Æ ЦАРД ИСНИВОНД КОДТА АЙЙЕВАДÆН
Нæ национ хузæкæнуйнади аййевадæмæ устур æвæрæн ка бахаста, уонæй еу адтæй Уæрæсей Федераций æскъуæлхт хузæгæнæг Дзиуати Батраз. Гъулæггагæн, къуар анзей размæ не ‘хсæнæй фæгъгъудæй цардгъæуагæй, фал е хузæкæнуйнади аййевадæмæ ци берæ агъазиау гъæздуг исфæлдистадон бунтæ бахаста, уони хæццæ æ ном дзиллити зæрдити æностæмæ ке цæрдзæнæй, уобæл абони махæй дузæрдуг неке кæнуй.
Батраз, айдагъ зундгонд хузæгæнæг нæ адтæй, фал ма е хайгин фæцæй, ирон лæгмæ цидæриддæр хуарз менеугутæ фæууй – лæгдзийнадæ æма рæстдзийнадæ, æ загъдæн хецау ун, нæ ирон фарнæн зæрдиагæй балæггадæ кæнун – уонæй сæ еугуремæйдæр.
Дзиуати Батраз райгурдæй 1942 анзи Зæронд Санибай гъæуи. Черменигъæуи астæуккаг скъола каст фæцæй 1964 анзи. Уой фæсте федæни устур хузæгæнæг идарддæр ахур кæнунмæ бацудæй Мæскуй полиграфион институтмæ. Профессор А.Д. Гончарови студимæ ке бахаудтæй, уомæй æхе худта уæлдай амондгундæр.
Ахури фæсте Дзиуати Батраз Иристонмæ ку исæздахтæй, уæд æ еугур цард дæр иснивонд кодта аййевадæн. Аллихузон аййевадон равдистити æма конкурсти архайунæй идарддæр е устур æргом раздахта киунугутæн хузтæ кæнунмæ дæр. Уæлдай хуæздæр, зæрдæмæдзæугæдæр адтæнцæ æ хузтæ ирон аргъæуттæ æма таурæхътæмæ гæсгæ. Хузæкæнуйнади æма графики аййевади ин æ куститæ æрагурдтонцæ Уæрæсей культури Министради, Дзæуæгигъæуи æма нæ бæсти алли сахарти аййевадон музейтæ. Батрази куститæ 1972-1989 æнзти æвдист æрцудæнцæ Уæрæсей æма уæди Советон Цæдеси хузæгæнгутæн фæсарæйнаг бæстити Мозамбики, Конгой, Люксембурги, Франций, Канади, Венгрий, Югославий, Индий, Великобританий, Ливий, Чехословакий, Болгарий, Германий, Испаний ци хузти равдиститæ адтæй, уоми.
Батраз фæстаг æнзти е ‘ргом фулдæр раздахта декоративон аййевадæмæ. Æ уадзимисти тематикæ æма жанр адтæй аллихузон: историон хузæ, портрет, пейзаж, натюрморт.
1993 анзи Дзиуи-фуртæн Дзæуæгигъæуи сæрмагондæй равдист арæзт ку ‘рцудæй, уæд ин еци анз исаккаг кодтонцæ Уæрæсей Федераций æскъуæлхт хузæгæнæги кадгин ном.
Зундгонд хузæгæнæг ци сæдæгай уадзимистæ исфæлдиста, уони ‘хсæн уæлдай зингæдæр бунат ахæссунцæ æ конд хузтæ: «Царди бæласæ», «Иристони нана», «Мадæ», «Ацæмæз», «Тиби гъæу», «Мæ сабийдоги бæласæ», Зилахар», «Мадæ æма æ хъæболæ», «Зар», «Изæр Зæрæмæги», «Таурæхъгæнæг» æма æндæртæ.
Батрази алкæддæр сæхемæ æздахтонцæ ирон адæмон аргъæутти, кадæнгити æма таурæхъти мифологион сюжеттæ. Е ‘сфæлдистадæбæл æнæфæззингæ нæ фæцæнцæ европаг мифологион традицитæ дæр, фал Дзиуи-фурти зæрди уæлдай арфдæр бунат ахæстонцæ Нарти кадæнгитæ æма дуйней иннæ адæмти фольклор. Еци-еу рæстæг е ‘ргом хъæбæрдæр раздахта нуриккон тематикæмæ дæр æма абони царди мотивтæмæ гæсгæ ци берæ аллихузон хузтæ исаразун бафтудæй æ къохи, етæ дæр зингæ бунат байахæстонцæ нæ ирон аййевади.
Хузæгæнæг цидæриддæр исфæлдиста, уоми бæлвурдæй зиннунцæ æ ирд искурдиадæ, æ гъæздуг меддуйне æма уодигъæдæ.
Дзиуати Батрази берæвæрсуг исфæлдистадæбæл адæймаг æ цæстæ бæлвурдæй ку рахæсса, уæд имæ æ берæ фудæбæнттæ фæккæсунцæ мæнæ мудибиндзи гъезæмарау. Мудибиндзæ дæр деденæгбæл ку æрбадуй æма ин е ‘рдзон адæ ку балæдæруй, уæд си нæбал æма нæбал фефсæдуй ниуазунæй.
Алли деденæгæн ба фæууй æхе æрдзон адæ, æма уонæй æ мондæгтæ ку исуадзуй, уæд си æрæмбурд кæнуй, зæгъæн кæмæн нæййес, уæхæн дессаги зæрдæскъæфгæ адгин муд.
Уæхæн муд ба адæмæн æвдадзи хуасæ ‘й.
Зин, хъæбæр зин æй, Дзиуати Батрази хузæн – хуæрзаййев æ бакаст, ездон – æ загъд, рæсугъд – æ рацуд, еузагъдæй, æ аууонæй дæр æфсæрми ка кодта, æнæргъудийæй мæ къæхти бунмæ мулдзуг ку фæккæнон, зæгъгæ, уомæй тæрсгæй, алкæддæр аци зæнхæбæл гъавгæй ка цудæй, уæхæн хуæдæфсармæ æма искурдиадæгин хузæгæнæг не ‘хсæнæй цардгъæуагæй ке фæгъгъудæй, е.
Фал ни нифс ес, Батразæн æ кизгæ искурдиадæгин хузæгæнæг, журнал «Ногдзау»-и аййевадон æма техникон редактор Дзиуати Земфирæ æ фиди фарнæ фæккеун ке нæ бауадздзæнæй, æма æ фидæн æ къохи исаразун ци нæ бантæстæй нæ ирон хузæкæнуйнади аййевади, уомæн етæ æ къохи хуарзæй исаразун ке бафтуйдзæнæнцæ.
Æвæдзи, цал æма ма нин цал арфгъудигин уадзимисæй барохс кодтайдæ Батраз нæ зæрдитæ, фал ци загъдæуа хъисмæтæн. Æгæр раги ин фескъудта æ цард, æма уобæл нæ зæрдитæ ресунцæ æма ресунцæ…
Дзиуати Батрази гъæздуг æма берæвæрсуг исфæлдистадæ рахизтæй нæ минкъий Иристони арæнтæй. Хузæгæнæги ном зундгонд иссæй Уæрæсей æма фæсарæйнаг бæстити цæрæг аййевадæуарзгутæй беретæн.
Æнæмæнгæ, гъæздуг, цæстахедгæ, берæкъабазгин æма агъазиау æй Дзиуати Батрази исфæлдистадæ. Е устур бунат ахæссуй нæ адæми культури хæзнадони. Æма Батраз кæд абони не ‘хсæн нæбал æй, уæддæр ин адæм устур зæрдиагæй зонгæ кæнунцæ æ зæрдæмæгъаргæ конд хузти хæццæ, æхцæуæнæй ин æримисунцæ æ ном.
Исфæлдистадон косæг ба фæццæруй уæдмæ, цалинмæ ин адæм æ аййевади хæццæ фæззонгæ кæнунцæ. Уомæ гæсгæ нæ бон зæгъун æй уотæ, æма абони дæр æма федæни фæлтæртæн дæр сæ хæццæ ке цæрдзæнæй Батраз.
– Дзиуати Батрази уадзимисти сæйраг бæгъатæртæ иссæнцæ фæллойнæгæнæг адæм, сæ цийнæ æма зиндзийнæдти хæццæ, е ‘сфæлдистади сæйраг темæ – аллибони цард, æ ихæстæ æма цийнæдзийнади хæццæ. Иристони абони æма евгъуд догæ хузæгæнæгæн алкæддæр адтæнцæ æнæисусгæ исфæлдистадон сауæдонæ, гъæздуг æрмæг. Сувæллонæй æ зæрди байзадæнцæ адæмон таурæхътæ, бæрæгбæнттæ, игъæлдзæг гъæзтитæ, Иристони æрдзи хузтæ æма сæбæл алкæддæр гъуди кодта курухон лæги хузæн, æма ин устур агъаз адтæнцæ е ‘сфæлдистадон кусти.
Дзиуи-фурти исфæлдистадæ æ райдайæнæй фæстæмæ æй арфгъудигин æма царди æцæгдзийнадæбæл дзорæг.
… Мæскуй полиграфион институти Дзиуати Батрази ахургæнæг, профессор Андрей Гончаров ин æ курсон куститæмæ (Хетæгкати Къостай радзурд «Дзæбидырдзуан»-мæ гæсгæ конд хузтæ) ку æркастæй, уæд арф нигъгъудигæнгæй, загъта: «Такие таланты рождаются раз в сто лет!..» Æма æ еци загъд цæйбæрцæбæл раст адтæй, е ба бæлвурд рабæрæг æй, Дзиуати Батраз нæ национ хузæкæнуйнади аййевади хæзнадонæмæ æ уæлиаутæй-уæлиаудæр искурдиадæгин исфæлдистадæй ци агъазиау æвæрæнтæй фæгъгъæздугдæр кодта, уомæй дæр.