12 декабря 2024

«ЦÆГЪДÆ, ЦÆГЪДÆ, МÆ ФÆНДУР, ЦÆГЪДÆ ЗÆРДИ ФÆНДÆЙ РÆУÆГДÆР!..»

11.03.2023 | 22:41

Дигорон аййевадон литератури бундорæвæргутæй еу, ГУРДЖИБЕТИ Майрæнсауи фурт Блашкай райгурдбæл 1 мартъий исæнхæст æй финддæс æма авдинсæй анзи (1868-1905). Æма ин абони æ рохс ном ерæн нæ газети мухургонд æрмæгутæй. Блашкайæн æ нимаддæр уадзимистæй еу æй æмдзæвгитæй финст кадæнгæ «Сахи рæсугъд». Дæлдæр мухур кæнæн уой райдайæн.

Цæгъдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Цæгъдæ зæрди фæндæй рæуæгдæр!
Кæд дæн зарунмæ æз мæгур,
Фæрсаг мин кæнæ ду уæддæр!

 Исцæгъдунмæ – гъæр дзæнгæрæг,
Кæнис мæ мæхебæл æууæндун.
О мæ кегъæре, мæ гъæргæнæг,
Ме ’цæг лимæн, мæ фæндур!

 Изæрæй-изæрмæ мæ арти сæргъи,
Мæ зартæн сæ мæтæй,
Фæрсаг кæнæ мæ бадти дæргъи
Æхцæуæн, рæсугъд дæ тæнтæй!

 Адтæнцæ æви н’ адтæнцæ
Мæ заруйнæгтæ зæнхæбæл,
Ицæг æнцæ æви нæ ’нцæ, –
Нæ фæххæтдзæнæн уонæбæл.

 Фал геппи уагъдæй æгасæй
Сахи рæсугъди æмбесонд
Адæмæн дæ фæрци, нихасæй,
Искæндзæнæн фæлдесонд!

 Цæгъдæ, цæгъдæ, мæ фæндур,
Цæгъдæ зæрди фæндæй рæуæгдæр!
Кæд дæн зарунмæ æз мæгур,
Фæрсаг мин кæнæ ду уæддæр!