КОКИТИ Геуæрги ÆНОСОН ХАУЛЛИ
Кæрон. Райдайæн 11-аг номери.
Кизгæ сосæггай кудтæй, æ цæстисугтæ ба гæр-гæрæй калдæнцæ урундухъмæ, Хуцауи æлгъист æнсувæр ба ’й кæми еуæрдæмæ нихъхъури кæнидæ, кæми ба иннердæмæ.
– Ледзæн, Хасан, ледзæн ардигæй, зæгъгæ, кæугæ-кæугæ кизгæн ма æ арми бафтудæй исдзорун, æхуæдæгка, æ зæрдæ багъар уогæй, Бурхани реубæл æрхаудтæй, марди хузæнæй…
– Мæ зæрди фæндон мин базудтай, Доссанæ, æнæ мæн зæгъгæй дæр. Ледзæн Ирæфи æндаг фарсмæ, æндæр амал нæбал ес!.. Дони билæбæл нæ хезуй бæлæгъ, донуордæг ба мæ хуæздæр хъумайæгтæй къуар лæги хезуй æз æма дæу…
Доссанæ марди хузæнæй лæудтæй Бурхани гъæбеси æма ин æ дзубандитæй дæр нецибал фегъуста æма нецибал балæдæрдтæй. Хуцауи æлгъист æнсувæр æ хуæри æ гъæбеси фæккодта æма, судæймард куй æстæг куд раскъæфа, уотæ ’й раскъафта Ирæфи ’рдæмæ.
Ирæфи билæбæл Бурхани рагæй хизта бæлæгъи хурфи зæронд Абдули фурт – Сафар. Бурхан Доссани хæццæ бæлæгъи хурфæ ку иссирдта, уæд Сафар æстаунмæ февналдта æма Ирæфи тæх дони фатау æ комкоммæ бафаста. Сæ дзурд ци бæласи бунмæ адтæй, уордæмæ ма ‘й минкъий гъудæй Бурхан æма Доссани, уотæ аллирдигæй къуар лæги рагæпп кодтонцæ æма Доссани рæсугъди арæхстгай бæхбæл исæвардтонцæ. Сæхуæдтæ ба сæ бæхтæбæл сæхе багæлдзгæй, дунд-далагъан фæцæнцæ унгæг талингæ коми…
Бурхан æ цæститæ тоги разилдта, æ фурмæстæй æ медбунати кинау низзилдæй, уæдта æрбадтæй æма бæхгинти фæсте кæсгæ байзадæй…
Дууæ фазон хурдзини сугъзæрийнæ гъолтæй идзагæй Бурхан æ цæстити кæронæй дæр нæбал фæууидта: кæсгæнттæ сæ сæ хæццæ раскъафтонцæ…
– Бахæдзаруат дæн… Батухæ мин кодтонцæ… Мæ хуæрæй дæр æма сугъзæрийнæ гъолтæй дæр ба айдагъ дæн,– уотæ æхе меднимæр дзурдта Бурхан. Цæф арси хузæн æ гъæрзун цудæй сабур æхсæви идæрдтæмæ…
Еци æхсæвæй фæстæмæ Бурхани зæрдæ дори хузæн нихъхъæбæр æй; хатир æма тæрегъæд ци ’й, уомæн Бурхани зæрдæ нецибал зудта, æ тог уорамун райдæдта æ хурфи, æ зæрдæ тог æма лæгъуздзийнæдтæ агорун райдæдта. Бурхан æнгъалдта, æма æ зæрди æрхæнтæ, æ устур тæрегъæдтæ исдзæбæх уодзæнæнцæ еске тогæй.
Фал тог тогæй не ’хснадæуй…
-5-
Бурхан æ мæгур къæсмæ уордигæй нæбал иссудæй. Уалдзигон изæри нæбал игъустæй Бурхани къæсæй Доссани зарун. Унгæг, тæссаг коми лæг нæбал фæууидтайдæ ефтонг бæлццон-бæхгин Бурхани хæдзарæмæ нæхстæргæнгæ. Дууæ фарасткъохон бæхбæттæни ревæдæй лæудтæнцæ æхсæвæй-бонæй Бурхани тургъи, æцæг сæбæл хаттæй-хатт лæг фæууидтайдæ æхсæйвон угтæ æнафони зæрдхъурмæй гъæргæнгæ…
Дигоргоми дæр æма Кæсæги дæр фæккой æй мæнгæ хабар – Доссани, дан, Хасан-Бек раскъафта, зæгъгæ, фал ци рацудæй, ка ’й зонуй, уæдта Хасан-Беки кадæртæ фæууидтонцæ абæрегæй, æма еци хабар мæнгæ ке адтæй, е алкæмæй дæр баруагæс æй.
Рацудæй еу мæйи бæрцæ.
Бурхан гъезæмарæ кодта, æхецæн бæрæг бунат нæ ергæй. Æхсæвæй-бонæй хауллий рахауæ-бахауæ кодта сау лæгæтти æма хонхи фæсхъити, æхуæдæг ба, лæг ниууадзæ, фал, æнгъæлдæн, цъеу ратæхун дæр æ рæзти нæ уагъта. Бæлццон лæг рацудайдæ коми, силгоймаг рацудайдæ ескумæ, сабий рауадайдæ гъазунмæ – æгасæй неке раййервазтайдæ Бурхани цæрддзæф сагъадахъи кенæ ба хъæрæймаги фатæй.
Уотемæй æлгъист Бурхан æ маст иста алкæмæй дæр – раст, хæран не ’взаргæй.
Еуæй-еу хатт Бурхан бабæрæг кæнидæ æ мæгур райгурæн къæс; бустæги хъоди ибæл нæ кодта, фал си æхсæвеуат ба некæд кодта, бæрæг ефстагæй æндæр. Уæхæн сахæттæ ибæл искæнидæ, æма æ зæрди бурдæн фæссабурдæр уидæ еуминкъий, ба ’й фæндæуидæ бауолæфун. Æ цъумур миутæ æ зæрди æрæфтуйуиуонцæ, æма уæд æхецæй æфсæрми кæнун райдайидæ… Æ хурфæмæ æригъосгæй, уæд Бурхан ниууадзидæ хонхи лæгæттæ æма къæдзæхбæл байагоридæ æ райгурæн мæгур къæс.
Фал æ арми ба, цит, некæд бафтудæй къæсæри сæрти бампъез кæнун…
-6-
Афонæй хуæздæр дæсни неци ес дуйнебæл лæги царди: æвдадзи хуасæ ‘й афонæ зæрди рист æма зæрди æрхæнтæн. Ци нæ феронх кæндзæнæй афонæ зиндзийнадæй дæр æма æхцæуæндзийнадæй дæр…
Еухатт кæми адтæй, уоми æнафони фудæхсæви, Ирæфи галеу фæрсти билтæбæл фæцæйцудæнцæ дууæ бæхгини. Еу бæхгин ка ’дтæй, е æ бадтмæ гæсгæ, цума бæхбæл бадун æрæги базудта уотæ, уой туххæй æма саргъи уæле æнцад нæ бадтæй, фал ракæнæ-бакæнæ кодта, уæдта, цит, сæпп-сæпп ку ракæнидæ, уæд æхе фæггубур кæнидæ размæ, æ къохтæй ба ниффедар уидæ бæхи барцæбæл. Гæрзтæй, бæхæй, кардæй æма топпæй æ раз неке райстайдæ: æ кæсгон сау нимæтбæл сугъзæрийнæ бид зилдагæй бæзгин æвæрд, æ хъæрæймаг ба сугъзæрийнæ æма æвзести бунæй зингæ дæр нæ кодта, æ бæхи хузæн ба Дигоргоми гъæуама лæг ергæ дæр не ’скодтайдæ.
Цубурдзурдæй, хумæтæги бæлццон бæхгин ке нæ адтæй, е бæрæг адтæй.
Фал дуккаг бæхгин ба кæд дзаумауæй æма бæхæй уотæ рæвдзæ адтæй, уæддæр бæрæг адтæй, æ сабийæй бæхи рагъæй берæ ке нæ фестæг кодта, е.
Дууæ бæхгини, лимæнтæ ниууадзæ, фал зонгæ дæр ке нæ адтæнцæ, е бæрæг адтæй: æмвæрстæ нæ цудæнцæ, фал кæрæдземæй идæрддзæф, топпи æхсти бæрцæ.
Æхсæвæ уотæ мæйдар адтæй, æма лæг æ развæндаг нæ уидта æгириддæр. Арв ку ферттевидæ, уæд бæхгинтæ кæрæдзей рауиниуонцæ…
Идæрддзæф арви нæрун цæун райдæдта.
Саудалингæ мегътæ арв бустæгидæр æрæмбарзтонцæ. Еугай æставд æртæхтæ кæнун райдæдта. Арви нæрун тухгинæй-тухгиндæр æма хæстæгæй-хæстæгдæр кодта. Идардæй райдайидæ нæрун, уæдта, цит, ниггæрах кæнидæ, кæми сау гъæди, кæми бабæй къæдзæхти. Къæдзæх сау фунукæй нинсарæ уидæ коми.
Сахуарун райдæдта.
Арв æма зæнхæ кæрæдзей хуастонцæ. Сирдтæ, мæргътæ сæхе арф бафснайдтонцæ…
Дууæ бæхгини ба уæддæр сæ фæндаг дардтонцæ. Сæ бæхтæбæл финкæй хъоппæгътæ рабадтæй, уæддæр сæхе ба нæ фæсвæд кодтонцæ сахуарунæй.
Раззаг бæхгин æ ампъез фæссабурдæр кодта барæй, цæмæй æй фæстаг бæхгин æрбаййафтайдæ, уотæ. Фæстаг бæхгин æй дзæвгарæ æрбахæстæгутæ кодта, фал уæддæр е ’мварс ба æхе барæй нæ кодта.
– Табуафси, зæгъæ мин раст, хуарз лæг, уæлæ къæдзæхбæл арви æрттивди ци еунæг хæдзарæ фæззиннуй Ирæфи билæбæл е Бурхани хæдзарæ нæй?
Фæстаг бæхгин æ бæхбæл фæстæмæ фæцæйхуæстæй? – А бæлццон силгоймаг æй – дзоруй æхенимæри. Хуцау ди исарази уæд, дæ хъурихаттæй дæ базудтон, æндæра дин дæ фæсонти мæнæ мæ хъæрæймаг ниххуфун кæнунмæ гъавтон… Ходуйнаг æма аллайаг кодтон еугур дзилли астæу «силгоймаг рамардта», зæгъгæ. Дæлуймонтæ цийнæй рамардайуонцæ уæд. Хуцау уæхæн фудæй багъæуай кæнæд æзнаги дæр. Гæрр æма кæми адтæй, кæцæй цæуй, ци хабархæссæг уа, цума? Силгоймаг уогæй, уæхæн гъæздуг арæзт кард, топп, бæх кæми иссирдтайдæ? Уотæ æхе меднимæр тæрхæнттæ кодта фæстаг бæхгин.
– Еци хæдзарæ Бурхани нæй, мæ сауæрфуг лимæн, – загъта фæстаг бæхгин, раззаг бæхгини баййафгæй. Æнæ мæнгæттæй адтæй Бурхани, фал нур ба æдзæрæгæй байзадæй. Бурхан æхуæдæг ба хауллий рахауæ-бахауæ кæнуй зæнхи æскъудти æма хонхи лæгæтти. Кæд аци фудæхсæви Хъазбеги æскъуди бадуй, уæддæр ин ка ци базондзæнæй…
– Æма ка фæнди ку цæра хæдзари, уæддæр, æз уотæ ’нгъæл дæн, æма цæуæггон лæги размæ ауæхæн фудæхсæви æ хæдзари дуар неке рахгæндзæнæй, зæгъгæ.
– Уобæл дзубанди дæр нæййес: бæлццон лæгæн дæр æма бæлццон сауæрфуг силгоймагæн дæр фусун алкедæр ке зæгъдзæнæй – е бæлвурд æй, – æхуæдæг ба æ цæстæ æхемæ æркъуæрдта. – Нæ хуæнхбæсти ци æгъдæуттæ хæтунцæ адæми астæу, Дигори дæр еци æгъдæуттæ хъæбæр цитгин æнцæ. Нур ба бал хуарз байрайæ, саурæсугъд, мæн тагъд цæун гъæуй, – зæгъгæ, загъта бæхгин æма, æ бæх ниццæлхъитæ кæнгæй, кизгæбæл фæййеуварс кодта. Кизгæ бæхгини фæсте кæсгæ байзадæй æма ма ’й еунæг уинд ракодта еу фæззелæни риндзæбæл арви ферттивди…
-7-
Бæхгин Бурхани хæдзари размæ æваст равзурдæй. Бæхбæттæни къохбæл æ бæх бафтудта, æ нимæтæй æ бæх бамбарзта, уотемæй хæдзари дуар байгон кодта.
– Ка дæ, циуавæр дæ? – фæрсуй Бурхан цæуæггони, æхуæдæг ба дæргъæмæ æ ахур куд адтæй, уотемæй цъумур буйнаги гæппæлбæл æхе рауагъта.
– Хеуон дæн, Бурхан, ма тæрсæ – дзоруй иуазæг, æз Гули дæн.
– Æма кæцæй фæдтæ æнафони? Кæми адтæ нури уæнгæ? Куд некæцæйбал зиннис?
– Кæцæй фæдтæн? Кæцæй фæууниау дæн? Æхсæргинæй, æндæр кæцæй… Фал гъуддаг уобæл нæй, мæ хæлар…
– Мадта цæбæл æй?
– Мадта уобæл æй, æма лæгъузи дæргъæмæй ма лæууæ зæнхи, фал уæлæмæ исистæ æма дæхе барæвдзæ кæнæ: нуртæккæ дæмæ силгоймаг иуазæг фæззиндзæнæй, æма ’й естæмæй баиуазæг гъæуй…
– Силгоймаг иуазæг, зæгъис? – æваст топпи фатау фестъæлфгæй, æхсицгон фарст ракодта Бурхан Гулийи.
– Гъо, гъо, æма ди кордзæнæй фусун æма кæрдзини къæбæр…
– Фунтæ дзорис æви де ’цæгæй дзорис? Ци? Куд? Æнафони… силгоймаг… еунæгæй…
Æма цæмæй, кенæ бæ кæмæй фæттарстæ? Сирдæй ин тас нæй, уой туххæй, æма гæрзти хæццæ ’й; лæгæй ба – ци лæг æ къох исæргъувдзæнæй силгоймагмæ? Хъæбæрдæр ба фæндаггонмæ? Кенæ ба, Бурхан, уой нæ зонис, æма фæндаггон силгоймагæн ка батухæ кæна, ка ’й рамара, уомæн мæрдтæмæ над ке нæййес, уой? Фæндаггон-силгоймаг ци лæг рамара, уой дæлуймонтæ, сирдтæ æма адæм листæг пæскъутæ фæккæнунцæ… Фал æз дæр минкъийтæбæл устур бæлахи æфтудтæн: лæги рæуаги ’й марунвæндæ кодтон. Æма сайтан дæр, æнгъæлдæн, нæ ниллæудзæнæй уой гæрзтæмæ æма бæхмæ.
– Æма, зæгъис, æ бæх хуарз бæх æй, Гули?
– Хуцау æма ди зæнхæй, Бурхан, баруагæс уæд, уæртæ мæ саулох уой бæхи фарсмæ мæнæ тикиси бæдолæ куд æй, уомæй дæр мæмæ æвæлгъазæдæр фæккастæй. Уæхæн бæхбæл æнæ фæстæмæ фæккæсгæй раттинæ мæ рахес цæстæ æма мæ галеу къох.
– Уæд гæрзтæй ба куд æй?
– Æвзестæ æма сугъзæрийни бунæй æ кард зæгъæ, æ топп зæгъæ, зингæ дæр нæ кæнунцæ.
Сугъзæрийни бунæй зæгъис?.. Ци æнæзунд дæ, Гули, ци, æз ба дæ минкъий зундгиндæр ку æнгъалдтон, ду ба еугур æнæзунд ку разиндтæ: цъæх кизгæбæл еунæг фат бавгъау кодтай…
– Æнгъæлдæн æма, Бурхан, дæхе кеми нæбал дæ? Ходуйнаг дин нæй, дзæгъæйлаг, уотæ зæгъун? Силгоймаг мин марун кæнис? Уæхæн гъуддаг нæ хуæнхбæсти нури уæнгæ ку некæд æрцудæй. Ходуйнаг æма зайраг кæнун мæхе дзилли астæу. Ду ба мин уотæ зæгъун куд бафæразтай уæд?
– Уæхæн гъуддаг æцæгæй некæд æрцудæй, фал, гиаурти загъдау: «Цадæ ку уа, уæд си сайтæнттæ ба сæхуæдтæ исæвзурдзæнæнцæ». Амал ку уа лæгæн, уæд фæстæмæ нæ фæккæсдзæнæй…
– Банцайæ, Хуцау кæмæн нæййес, кæд ма дæ цæсгони æфсарæ æма лæги тогæй еуминкъий ес, уæд… Æз æма ду кæд абæргутæ ан æма адæмæн фидбилиз, уæддæр дигорæнттæ хуннæн, дзæгъæйлаг, æма дæ уой иронх кæнун нæ гъæуй. Кенæ ба рагæй æносмæ дæр устурдæр тæрегъæдæй неци адтæй – силгоймаг рамарун æма фæндаггон лæги ма байуазæг кæнунæй устурдæр. Еци дууæ тæрегъæди ка бакæна, уомæн мæрдтæмæ над ниууадзæ, фал Елсиратмæ куддæр байампъез кæна, уотæ имæ дæлуймон æ гъунтъуз къах бадардзæнæй, æма, тæрегъæдгун дæлмагурти ахаст бауй… Раст Дзаханамамæ ниххауй… Нæ фидтæлтæ дæр, цит, уотæ зæгъиуонцæ… Цæй, Бурхан, нур уобæл берæ дзорун нæбал гъæуй, фал дæхе барæвдзæ кæнæ: фæндаггон силгоймаги байуазæг кæнун гъæуй, естæмæй æй хуарз фæууинун гъæуй… Æз ба хускъæ согтæ æма цирагъи амал ескæми фæккæнон.
Гули фендæдуар æй.
-8-
-Ци æдули дæ, Гули, ци, – зæгъгæ, загъта Бурхан æхе меднимæр, Гули согтæмæ ку фæййаууон æй, уæд, – биццеу ма ку дæ, æз ба дæ лæг ку æнгъалдтон. Уой ка нæ зонуй, æма лæги кадæ еуæй-еу сугъзæрийнæй ке балхæнуй… Сугъзæрийнæ! Е дин мæ кадæ, мæ цæсгон, ме ’фсарæ. Хуарз бæх, хуарз гъæздуг гæрзтæ! Æллæх, æллæх мæнæ бабæй мæ зæрдæ куд исирадæй сугъзæрийни коймæ… Мæгургори хузæн бабæй ми мæнæ куд коруй тоги аргъ!
Бурхан æ бунатæй æваст фæггæпп кодта æма рагъæнæй æ хъæрæймаг æрæскъафта… Æ сиудонæй æд дор исиста æма ’й æ топпи къембури куд февардта, уотæ ба иссудæй бæхти къахгъæр дуари размæ, уæдта æхсигъæдæй æртæ хатти кадæр дуар арæхстгай æрбахуаста.
Бурхан æ гъостæ фергъувта æма дзоруй:
– Ка дæ е?
– Хуарз лæг, табуафси, фусун мин фæууо аци фудæхсæви… Уарун мæ еугур дзæлвæ никкодта, ехæнæй дæр багузавæ дæн… Мæ бæх дæр хъæбæр бафæллад æй арви æрттивдæй, уæдта уарунæй хъæбæр истентег æй, – зæгъгæ, æндæдуарæй дзоруй бæлццон.
– Мæ хæдзарæ хъæбæр унгæг æй, æма си бунат нæййес, уæлдайдæр ба дæу хузон хауллийæн…
– Дæ мадæ, дæ фиди хатир бакæнæ æма мин фусун фæууо, фæстæмæ мæ ма ’здахæ.
– Нæй, мæ бон дин неци ’й… Дæ фæндаг дарæ дæхецæн.
– Батæрегъæд кæнæ цæуæггонæн, Хуцау æма дин зæнхæ кæд ес, уæд. Амонд æма дин берекет бахæсдзæнæн дæ хæдзарæмæ…
– Мæ бон нæй, зæгъгæ нæ лæдæрис дзурд? Æнæ мастæй дæ фæндаг дарæ дæхецæн, – зæгъгæ, загъта Бурхан зустæй.
Бæхгин Бурхани къæсæрæй æ бæх фæстæмæ раздахта, æхуæдæгка йах – йахæй никкудтæй.
Бурхан æ топп æ усхъæй рафтудта æма, дуари цъасæбæл æ гъос ниввæргæй, нийгъуста бæхи къахгъæрмæ æма фæндаггони кæунмæ.
– Æцæгдзийнадæй силгоймаг ке ’й, е бæрæг æй æ кæунæй, уæдта æ хъурихаттæй дæр, – æхе меднимæр загъта æлгъист Бурхан.
– Цæй, дзебæл нæбал гъæуй нур. Афонæ ’й!.. Æма топпи фатау, æваст æндæдуар фæцæй.
Бурхани хæдзарæмæ еуæрдигæй æндæр иссæуæн некæцæй адтæй. Еци еунæг над дæр адтæй унгæг риндзæ – дууæ бæхгини, цит, ку исцурæвæрæ уиуонцæ, уæд аллах-биллæхтæй кæрæдземæн над раттиуонцæ. Надæй ку фæддæлвазæ адтайсæ, уæдта арф æма унгæг коми де ’стæги хъæзалæ дæр дин некебал иссирдтайдæ. Бурхан еци коми берæ адæмти батонаутæ кодта, æхуæдæг ба æ нивæндти робасти мардау, рансонидæ бунмæ æма, цит, уоми нинсарæ уиуонцæ. Берæ цæстисуг, æлгъиститæ æма Бурхани лæгъуздзийнæдтæ басосæг кодта еци ком Доссани уæйи бонæй фæстæмæ.
Бурхан æндæдуар ку фæцæй, уæд Гулий бæхбæл æхе багæлста æма, бæхгини разæй æхе фæккæнгæй, топпи хæццæ æ размæ бабадтæй комæн æ тæккæ унгæгдæр рауæни, риндзæбæл арæнсæни.
Сахуарун нæ сабур кодта, фал ибæл лæг лæдзæгæн ниххуæстайдæ.
Сугъзæрийни хузæн, арви æрттевагæ цæхгæрмитæ æма дæргъæмитæ хæнхитæ кодта сатæгсау арв; уæд, цит, ферттевидæ, уæд идæрдтæмæ дæр фæззинниуонцæ хуæнхтæ, къæдзæхтæ æма Бурхан æ топпи хæццæ риндзæбæл æнсарæни бадтæй. Идарди, цит, Гурдзи ’рдигæй арв ферттевидæ, уой фæсте ба арви гъæр иссæуидæ, куд хæстæгдæр, уотæ тухгиндæргæнгæ, уæдта æ гæрах фæццæуидæ цæстисуг æма лæгъуздзийнадæй æфсæст коми… Арви гæрахи фæсте зилдæгæй, цит, хуæнхтæ нимбохиуонцæ… Фал Бурхани Хуцауи æлгъист ба æстъæлфгæ нæ, фал æ цæстæ дæр не ’рникъулдта.
Æ бæх æ цуппæртæ æ буни расадзидæ, уотемæй еу къах-дукъахæй силгоймаг цæуæггон æрхæстæг æй Бурханмæ. Бурхан æ топпи цъух бæхгини реубæл февардта æма фæццудæй топпи гъæр… Бурхани топпи сампали æруагъд æма арви æрттивд фæййеу æнцæ… Ку фæррохс æй топпи æхстæй æма арви æрттивдæй, уæд хуæрæ æма æлгъист æнсувæр кæрæдзей рафæсмардтонцæ.
Фал топп æхст æрцудæй, топпи фатæн ма фæстæмæ раздахæн кæми ес…
– Бурхан!.. Ме ’нсувæр… зæгъгæ, фæгъгъæр кодта кизгæ, æхуæдæг ба зæрбатуги мардау, уæлбæхæй æрзилдæй риндзæмæ.
– Доссанæ!.. Мæ хуæрæ!.. – зæгъгæ, загъта Бурхан, цæф арси хузæн нимбохгæй, фал ма ци амал адтæй: изди фат мæгур кизги зæрдæ нæ бавгъау кодта…
– Хуцау ди ма ’сбоз уæд, мæ ходуйнаггæнæг, ме ’намонд æнсувæр! Ци бакодтай, æлгъист Дзумлет? – зæрдунгæгæй, æ уод есгæй дзурдта Доссанæ.
– Æртæ устур тæрегъæди бакодтай, ме ’лгъист æнамонд æнсувæр: ду мæн рауæйæ кодтай турккагæн сугъзæрийнæбæл, фал син надбæл ралигъдтæн. Хуæздæр бæх нæ ниууагътон бæхæргъауи, хуæздæр æма хъазардæр топп нæ ниууагътон сæ топпитæй, уотемæй ралигъдтæн мæ райгурæн хуæнхтæмæ, нæ мæгур къæсмæ. Æз зудтон мæн фæсте хъæбæр ке гъезæмарæ кодтайсæ уой, æма дин гъавтон дæ зæрдæ барохс кæнун, куд ме ’нсувæр, уотæ… Ду ба мæ æзнаги æздахт ракодтай фудæхсæви дæ хæдзари дуарæй… Силгоймагмæ дæ къох исæргъувтай, æма дæ еунæг хуæри рамардтай…
Нæ Дигоргоми, нæ хуæнхбæсти æностæй нури уæнгæ еци æртæ тæрегъæди некема бакодта дæуæй æндæр, æма ди Хуцау ма ’сбоз уæд… Арв æма дæ зæнхи фудæнхæ фæууæд, ме ’лгъист, æнамонд æнсувæр! Дæ развæндаг содзгæй, хауллий хадт фæккæнæ дæ дуйнебæл. Дæ мард дин зæнхæ æхемæ ма райсæд, ду мæн куд ратардтай дæ хæдзарæй, уотæ. Дæ ном ходуйнаг æма аллайагæй байзайæд адæми ’хсæн дуйнебæл æносмæ. Нур ба дин мæ мæлæти размæ мæ фæстаг салам: арв æма дæ зæнхи фудæнхæ фæууæд, æлгъист силгоймаг марæг. Мæрдти дæр æма уæлæбæл дæр мин мæ тæрегъæд фæффедæ, ме ’лгъист æнсувæр!..
Мæгур кизгæ æ дууæ уорс къохи æ реубæл дзиуарæвæрд никкодта, уотемæй æ уод исиста, æ дууæ сау цæсти ба кæсгæ байзадæнцæ е ’нсувæрмæ цæстисугæй идзагæй.
Лæгмар Бурхан нирдеуагæ кодта, фал æ цæститæй ба еунæг цæстисуг дæр не ’рхаудтæй… Минкъий ма ралæудтæй æ хуæри марди сæргъи, уæдта, цæф арси богъ-богъгæнгæ, мæйдар æхсæви къæдзæхти астæу дунд-далагъан фæцæй.
Ку æрбон æй, уæдта Доссани мард надбæл иссирдта Гули æма ’й банигæдта.
Æртæ боней фæсте ба иссирдта Бурхани мард дæр: раст Бурхани хæдзарæ кæми адтæй, уоми рантæстæй еци æнамонд æхсæви æнæбун цъай. Еци æнæбун цъаййи хурфи Гули иссирдта Бурхани мард, ниттуппур уогæй.
– Уæдæй фæстæмæ, – зæгъгæ, ратаурæхъ кæнунцæ Дигоргоми, – тæрегъæдгун, æлгъист Бурхани хораууон хауллий хадт кæнуй Кавкази хуæнхти ходæгæй мæлгæ, æма æскъæруй Дигоргоми Турк æрдæмæ силгоймагæй цагъарæн уæйæ ка ’рцæуй, уони.
Æхсæвæ æнафони фæндаггон лæги размæ дæр хаттæй-хатт фæууй Бурхан, гъæлаходæ кæнгæ, æма ’й басайуй фусуни рæуаги æ цъаййи сæргъæмæ.