26 апреля 2024

НÆУÆГ АНЗИ АМОНД ÆМА ИРИСХЪÆМÆ БÆЛЛУНЦÆ ДУЙНЕЙ ЕУГУР АДÆМТÆ ДÆР

29.12.2022 | 13:43

Нæуæг анзи хуæдразмæ Куби цæргутæ кæдзос донæй байдзаг кæнунцæ æгтæ, къибилатæ, гъосинтæ, къостæ, уæдта фæсæмбесæхсæвæ сæ къæразгæй расæххæт кæнунцæ гъæунгæмæ. Уадзæ, æма, дан, Нæуæг анзи нæ цард, нæ нæдтæ уонцæ дони хузæн кæдзос. Адæм кæрæдземæн арфитæ фæккæнунцæ. Æмбесæхсæвæ, Нæуæг анз ку ралæууй, уæд гъæуама алкедæр тагъд-тагъдæй рахуæра сæнæфсери 12 гагай, æма, дан, уæд амондæй, бæркадæй, игъæлдзæгдзийнадæй нæ фæххецæн уодзæнæ анзи дæргъи. Сувæллæнтти Нæуæг анз ба кубæйæгтæмæ хуннуй Къаролти бон. Сабийтæ рагацау финстæгутæ ниффинсунцæ  лæвæрттæ хæссæг къаролтæ Бальтасар, Гаспар æма Мельчормæ, æма син етæ Нæуæг анзи æхсæвæ исæнхæст кæнунцæ сæ фæндитæ.

Шотландий æмбесæхсæви еугур нæлгоймæгтæ дæр рандæ унцæ синхæнттæмæ, цæмæй фиццагидæр балæууонцæ сæ къæсæрбæл. Сæ бæсти  уотæ силгоймаг ку бакæна, уæд, дан, е амонуй Нæуæг анзи бийнонти цард дзæбæх ке нæ уодзæнæй, уой. Уотæ фæдздзорунцæ борхелæ адæймаги туххæй дæр. Саухелæ нæлгоймаг ба син кæддæриддæр фæууй зæрди фæндæуагæ иуазæг æма фарнæхæссæг.

Венгрий æгъдаумæ гæсгæ, Нæуæг анзи фиццаг усми бийнонтæ райдайунцæ æскъот кæнун се ’нгулдзитæй, æскъотгæнæнтæй, уадиндзтæй. Уотемæй хæдзарæмæ хæстæг нæ уадзунцæ хæран тухти, сайтæнтти, сæ разæй гъæуама фæууонцæ цийнæдзийнадæ, амонд æма гъæздугдзийнадæ. Бæрæгбонмæ цæттæ кæнгæй, венгрийæгтæй иронх нæй хуайраги магион тухæ дæр. Нæуæг анзи фингитæбæл гъæуама æвæрд уа хъæдорæ – уод æма бауæри тухæн, фæткъутæ – адæймаги, дан, кæнунцæ рæсугъд æма уарзæгой, æнгозтæ – гъæуай кæнунцæ фудбонæй, фидбилизæй,  бодæн – незтæ сорæг, муд – адгин цардæн.

Финляндий сæйраг бæрæгбонбæл нимад æй Цæппорсе. Бæрæг æй кæнунцæ 25 декабри. Еци бон Метин Дада æрцæуй Лапландийæй æма сувæллæнттæн æрхæссуй лæвæрттæ устур тæскъи дзаг. Финнаг æгъдæуттæмæ гæсгæ, Нæуæг анзи агъоммæ бийнонтæ дзæбæх сæхе фертайунцæ абанай, цæмæй сæ бауæр искæдзос кæнонцæ зæронд анзи берæ зиндзийнæдтæ æма сагъæстæй. Уомæй уæлдай финнæгти æгъдаумæ гæсгæ, Нæуæг анзи фингитæбæл æрбадун æнгъезуй тæккæ минкъийдæр фараст хатти. Хæдзари хецау цæйбæрцæ фулдæр хуæра, уойбæрцæ Нæуæг анзи зæрдиагдæрæй косдзæнæй, æма е ба уотæ амонуй, æма хæдзарæ фургъæздугæй æ билтæй ракæлдзæнæй. Мадта Нæуæг анзи æхсæвæ финнæгтæмæ бодæн æма муд хуæрун æнæмæнгæ ке æнгъезуй, е дæр дессаг макæмæ фæккæсæд.

Бирми Нæуæг анз ралæууй 12 апърелæй 17 апърели ’хсæн. Бæрæгбони бæлвурд бон фегъосун кæнуй культури Министрадæ сæрмагонд бардзурдæй. Нæуæг анзи бæрæгбон рахæссуй æртæ бони. Бирми цæргути рагон æууæнкæдзийнадæмæ гæсгæ, уаруни изæдтæ цæрунцæ стъалутæбæл. Еуæй-еу хатт æрæмбурд унцæ арви кæрони игъæлдзæг гъазтмæ, æма уæд зæнхæ бафсæдуй гъар уарунæй – е ба æй гъæздуг тиллæги нисан. Цæмæй уæларвон тухтæй арфиаг уонцæ, уой туххæй син се ’ргом здахунцæ бæттæн ивазунæй. Еристи фæййархайунцæ дууæ  гъæуей нæлгоймæгтæ (сахари – дууæ гъæунги), силгоймæгтæ æма сувæллæнттæ ба уаруни изæдти разæнгард кæнунцæ хъæлæба æма къохæрдзæфæй.

Вьетнами бæрæгбони размæ фæццæттæ кæнунцæ берæ аллихузи хуæруйнæгтæ. Фал уони æхсæн фулдæр æргом здæхт цæуй  æ гахæ пириндз, фид, хъæдорæ æма гъæдзиндзæй конд кæмæн фæууй, уæхæн губæрттæмæ. Еци губорæбæл ахургæндти гъудимæ гæсгæ цæуй дууæсæдæ анземæй фулдæр.

Хæстæг Хорискæсæни бæстити Нæуæг анзи лæвæрттæ кæнгæй, гъæуама дæхе цæлæмбудæй ма равдесай. Уомæн æма еугур хæрзтæ фæстæдæр æнцонæй банхæст кæндзæнæ, хæдзари хецауæн хæдзари дзаумæуттæй ескæций ку растауай, уæд. Æгъдау уотæ амонуй, æма еци дзаумау гъæуама, æнæмæнгæ, лæвæрд æрцæуа иуазæгæн.

Япойнаг сувæллæнттæ Нæуæг анзбæл æмбæлунцæ нæуæг дарæси. Нæуæг анзи æхсæвæ сæ бази буни байвæрунцæ авд изæдей хузтæ. Нæуæг  анзи  æрцуд фегъосун кæнунцæ дзæнгæрæгти 108 цæфемæй. Япойнæгти æууæнкæдзийнадæмæ гæсгæ, дзæнгæрæги алли цæф дæр адæймаги лæгъуз менеугутæй маруй еу. Куд нимайунцæ, уотемæй лæгъуздзийнæдтæ æдеугурæй æнцæ æхсæз: цæлæмбуддзийнадæ, хицæ, хæрандзийнадæ, æдулидзийнадæ, рæуæгзунд æма тæрсагæ ун. Фал ма аци менеугутæй  алкæмæн дæр ес фæйнæ 18 хузи. Уони фесафуни туххæй фæццæгъдуй япойнаг дзæнгæрæг 108 хатти. Нæуæг анзи фиццаг минутбæл гъæуама адæймаг ходгæ кæна, е, дан, амонд хæссуй. Сæумæй, Нæуæг анз æ барти ку бацæуй, уæд адæм рацæунцæ æндæмæ хорискаст фæууинунмæ æма кæрæдземæн арфитæ, лæвæрттæ кæнунцæ. Нæуæг анзи æхсæвæ япойнæгтæмæ егуремæй кадгиндæр дзаумау фæууй пахса. Гъæуама æнæмæнгæ уа хæдзари – цæмæй си бийнонтæ амонд æрбасæрфонцæ. Пахса исаразунцæ бамбукæй, æ дæргъæ 10 сантиметремæй 1,5 метрей уæнгæ æма ’й исрæсугъд кæнунцæ алли хузтæй.

Франций Нæуæг анзи фингæбæл æнæуæн нæййес духовки фунх гогузæн. Мадта сæмæ æпхæ муди тулдæй дæр хъæбæр цитгин æй. Е уой бæрæггæнæн æй, æма анзи медæгæ бæркад-берекетæй бийнонтæ хайгин уодзæнæнцæ. Франций ци минкъий кафетæ ес, уонæми ба фæццæуй сæрмагондæй лотерейæй гъазт, кæцими рамолæн фæууй карк, гогуз кенæ ба хъибил æма далис дæр. Франций гъæути иуазæгуати цæугæй æгъдаумæ гæсгæ дæ хæццæ гъæуама райсай соги хъуæл –  гъардзийнадæ æма ирисхъи бæрæггæнæн.

Немуцæгтæмæ ба Нæуæг анзи фингæбæл гъæуама уа кæсалгæ – карп. Цæттæ ’й фæккæнунцæ сæ рагфидтæлтæ æй куд кодтонцæ, уомæ гæсгæ. Фæууй дессаги хуæрзадæ. Уæдта ма еци кæсалги цъарæй дæ киси ку ниввæрай, уæд дин æрхæсдзæнæй Нæуæг анзи амонд æма ирисхъæ.

Судайнæгтæ Нæуæг анзи кæрæдземæн фæййарфитæ кæнунцæ, цъæх æнгозæ иссерæ, зæгъгæ. Е, дан, адæймагæн амонд хæссуй. Æма цæмæй амондгунтæ фулдæр уонцæ, уой туххæй рагацау алли рауæнти рагæлдзунцæ берæ цъæх æнгозтæ. Æнæ лæвæрттæй циуавæр Нæуæг анз ес? Еци æхсæвæ сæмæ æнгъæлмæ фæккæсунцæ куд сувæллæнттæ, уотæ хестæртæ дæр. Фал ес уæхæн дзаумæуттæ, æма сæ еуæй-еу бæстити лæвар кæнун не ’нгъезуй. Зæгъæн, Китайи лæваргонд сахатæн ес æнамонддзийнади нисан. Латинаг Америки еуæй-еу бæстити – къохмæрзæнтæн. Араббаг бæстити ба не ’нгъезуй æфсийнæн лæвæрттæ кæнун, уæдта ин карз ниуæзтæ хæссун.