21 ноября 2024

ÆРДХУАРДДЗИЙНАДÆ

27.07.2024 | 20:46

Æрдхуарддзийнадæ нæ адæммæ цæйбæрцæбæл бæрзонд цæстиварди адтæй, уой фæдбæл нæмæ нæ фидтæлтæй байзадæй хъæбæр берæ таурæхътæ, уæдта,  царди æцæгæй ка ’рцудæй, уæхæн цаутæ æма хабæрттæ, уой хæццæ ба ма финст æрцудæй сауæнгæ наукон-публицистикон уацтæ дæр. Уонæй берети кой ракæнун бæргæ хуарз уидæ абони, хæлардзийнади Æхсæндуйнеуон бонмæ гæсгæ, фал нин уæхæн равгæ нæ гæнæнтæмæ гæсгæ нæййес, æма уæ уæддæр зонгæ кæнæн зундгонд ахургонд, филологон наукити кандидат Агънати Æхсарæ (гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд…) кæддæр ци æрмæг бацæттæ кодта, уой хæццæ.

Рагæй дæр нæ адæммæ хъæбæр цитгин адтæй æрдхуарддзийнади æгъдау. Биццеу æ лæхъуæни карæмæ ку бахъæртидæ, уæд е ’мгæртти астæу агурдта, æхецæн æрдхуард кæмæй загъдтайдæ, уæхæн адæймаг.

Æхецæн æрдхуард иссерунмæ хъæбæрдæр бæлдтæнцæ æма еци гъуддаг исаразунбæл уæлдай зæрдиагæй архайдтонцæ, æнсувæртæ кæмæн нæ адтæй, уæхæн лæхъуæнтæ. Мадта бийнонтæ сæхуæдтæ дæр сæ еунæг фурти еци гъуддагмæ разæнгард кодтонцæ.

Æма лæхъуæн æхецæн лимæн ку иссеридæ, царди медæгæ ин уодзæнæй зæрдтаг, зæгъгæ, е ку исбæлвурд уидæ, уæд дууæ бийнонти дæр, сæ гæнæнтæ куд амониуонцæ, уомæ гæсгæ искæниуонцæ гъæугувдтитæ. Сæ нæуæг æрдхуардæй сæрустур уиуонцæ айдагъ бийнонтæ нæ, фал æнæгъæнæ муггаг дæр.

Хуæнхаг æгудзæг царди социалон фæззинд æрдхуарди ахедундзийнадæбæл нæ дзордзинан. Уой нæ этногрæфти барæ уадзæн. Зæгъун мæ фæндуй уой, æма еци тухст дзаманти дæр нæ адæм сæ дзурд некæд сайдтонцæ, дзурд ку раттиуонцæ, уæд, цийфæнди зин ку адтайдæ, уæддæр æй æнæмæнгæ æнхæст кодтонцæ лæгигъæдгунæй. Уæхæн фæткæ уæди рæстæгути дессаг некæмæ кастæй, уомæн æма алкæмæндæр лæдæрд адтæй, гъæуама уотæ ке уа, е.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма уæди рæстæгути нæ адæм æрдхуæрдтæ айдагъ сæхе медастæуæй нæ кодтонцæ. Ахид син уидæ æрдхуæрдтæ æндæр кавказаг адæмтæй дæр, фал тæккæ лимæндæр ба адтæнцæ уруссæгти хæццæ.

Берæ историон цаутæ æримисæн æма берæ аллихузон хабæрттæ ракæнæн ес еци æрдхуарддзийнади фæдбæл, сæ еугурей еу уаци ранимайунæн фадуат кæми ес, уомæ гæсгæ ба æрхæсдзинан, уæди рæстæгути кавказаг адæмти цардиуаги фарстатæмæ лæмбунæг ка ’ркастæй æма сæ фæффинста, еци номдзуд ахургæндтæй еуей æвдесæнтæ.

Кавкази тугъди рæстæги уруси æфсади службæ кодта афицерæй немуцаг ахургонд Штедер. Берæ фæцæй Кавкази, адтæй Иристони кæмтти дæр. Ци уидта æма ци игъуста, уони финста æ бонуги. Еци бонуг ниммухур кодта немуцаг æвзагбæл 1781 анзи Лейпциги. Ирон царди æууæлти туххæй си берæ хуарз æрмæг ес. Мах си райсдзинан уæхæн цаутæ.

Æрдхуарддзийнадæбæл æновуд ун нæ кæстæртæн фæдзæхсун æй нæ адæми ахсгиагдæр æгъдæуттæй еу.

Кавкази тугъди рæстæги уруси æфсадæй лигъдæнцæ мæгур æнæбарæ æфсæддонтæ Иристони кæмттæмæ æма римахстонцæ сæхе ами цæрæг адæми хæдзæртти. Штедерæн ихæсгонд адтæй еци лигъд æфсæддонти æрæмбурд кæнун æма сæ фæстæмæ Уæрæсемæ ракæнун. Уомæ гæсгæ Штедер зилдæй кæмтти æма гъæути. Куд финсуй, уотемæй, дан, ирæнттæй неке исгъæр кодта, лигъд уруссаг æфсæддонтæ имæ ке ес, уой. Дессаг, дан, мæмæ е фæккастæй, æма уруссаг æфсæддонтæ ирон хæдзæртти цардæнцæ хе бийнонти хузæн, косун, дан, сæ æгириддæр нæ кодтонцæ. Ракодтонцæ си уæддæр цалдæр æфсæддони. Æма кæмæ адтæнцæ, еци ирон лæгтæ сæ фæдбæл цудæнцæ коми думæгмæ, курдтонцæ, цæмæй сæ афицер ма бафхуæра. Уотæ æновуд адтæнцæ урусбæл.

Æууæндундзийнадæ æма дзурд æнхæст кæнун куд кадгин адтæнцæ мах адæми ’хсæн, уой туххæй зæрдиагæй финсуй Штедер.

– Дигори ку адтæн, уæд гъæди фæдздзæгъæл дæн. Æрталингæ ’й. Еу рауæн пихсити рауидтон цидæр рохс æма мæхе уордæмæ исаразтон. Хæстæг ку бацудтæн, уæд кæсун, æма арти алливарс цидæр лæгтæ бадунцæ нимæтти. Ку мæ рауидтонцæ, уæд фæггæппитæ кодтонцæ. Сæ тохæнгæрзтæмæ фæллæбурдтонцæ, уотемæй цæйбæрцæдæр рæстæг фæллæудтæнцæ.

Æвæдзи, мæн хузæн æнай-æнойти иуазæг сæмæ фæззиндзæнæй, уой æнгъæл нæ адтæнцæ, æма уомæ гæсгæ ба мæ бацудæй фæттарстæнцæ. Æз ку нæбал æзмалдтæн, ку неци дзурдтон, уæд етæ дæр æрсабур æнцæ. Ракæститæ кодтонцæ сæ алливæрсти æма, мæнæй æндæр си ку неке адтæй, уæд мæбæл баууæндтæнцæ, фудгæнæг ке нæ дæн, уобæл. Се ’взаг син хуарз кæми зудтон, фал син куддæртæй балæдæрун кодтон, зæгъун, фæдздзæгъæл дæн æма æнæгъæнæ бон стонг дæн.

Кæбæл исцурæвæрæ дæн, уонæй еу лæг, куд æй балæдæрдтæн, уотемæй сæ хестæр, æ фарсмæ мæ æрбадун кодта, кæстæртæ уайтæккæ фингæ ракодтонцæ æма нин байеудагъ æй дæргъвæтийнæ дзубанди. Мæ фусунтæн сæ гæнæнтæ кæд бустæги цубур адтæнцæ, уæддæр устур ездондзийнадæ равдистонцæ æнæнгъæлæги иуазæги бабоц кæнунæн. Уотемæй ба адтæнцæ абæргутæ. Сæ хестæр адтæй зундгонд дигорон абæрæг Бекба.

Бекба баууæндтæй Штедербæл, дзурд ин равардта балимæн кæнуни фæдбæл. Уой фæсте Бекба æ абæргути хæццæ, æ лимæн Штедери курдиадæмæ гæсгæ, бацудæй уруссаг æфсадмæ службæ кæнунмæ. Æ ихæстæ, дан, хъæбæр хуарз æнхæст кодта еци Бекба, æстауй æй æ финстити Штедер.

Ирон адæм уруси хæццæ лимæнæй ке цардæнцæ, уомæн берæ æвдесæндартæ ес. Радзордзинан ма мæнæ ауæхæн историон цаути фæдбæл. 1774 анзи Иристон байеу æй Уæрæсей хæццæ. Уæрæсей хецауадæ равардта ирон адæмæн хуæнхти цъæстæй будурмæ раледзуни барæ. Хуæнхбæстæй раледзæг адæм будурти аразун райдæдтонцæ сæ гъæутæ уруссаг хуторти кенæ хъазахъаг станицити фарсмæ.

Мæздæг адтæй уруссаг федар æма æ алливарс ирæнттæ исаразтонцæ гъæутæ: Черноярское, Ново-Осетинское, Большое Осетинское, Ос-Богатырь, Бугулов, Хестанов, Джигкаев æма æндæртæ. Уæхæн гъæутæ арæзт æрцудæнцæ æндæр рауæнти дæр. Ами зæгъун гъæуй уой, æма будурмæ раледзæг дзиллитæ райдæдтонцæ сæхецæн лимæнтæ кæнун, ци хъазахъ æма уруси фарсмæ æрцардæнцæ, уони хæццæ.

Еуæй-еуетæ, сæ уруссæг зонгити лимæнтæбæл ке нимадтонцæ, уомæ гæсгæ сæ цæуæтбæл æвардтонцæ уруссаг нæмттæ, уæдта сæ хигъди финстонцæ уруссаг муггагæй. Уотемæй Мæздæги фалдзос рауæнти æрцæрæг дигорæнтти æма ирæнтти æхсæн фæззиндтæй уруссаг муггæгтæ: Иванов, Чернышов, Насонов, Никифоров, Сидоров, уæдта хъазахъаг муггæгтæ: Василенко, Николенко, Сидоренко æма æндæртæ.

Лабæмæ (гъæу Хъæрæсей) ци ирæнттæ фæллигъдæнцæ, уонæй Черчестæ сæхе ниффинстонцæ куд Черкесовтæ, Чехойтæ – Чеховтæ. Разиндзæнæй ма æндæр уруссаг муггæгтæ дæр иристойнаг адæммæ, фал уонæбæл нæбал дзордзинан, уомæн æма е, сæрмагондæй æрдзорун кæбæл гъæуй, уæхæн фарста æй.

Аллихузон адæмихæттити минæвæртти ’хсæн кæрæдземæн æрдхуард зæгъуни æгъдау хъæбæрдæр рапарахат æй Устур Фидибæстон тугъди рæстæги. Иристойнаг тугъдон лæхъуæнтæ, фашистти нихмæ тох кæнгæй, устур таси уогæй, сæхецæн акъоппити æмбæлттæ кодтонцæ сæ æмтохгæнæг æфсæддонтæй, кæцитæ адтæнцæ нæ бæсти адæмти мимнæвæрттæ. Кæрæдземæн ардбахуæрди дзурд дæтгæй, етæ тугъди будури æвдистонцæ кæрæдзебæл æновуддзийнадæ, еумæйаг устур бæгъатæрдзийнадæ.

Æрдхуарддзийнадæ тугъдон фæззинд ке ’й, уомæн берæ æвдесæнтæ ес. Советон ахургонд Э.А. Грантовский финсуй, зæгъгæ, ирон адæммæ æрдхуард кæнуни фæткæ æрхъæрттæй скифти цардæй. Æвæдзи, аци гъуди раст æй.

Скифти истори лæмбунæг ниффинста æ недзаманайнаг бердзенаг историк Геродот. Е куд финсуй, уотемæй скифтæ тугъдон адæм адтæнцæ, соми, дан, кодтонцæ сæ фидтæлти циртитæ æма тохæнгæрзтæй. Бæлвурдæй финсуй скифти æрдхуард кæнуни æгъдаубæл.

Скифтæмæ мах нуриккон адæмæй никки тухгиндæр адтæй æрдхуард кæнуни æгъдау. Уой кой райгъустæй сауæнгæ идард бæститæмæ дæр, таурæхъти æма æмбесæндти хузи æй дзурдтонцæ Бердзенистон æма Роми паддзахæдти галауанти. Рагонбердзенаг финсæг-сатирик Лукиан Сирийаг (сахар Самосантæй рацæуæг) II æноси (нæуæг нимадæй) ниффинста скифти æрдхуард кæнуни æгъдауи фæдбæл сæрмагонд уадзимис «Токсарис или дружба». Уруссаг æвзагмæ тæлмацæй æй ниммухур кодта академик В.В. Латышев. (Кæддæр мах газети дæр мухургонд æрцудæй дигорон æвзагмæ тæлмацгондæй – Ред.). Раст зæгъун гъæуй, Лукиани новелли берæ æримисгæ хабæрттæ ес, фал уæддæр æ бундор ба æцæг æй – уæди фæткитæмæ гæсгæ «варварти» цард æмбесонди хузи æвдистонцæ.

Зундгонд ромаг поэт Публий Овидий Назон хуарз зудта сæрматти, се ’хсæн фæццардæй. Æма е куд финсуй, уотемæй сæрматаг зæронд лæгтæй берæ фегъуста рагон таурæхътæ æма æмбесæндтæ сæрматти цардбæл. Æхе цæститæй син фæууидта сæ цард æма финсуй, зæгъгæ, кæд мæгур варвартæ адтæнцæ, уæддæр сæмæ бæрзонд æвæрд адтæй ездондзийнадæ. Сæрустур адтæнцæ сæ кæнгæ æнсувæртæй, æнхæст кодтонцæ сæ дзурд.

Советон ахургонд А.М. Хазанов куд рартаста, уотемæй скифтæ æма сæрматтæмæ æрдхуардæн адтæй сæрмагонд идауæг, хъæмайæн сæмæ Арес куд адтæй, уотæ.

Æрдхуард арæзт æй дууæ дзурдемæй – ард æма хуæрун-æй. Мевдесæг хуæрун ци амонуй, уой алкедæр хуарз зонуй. Нæ дзурдуати ард æй хецæн дзурдæй дæр, амонуй: клятва, присяга. Нуртæккæ аци дзурд ахиддæр æмбæлуй дзурдбæстити. Зæгъæн: Нарт сæ Уацамонгæй хуардтонцæ ард; ард дин хуæрун аци зæнхæй, соми кæнун бæрзонд цъæх арвæй.

Ард дигоронау игъусуй арт. Профессор Абайти Васо куд зæгъуй, уотемæй ирон æма дигорон дзурди хузтæ рацудæнцæ рагон ирайнаг арта – кенæ – рта-йæй. Арта-йæн рагон ирайнаг æвзæгти фулдæр ахедундзийнадæ адтæй. Еци гъуддаг æвдесунцæ нæ маддæлон æвзаги мæнæ ауæхæн дзурдбæститæ: Хуцауи ард, адæми ард, ард ди бацæуæд, ард дæ баййафæд, ард дæ фæдбæл æфтуд æрцæуæд æма æндæртæ.

Куд уинæн, уотемæй еуæй-еу дзурдбæстити ардæн ес бафауйнаг нисанеуæг. Цæмæн уотæ ’й, е бæрæг нæма ’й.

Скифтæ, сæрматтæ æма алантæ ардæн ке кувтонцæ, е бæрæг æй сæ сахари номæй дæр. Хъирими сахар Феодосий кæддæр алантæ худтонцæ Артабда, нур æй зæгъианæ куд авд арди. Алантæ, æвæдзи, еу ардмæ нæ кувдтонцæ, фал авдемæ.

Рагон ирайнаг адæммæ дзурд ард (дигоронау – арт) кадгин ке адтæй, уой æвдесунцæ, ци адæймæгути нæмттæ сæмæ байзадæй, етæ: Артахшатра, Артафарн, Артабан, Артавазд, Артапат æма æндæртæ.

Берæ зундгонд ахургæндтæ архайдтонцæ дзурд ард (арт) рартасунбæл. Рагон ирайнаг æвзаги æ медес адтæй «священный», авести ба ин ес цидæр уæларвон медес – «благодать».

Ирон æвзаги дзурд ард мевдесæг дзурд хуæруни хæццæ баст цæмæн æй, е зин зæгъæн æй. Уотæ ку фæззæгъунцæ, дæ незтæ дин хуæрун, гъома, цæмæй дæ незтæ фесæфонцæ, зæгъгæ, уæд уой балæдæрун æнгъезуй, фал ард ба куд ес хуæрæн? Еци фарста нерæнгæ дæр ма лæууй ахургæндти размæ.