07 декабря 2024

НÆ ЦАРДИУАГИ ФАРНÆ НÆХЕ РÆСТЗÆРДÆ ÆМА ÆНОВУД ФÆЛЛОЙНÆЙ АРАЗГÆ ÆЙ!..»

25.05.2024 | 22:38

Евгъуд цуппæрæни, 23 майи Хецауади Хæдзари сæрмагондæй ци æмбурд арæзт æрцудæй, уоми нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло радзубанди кодта Цæгат Иристони социалон-экономикон равгитæ æма 2023 анзи архайди бæрæггæнæнти туххæй доклади хæццæ. Æмбурди архайдтонцæ Федералон Совети иуонгтæ, Паддзахадон Думи æма нæ республики Парламенти депутаттæ, нæ республики Хецауади иуонгтæ, муниципалон искондти, æхсæнадон, дини организацити разамонгутæ, республики ирæзтбæл уодуæлдайæй архайæг адæймæгутæ.

 

Сергей Меняйло æ доклади райдайæни куд баханхæ кодта, уотемæй анзæй фулдæр рацудæй, ауæхæн хузи ку фембалдæнцæ, уæдæй фæстæмæ. Æ дзубандимæ гæсгæ, раздæр  искæнæн кæмæн нæ адтæй, уæхæн фарстатæ сæ бунатæй исæзмæлун кодтонцæ.

– Цитæ исаразтан, уонæбæл дзордзинан бæлвурд нимæдзитæй. Не ’нтæститæ ’нцæ нæ еумæйаг архайди, Цæгат Иристони цард хуæздæр, фадуатгиндæр искæнунмæ турнундзийнади фæрци. Еугур Уæрæсей хузæн Нигулæни ’рдигæй æвзарæн экономикон гæрæнтæ, цæйбæрцæ карздæр кæнунцæ, уоййасæ нæ уæлахезтæ æма æнтæститæ ’нцæ кадгиндæр. Мах рамбурд ан, Уæрæсей Федераций Президент нин нæ размæ ци еумæйаг ихæстæ, бæрзонд нисантæ æвæруй, уони  алливарс, – загъта Цæгат Иристони Сæргълæууæг.

 

СÆРМАГОНД ÆФСÆДДОН ОПЕРАЦИ

– Нур дууæ анзи нæ бæстæ Украини фæзуæттæбæл æнхæст кæнуй сæрмагонд æфсæддон операци, тохæнгарзи хæццæ гъæуай кæнæн нæуæг уæрæсейаг фæзуæттæ, Нигулæни фæткæбæл сæ истори, культурæ, æгъдæуттæ баййевунбæл ка не ’сарази æй, еци уруссаг адæми. Нæ лæхъуæнтæ абони тохунцæ нæ федæнбæл, нæ евгъудбæл, нæхе бон унаффæ райсун куд уа, уой сæрбæл. Сæдæгай иристойнæгтæ иссæнцæ бæрзонд хецауадон хуæрзеугути хецæуттæ, цуппаремæй ба – Уæрæсей Бæгъатæртæ. Фæндуй мæ сæ нæмттæ зæгъун: Есенати Таймураз, Датити Алан, Абайти Юрий, Аслан Гоов. Мæ сæрæй син ниллæг ковун. Ка фæммард æй, уони нæмттæ æримисуни туххæй еу минут сабур ралæууæн, – загъта Сергей Меняло.

Республики Сæргълæууæг куд фæббæрæг кодта, уотемæй нæ республикæ уайтæккæдæр балæудтæй Фидибæстæ гъæуай кæнунмæ. «Алани» æма «Шторм Осетия»-йи батальонтæ, уæдта иннæ тугъдонтæ нур дууæ анзи аккаг хузи раззагдæр ханхæбæл æнхæст кæнунцæ сæ ихæстæ. Нæ лæхъуæнтæн агъаз кæнæн, æрветæн син техникон фæрæзнитæ, гуманитарон уæзæгтæ. Мадта сæрмагонд æфсæддон операций архайæг æфсæддонти бийнонтæн, хеуæнттæн агъази мадзæлттæ æрветæн. Ка фæммард æй, уони бийнонтæн, цæфтæн, фæдздзурди бахæуæг тугъдон службæгæнгутæн республики бюджетæй искодтан еухаттон агъаз – еумæйагæй  500 миллион соми, – бафеппайдта республики Сæргълæууæг.

Е лæмбунæг радзурдта еугур агъази мадзæлттæбæл. Æргом раздахта тугъдон цаути архайæг ветеранти æма инвалидти дзæбæхкæнуйнадæмæ. Гъæуама аци анз иссеронцæ фæрæзнитæ реабилитацион центри арæзтади проекти-хæрзти документтæ бацæттæ кæнунæн. Мадта бæсти Президенти фæндуй сæрмагонд æфсæддон операций архайгути уотæ бацæттæ кæнун, цæмæй си рауайа бæрзонд квалификаций хæццæ разамонгутæ.

 

ЧЕРНИГОВСКАГ РАЙОНÆН АГЪАЗ

Сергей Меняйло куд радзурдта, уотемæй тугъдон рæстæг амонуй æндæр домæнтæ. Алли регион дæр агъази къох бадардта нæуæг уæрæсейаг субъекттæмæ.

– Цæгат Иристон æ армæ даруй Запорожьей облæсти Черниговскаг районбæл. Нуриуæнгæ бал устур куст бакодтан, рарвистан уордæмæ Цæрæнуæтти-коммуналон хæдзарадæ, артаг æма энергетики министради бригадæ. Уоми косунцæ Арæзтадæ æма архитектури, уæдта иннæ бæрнон ведомствитæ дæр. Амал цæмæй ес, уонæй син агъаз кæнæн, – байамудта Сергей Меняйло.

 

ÆХСÆНАДОН-ПОЛИТИКОН ФÆТКÆ

Республики Сæргълæууæг куд фæббæрæг кодта, уотемæй аллибони нисантæ æнхæстгæнгæй, гъæуама иронх ма уа, агъазиау, парахат геополитикон æййивддзийнæдти рæстæг ке  цæрæн, е.

– Нæ бæстæ исæмбалдæй æнæнгъæлæги тæссагдзийнæдти хæццæ æма фæдздзурдтити хæццæ. Нæ бæсти хуæдбарæдзийнадæ, фæзуатон æнæгъæнæдзийнадæ фехалуни туххæй аллихузон мадзæлттæй пайда кæнунцæ. Аци анзи сæйраг æхсæнадон-политикон цаубæл банимайун гъæуй Уæрæсей Президенти æвзурститæ. Æвзаргути бæрцæ адтæй 91,8 проценти, Владимир Путини фарс рахуæстæнцæ 89 проценти. Нæ паддзахади разамонæгмæ равдистан устур æууæнкæ, – загъта республики Сæргълæууæг.

Уомæй уæлдай ма рæнгъæмæ рахаста, аци анз нæмæ авд æвзарæн кампаний ке æнгъæлмæ кæсуй, уой дæр. Æргом раздахта региони нивæбæлдзийнадæ, нацити ’хсæн сабурдзийнадæ æма æхсæнадон аразидзийнадæ багъæуай кæнунмæ, национ-культурон центрти, дини организацити архайдмæ.

– Нæ фæсевæди уодварни хуæрзæгъдаудзийнадæ, гъомбæлади фарста хъæбæр ахсгиаг æй. Патриотизм, хестæртæн кадæ кæнун, бæрзонд гъудитæ, федар бийнонтæ – етæ ’нцæ царди рахуæцæнтæ. Дууæ анзей размæ исаразтан кадетон кълæстæ, нуртæккæ ’нцæ 55, ахур си кæнуй 1166 сувæллони. Уæлдай фулдæр æргом раздахун гъæуй тугъдон-патриотон гъомбæладæмæ, тугъдон-патриотон клубтæмæ, сувæллæнтти æма æригон фæсевæди еугæндтæмæ, – байамудта Сергей Меняйло.

Рæнгъæмæ рахаста «Фиццæгти змæлд», «Зарница», «Мы – граждане России»-йи æма иннæ æхсæнадон-фæсевæдон æзмæлдтæн уæлдай агъаз кæнуни нисантæ. Иронхуати нæ байзадæнцæ фæсевæди тухстаг фарстатæ дæр. Куд бафеппайдта, уотемæй фæсевæди патриотон гъомбæладæ ’й республики размæцуди ахсгиаг рахуæцæн.

 

БЕСЛÆНИ ФУДБÆЛАХИ ИНСÆЙ АНЗИ

Сергей Меняйло куд радзурдта, уотемæй, федæнбæл дзоргæй, гъæуама иронх ма уа евгъуд дæр.

– Беслæни фудбæлахи 20 анзи бæрæг кæндзинан, нæ адæми гъæдгинæн бадзæбæх кæнæн нæййес, рист нæ цæуй. Мах алцидæр искæндзинан, цæмæй террористон акти ка фесавдæй, уони нæмттæ иронхуати ма байзайуонцæ, æгасæй ка райервазтæй, уонæн ба сæ фарсмæ уодзинан. Беслæни фæззиндтæй Дуйнеуон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-аг скъола». Æ обелиск техникон æгъдауæй исцæттæ ’й, экспертти размæ исæвардтан нуриккон музейон фæзуат исаразуни ихæс. «Беслæни мадтæлтæ»-йи хæццæ син ес æмгустадæ. Нæ бæсти Президент исæвардта, террористон акти гъигæдардбаййафæг адæмæн 2030 анзи уæнгæ сæ реабилитацион мадзæлттæ идарддæр кæнуни ихæс, – радзурдта Сæргълæууæг.

 

СОЦИАЛОН КЪАБАЗÆ

Республики разамонæг куд фæббæрæг кодта, уотемæй аци анз æй бийнонти Анз, уомæ гæсгæ парахатгонд цæунцæ бийнонти традицион хæзнатæ. Бийнонтæ ’нцæ æхсæнади хузæнон æма рæсугъд размæцуди рахуæцæн.

– Фарæ аллихузон социалон пособитæ равардтан 112 мин сувæллонемæн, æдеугурæй рауадæнцæ 15,5 миллиард соми. Фиццаг сувæллон 2024 анзи ци бийнонтæн фæззиндтæй æма 26 анзи ци мадæбæл нæма исæнхæст æй, уонæн равардтан еухаттон агъаз – 50 мин соми, æдеугурæй – 150 бийнонтемæн. Уонæн алливæрсуг агъаз кæнунæн аразæн бийнонти берæфадуатгин центртæ. Мадта хестæр кари адæм дæр иронхуати нæ ’нцæ, – радзурдта Сергей Меняйло.

 

ЭКОНОМИКÆ

Региони экономики ирæзти хæццæ баст æй æхсæнадон-политикон нивæбæладæ, царди æмвæзади ирæзт, социалон ихæстæ æнхæст кæнуни гъуддаг.

– Фари кусти бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ фæббæрæг æй рæстаг æзмæлд, экономики æцæг ирæзт æма социалон къабази размæцуд. Промышленнон кустади индекс фарæ адтæй 109,3 проценти, нæхуæдтæ ке рауагътан æма уæйæгонд товарти бæрцæ рауадæй 56 миллиард соми, республики еумæйаг бюджетмæ æрбафтудæй хъалонти æма æнæхъалонти феддонтæ 24,5 миллиард соми, е, 2022 анзи хæццæ рабаргæй, æй 6,7 проценти фулдæр. Розници базаради зелдох рауадæй 167 миллиард соми. Æгуст адæми нимæдзæ 17 проценти ниллæгдæр фæцæй, – загъта Сæргълæууæг.

Æ дзубандимæ гæсгæ, экономикон гæрæнти уоддзæф лæдæрунцæ, республики Хецауадæ фадуæттæ аразуй экономики федар ирæзтæн. Республики бюджети æфтуйæггæгтæ 25 миллиард сомемæй минкъийдæр нæ ’нцæ. Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг исæвардта Хецауади размæ промышленности ирæзти, гъæууон хæдзарадæ, фæндаггон-транспортон хизæг, туризм, цæрæнуæтти арæзтадæ, ахурадæ æма æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади ирæзтбæл бакосуни ихæстæ.

 

АГРОПРОМЫШЛЕННОН КЪАБАЗИ ИРÆЗТ

Республики разамонæг куд радзурдта, уотемæй фарæ агропромышленнон къабазæ æхе равдиста дзæбæх бæрæггæнæнтæй.

– Продукций бæрцæ рауадæй 46 миллиард соми, республикæ æрæмбурд кодта хуари æма хуари-хъæдори культурити 850 тонни, халсартæ адтæнцæ 27 мин тонни. Фал нæ бон фулдæр дæр æй, хæрзтæ цæунцæ кустадæбæл, къохвæллойнæбæл, хомагкустгæнæг заводтæ нæмæ ке нæ фагæ кæнуй, уонæбæл. Гъæуама пайда кæнæн нуриккон технологитæй. Нæ бон цæмæй æй, уомæй аграритæн агъаз кæнæн, æнæ технологон райарæзтæй кустадæ æхебæл не ’схуæцдзæнæй. Пайда кæнæн лизингæй, райстан техники 78 еуæги. Мадта фонсдарунадæ дæр хъæбæр ахсгиаг къабазæ ’й. Кæсалгæдарунадæ размæ цæуй, цадити фæзуат ахæссуй 2 мин гектари, – фæббæрæг кодта Сæргълæууæг.

Е ’ргом раздахта гъæууон хæдзаради иннæ рахуæцæнтæмæ, радзурдта фермерон, бийнонти фермерти архайди субсидитæ æма агъази æндæр мадзæлтти туххæй.

 

ГЪÆУУОН ФÆЗУÆТТИ РАЙАРÆЗТ

Айдагъ нæ сахарти нæ, фал нæ гъæути хуæрзвадуæттæбæл дæр архайун гъæуй. Нæ ихæс æй гъæуи цæргутæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразун – нæдтæ, культурон артдзæститæ, бастдзийнадæ, коммуналон лæггæдтæ. Нуриккон нимæдзон бастдзийнадæ, нуртæккæ нæ республики исхъæрттæй 93 процентмæ, уотæ – Интернети хизæг дæр. Æнæ уæхæн бастдзийнадæй ма байзадæй хуæнхаг гъæути минкъий хай – 500 адæймагей бæрцæ, æма уобæл дæр куст цæуй. Уой хæццæ ма абони «цифри» бастдзийнадæ бахъæрттæй Бунккаг Ларс, Хъобан æма Дзинагъамæ, анзи кæронмæ ба ма Зæронд Саниба æма Мæхческмæ.

 

ТРАНСПОРТОН РЕФОРМÆ

Аци бон ма хъæбæр æдзæллаг уавæри ка ’й, еци æздæхтбæл – бæлццæнттæ ласуни гъуддагбæл дæр косæн. Хецæн адæймæгути къохтæмæ ке бахаудтæнцæ автовокзалтæ, электротранспорти сахайраг депо, сахари медæг æма муниципалитетти ’хсæн косæг маршруттæ, уомæ гæсгæ исæвзурдæй идарддæр бухсæн кæмæн нæбал ес, уæхæн уавæр.

Фарæ исфедар кодтан сæрмагонд программæ æма бацæттæ кодтан гъæугæ гæгъæдитæ уавæр цæхгæрмæ раййевуни туххæй. Устур куст нæ бакæнун гъæуй. Абони е нæ къохи ку бафтуйа, уæд федæни дæсгай æнзти ахсгиаг транспортон къабазæ зæрдæдзоруйнаг нæбал уодзæнæй.

Пассажирон транспорти ирæзти фæдбæл балхæдтан æма æййевæн транспортон фæрæзнитæ, 2023 анзи муниципалон кустуат «ВладГорТранс»-æн балхæдтан 28 автобуси. 2024 анзи ма никки – рæстæмбес къласи 42 автобуси, уонæй 32 косуй Дзæуæгигъæуи, 10 ба – республики муниципалон искондтитæмæ.

Цæгат Иристон архайуй инвестицион проекти æма æ фæлгæти 2024 анзи дуккаг квартали кæронмæ райсдзæнæй 57 автобуси æма косдзæнæнцæ социалон ахедундзийнадæ кæмæн ес, уæхæн 45 маршрутебæл. Цæмæй аци къабази транспортæй гъæуагæдзийнадæ æхгæд æрцæуа, уой туххæй ма уæлæнхасæн балхæндзинан, муниципалон исконди ’хсæн ка косдзæнæй, уæхæн 70 автобуси. Уæ зæрдæбæл даретæ, Дзæуæгигъæуи уавæр фæххуæздæр кæнуни туххæй 28 трамвайи вагæнттæ ке балхæдтан, трамвайти депо ба фæстæмæ муниципалон есбойнадæмæ ке æрбаздахтан, уой.

Транспорт æма фæндаггон инфраструктури комитетæн ихæс кæнун, цæмæй республики цæргутæн транспортон лæггæдти æмвæзадæ уæлдæр исесонцæ. Абони еуæй-еу маршруттæбæл ци уавæр исæвзурдæй, уомæн бухсæн нæййес. Паддзахадон кустуæттæй уæлдай ма æргом æздахун гъæуй бæлццæнттæ ласæг хецæн амалгъонтæн дæр, гъæуама косонцæ закъони бундорбæл, транспортон фæрæзнæ техникон æгъдауæй гъæуама уа рæвдзæ, косонцæ графикмæ гæсгæ, хъалонтæ федонцæ. Еугур ранимад гъуддæгути фæрци 2030 анзмæ транспортон къабази ирæзти стратеги арæзт æрцæудзæнæй, дууæ хæстæгдæр анземæ нæ ци бакæнун гъæуй, уони хинцгæй.

 

АХУРАДИ НÆУÆГДЗИЙНÆДТÆ

Агъазиау æма нин вазуггин æй ахуради къабазæ. Ами нæ размæ лæууй берæ бахинцуйнаг фарстатæ, райдайæ скъолати бунæттæ ке нæ фагæ кæнуй еци гъуддагæй æма фæууо, экономики хъæбæр ка гъæуй, уæхæн  профессионалон кадртæ цæттæ кæнуни ахедгæ системæ исаразунæй.

2023 анзи республики скъолати фæффулдæр æнцæ бунæтти нимæдзæ – 1250 бæрцæ. Æртæ скъолай исаразтан Беслæни, станицæ Черноярскийи æма Хъизлари. Фарæ уалдзæги бундорон цалцæггонд фæцæй Дзæуæгигъæуи 11-аг скъола.

Дууæ анзей размæ нæ республикæ архайун байдæдта капиталон цалцæги агъазиау федералон программи. Уæдæй нурмæ бахузæнон кодтан се ’ндаг бакаст 66 скъолайемæн, 30 мин скъоладзауи ба ахур кæнунцæ зæрдæмæдзæугæ уавæрти. Хæстæгдæр дууæ анзей медæги ма нæ бундоронæй исцалцæг кæнун гъæуй 51 скъолай. Куститæн уагъд æрцæудзæнæй 8 миллиард сомей бæрцæ. Уой фæсте бацæттæ кæндзинан 46 скъолай бундорон цалцæги туххæй курдиæтти гæгъæдитæ. Уотемæй капиталон æгъдауæй цалцæггонд æрцæудзæнæнцæ нæ республики базелунгъæуагæ скъолати 100 проценти.

Уомæй уæлдай ма Уæрæсей Президенти номбæл рарвистон курдиадæ, цæмæй ма федералон программи фæлгæти Дзæуæгигъæуи арæзт æрцæуа, 2750 бунати кæми уодзæнæй, уæхæн æртæ скъолай.

Республики арæзт цæунцæ рæвдауæндæнттæ дæр. Заводи поселокки косун райдæдта 280-бунатон рæвдауæндонæ. 2023 анзи бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, нæуæг бунæттæ арæзт ке ’рцудæй, уой фæрци бунæттæ гъæуагæ нæй скъолай размæ ахурадæ. Фал кæронмæ нæ къохи нæма бафтудæй рæвдауæндæнтти азгъунстити фулдæр хаййи æдзæллагдзийнадæ райеуварс кæнун. 249 азгъунстемæй 141 гъæуй бундоронæй исцалцæг кæнун. Уомæ гæсгæ архайæн федералон программити, æма бал нуриуæнгæ исцæттæ ’нцæ 75 объекти гæгъæдитæ.

Уæлæнхасæн ахуради къабазæ дæр иронхуати нæ байзадæй. Арæзт цæунцæ музыкалон скъолатæ. Беслæни сувæллæнтти исфæлдистадон Хæдзарæ бундоронæй цалцæг кæнунцæ, уæхæн цалцæги фæсте байгон æй республики фæсевæдон Галауан. Ахурадон уагдæнттæ материалон-техникон æгъдауæй ефтонггонд цæунцæ.

Профессионалон ахурадон уагдæнтти аразæн ахурадон-кустадон комплекстæ, сæ фæрци сæмæ хе фæрæзнитæ фæззиннуй æма сæ сæ идарддæри ирæзтбæл харз кæнунцæ.

Сæрмагондæй мæ ’рлæуун фæндуй, е ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ æ равналæнтæ цубур кæмæн æнцæ, еци сабийти ахуради фарстабæл. Ке зæгъун æй гъæуй, еци кустбæл ахургæнгутæбæл фулдæр уаргъ ес. Фал нæ ихæс æй, цæмæй еугур сувæллæнттæн дæр уа æмхузон уавæртæ. Фæдзæхсун ресурсон кълæсти æма скъолай размæ къуæртти аутистикон спектри косæг психологтæ, тьютортæ, деффектологтæ æма иннæ специалисттæн алли мæйæ уæлæнхасæн 15 мини федун.

Иннæ анзæй фæстæмæ къæпхæнгай бæрзонддæр кæнун гъæуй ахургæнгути бундорон мизд, 2025 анзи 1 январæй фæстæмæ ихæс кæнун педагогон косгути хецæн къуæртти миздтæ 20 проценти фæббæрзонддæр кæнун. Алли анз уомæн уагъд цæудзæнæй 500 миллион соми.

2022 анзи алли мæйæ фæндзгай æма æвдгай мин соми уæлæнхасæн федун райдæдтан ахургæнгутæ-методисттæн, ахургæнгутæ-зундамонгутæн. Аци анз фæдзæхсун уæлæнхасæн материалон æгъдауæй финансон агъаз раттун гъомбæлгæнгутæн.

 

ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ ГЪÆУАЙКÆНУЙНАДÆ

Аци къабазæ хъæбæр вазуггин æй, æма си ес лухкæнуйнаг фарстатæ, фал еугур мадзæлттæ аразæн, цæмæй медицинон лæггæдтæ уæлдæр æмвæзадæмæ ист æрцæуонцæ.Уæлдай фулдæр æргом æздахæн идарддзæф, æма минкъий адæм кæми цæруй, еци гъæутæн фиццаг медицинон агъаз раттуни фарстатæмæ.

Фарæ 80 гъæуеми байгон кодтан афтектæ фельдшерон-акушерон пунктти æма амбулаторити рази. Æ бон цæун кæмæн нæй, еци сæйгитæн хуастæ хæдзарæмæ хæссунцæ медицинон косгутæ.

Тагъд агъази машинттæ æййивд æрцудæнцæ 100 процентæй, идарддæр аразæн медицинон уагдæнттæ. Фæстаг æнзти аци къабази хуарзæрдæмæ берæ æййивддзийнæдтæ ’рцудæй.

*  *  *

Сергей Меняйло ма æ доклади лæмбунæгæй æрдзубанди кодта нæ республики социалон-экономикон цардарæзти берæ æндæр фарстати фæдбæл. Сæ ахсгиагдзийнадæ син нимайгæй, уони фæдбæл ба сæрмагонд  æрмæгутæ хецæнæй мухур кæндзинан нæ газети идарддæри номерти.

 

СЕРГЕЙ МЕНЯЙЛОЙ РАДЗУБАНДИЙ ТУХХÆЙ СÆ ГЪУДИТÆ ЗАГЪТОНЦÆ:

ТУСКЪАТИ Таймораз, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Парламенти Сæрдар:

– Нæ республики  Сæргълæууæг бæлвурд æма лæмбунæг æрдзубанди кодта, социалон-экономикон алли къабæзтæ куд ирæзтæнцæ, уобæл. Ахуради къабазæ ку райсæн, уæд къохи бафтудæй зингæ æнтæститæ. Арæзт цæунцæ нæуæг ахурадон косæндæнттæ, скъолатæ, зæгъæн, Беслæнигъæуи, Черноярски станици, Хъизлари. Дзæуæгигъæуи 11-аг скъола ба æрцудæй бундоронæй цалцæггонд, иннетæми дæр цæунцæ цалцæггæнæн куститæ. Уогæ, еугур муниципалон искодти дæр скъолатæ сæ еугурдæр æрцудæнцæ цалцæггонд. Уомæй уæлдай, национ проект «Ахурадæ» дæттуй гæнæнтæ æригæнттæн, царди цæмæй фескъуæлхонцæ, уомæн. Ахургæнгути алли къуарæн – æригæнттæн дæр, фæлтæрдгун ка ’й, уонæн дæр – материалон агъази уæлæнхасæн мадзæлттæ исаразуни унаффæ республики Сæргълæууæг ке рахаста, е дæр, æнæмæнгæ æй, пайдайаг гъуддаг. Уæхæн æййивддзийнæдтæ ес уæлæнхасæн ахуради къабази дæр. Уомæй уæлдай, республики Сæргълæууæг нæ размæ исæвардта бæлвурд ихæстæ астæуккаг профессионалон ахурадæ райаразуни къабази. Хæстæгдæр æнзти нæмæ ци инвенстицион проекттæ æнхæстгонд цæудзæнæнцæ, етæ домунцæ дæсни косгутæ, уой хæццæ, инженертæ, технологтæ, аразгутæ. Æма профессионалон ахурадæ республики экономики домæнтæн гъæуама дзуапп дæтта.

Зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ ес промышленности. Промышленнон кустади индекс фæстаг анз исирæзтæй 10 проценти – аци къабазæн агъазгæнæг мадзæлттæй республики фæстаг цалдæр анзи пайдагонд ке цæуй, уой фæрци. Профилон министради архайди фæрци нæмæ косуй промышленностæн агъази Фонд.

Республики Сæргълæууæг хецаудзийнади федералон оргæнти хæццæ æнгом ке архайуй, уой фæрци нæмæ æнхæстгонд цæун райдайдзæнæнцæ нæуæг инвестицион проекттæ Хъæрмæдони, Иристони иннæ кæмтти, уотемæй республики еугур районтæ дæр разæнгардæй идарддæр дæр архайдзæнæнцæ экономикон процессти.

Æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази хуарз бæрæггæнæнтæ кæд ес, уæддæр си фарстатæ нерæнгæ ма ес никки фулдæр. Зонæн сæ æма идарддæр дæр архайдзинан сæ ралух кæнунбæл. Еузагъдæй, нæ ихæстæ ’нцæ бæлвурд, лæдæрдгонд æма сæбæл косдзинан.

*  *  *

ГУÆЦÆЛТИ Хаджиморат: Республикæ Цæгат Иристон-Аланий муфтий:

– Цæгат Иристон размæ ке цæуй æма ин идарддæр ирæзти гæнæнтæ ке ес, е æй бæлвурд. Республикæ архайуй аллихузон программитæ æма проектти. Арæзт æрцудæй берæ хуарз гъуддæгутæ ахурадæ, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади, экономикæ æма царди иннæ къабæзти дæр. Фал, мæнмæ гæсгæ, никки устурдæр æргом раздахун гъæуй ирæзгæ фæлтæри раст гъомбæлади, патриотизми бундортæбæл сæ гъомбæл кæнуни гъуддагмæ. Аци фарстамæ æ радзубандий е ’ргом раздахта республики Сæргълæууæг дæр. Нæ кæстæрти сæ хуæрзминкъийæй фæстæмæ ку нæ исахур кæнæн сæ Райгурæн бæстæ, нæ минкъий Иристон уарзунбæл, сæ национ бундортæн аргъ кæнун зонунбæл, уæд кæмæн аразæн скъолатæ æма æндæр уæхæн косæндæнттæ? Гъомбæладæ райдайуй бийнонтæй, æма аци фарстамæ гъæуй уæлдай фулдæр æргом æздахун.  Арфæ кæнун, абони сæрмагонд æфсæддон операций ка архайуй, нæ еци рæсугъд фæсевæдæн æма сæмæ æ агъази хай ка бахъæртун кæнуй, уонæн.