11 ноября 2024

«АЙДАГЪ ХОДУНÆЙ УСТУР АЙЙЕВАДÆ НÆ ИГУРУЙ»

23.12.2020 | 10:44

Зундгонд куд æй, уотемæй Цæгат Иристони Тæбæхсаути Балой номбæл паддзахадон академион драмон театрбæл 10 ноябри исæнхæст æй фондз æма цуппаринсæй анзи. Уой анзфинсти нæ номдзуд театралон архайгути æмрæнгъæ зингæ бунат ахæссуй Темирати Иласи фурт Давид (1924-2007). Куд искурдиадæгин артист, уотæ Ирон театри сценæбæл фескъуæлхтæй, ци дессаги фæлгонцтæ си исаразта, уонæй. Адтæй ма искурдиадæгин режиссер, драматург, театралон гъуддаг райаразæг – уой фæрци райгурдæй Дигорон паддзахадон театр дæр. Еци берæвæрсуг исфæлдистадон ацъагъуæдзийнæдтæ ин барæ лæвардтонцæ театралон аййевади фарстати фæдбæл медесгун гъудитæ зæгъунæн дæр. Уомæ гæсгæ абони мухур кæнæн, журналист Налдихъуати Зæлинæ кæддæр Давиди хæццæ дзубандий фæдбæл ци æрмæг бацæттæ кодта, уой.

 

– Давид, раздæр цийнæ кодтонцæ еугур исфæлдистадон къуари æнтæстдзийнæдтæбæл, абони ба спектакли еу кенæ дууæ хуарз кусти ку фæууй, уæд уонæбæл, æма, дæумæ гæсгæ, е цæй хæццæ баст æй?

– Дæ тухст дин лæдæрун, æма уомæй æз дæр дæ хæццæ арази дæн. Фал уæхæн уавæр, кæцимæн театралон исфæлдистади æгириддæр бунат ма уа, айдагъ актерти фуд ку кæнæн, уæд е раст нæ уодзæнæй. Уæхæн уавæр ма исæвзуруй, театр ци пьесæбæл коса, е циуавæр æй, уомæ гæсгæ дæр. Еуæй-еу пьесити сæйраг фæлгонцæй уæлдай нæ æндæр сценикон домæнтæмæ гæсгæ æнхæст фæлгонцтæ нæ фæууй, æма уæд иннæ актертæ ба гъæуама ци кæнонцæ,  кутемæй фескъуæлхонцæ? Артист цæмæй артист æй? Фæлгонцтæй! Цæмæй устур артист исуа, æ гæнæнтæ æма равгитæ æнæгъæнæй æма ирдæй бавдеса, цæмæй æ исфæлдистадон ном райгъуса, уой туххæй аккаг рольтæ гъæунцæ. Етæ фæуунцæ хуарз пьесити. Æма, зæгъис, пьесæ ку нæ бæзза, уæд æй ма æвæретæ сценæбæл? Æма нин хуарзæй нæ къохи ку неци уа, уæдта?.. Уогæ раст дæ, лæгъуз спектакли бæсти багæдзæ кæнун хуæздæр. Фал кæдмæ гæдзæ кæндзинан?.. Абони нæ национ драматургий, гъулæггагæн, берæ цæйдæрти туххæй уæхæн пьеситæ нæййес, уæдта бæрæг нæй, уогæ зингæ ба фæккæндзæнæнцæ, уæдта кæд…

– Абони фæсарæйнаг, уæлдайдæр ба нигулæйнаг аслан пьеситæ, хумæтæг раст гъуди дæр æма цардаразæг сагъæстæбæл æфтауæг нисанеуæг дæр кæми нæййес, етæ нæмæ æгæр ке исахид æнцæ нæ фидибæстон сценæбæл, æма нин нæ фидтæлтиккон уодиконди фарнæ мæгурдæр кæнунцæ, берæ цидæртæ ба си дæлдон кæнун дæр ма байдæдтонцæ… Æма е, Давид, дæумæ гæсгæ, цæй фудæй æй, цæй хæццæ баст æй?

– Дæ фарста,  æнцонтæй дзуапп кæбæл радтай, уонæй нæй… Берæ театртæн е баст æй сæ мæгурдзийнади хæццæ. Артисттæй беретæ театри косунцæ, æновуд ибæл æнцæ, уомæн æма е æй сæ царди фулдæр, кадæртæ ба айдагъдæр ке уарзунцæ, е. Уруссагау сæ хонунцæ, фанатиктæ. Мæнæ махмæ косунцæ хъæбæр искурдиадæгин фæсевæд, косунцæ æновудæй æма уодуæлдайæй. Æма син куд аргъгонд цæуй. Сауæнгæ ма син хузæнон мизд дæр фист нæ цæуй, сæ уæззау хъиамæттæн есунцæ къапеккитæ. Уæззау син сæ куст уомæ гæсгæ не ’схудтон, æма цидæр уæззау уæргътæ сæ гури хъауритæй есунцæ, уæззау уомæ гæсгæ ’й, æма сæ уоди хъауритæ еугурæй дæр харз кæнунцæ сæ аллибони хъиамæтти. Æма уоди хъаурæ харз кæнун ба цæйбæрцæбæл хъазауат æй, уой ба балæдæрдзæнæй, ка ’й бавзурста, айдагъдæр е.

Цард цард æй, алкедæр фæндуй хузæнон уавæрти цæрун. Æма исфæлдистадон косæгæн уæхæн уавæртæ ку нæ уа, уæдта ин æ еци сагъæстæбæл тухсæг ку нæ уа, уæдæй еци уавæр ба барæ-æнæбари дæр тæруй ести æхцатæ бакосунмæ, цæмæй уæддæр æхуæдæг æ цардиуаги хабæрттæ исараза.

Мæскуй театртæ, спектакль æвæргæй, харз кæнунцæ цалдæргай миллионтæ. Мах ба дæс æма инсæй мини ку исхарз кæнæн, уæд искатай уæн, е дæр кæмæдæрти æгæр берæ фæккæсуй. Мадта адæм дæр театрмæ, раздæри рæстæгути хæццæ рабаргæй, уоййасæбæл дзиллонæй нæбал цæунцæ, æма, ци æрæмбурд кæнæн, етæ дæр берæ нæ ’нцæ.

Гъулæггагæн, абони адæм цæмæ цæунцæ? Чеховмæ – нæ, Горький ба бустæгидæр феронх æй. Классикæ некебал гъæуй. Адæм цæунцæ, «ха-ха» æма гириззагдзийнæдтæ фулдæр кæми уа, уæхæн спектакльтæмæ. Нифсгунæй мæ бон зæгъун æй, нæдæр мах, нæдæр ба Ирон театр нæ рацæудзинан еци надбæл. Гæнæн ку нæбал фæууй, уæд мах дæр æвæрæн уæхæн спектакльтæ, фал етæ фæуунцæ æстæн. Мах кæмæ æма цæмæ бæллæн, уомæн нин разæй æнæнидæнгæнгæ рохс ес. Етæ ’нцæ Станиславскийи, Вахтангови æма МХАТ-и исфæлдистадон скъолатæ. Æ рæстæги уоми мах, ирон театралон аййевади хестæр фæлтæрти цæбæл ахур кодтонцæ, уой нур дæр дæтдзинан æма фæдзæхсдзинан нæ фæсевæдæн. Цалинмæ фæразæн, уæдмæ архайдзинан еци райдзастдзийнадæмæ хонæг аййевадон надбæл цæунбæл.

– Режиссер æма актери кустæн аргъгæнæг æнцæ не ’мдогонтæ, бæлвурд спектакльмæ æрбацæуæг театрдзаутæ. Абони театрдзаути æнкъарæнтæмæ гъосдард цæйбæрцæбæл цæуй?

– Кæддæр Ирон театри исаразтан æрфарсти гæгъæди æма театрдзаути фарстан, ци фæууинун уæ фæндуй нæ театри сценæбæл, зæгъгæ. Уони дзуæппитæ æрæмбурд кодтан, лæмбунæг сæмæ æркастан æма гъе уомæ гæсгæ ба аразтан нæ идарддæри куст. Абони кæд аци фæрæзнæй нæбал пайда кæнæн, уæддæр кæсæн æма игъосæн, адæм куд гъуди кæнунцæ æма ци зæгъунцæ, уомæ.

Кедæрти трагедитæмæ кæсун нæ фæндуй, фал айдагъ игъæлдзæггæнæг спектакльтæмæ. Театрмæ уæхæн зундирахастæй ка кæсуй, уонæн уой зæгъуйнаг дæн, æма уотид ходунтæй устур аййевадæ ке нæ игуруй, уой зæрдæбæл дарун гъæуй. Лæдæргæ адæймаг, гъулæг макæмæ фæккæсæд мæ дзубанди, еске æдули нæ хонун, фал, театралон аййевадæ æцæгæй ци æй, уой хуæздæр ка лæдæруй, уони классикæмæ кæсун дæр фæндуй. Æма уæхæн спектакльтæмæ æрбацæугутæ дæр куд нæ фæууй, фал, гъулæггагæн, етæ берæ нæ ’нцæ.

Мах тагъд рæстæги æвæрун райдайдзинан Жан Ануйы пьесæ «Антигона»-мæ гæсгæ спектакль. Аци авторæн æ уадзимистæ фæззинниуонцæ, æхсæнадæн зин рæстæгутæ ку ралæууидæ, уæд. Абони дæр нæ алливарсмæ ракæсайтæ, адæм æнцон цард кæнунцæ?.. Махмæ гæсгæ, «Антигона» дæр абони æй рæстæги домæн.

– Æцæг аййевади дуйней фазæнттæ дæр нæййес, уæдта си еске хæццæ исхæлæмулæ уæн дæр нæййес, Фал уæддæр, дæумæ гæсгæ, цæмæ тундзун гъæуй?

– Зæгъæн, уотæ ка бæллуй, Таутиати Солæмани бæрцæ мин ку бантæсидæ, кенæ Тæбæхсæути Балой æмвæзадæмæ ку исхезинæ, е лæгъуз зундбæл хуæст нæй. Инæлар исун ке нæ фæндуй, еци æфсæддони дзæгъæли нæ фæннимайунцæ нæбæзгæбæл. Номдзудти кадæ æма намусмæ бæллун бæргæ хуарз æй, фал, е куд кодта, æз дæр уотæ кæнон, уой фæнзон, зæгъгæ,  е ба хуарз нæй. Алли исфæлдистадон косæгæн дæр, цийфæнди жанри ку коса, уæддæр гъæуама уа æхе цæсгон, æхе æрмдзæф.

Дæ фарста æнцон нæй, фал ин æз цубурæй уæхæн дзуапп ратдзæнæн: бæллун æнгъезуй еске хузæн фескъуæлхунмæ, фал уой хузæн æнтæстгин исунæн ба гъæуй хе искурдиади гæнæнтæй фескъуæлхун, хе хуарæнтæ иссерун. Ци равгитæ дин ес, уонæй æнхæстæй испайда кæнæ æма си дæхуæдæг исаразæ дæхе Отелло. Аййевадон архайæги гъæуй, ци æма цæйбæрцæ ’й æ бон, уой æргомæй лæдæрун, уæдта цæун гъæуй хе надбæл. Аййевадæуарзгутæ дин дæ цæсгон цæмæй маке хæццæ феййевдзи кæнонцæ, уомæ тундзун гъæуй. Æркæсайтæ, ке хæццæ ес феййевдзигæнæн ес, рохсаг уæнтæ, Тæбæхсæути Балой, Уатати Бибой, нæ театралон аййевади иннæ номдзуд архайгути?..

Æнæгъæнæ дуйней Тæбæхсæути Балой хузæн дуккаг Отелло нæ адтæй. Кадæртæ кедæрти фæнзтонцæ, Бало ба еци сорæт исфæлдиста айдагъдæр æхе исфæлдистадон равналæнтæй пайда кæнгæй æма æ зæрдæмæ игъосгæй. Фиццаг хатт Мæскумæ ку ниццудæй, æма ’й уордигон театрдзаутæ еци роли ку фæууидтонцæ, уæд адæм хæлеугъæлæсæй байзадæнцæ. Мадта уой размæ еци роли берæ номдзуд актерти фæууидтонцæ, фал сæ уæддæр Бало уоййасæбæл агъазиау деси бафтудта…

Æз мæхуæдæг спектакль фæууинунмæ бацудтæн, Пушкини театри æй ку æвдистонцæ, уæд. Уæдма тамаку думдтон æма тамаку думæн рауæнмæ ниццудтæн. Уоми лæудтæнцæ дууæ лæги æма хъæбæр дестæгæнгæй дзурдтонцæ спектакли туххæй. Хуцауи туххæй, атæ кæцæй æрхаудтæнцæ, зæгъгæ, еу инней рафарста. Уæд еу фæрраздæр æй æма, дан, уæлæ Кавкази еу цидæр адæм ес, нерæнгæ дæр ма, дан, фид хомæй хуæрунцæ.

Æз сæмæ игъустон æма сæбæл мæ меднимæр худтæн. Ести син зæгъæ, е дæр мæ нæ бафæндадтæй, мæнмæ гæсгæ, уотемæй дæр æй балæдæрдтайуонцæ, еци «гъæддаг» адæм цæйбæрцæбæл раззагдæр æма гъомусгиндæр æнцæ, еугæр се ’хсæнæй рацæуæг лæг «цивилизацион» адæмти минæвæрттæй искурдиадæгиндæр ке æй – Балойæн нæдæр æ разæй нæ адтæй уæхæн Отелло, нæдæр æ фæсте. Е адтæй хъæбæр уæлиау устур куст, æма абони артист дæр уæхæн кадæмæ бæлгæй гъæуама уæхæн фудæбон бакæнунмæ бæлла.

Пьеситæ ка финсуй, уонæй, гъулæггагæн, беретæ сæ кæрæдзей фæнзунцæ. Уæрæсей еу хуарз пьесæ ку ниффинсунцæ, уæд аллирауæнти дæр æ «фазæнттæ» фæззиннунцæ. Уæдта хуарз пьеситæ, хуарз актертæ айдагъдæр устур сахарти, Мæскуй æма Ленингради игурунцæ, зæгъгæ, гъуди дæр æгириддæр раст нæй. Еуемæй, кæцидæр адæми устурдзийнадæ æ берæдзийнадæй нæй.

Иннемæй ба, алли адæмихатмæ дæр ес цæмæдессаг аййевадæ æма литературæ, уотæ драмон уадзимистæ дæр. Æма адæмти циундзийнадæ, цардмæ си ка ци æвæрæнтæ бахаста, уомæй бæрæг кæнун гъæуй. Минкъий ирон адæм, зæгъгæ, ку фегъосун, уæд мин еци загъд зин фæууй. Минкъий бæрцæй ан, фал ахедундзийнадæй ба!..

Бахатир кæнетæ, фал бæрцæй берæ ка ’й, уæхæн адæмти рази некæмæй дæлдæр æма æнæскъуæлхтгиндæр ан, кедæрти ба ма си уомæй мах æмбæрцæ æрлæуунмæ уайунтæ æма уайунтæ гъæуй… Еузагъдæй, æз сæрустур дæн мæ адæмæй, мæ номдзуд æмзæнхонтæй æма кæд естæмæ бæллун, уæд уомæ, æма кæдимайди ба æз дæр мæ фæллойнæй еуцæйбæрцæдæр æвæрæн бахæссинæ мæ адæми цитгингæнæн гъуддагмæ.

2004 анз.