ПОЭЗИЙЫ АДӔМОН ӔУУӔЛТӔ
Малиты Геуӕргийы тыххӕй чысыл нӕ дзурӕм ӕмӕ нӕ фыссӕм. Ӕмдзыхӕй йӕ хонӕм аив дзырды дӕсны. Фӕлӕ, хъыгагӕн, уыцы иумӕйаг ныхӕстӕй йӕ уацмысты сусӕгдзинӕдтӕ ӕвзарынмӕ никуы рахизӕм. Уымӕ гӕсгӕ йӕ аивады ӕууӕлтӕ нырма сты адӕмӕн ӕмбӕхст ӕмӕ ӕбӕрӕг. Уыдон раиртасын стыр куыстаг у. Мӕн дзы ам зӕгъын фӕнды ӕрмӕст иу миниуӕджы тыххӕй. Уый у аивады национ хуыз.
Бӕлвырд у иу хъуыддаг: Малийы-фырт у адӕмон поэт. Цы адӕмӕн фыста, уыдон ӕй зонынц ӕмӕ уарзынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, фыццаджыдӕр, уыцы адӕмимӕ дзырдта сӕхи ӕвзагыл, дзырдта, сӕ царды ахсджиаг цы уыд, ахӕм хъуыддӕгтыл; хорз зыдта адӕмы зӕрдӕйы ӕууӕлтӕ, арф сын ӕмбӕрста сӕ бӕллицтӕ, сӕ сагъӕстӕ; хорз арӕхст уыдон ӕвдисынмӕ; йӕ ныхас уыд сыгъдӕг ӕмӕ бӕлвырд; арӕхстджынӕй пайда кодта адӕмон сфӕлдыстадӕй; йӕ хъуыдытӕ хӕстӕг уыдысты адӕмы зондахастмӕ; цы цард ӕмӕ цы цаутӕ ӕвдыста, уыдонмӕ каст адӕмы цӕстӕнгасӕй, аргъ сын кодта адӕмон гуманизм ӕмӕ этикӕйы барӕнтӕй.
Адӕмондзинады сӕйраг ӕууӕлтӕй иу у национ хуыз. Ивы рӕстӕг, ивы адӕмы царды уаг, ивынц ӕгъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдонимӕ ивы адӕмӕн сӕ зӕрдӕйы уаг дӕр, сӕ характер дӕр, сӕ хъуыдыкӕнынад ӕмӕ се ‘нкъарынад дӕр. Иугӕр афтӕ у, уӕд ӕнӕ ивгӕ нӕй аивадӕн дӕр. Немыцаг поэзи XV ӕнусы куыд уыдис, афтӕ нал уыд XIX ӕнусы. Афтӕ у ирон поэзийы хъуыддаг дӕр. Малиты Геуӕрги ӕвдыста йӕ дуджы хъӕууон цард, касти йӕм йӕ заманы кӕсӕнтӕй ӕмӕ йӕ ӕвдыста, уыцы цардмӕ хӕстӕгдӕр цы аивад уыдис, уый поэтикон фӕрӕзтӕй. Уый та уыд романтизмы аивад.
Геуӕргийы сфӕлдыстады национ хуыз куыд бӕркадджын у, уый равдисынӕн фаг сты 2–3 цӕвиттоны. Ӕркӕсӕм, уарзондзинад кӕм цӕуы ӕвдыст, ӕрмӕст уыцы ӕмдзӕвгӕтӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, иуӕй, фыссӕджы сфӕлдыстадыл дзургӕйӕ, нӕ хъус фылдӕр фӕдарӕм социалон мотивтӕм, ӕмӕ нын ацы темӕ рохуаты аззайы. Иннӕмӕй, ирон поэзи йӕ равзӕрдӕй фӕстӕмӕ сӕйраджыдӕр райста социалон ӕмӕ граждайнаг ахаст, уыцы хъуыддаджы йын ис хъӕздыг традицитӕ, интимон лирикӕ та нӕ литературӕйы стӕм ӕмӕ кадавар у. Уымӕй уӕлдай, интимон лирикӕ ӕргом кӕны иууыл ӕмбӕхстдӕр ӕнкъарӕнтӕ, иууыл уаздӕр бӕллицтӕ, ӕмӕ уыдон ӕвдисынӕн хъӕуы фидар дӕсныйад – уым бӕлвырдӕй разыны поэты хъару.
Уарзондзинады лирикӕ хӕрз чысыл у нӕ адӕмон сфӕлдыстады дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы уавӕрӕн ис аххосӕгтӕ – историон, социалон ӕмӕ психологон аххосӕгтӕ. Хӕхты къуындӕг цард адӕймагӕй домдта фидар удыхъӕд. Уыцы домӕнтӕй ӕвзӕрдысты тызмӕг ӕгъдӕуттӕ. Гуыбынӕй дӕр, ӕнкъарӕнӕй дӕр хиуыл хӕцын уыд царды домӕн, уый сси ӕгъдау.
Уыцы ӕгъдауы сӕрты чи хызт, уый йӕхи кодта ӕгад ӕмӕ худинаг, ууыл кодтой «къуыппӕн зарӕг, дзыхъхъӕн ӕмбисонд» – сатирикон зарджытӕ ӕмӕ ӕгадгӕнӕг ӕмбисӕндтӕ. Уыцы карз ӕгъдау уӕлдай тынгдӕр хӕцыд сылгоймаджы ӕнкъарӕнты рохтыл – нӕ уыд чызгӕн йӕ уарзондзинадыл ӕргомӕй дзурӕн, хъӕрӕй зарӕн. XIX ӕнусы нырыккон ирон фӕндыр куы фӕзынд, уӕд уый уыцы Хуыцауы хорзӕх хӕххон сылгоймӕгтӕн – уый фӕрцы «сдзырдтой сӕ зӕрдӕтӕ», ӕмӕ нӕм уыцы аивад тыхджын уымӕн сырӕзти.
Бӕрцӕй бирӕ не сты Геуӕргийы лирикон ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр, фӕлӕ бирӕ у сӕ ахадындзинад. Поэт арф зоны канд нӕлгоймаджы психологи нӕ, фӕлӕ сылгоймаджы зӕрдӕйы уаг дӕр, йе ‘нкъарӕнты ивӕнтӕ ӕмӕ фӕлхъазӕнтӕ. Уымӕн ӕвдисӕн – йӕ зындгонд ӕмдзӕвгӕ «Ӕлхуйнӕ».
Ӕмдзӕвгӕ амад у ӕвзонг чызджы сусӕг сагъӕстӕй. Уый у монолог-исповедь, ӕмӕ йын уыцы зӕрдӕ ӕргомгӕнӕн фӕрӕз дӕтты уӕлтӕмӕн хъару. Чызджы ныхас райдайы риторикон фарстӕй: «Ци кӕнуй цума ме ‘лхуйнӕ, ку нӕбал зелуй дзӕбӕх?» Уыцы фарст нӕ ӕваст сцымыдис кӕны, баппары нӕ чызджы сагъӕсты зилгӕ гуылфӕны – уырдыгӕй нал вӕййы ӕнцонӕй рацӕуӕн. Чызг йӕхицӕн басаст, йӕ куыст рӕстмӕ цӕуылнӕ цӕуы, уый аххосыл: «Мӕ цӕститӕбӕл уайунцӕ сау нимӕт ӕма сау бӕх». Ӕндӕр ницы? Нӕ, уыдонӕй уӕлдай уыны, йӕ зӕрдӕ йын чи басыгъта, барӕджы уыцы цӕхӕр цӕстытӕ.
Цымыдисаг у, чызг барӕджы цы уавӕры федта, уый. Уӕлхӕдзар ӕлвыста, йӕхинымӕр сусӕг зарджытӕ кӕнгӕйӕ цыдӕртӕ мысыд – цард бӕллицты дунейы. Ӕваст уыцы дунейы фӕзынд реалон фӕлгонц – ӕцӕг барӕг. Баиу сты ӕмӕ схӕццӕ сты бӕллицтӕ ӕмӕ ӕцӕгдзинад, ӕрвон ӕмӕ зӕххон дунетӕ. Чызг уыд ахӕм психологон уавӕры, ӕмӕ сау барӕджы фӕзынд уымӕн рауад ӕнахуыр тыхджын тӕлмӕн (впечатление). Барӕг, цы уыд, уымӕй йӕм фӕкаст диссагдӕр, алӕмӕтдӕр. Ахӕм уавӕры барӕгимӕ иу ӕмдзаст фӕуын фаг уыд чызджы ӕвӕлтӕрд зӕрдӕ ссудзынӕн. Барӕг ӕй иу фӕкастӕй фехста, арвы фатау…
Хӕххон чызджы зӕрдӕйы баззад уарзондзинад, сагъд хъамайау. Чызг у хиуылхӕцгӕ ӕмӕ ӕмбӕхсы йӕ рыст – уый баззайдзӕн сусӕгдзинадӕй. Нӕ дзы ферох уыдзӕн барӕг дӕр, фӕлӕ йын уый баззайдзӕн рӕсугъд мысинагӕй, сыгъдӕг ӕмӕ уынддаг фӕлгонцӕй. Уыцы уавӕр ын йӕ трагеди кӕны рухс ӕмӕ бӕрзонд.
Адӕмон удыхъӕд равдисынӕн ноджы ирддӕр цӕвиттон у къаннӕг лирикон шедевр «Зар». Уый у хуымӕтӕг зӕххон, фӕлӕ рӕсугъд ӕмӕ тыхджын уарзты зарӕг. Ам уацмысы фидауц у национ колорит, национ монц. Ӕмдзӕвгӕ у хӕххон патриархалон лӕппуйы монолог. Уый нын уӕзданӕй зӕгъы йӕ фӕндон:
Мӕ синхон кизгӕн ӕ зӕрдӕ
Ку зонинӕ, ку, бӕлвурд,
Уӕд зӕгъинӕ ин цидӕртӕ,
Уӕд зӕгъинӕ ин еу дзурд…
Уый у хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕрцӕф лӕппуйы зӕрдиаг бӕллиц. Хӕххон лӕппу йӕ сыхаджы рагӕй зоны, фӕлӕ йын бӕлвырд нӕ зоны йӕ зӕрдӕйы ахаст. Уымӕ гӕсгӕ сӕрыстыр лӕппу у хиуылхӕцгӕ, дзӕгъӕлы дзырдӕй кӕны ӕфсӕрмы: цы нӕ вӕййы, чызг ын йӕ уарзондзинады ныхас айсдзӕн ӕфхӕрдӕн, науӕд ӕй раздахдзӕн ӕнӕ дзуаппӕй. Ахӕм уавӕры сӕрыстыр лӕппу тӕрсы ӕгад ӕмӕ худинагӕй.
Уӕздан лӕппуйы уарзт у сыгъдӕг ӕмӕ бӕрзонд. Бӕгуылӕг хъуамӕ фыццаг базона, чызг ӕм цы зӕрдӕ дары, уый, ӕрмӕст ын уӕд зӕгъдзӕн йӕ уарзон ныхас. Минӕвар ӕм барвитдзӕн уыцы ныхасы фӕстӕ. Уыдон сты, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ чызгӕн дӕр аргъ чи кӕны, ахӕм уӕздан адӕймаджы ӕууӕлтӕ.
Дыккаг строфайы мидис у лӕппуйы стырдӕр бӕллиц. Чызгмӕ минӕвар фӕцӕуид гӕды. Гӕды цӕмӕн? Зын у бӕлвырд дзуапп раттын. Ныккӕсын хъӕуы нӕ фыдӕлты царды ӕрфытӕм, рафӕлгъауын хъӕуы се ‘гъдӕуттӕ, сӕ уырнынад. Уыцы хӕдзарон цӕрӕгой цыдӕр хуызты бар дардта къонамӕ, къона та хӕдзары сӕйраг у. Ацы хатдзӕгмӕ нӕ кӕнынц строфайы фӕстаг рӕнхъытӕ дӕр:
ӕрхӕссидӕ мин лӕвари
ӕрхи агӕ ӕд рӕхис.
Аг ӕмӕ рӕхыс – хӕдзары табуйаг дзаумӕттӕ, йӕ царды нысан, йӕ фарны символ. Афтӕмӕй лӕппуйы бӕллицтӕ нысан кӕнынц йӕ уарзонимӕ ног хӕдзар, ног бинонтӕ скӕнын.
Уӕлдай алӕмӕтаг у фӕстаг (3-аг) строфа.
Десӕ-месӕ уӕд сор-серӕ
Исфицинӕ аги дзаг,
Бахуӕринӕ уотӕ берӕ
Ма фӕууинӕ кӕуйнаг…
Ацы ныхӕстӕ сты сусӕгдзинӕдты къуыбылой. Поэзи арвӕрдыны хуызӕн у, – нӕй йӕм къухӕй ӕвналӕн, нӕй йӕ сӕрты агӕпп кӕнӕн. Тыбылты Алыксандр фыста, зӕгъгӕ, «стихи Малиева полны неуловимой прелести и грации». Поэзи ӕмӕ антипоэзи кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, уымӕн ӕвдисӕн ацы строфа ӕмӕ йӕ тӕлмац.
Я к огню тогда подсел бы.
Наварить бы уж сумел
Я сор-сера. И поел бы
Столько, сколько бы хотел.
Ӕрттиваг стъалы фестад цъыфы къуыбар. Ам нӕй поэтикон зӕлынад, нӕй дзы нывӕфтыд ныхас. Фӕлӕ диссаг уый нӕу. Диссаг уый у, ӕмӕ хӕххон лӕппу ӕппӕлы йӕхицӕй: базонид сир фыцын. Йӕ бӕллиц у фаг бахӕрын. Афтӕмӕй нӕ герой агӕпп ласта пъовырӕй, разынд – дӕлӕмӕ дӕр, уӕлӕмӕ дӕр – гуыбындзӕл. Фехӕлд мидис, ӕмӕ фехӕлд национ характер.
Цы зӕгъы поэтӕн йӕхи герой та? Уӕддӕр цӕмӕты бӕллыд, уыдон куы ‘рцӕуиккой, уӕд фырдиссагӕй сир сфыцид, афтӕ бирӕ дзы бахӕрид, кӕуинаг куыд фӕуа. Цы сты уыцы митӕ, цы нысан кӕнынц? Лӕппуйӕн стыр амондӕй йӕ сӕр разилид ӕмӕ кӕнид ӕрра митӕ. Сир у сылгоймӕгты хӕринаг, кодтой йӕ зиууонтӕн. Сиры хӕрдӕй лӕппу февзӕр, уӕд уый ӕцӕгдӕр кӕуинаг хъуыддаг у, фӕлӕ, Есенины загъдау, «хмельному от радости пересуду нет». Сӕрыстыр, уӕздан лӕппу ахӕм ӕрра митӕ кӕныныл разы кӕй у, уый дзуры йе стыр уарзондзинадыл. Хиуылхӕцгӕ хӕххон лӕппуйы ӕрмӕст ӕгӕрон амонды цырв ахизын кӕндзӕн хӕххон этикӕйы арӕнтыл. Уыцы адӕмон миниуӕг ӕцӕгӕлон уыд уырыссаг тӕлмацгӕнӕгӕн, уый нӕ бамбӕрста ныхӕсты нысан ӕмӕ зыгъуыммӕ рацарӕзта уацмысы мидис.
Поэты лирикӕйӕ ӕрхастам ӕрмӕст дыууӕ цӕвиттоны – дыууӕ ӕмдзӕвгӕйы. Уыдонӕн дӕр нӕ равзӕрстам се ‘ппӕт аивадон ахорӕнтӕ, йӕхӕдӕг дӕр у сӕрмагонд куыстаг. Иу дӕнцӕг мырты фӕлхатӕнтӕй: зӕгъӕм, ӕмдзӕвгӕйы музыкалон зӕлынад цӕй руаджы ӕвзӕры, уый: «ӕрхӕссидӕ мин лӕвари ӕрхи агӕ ӕд рӕхис»). Фӕлӕ ацы ӕмдзӕвгӕты зыны поэты дӕсныйад, йӕ адӕмондзинад. Уыдон нын ӕвдисынц, национ ӕууӕлтӕ поэзийӕн йӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ йӕ уд ӕмӕ йӕ туг кӕй сты, уыцы ӕцӕгдзинад.