæнтти. Косгæ ба си кодтонцæ уæхæн еугæндтæ, куд «Æригон бæстæзонæг», «Æригон географ», «Æригон эколог», «Æригон турист» æма æндæртæ. Ами косунцæ уæлæнхасæн ахури педагогтæ Мæхъити Барис, Геворкян Сергей, Базити Дианæ, Любовь Титова, Джиоти Маринæ, Гæтийти Светланæ. Етæ сувæллæнтти ахур кодтонцæ æртасуни кустбæл, цæуиуонцæ балцити. Уæлæнхасæн ахури ахургæнгутæ Гутъиати Альберт æма Бæлæути Фузæ иссæнцæ Устур Уæлахези 55 анзей кадæн Еугуруæрæсеуон конкурси уæлахезонтæ – хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ Уæрæсей Федераций адæмон ахуради министради дипломтæй.

Центри косгутæ бастдзийнæдтæ дардтонцæ ахургæнгути зонундзийнæдтæ уæлдæргæнæн Институти, республики Спорткомитети, республикон спортивон скъолай, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети, музейтæ æма æндæр организацити хæццæ.

Центрæн берæ рæстæгути дæргъи арæхстгин разамунд фæллæвардта Æлбегонти Максим – адæмон ахуради отличник. Æригон туристти республикон станций директор иссæй 1955 анзи æма уæдæй фæстæмæ æновудæй фæккодта еци куст. Директори берæвæрсуг ихæстæ æнхæст кæнунæй уæлдай ма цæттæ кодта инстурктортæ-методисттæ дæр. Æ кустмæ цæйбæрцæбæл бæрнон цæстингасæй кастæй, уобæл дзорæг æй е дæр, æма еудадзуг   архайдта,  еци къабази нæ бæсти ци раззагдæр фæлтæрддзийнадæ фæззиннидæ, уой базонунбæл æма си хæдзардзинæй пайда кæнунбæл. Уой туххæй исфæлдистадон-зонадон балцити адтæй Мæскуй, Ленингради, Челябински…

Федарæй уотæ зæгъун æнгъезуй, æма Æлбегони-фурт агъазиау байвæрæн бахаста туризм æма бæстæзонадон къабази райрæзтмæ. Æ разамундæй æнтæстгинæй цудæнцæ æригон фæдагоргутæ-этнографти фестивальтæ.

Æ хуарз кусти туххæй Æлбегонти Максим хуарзæнхæгонд æрцудæй реубæлдаргæ нисанеуæгтæй «Адæмон ахуради отличник», «Физикон культурæ æма спорти отличник»…

Станци косгæй, Æлбегони-фурт исгъомбæл кодта æнæгъæнæ фæлтæр: туристон косгути, методистти. Уонæй беретæ сæ карнæ исбастонцæ туризми хæццæ.

*  *  *

Æригон туристти республикон станций туххæй аци æрмæг цæттæ кæнгæй, испайда кодтан, Цæгат Иристони паддзахадон еугонд музейи сектори сæргълæууæг ГАДЗИТИ-БЕКЪУРТИ Фузæ кæддæр нæ республикон газеттæй еуеми ци æрмæг ниммухур кодта, уомæй. Уомæ гæсгæ си нæ ракой кодтан, абони нæмæ Цæгат Иристони сувæллæнтти туризм ци уавæри æй, уой туххæй. Фал нæ зæрди ес, тагъд рæстæги уой фæдбæл дæр сæрмагондæй радзорун.