ИРИСТОН ДИ, ЗУРАБ, Ӕ СУЙНИ СӔРБӔЛ ХУӔЦУЙ!..
Мӕнӕ идарддӕр ци ӕрмӕг бакӕсдзинайтӕ, уой ниффинстон фондз анзей размӕ, Хуадонти Зураббӕл финддӕс ӕма ӕртинсӕй анзи ку исӕнхӕст ӕй, уӕд уой фӕдбӕл… Бӕргӕ мӕ фӕндадтӕй ӕ райгурди цуппаринсӕй анзей фӕдбӕл нӕуӕгӕй ниффинсун, ӕндӕрхузон ӕрмӕг… Фӕндадтӕй мӕ, ӕвзаргӕ дӕр бӕргӕ ракӕнинӕ, фал… Нӕ исхъаурӕ кодтон… Нерӕнгӕ дӕр ма зӕрдӕ ӕ фурристӕй хъонц кӕнуй уӕхӕн дессаги цардгъон ӕма адӕмуарзон адӕймаг не ’хсӕнӕй уотӕ раги ке фӕгъгъудӕй, уобӕл. Еци ристӕй ба гъудитӕ сӕ кеми нерӕнгӕ нӕма ӕрцудӕнцӕ, мӕ зӕгъуйнӕгтӕ ӕнхӕстӕй зӕгъуни аккаг дзурдтӕ коммӕ нӕ кӕсунцӕ…
Уӕдта ма расагъӕс кодтон: кӕддӕр ци зӕгъуйнӕгтӕ ниффинстон, етӕ ӕнӕгъӕнӕйдӕр ӕнцӕ мӕ абони гъудити дӕр. Ӕма си ӕгириддӕр неци ӕййевун – уомӕн ӕма Хуадонти Зураб абони дӕр мин цардӕгас ӕй мӕ сагъӕсти, ӕ фӕдзӕхститӕ ин цума ӕхецӕй игъосун, уотӕ мин мӕ развӕндаг рохс кӕнунцӕ. Ӕруагӕс ми кӕнуй, мӕ хӕццӕ исарази уодзинайтӕ сумах дӕр, газеткӕсгутӕ, мӕ уац мин ку бакӕсайтӕ, уӕд.
________________________________
БАБОЧИТИ Руслан,
Цӕгат Иристони адӕмон поэт,
Национ преми «Нарти фӕткъу»-й лауреат
________________________________
Ӕцӕг хуарз лӕги туххӕй ӕнцондӕр дзорӕн ӕма финсӕн ӕй, зӕгъгӕ, ка загъта фиццагидӕр, е хъӕбӕр фӕррӕдудӕй. Аци гъуддаг еу ӕма дууӕ хатти нӕ бавзурстон мӕхе уодбӕл. Мӕнӕ нур дӕр, аци рӕнгъитӕ финсгӕй, мӕ зӕрди устур гурусхӕ бацудӕй, ци курухон адӕймаги фӕдбӕл гъавун мӕ гъудитӕ раргом кӕнунмӕ, уой аккаг аййев ӕма бунати дзурдтӕ ку не ’ссерон, зӕгъгӕ. Ӕма уоми дессагӕй неци ес. Лӕгигъӕдтӕ ӕгӕр берӕ ку фӕуунцӕ, уӕд син сӕ сӕйрагдӕрти рартасун фӕгъгъӕуй, иннети нӕ фӕййаууонгӕнгӕй. Цӕмӕн? Уомӕн, ӕма си алкӕцидӕр уойбӕрцӕбӕл берӕвӕрсуг фӕууй. Никки ма еума къуӕхцӕ – хӕстӕгмӕ ци адӕймаги зонай ӕма ӕнӕкӕрон берӕ ке уарзай, уой хабар кӕнгӕй ба тӕссаг фӕууй ӕгӕр фӕккӕнунӕй, кенӕ ба зӕрди уайтӕй уӕлдай неци зӕгъунӕй. Ӕма мӕ сӕ дууемӕй дӕр Еунӕг Хуцау бахезӕд.
Нур ба гъуддаги фӕдбӕл. Цӕгат Иристони номдзуддӕр лӕгтӕй еу – Хуадонти Мусай фурт Зураби туххӕй мӕ зӕгъуйнӕгтӕ зӕгъон. Устур ахургонд, игъустгонд ӕхсӕнадон архайӕг ӕма ӕцӕг нӕртон дигорон адӕймаг ӕрлӕудтӕй е ’рӕгвӕззӕги къӕсӕрбӕл. Зураби Иристони медӕги, Цӕгатӕй Хонсармӕ, амонун некӕмӕн гъӕуй. Нӕ национ интеллигенций минӕвӕртти рӕнгъи ин ес сӕрмагонд, ӕййевдзи фӕккӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн бунат. Нури догӕ, гъулӕггагӕн, уӕхӕн иссӕй ӕма нӕуӕг ести исаразуни бӕсти айдагъ сӕудегердзийнадӕ кӕми иссӕй паддзахади фӕстаг фӕххуӕцӕн, ӕхца ӕфсарӕ кӕми раййивта, мулк зундбӕл кӕми фӕууӕлахез ӕй, алцидӕр рауӕйӕ кӕнун ӕма балхӕнун кӕми ӕнгъезуй, уоми цийфӕнди ӕвдесӕндар фӕййамал кӕнун дӕр ӕнгъезуй, ӕрмӕстдӕр нимайӕнтӕй хъӕртӕ. Уой хинцгӕй, сӕхе хъауритӕй, ӕхсӕвӕй-бонӕй библиотекитӕ ӕма архивти бадгӕй, ку ӕстонг, ку еуцӕйбӕрцӕдӕр хуӕрдгун, ку ба хузӕнон уӕледарӕсӕй гъӕуагӕй ахургонди ном ци лӕгтӕ райстонцӕ сӕ дзамани, уони медӕгуавӕр дӕр зин балӕдӕрӕн нӕй. Хатгай сӕ сӕ докторти, профессорти ӕма академикти нӕмттӕ нӕбал фӕттавунцӕ, нӕбал фӕййахедунцӕ сӕ цӕсти. Ӕма сӕбӕл зӕрдихудт нӕййес…
Ӕхе уоди хъиамӕтӕй, ӕнӕ еу фӕххуӕцӕгӕй, ӕхе сӕрӕндзийнади фӕрци кӕд еске ислӕг ӕй ӕма фескъуӕлхтӕй, уӕд Хуадони-фурт дӕр. Техникон зонундзийнӕдти доктор, профессор, ӕртӕ академий академик, сӕдӕ ӕма ӕрдӕг наукон кустей ӕма ӕстдӕс монографий автор, Уӕрӕсей Федераций ӕма Цӕгат Иристони наукон центри ӕма Уӕрӕсей ӕрдзон зонундзийнӕдти академий Цӕгат Иристони хайади бундорӕвӕрӕг ӕма уотӕ идарддӕр…
Етӕ ба дин Зураби бӕрзӕндтӕ ӕма царди къӕпхӕнтӕ! Ӕгӕр берӕ неци ’нцӕ еунӕг лӕгӕн?! Ӕви лӕг дӕр гъун зонуй ӕма уомӕ гӕсгӕ уотӕ ’й?.. Ӕвӕдзи…
Хуадони-фурт айдагъ устур ахургонд ке нӕ ’й, фал имӕ уой уӕлӕнхасӕн ма дессаги дӕсни разамонӕги ацъагъуӕ дӕр ке разиндтӕй, е уӕлдай ирддӕрӕй рабӕрӕг ӕй, Цӕгат Кавкази хуӕнхон-металлургон институти ректорӕй нисангонд ку ’рцудӕй, уӕд. Аци уӕлдӕр ахурадон кустуати фӕггӕнӕнтӕ Зураби фӕрци дзӕвгарӕ фӕуурухдӕр ӕнцӕ. Исирӕзтӕй факультетти нимӕдзӕ, фӕгъгъӕздугдӕр ӕй ӕ материалон-техникон базӕ. Фӕззиндтӕй си нӕуӕг кафедритӕ ӕма лабораторитӕ, кӕцитӕ фадуат равардтонцӕ наукон куст никки рапарахатдӕр кӕнунӕн. Ректори хъӕппӕресӕй цуппар хатти фӕффулдӕр ӕй педагогон ӕма наукон косгути бӕрцӕ – уой дӕр уотид нимӕдзӕмӕ гӕсгӕ нӕ, фал ӕнӕмӕнгӕ ке гъудӕнцӕ, уой нимайгӕй. Институтӕн ӕхеми арӕзт ӕрцудӕнцӕ кандидатон ӕма докторон диссертацитӕ гъӕуайгӕнӕн Советтӕ, ӕхе аспирантурӕ. Аудиторитӕ ӕма кабинеттӕ фӕййефтонгдӕр ӕнцӕ информаци хӕссӕг нуриккон фӕрӕзнитӕй. Кӕддӕр-некӕд педагогон косгутӕн ӕ дуӕрттӕ байгон кодта нӕ-уӕг ӕма райдзаст цӕрӕнхӕдзарӕ. Сӕ бӕрцӕ исирӕзтӕй административон ӕма спортивон азгъунститӕн.
Хуадони-фурт ӕхецӕй куд агурдта, уотӕ агурдта куст иннетӕй дӕр, ӕновудӕй архайдта ахурадон ӕма фӕллойнадон ӕгъдау федардӕр кӕнунбӕл. Уой хӕццӕ ба, зӕгъун ӕй гъӕуй, рӕстдзийнади домӕнтӕй некӕд рахизтӕй еуварсмӕ. Ӕ еци зӕрдихатт ин педагогтӕ ӕма студенттӕ лӕдӕрдтӕнцӕ, аргъ ин кодтонцӕ ӕма уотемӕй гъуддаг ӕнтӕстгиндӕрӕй цудӕй размӕ.
Зураби рӕстӕги институти статус раййивтонцӕ ӕма иссӕй технологион университет. Куд раздӕр, уотӕ си абони дӕр косуй фӕлтӕрдгун ӕма ӕнгон коллектив. Неци зӕгъун ӕй мӕ бон ӕ разамундӕй дӕр – се ’хӕс ӕнхӕст кӕнунцӕ. Фал мӕмӕ ци гъуди ес, уой ба ӕдзӕстхезӕй раргом кӕндзӕнӕн: «Цӕгат Кавкази технологон университет ма къуар сӕдӕ анзи ку фӕккоса, цийфӕнди бӕрзӕндтӕмӕ ку ’схеза, уӕддӕр си Хуадонти Зураби хузӕн дуккаг ректор ба некӕдбал уодзӕнӕй!..» Мӕ аци ӕргом загъдӕй ниллӕгдӕр фӕккӕнунмӕ неке гъавун, сӕрдӕр исесунмӕ дӕр. Алкедӕр нивӕй косӕд, ци бунати ’й, уоми.
Ӕз айдагъдӕр мӕхуӕдӕг куд сагъӕс кӕнун, уой баханхӕ кодтон. Уӕдта мӕмӕ мӕ зӕрдӕ уотӕ дзоруй, цума мӕнау ка гъуди кӕнуй, уӕхӕн адӕмтӕ Иристони хъӕбӕр берӕ ес. Гъай-гъай, хумӕтӕги уотӕ униау нӕ ’й. Ӕвӕдзи, разиндзӕнӕй уӕхӕнттӕ дӕр, кӕцитӕ зӕгъдзӕнӕнцӕ: «Баййевӕн кенӕ раййевӕн алкӕмӕн дӕр ес!..» Аци фехсуд философибӕл хуӕст ка ’й, уони сӕ фун фӕссайдта. Адтӕй, ес ӕма ма никкидӕр уодзӕнӕй хецӕн адӕймӕгутӕ, баййевӕни мадзал кӕмӕн нӕ адтӕй, нӕййес ӕма не ’суодзӕнӕй! Ӕрмӕст хъӕбӕр ӕстӕн ӕнцӕ не ’хсӕн. Уӕдта син фулдӕр фӕуунӕй дӕр уоййасӕбӕл тӕссаг нӕ ’й… Гъулӕггагӕн…
Мадӕ ӕма фидӕ мӕгур ӕнцӕ, бус-тӕгидӕр ба сӕ къохи ку неци уа, уӕд. Бӕдӕлттӕ син ку рабайлӕгъ уй, уӕд сӕ уони дзӕбӕхдзийнадӕй ӕндӕр нецибал фӕгъгъӕуй. Етӕ исунцӕ сӕ бони сагъӕс ӕма се ’хсӕви мӕтӕ… Сӕ устурдӕр нисан исуй уонӕн ахургонддзийнадӕ раттун – кенӕ астӕуккаг, кенӕ уӕлдӕр, ке равгитӕ куд фӕййамонунцӕ, уотӕ. Ӕма сӕмӕ еци уӕззау фарстай ка фӕккӕсуй дзурдӕй дӕр ӕма гъуддагӕй дӕр, ӕ фарс сӕмӕ ка бадаруй, уони хуарзбӕл, уони дзӕбӕхдзийнадӕбӕл ковгӕй рарветунцӕ сӕ цӕргӕбӕнттӕ. Аци хузи ӕркӕсгӕй, Хуадони-фурти хъисмӕт хиццаг цӕмӕннӕ уа!.. Уал ниййерӕгей уаргъ ка фӕррӕуӕг кодта, уал ӕригон лӕппой ӕма уал ӕригон кизгей раст надбӕл ка ниллӕуун кодта! Хонсарӕй Цӕгатмӕ, Зураббӕй ӕхе ихӕсгинбӕл ка нимайуй, еци ниййергути банимайун хъӕбӕр дӕргъвӕтийнӕ гъуддаг ӕй. Лӕгӕй е ’мхузон адӕмтӕй цал исарази уа, уал хатти, дан, си исарази уй дуйнетӕ исфӕлдесӕг Еунӕг Хуцау дӕр. Ӕма Зураб дӕр нӕ еугурей Раттӕги хуарзӕнхӕй фӕххайгин уӕд!..
Еунӕг Хуцау ке бауарзуй ӕма устур уоди хъаурӕ, берӕ лӕгигъӕдтӕ кӕмӕн исаккаг кӕнуй, уони бон берӕ цидӕртӕ фӕууй. Етӕ рахъӕртунцӕ, рахъӕртун ци гъуддӕгутӕбӕл нӕ фенгъезуй, сауӕнгӕ уонӕбӕл дӕр. Хуадонти Зураб ӕ наукон ӕма педагогикон куст ӕнгон исбаста е ’хсӕнадон-политикон архайди хӕццӕ. Адтӕй нӕ республики Парламенти 1-аг ӕма 2-аг созывти депутат, нури ирон-дигорон адӕми Еугурдуйнеуон «Устур Нихӕс»-и бундорӕвӕргутӕй еу, республикон-ӕхсӕнадон ӕзмӕлд «Еумӕйаг Иристон»-и ӕма республики уӕди Президенти алфамбулай лӕууӕг Совети иуонг. Ранимад паддзахадон ӕма ӕхсӕнадон оргӕнти Зураб айдагъ къох исдарӕг ӕма ӕрдзӕфгӕнӕг некӕд адтӕй. Еумӕйаг аразидзийнадӕ ци фарстати фӕууидӕ, уоми дӕр ӕхе сӕрмагонд цӕстингас бавдесунӕй некӕд фӕттарстӕй. Ирон-мӕхъӕлон ӕма гурдзиаг-ирон нихмӕлӕудтити рӕстӕгути ӕвӕллайгӕй архайдта, адӕмон дипломати ке хонунцӕ, уой бундорбӕл арӕзт мадзӕлтти, аллихузон фембӕлдтитӕ ӕма конференцити федарӕй зӕгъидӕ ӕ гъудитӕ, байархайидӕ, цӕмӕй фӕууӕлахез адтайдӕ рӕстдзийнадӕ. Ӕма кӕд нуртӕкки Иристони зӕнхӕбӕл, Хонсарӕй Цӕгатмӕ, тугъди ӕма ӕфсӕддон нихмӕлӕуди хабар нӕййес, уӕд си Хуадони-фурти агъазиау байвӕрӕн дӕр ес…
Еу ӕнамондӕй уӕлдай, ӕ устур ӕма ӕ микъий Райгурӕн бӕстӕ ка нӕ фӕууарзуй, уӕхӕнттӕ ефстӕгтӕ фӕуунцӕ. Фал айдагъ уарзунӕй неци уайуй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ ӕма дзурдтӕ, аййев хузӕгонд нивтӕ сӕхуӕдтӕ дӕр бери аргъ ӕнцӕ. Иристон еци ӕгъдауӕй ӕнӕрӕвдуд нӕ ’й. Ӕ рессӕгтӕ ӕндӕр ӕнцӕ, гъӕуагӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕртӕй ӕй. Уонӕн сӕ сӕйрагдӕрти еугурӕй дӕр зонӕн, дзоргӕ дӕр сӕбӕл кӕнӕн, куст дӕр сӕбӕл цӕуй республики разамунди ӕрдигӕй, фал уӕддӕр уавӕр ба ӕхе нерӕнгӕ, куд нӕ фӕндуй рӕстзӕрдӕй, уотӕ нӕма раййивта. Фиццагидӕр, етӕ ӕнцӕ нӕ маддӕлон ирон ӕма дигорон ӕвзӕгти идарддӕри хъисмӕти ӕма нӕ фидтӕлти рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ багъӕ-уай кӕнуни ахсгиаг фарстатӕ, нӕ национ аййевадон литератури ӕма культури иннӕ къабӕзти нуриккон ӕнӕзӕрдрохс материалон уавӕртӕ, бунӕттон науки берӕвӕрсуг проблемитӕ, ӕригон курдиӕттӕн агъаз дӕттуни гъуддӕгутӕ…
Ӕрнимад фарстатӕ, еумӕ райсгӕй, ӕнцӕ нӕ национ идейи хъаппӕ. Етӕ куд лухгонд ӕрцӕуонцӕ, уотӕ уодзӕнӕй на алайнаг адӕми исонибон.
Байамунд проблемитӕбӕл бӕлвурд куст ку не ’рцӕуа, уӕд гъуддаг исӕфтмӕ ке цӕуй, уой ӕ зӕрдӕмӕ арф ка райста, еци лӕгтӕй разиндтӕй Хуадонти Зураб дӕр.
Ӕ раздӕри студенттӕй амалгъондӕр ка иссӕй, ӕхе гъуддаг ка райгон кодта ӕма ӕнтӕстгинӕй ка куста экономики фӕйнӕ къабаземи, уой хӕццӕ ба ма нӕ национ культури исонибонмӕ цийфӕнди цӕстӕй ка нӕ кастӕй, уонӕй цуппарей хӕццӕ, ӕмхузон гъудигӕнгӕй, исаразта Хуӕрзауодӕнгӕнӕг фонд «Нарти фӕткъу». Зураби фарсмӕ ци харакет зӕрдӕ ӕма рӕдау къох адӕм ӕрбатумугъ ӕй, етӕ ӕнцӕ Иристони ӕцӕг патриоттӕ ӕма син номхигъдӕй ӕнӕ байамонун раст нӕ уодзӕнӕй: раздӕри акционерон «Диг-Банк»-и директорти совети сӕрдар Цӕллагти Сергей, фонди вице-президент, ООО «Респект»-и директор Абайти Ларисӕ, ООО «Стройтех»-и генералон директор Тамати Амурхан ӕма ООО «Альди» генералон директор Зурати Аркадий. Еунӕг Хуцау сӕ еугуремӕй дӕр исарази уӕд ӕма син никки фулдӕр ӕрхӕссӕд, сӕхуӕдтӕ ӕма сӕ бийнонтӕ дзӕбӕх уогӕй!
Фонд ӕ сӕйраг нисанӕн исбӕлвурд кодта искурдиадӕгин финсгутӕн, культури ӕма науки ӕнтӕстгиндӕр минӕвӕрттӕн материалон ӕгъдауӕй агъаз кӕнун. Нӕ республики исфӕлдистадон Цӕдести нуриккон уӕззау уавӕри аци нӕуӕг гъуддагӕн ци агъазиау ахедундзийнадӕ адтӕй, е зин ниттергади гӕнӕн нӕй. Нӕ исфӕлдистадон интеллигенци хабарбӕл исӕмбалдӕй устур ӕхсицгонӕй. Фонди фӕззинд пайдайаг райдайӕнбӕл банимадта нӕ республики разамунд дӕр. Ном ин равардтонцӕ: «Профессор Хуадонти Зураби Хуӕрзауодӕн фонди преми». Лӕвӕрд ин ӕрцудӕй национ премий статус. Дууӕ мин ӕхсӕзӕймаг анзӕй нури уӕнгӕ еци национ премий лауреаттӕ иссӕнцӕ Цӕгат ӕма Хонсар Иристони тӕккӕ искурдиадӕгиндӕр финсгутӕ, поэттӕ, хузӕгӕнгутӕ, скульптортӕ ӕма наукон косгутӕ, уони хӕццӕ ӕригӕнттӕ дӕр. Сӕ нимӕдзи еунӕг уӕхӕн дӕр нӕййес, адӕм уотӕ кӕмӕ байамононцӕ, аци адӕймаг уӕхӕн хуӕрзеуӕги аккаг н ’адтӕй, зӕгъгӕ.
Фонд исаразгутӕ, Зураб сӕ разӕй, уотемӕй лӕмбунӕг басагъӕс кодтонцӕ, премитӕ кӕми ӕма цӕхуӕн уавӕри лӕвӕрд цудайуонцӕ, уобӕл дӕр. Ӕма нӕ фӕррӕдудӕнцӕ. Бунатӕн равзурстонцӕ Ирон театр, кӕцимӕ хунд ӕрцӕунцӕ Иристони тӕккӕ номдзуддӕр, тӕккӕ игъустгонддӕр ӕма кадгиндӕр адӕм, республики интеллигенций хуӕздӕр минӕвӕрттӕ, дзиллон информаций фӕрӕзнити косгутӕ, республики хецауадӕй ӕрвист лӕгтӕ. Ӕмбурд дессаги рӕсугъд искӕнунцӕ Иристони аййевадон коллективтӕ, нӕ номдзуддӕр солисттӕ. Еудзурдӕй, национ преми «Нарти Фӕткъу»-й лауреаттӕ исбӕрӕг кӕнуни гъуддаг алли анз дӕр исуй ӕцӕг устур бӕрӕгбон, зӕрдӕбӕл бадаруни аккаг цау.
Аци дуйнебӕл ӕносонӕй неци ес. Уӕддӕр ковӕн, ӕма Хуадонти Зураби номхӕссӕг Хуӕрзауодӕн фонд «Нарти Фӕткъу» ма берӕ ӕнзти разӕнгарди хуасӕ уӕд Иристони культурӕ ӕма наукӕн! Фал гъуддагбӕл ба федарӕй ӕууӕндун: «Нури уӕнгӕ ци устур пайдайаг гъуддӕгутӕ исаразта Фонд, етӕ дӕр ин барӕ дӕттунцӕ Иристони историй медӕги сӕрмагонд бунат ниййахӕссунӕн. Мах ин ци аргъ кӕнӕн, уомӕй ин, нӕ фӕсте ци фӕлтӕр уйнаг ӕй, етӕ никки устурдӕр аргъ ке искӕндзӕнӕнцӕ, уобӕл ӕгириддӕр секк нӕ кӕнун…»
Хуадонти Зураби лӕгигъӕдтӕн кӕрон нӕййес. Устур ахургонд, устур номдзуд лӕг уогӕй, хъӕбӕр зин ӕй хумӕтӕгӕй байзайун, фулдӕр адӕмӕй нӕ рартӕсун. Еци хузи ниввӕрун сӕ цард исуй, ӕцӕгӕй ӕрдзон, мади губунӕй рахӕсгӕ зунд ци ефстаг адӕмтӕмӕ разиннуй, уонӕн. Хуадонти Зурабмӕ фондз къласемӕй ӕндӕр ахургонддзийнадӕ ку нӕ адтайдӕ, уӕддӕр адӕми тонхи ӕрлӕудтайдӕ, хаст цудайдӕ нимадидӕр лӕгти нимӕдзӕмӕ, уӕддӕр имӕ цудайуонцӕ ӕ гъӕубӕстӕ унаффӕмӕ сӕ зиани дӕр ӕма сӕ цийни дӕр. Цӕмӕн уотӕ ’й, е дӕр сосӕггаг хабар нӕ ’й. Ӕрдзон зунд кадаварӕй уагъд кӕмӕн ӕрцӕуй Хуцауӕй, е ма институт, кенӕ университет ку фӕууй каст, сауӕнгӕ ма наукити кандидат, кенӕ доктори ном ку райсуй, уӕд еугур хӕлӕмулӕ ниууй. Ӕхе цидӕр бангъӕлуй ӕма е ’мхузӕн адӕмӕй рартӕсуй. Уӕхӕнттӕмӕ ӕнӕбӕрцӕбӕл зин кӕсӕн исуй, игъосун ба – уомӕй уӕззаудӕр…
Хуадони-фурт ба ӕмхузӕн хуарз арӕхсуй цӕрунмӕ, куд е ’мрӕнгъӕ лӕууӕг адӕмти, уотӕ хумӕтӕг ӕма рӕнгъон дзиллити хӕццӕ дӕр. Ӕхецӕн уӕлдай кадӕ ӕма цитӕ кӕнун некӕд некӕми бауагъта, нӕдӕр цийни гъуддаги, нӕдӕр зиани. Зураб, ӕнӕбӕрцӕбӕл ӕстӕн ка ’мбӕлуй нури дзамани, уӕхӕн ӕцӕг дигорон лӕг ӕй. Ӕ цӕсгони, ӕ уоди ци уӕларвон рохс ес, ейӕ хӕссуй адӕймагӕн нифс ӕма ӕууӕнкӕ.
Еунӕг хатт ка исӕмбӕлуй ӕ хӕццӕ, уой аллибон дӕр фӕффӕндуй, тӕходуй, ку ма ’й фӕууининӕ, зӕгъгӕ. Ӕ уӕзбун дзубандимӕ ӕй ӕнцон игъосӕн, ӕ фӕлмӕн цӕстингасмӕ – ӕнцон кӕсӕн. Айдагъ ӕ бакаст ӕма ӕ рацуд дӕр бери аргъ ӕнцӕ. Зунд райсун ма ци ефстаг лӕгтӕй ӕнгъезуй, ӕй уонӕй еу. Зураби хӕццӕ исӕмбӕлгӕй, адӕймаги цӕститӕбӕл рагъазунцӕ Нарти гуппурсартӕ – Урузмӕг, Сослан, Батраз… Кӕмидӕрти ӕнгӕс даруй Пахампарти сорӕттӕмӕ дӕр, ӕй уони хузӕн рохсхӕссӕг, уарзтмӕ седӕг ӕма ӕнккӕтебӕл тухсӕг, ӕнӕналат, ӕнӕфудзӕрдӕ, уодӕнсагӕ, хатиргӕнагӕ… Мадта ма изӕд ци фӕууй?!
Паддзахадӕ устур аргъ искодта Хуадони-фурти педагогон, наукон ӕма ӕхсӕнадон кустӕн. Лӕвӕрд ин ӕрцудӕй берӕ хуӕрзеугутӕ. Уони нимӕдзи: Хӕлардзийнади орден, Петр I майдан, майдан «Иристони намусӕн», Цӕгат Иристони разамунди Кади грамотитӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, етӕ дӕр гъӕугӕ кӕнунцӕ ӕма бунати ӕнцӕ. Лӕг ку бахъиамӕт кӕна, уӕд ӕй гъӕуама ӕстӕфӕг дӕр уа. Фал Зураби хуӕрзеугути ӕхсӕн ес еу, кӕцимӕн исаргъгӕнӕн нӕййес. Е ӕй е ’мтог, е ’мӕвзаг адӕми уарзондзийнадӕ ӕма зӕрдибунӕй арфӕ. Еци ӕнӕфинст хуӕрзеуӕги адӕ сӕ еуеми дӕр нӕййес. Хуадони-фуртмӕ дӕр уотӕ ке кӕсуй, е дузӕрдуггаг нӕй.
Уотӕ рауайуй, ӕма хуӕрзтог, ездон, уӕззау ӕма сабур зунди хецау нӕлгоймаг паддзахадон ӕма ӕхсӕнадон гъуддӕгути ӕнӕкӕрон фескъуӕлхуй, ӕ бийнонти цард исаразун ба ӕ бон не ’суй. Ӕ фӕндон нӕ фӕуунцӕ ӕ бийнойнаг ӕма ӕ цӕуӕт. Хуадони-фурти еунӕг Хуцау уӕхӕн бӕлахӕй багъӕуай кодта. Зураббӕн дуйнетӕ Исфӕлдесӕг исаккаг кодта сугъзӕрийни хузӕн цардӕмбал – Ири, кӕций хӕццӕ еумӕ исгъомбӕл кодтонцӕ ӕма царди тонхи рауагътонцӕ ӕртӕ бӕдоли: Сослани, Мӕдини ӕма Марини. Ӕнцӕ, сӕ дзӕбӕх ниййергути хузӕн, уездон тоги хецау, ӕгъдаубӕл хуӕст, адӕмуарзон ӕма ахургонд. Алкедӕр си цӕруй бийнонтӕй ӕма фӕллойнӕ кӕнуй ӕ равзурст дӕсниадӕбӕл. Зураб ӕма Ирӕ ӕнцӕ нивгун Баба ӕма Нана, бухст нӕ фӕразунцӕ сӕ бӕдӕлтти бӕдӕлттӕбӕл. Хуадонти фӕрнуг хӕдзарӕмӕ ци зӕрийнӕ хор кӕсуй, е сӕ еугурей дӕр тавуй, сӕ еугуребӕл дӕр хъӕртуй ӕма син цӕруни хъаурӕ ӕрветуй…
Ци дин зӕгъон, Зураб, дӕ рагвӕззӕги къӕсӕрбӕл? Ӕвдай фондз анзи – тӕккӕ лӕги карӕ, цӕрун, косун ӕ фӕстӕмӕ ракӕсуни афӕй, фиццаг ӕма дуккаг хатдзӕгтӕ искӕнуни рӕстӕг, нӕуӕг нисанти игурӕн… Ка дӕ уарзуй, е дӕуау, ӕ рацуд нӕдтӕбӕл дӕу хузӕн устур ӕма рӕсугъд фӕдтӕ ниууадзӕд, ӕ рӕдудтитӕ ӕма ӕ фӕсмойнӕгтӕ дӕуӕн куд минкъий ӕнцӕ де ’сконд хуарздзийнӕдти рази, уотӕ кадавар разиннонцӕ!
Зонӕ ’й, Зураб, устур Чикола, уой хӕццӕ ба ӕнӕгъӕнӕ Иристон ди сӕ суйни сӕрбӕл хуӕцунцӕ, дӕуӕй сӕрустур ӕнцӕ ӕма дӕ дзӕбӕхдзийнадтӕй ӕгӕрон арфийаг ди ӕнцӕ нӕ дзиллӕ…
Ку зӕгъун, аци ӕрмӕг ниффинстон фондз анзей размӕ, Зураб ма цардӕгас ку адтӕй, уӕд. Ӕма си кӕронӕй ба уӕд уотӕ бафинстон: «Ӕнсувӕри уарзтӕй дӕ ка уарзуй, еци БАБОЧИТИ Руслан». Абони ба – ӕ уотид зӕгъун дӕр, уогӕ ба куд зин ӕй! – Зураб не ’хсӕн нӕбал ӕй ӕма мӕ еци финст мин ӕййевгӕ рауадӕй – хъонцгӕнгӕй мӕ зӕгъуйнӕгтӕн кӕронбӕттӕн кӕнун:
Ӕнсувӕри уарзтӕй дӕ ка уарзтӕй ӕма дӕ ӕ царди кӕрони бонмӕ дӕр зӕрдхъурмӕй дин дӕ рохс ном ка имисдзӕнӕй, дӕ еци
БАБОЧИТИ Руслан
Чикола,
2020 анзи 1 декабрь.
Хуадонти Зураби туххӕй мӕ абониккон радзубандий кӕронбӕттӕни ба ма уин уӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзӕнӕн, ӕртинсӕй анзи ибӕл ку исӕнхӕст ӕй, уӕд ин ци ӕмдзӕгӕй райарфӕ кодтон, уой.
Зурабу Хуадонову
В годах ушедших всякое случалось,
И радости, и беды были в них,
И Чиколу прославило немало
Ее сынов отважных, дорогих.
Одни пахали, строили другие,
И не щадили третие врага.
Отцовский нрав восприняли живые
И предков дух в крови у них пока.
Тому пример – судьба и жизнь Хуадонти,
Носящего на лике дивный свет,
На житейском и научном фронте
Достигшего признаний и побед.
Достаточно и титулов, и званий,
Но он такой в округе не один.
Его же первое и главное призванье,-
Он настоящий в жизни осетин.
Могуч, как Нарт и в чем-то на пророка
Умом и светлостью похож. -–
Топором не рубит, судит не жестоко,
Но ненавидит в людях ложь.
На добро не скуп, не равнодушен,
А как друг, отзывчив и любим.
Он из тех, кто дорог нам и нужен,
Чьим именем, как честью, дорожим.
О, грех солгать, что завтра будет легче,
И не беда, что дел невпроворот, –
Кто искоркою божею отмечен,
Тот ноши не боится и невзгод.
Не вечен человек в подлунном царстве,
Задача в том, чтоб вспыхнуть и гореть.
Он того достигнув, как богатства,
О прожитом не вправе сожалеть.
Ты счастлив будь Осетии во славу,
Мы тобой гордимся в Чиколе,
Что человек, родившийся в Ирафе,
Так величаво ходит по земле!
Аци ӕмдзӕвги ма уӕд ниффинстон цубур уац дӕр, кӕций кӕронбӕттӕни уотӕ баханхӕ кодтон: «Ци ӕмдзӕвгӕ ниффинстон де ’ртинсӕй анзей бонмӕ, уоми дин дӕ берӕ лӕгдзийнӕдтӕн сӕ сӕдӕймаг хай бавдесун мӕ бон кӕд бацӕй, уӕд хуарз, кӕд нӕ, уӕдта хатиргӕнӕг фӕууо…»
Нур мӕ уӕдиккон ӕмдзӕвгӕмӕ кӕсгӕй ӕй лӕдӕрун, нӕ мин бантӕстӕй, уӕдта мин куд гъӕуама бантӕстайдӕ, кӕд ӕма Зураби хуарздзийнӕдтӕ ӕма лӕгдзийнӕдтӕн сӕ уотид ранимайунӕн дӕр еу ӕмдзӕвги равгитӕ ӕгириддӕр нӕ фагӕ кӕнуннцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба ’й мӕхецӕн ихӕсӕн есун, уӕддӕр уӕхӕн равгӕ иссерун ӕма Хуадонти Зураби уодиконд ӕма цитгийнаг хабӕртти туххӕй кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрдзорун…
Нур ба мӕ кӕддӕриккон ӕмдзӕвги туххӕй еу гъуди ма мӕ зӕгъун фӕндуй. Ӕ кӕронбӕттӕни ин, уӕхуӕдтӕ ’й уинетӕ уотӕ финсун, гъома сӕрустур ан, ӕгайтима Ирӕфи райгурӕг адӕймаг уоййасӕбӕл цитгинӕй цӕуй зӕнхӕбӕл. Уотӕ финстон, Зураб ма цардӕгас ку адтӕй, уӕд. Уотемӕй ӕй ниууагътон нур дӕр, кӕд абони цардӕгас нӕбал ӕй ӕма а зӕнхӕбӕл нӕбал рацӕудзӕнӕй, уӕддӕр. Ӕнӕраййевгӕй ба ’й уомӕ гӕсгӕ ниууагътон, ӕма, ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн уогӕй, е абони дӕр не ’хсӕн ӕй – ӕ арфиаг гъуддӕгутӕй, ӕ курухон гъудитӕй, ӕ лӕгдзийнади менеугутӕ нин рӕстзӕрдӕй фӕнзунӕн ӕма берӕ ӕндӕр ӕностӕмӕ нӕ дзиллӕн зӕрдӕбӕлдаруйнаг хабӕрттӕ ӕма фӕдзӕхститӕй.