20 апреля 2024

ЦÆМÆЙ ÆДАС УА НÆ ФИДИБÆСТÆ…

22.10.2022 | 11:56

Уæрæсей æдасдзийнади Совети арæзт æмбурди дзубанди кæнгæй, нæ бæсти Президент Владимир Путин фегъосун кодта, 20 октябрæй фæстæмæ Лугански æма Донецки Адæмон Республикити, уæдта Запорожье æма Херсони облæстти æфсæддон уагæ исæвæруни туххæй Укази æ къох ке æрæвардта, уой.

 

Æфсæддон уагæвæрди фæткæ ци амонуй? Закъонмæ гæсгæ, хецауадæмæ ес аллихузон мадзæлттæ æнхæст кæнуни барæ, хецауеуæггæнæг адæймæгутæмæ ес:

► игъосункæнуйнæгтæн æфсæддон цензурæ исфедар кæнун æма телефонти дзубандитæмæ игъосуни барæ;

► тæккæ фулдæр 30 сутки æмгъудмæ адæми æма транспорти фæрæзнитæ уорамуни барæ;

► æхсæнадон фæтки, уæдта æфсæддон, ахсгиаг паддзахадон æма сæрмагонд объектти гъæуайкæнуйнадæ фæккарз кæнуни барæ;

► комендантон афони гъæунгтæмæ æма æндæр æхсæнадон бунæттæмæ адæми нæ уадзуни барæ;

► регионæй идарддæр адæми нæ уадзуни, кенæ син сæ рацæуни гæнæнтæ фæццубурдæр кæнуни барæ;

► гъæуайкæнуйнади до-
мæнтæн дзиллон хабархæссæг фæрæзнитæй пайда кæнуни барæ;

► адæми дзаумæутти, уæдта син сæ цæрæнуæтти æма транспортон фæрæзнити деголæ кæнуни барæ;

► гъæуайкæнуйнади домæнтæн косæндæнтти æма адæми есбойнадæ, æ аргъ ин бафедгæй, тæлæт кæнуни барæ;

► гъæуайкæнуйнади домæнтæн куститæ æнхæст кæнунмæ, цардефтонгади ихæлд системитæ нæуæгæй аразунмæ, уæдта зингисервæзтити нихмæ тох кæнунмæ адæми æрбакæнуни барæ.