12 декабря 2024

ДÆ ЦЪУХБÆЛ КУ НÆ ХУÆЦАЙ…

09.12.2020 | 14:51

Номдзуд америкаг финсæг Твенæй æ хуарз хæлар æфстау райста устур æхцатæ уæхæн дзурди хæццæ: мæйæмæ дин сæ бафеддзæнæн, кæд ма æгас уон, уæд.

Мæйæ рацудæй, æфстау райсæг ба нæ зиннуй. Уæд Марк Твен еу газети ку ниммухур кæнидæ уацхъуд: «Мæ еугур æмбæлттæн дæр гъигæ зæрдæй игъосун кæнун, æзинæ Гарри Дункан ке рамардæй, уой. 500 доллæри ми ихæс дардта, мæйи æмгъудмæ сæ бафеддзæнæн, кæд нæ рамæлон, уæд, зæгъгæ, уæхæн дзурдæй. Фал ин нæ бантæстæй ме ’хцатæ мин раздахун».

«Мард» уайсахат райгас æй, æма Твенбæл е ’хцатæ исæмбалдæнцæ.

– Марк Твен бæргæ иссирдта мадзал е ’хцатæбæл фæстæмæ фæххуæст унæн, фал  нур мах ба, Уæрæсей хумæтæг адæм ци æргъуди кæнæн, нæ еумæйаг фæллойнæй ци бæркæдтæ бамбурд кодтан еумæйаг хуардонæмæ, уонæбæл æдзæсгонæй ка фæххæлæф кодта æма нерæнгæ дæр ма хæлæф кæнунцæ, етæ цæмæй фæстæмæ уордæмæ раздахонцæ, цидæриддæр фæддавтонцæ, уони?.. Кедæрти ахæсгæ дæр бæргæ ракæнунцæ, фал… Еуемæй, сæ давæггаг мулкитæ син нæ байсунцæ паддзахади пайдайæн, иннемæй ба сæ хъæбæр цубур рæстæгмæ исуæгъдæ кæнунцæ. Æма сæ давд мулкитæй идарддæр æлдæртти цард кæнунцæ…

 

Сергей ВОСТРЕЦОВ, Паддзахадон думи депутат: «Мæнæн мæ нана алкæддæр фунхта басæ сторвонси æстæгутæй. Цæмæй ни америкæгтæ рауайа, е нæ ку нæ фæндуй…»

– Æ аци загъдæй нæ депутат, æвæдзи, уой зæгъуйнаг æй, æма адæмæн уотид æстæгутæй басæ дæр фагæ ’й, уæдта син пайда дæр – æгæр нæ иснард уодзæнæнцæ. Æма уæд еци æстæгути фид ба кæмæн? Æвæдзи, бонгинтæн? Баруагæс уи уæд, мæгур адæмæн дæр уоййасæбæл неци уидæ дзæбæх фидæй исахуадун. Сæ губунтæ син, гъай-гъайдæр, нæ фæрресун кæндзæнæй дзæбæх фезонæг кенæ туйра…

 

Эдуард ИСАКОВ, Федераций Совети иуонг: «Хъæбæр ахсгиаг æй Уæрæсей Федераций субъектти уодон-хуæрзуагон граждайнаг патриотон гъомбæлади уавæр æма ахедундзийнади рейтинг исаразун…»

– Уогæ ба нæмæ алцæй фæдбæл дæр рейтингтæ аразунмæ цæйбæрцæбæл тулаваст æнцæ, уæлдайдæр ба нæ политиктæ. Æма, зæгъæн, спорти (нæкæси, аци сенатор æй спорти æхсæнадæмон къласи мастер пауэрлифтингæй) цидæр хузти рейтингти исаразун æнгъезуй очкотæ-рекордтæмæ кенæ уæлахезтæмæ гæсгæ. Фал уодварнон гъомбæлади ахедундзийнадæ ба циуавæр барæнтæй исбарæн ес? Уæдта регионти «бæрзонди бадгутæй» фæсарæнти ке цæуæт æрцардæнцæ сæ зæрдидзæбæхæн, уони патриотон гъомбæладæ ба куд баргæ ’й?

 

Вадим ДЕНЬГИН, Паддзахадон думи депутат: «Адæм нæмæ уоййасæбæл мæстæлгъæ цæмæн æнцæ, уоййасæбæл илгъгæнгæ зæрдихаттæй цæмæн кæсунцæ сæ кæрæдземæ? Гъе уой фудæй æй, æма нæмæ пропаганди министрадæ ке нæййес…»

– Адæм уоййасæбæл мæстæйдзаг цæмæн æнцæ, уой фæдбæл номдзуд уруссаг финсæг Антон Чехов кæддæр уотæ загъта: «Адæм цæмæй гурумухъ æма æнæгъдау уонцæ, уомæн син агъаз кæнунцæ чиновниктæ сæхуæдтæ, уæлдайдæр сæ листæгутæ: нецæмæ дарунцæ сауæнгæ гъæуихецæутти æма дингæнгути хестæрти дæр. Мадта закъонтæ сæхуæдтæ дæр музухъагти фонси бунати æвæрунцæ…»  Уомæ гæсгæ ба нури цардарæзти æнæрастдзийнæдтæ дæр еуварсгонд ку æрцæуонцæ, уæд, баруагæс уи уæд, еунæг пропаганди министрадæ дæр некæми багъæудзæнæй – уотемæй дæр дзилли уодигъæдæ берæ фæррайдзастдæр уодзæнæй…