26 декабря 2024

«ÆЗ ЗАРДТОН – НÆ АГУРДТОН ХУÆРЗЕУÆГ, ЦИТÆ ÆМА НОМ…»

26.11.2022 | 16:15

Уотæ е ’мдзæвгитæй еуеми финста нæ номдзуд поэт æма публицист Хъодзати Мæхæмæти фурт Æхсарæ. Æма æцæгæйдæр уотæ ке адтæй, е ба ни æргомæй-æргомдæрæй æруагæс кæнуй æ царди хабæрттæй, кæцити бæлвурдæй зиндтæй æ уодиконди кæдзосдзийнадæ, æ  гъудити рæсогдзийнадæ, æ бæлдити сæруæлдзийнадæ, æ фидтæлтиккон уæзæгбæл æма нæ адæми уодварни цæрæццæгти сæрбæлтау æновуддзийнадæ. Зудта ’й: е æнцон нæй.

 

Ис алцыдæр царды:

фыдраконд,

тыхмитæ, гадзрахат, адзал, –

уотæ финста е ’мдзæвгитæй еуеми, фал уæддæр æ уæгæ нæ мардæй, уомæн æма зудта уой дæр:

Ис ноджы ныфс æмæ

хæрзамонд,

æууæнк æмæ ноджы мадзал…

 

Æма ин еци гъуди лæвардта хъаурæ, разæнгард æй кодта… Уомæн ба æвдесæн ан мах нæхуæдтæ – е ’мдогонтæ. Гъулæггагæн, Æхсарæ  абони не ’хсæн нæбал æй, фарæ фæззигон тарбæнтти банæхстæр æй е ’носон дуйнемæ. Æма абони нæ хъонци зинæй æй æнхæст нæма лæдæрæн, фал рæстæгутæ куд евгъуйгæ цæуонцæ, уотæ ’й æргомдæрæй лæдæрдзинан, цæйбæрцæбæл алæмæти дессаги æма нæ дзилли гъæугæ адæймаг нин фæгъгъудæй, цæйбæрцæбæл нин нæ фагæ кæндзæнæй нæ аразуйнаг гъуддæгути, цæйбæрцæбæл ахсгиагæй нæ гъæудзæнæй æ нæртон загъд, æ рæствæндаггæнæн унаффæ…

Æ цардæгасæй æ ихæстæ æнхæстæй-æнхæстдæрæй ке размæ бафиста, нæ еци уарзон Иристон сæрæгас æй æ рæстзæрдæ дзилли фæрци æма ’й етæ, федарæй ни æруагæс кæнуй арфиагæй имисдзæнæнцæ.

Уомæн æвдесæн иссæй, Хъодзати Æхсарæ Дзæуæгигъæуи Коцой-фурти номбæл гъæунги  ци берæуæладзугон хæдзари цардæй, уой фарсбæл ин æрæги номерæн къæйдор æвæрд ке ’рцудæй, еци цитгин мадзал дæр.

Архайдтонцæ си, нæ национ уодварнондзийнадæ æцæгæй зæрдтагон кæмæн æй, æма уой сæрбæлтау хъазауатæй ка тох кодта, сæрбонс нин ка адтæй, нæ еци Æхсари ном цитгийнаг кæмæн æй, еци дзиллæ. Мадзали рæстæг радзубандити райгъустæй берæ зæрдæмæдзæугæ гъудитæ æма зæгъуйнæгтæ.

 

«Ӕ АЙЙЕВ ПОЭЗИЙ ӔРВОН ЗАР НИН УОДЗӔНӔЙ ӔНОСОН…»

Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-й тематикон равдистити редактор Къадзати Станислав æ хестæр æмсес хæлари туххæй загъта:

– Æцæг поэти амонд Хуцауæй лæвæрд фæууй, æма си æнхæстæй хайгин адтæй Хъодзати Æхсарæ. Æ царди алли бони зæрдиаг исфæлдистадон кустæй ауодудта ирон дзурди хуарзæнхæбæл. Лæмбунæг сæбæл косгæй, æма хецæн киунугутæй уагъта национ лирератури классикти, æма Устур Фидибæстон тугъдæй ка нæбал исæздахтæй Иристонмæ, еци æдзард искурдиадæгин фæсевæди исфæлдистадæ. Исаразта ирон поэзий антологи. Афгайнаг æмбесонд амонуй: «Кæд дæ тагъд цæун фæндуй, уæд цо еунæгæй. Кæд дæ идард цæун гъæуй, уæд цо адæми хæццæ». Уотемæй поэт фæххæссуй дууæ уаргъи. Е ’сфæлдистадон æрмадзи гъæуама содза еунæг-еуемæй. Царди ба усхъæй-усхъæмæ гъæуама цæуа æ адæми æмрæнгъæ. Еци ихæс Æхсарæ æнхæст кодта тæккæ бæрзонддæр æмвæзадæбæл. Аргъæутти æфхуæрæги сосæг ном куд базудтонцæ? Тæвдæ цæкутæ нилхъевиуонцæ арми, æма уотемæй рагъæр уидæ æцæгдзийнадæ. Хъодзати Æхсарæн, цума рæстæг æ къохи цæкути бæсти стъалутæ æлхъивта, уотæ кæддæриддæр æ дзурд адтæй рæстдзийнадæбæл. Ами ма мæ æрхæссун фæндуй, поэт æхуæдæг номдзуд ахургонд Абайти Васой туххæй ци уац ниффинста, уомæн æ эпигрæф: «Еу æ тоги мæцуй, иннæ ба, гæнахи хузæн æй æнæсæттон». Некæд кодта  козбау дзубандитæ, æргомæй дзурдта нæ размæцуд нин ци къулумпи кæнуй, еци аййеппитæбæл. Уотемæй, ци уодведар разиндтæй,  цæйбæрцæ сагъæстæ æма рист ниффæразта е нæрæмон зæрдæ. Æ зæрдæ, цирагъи хузæн, сугъдæй нæ маддæлон æвзаги æностæмæ цæрайæн. Ниууолæфтæй си æ зæрийнæ зæрдирай, æма нæмæ нæ абони дæр æма нæ исонибони дæр æ уодрохсдзийнаи фæрци игъусдзæнæй æ аййев поэзий æрвон зар…

«Ӕ ПАРАХАТ ЗӔРДИ АЛКӔМӔН ДӔР АДТӔЙ АККАГ БУНАТ…»

Уæрæсей финсгути Цæдеси правлений секретарь, литературон аййевадон æма æхсæнадон-политикон журнал «Ирæф»-и сæйраг редактор Скъодтати Эльбрус, номерæн мадзали рæстæг æ радзубандий уотæ баханхæ кодта:

– Æхсарæ  æцæг поэт ке адтæй, е, фиццаги-фиццагидæр, уомæй бæрæг æй, æма е ’сфæлдистадæ æма е ’хсæнадон архайдæй уарзон адтæй адæмæн. Ауодудта исфæлдистадон фæлтæрбæл. Зудта  искурдиадæн аргъ æма кадæ кæнун. Е нæ дех кодта нæ адæми ирæнттæ æма дигорæнттæбæл, хонсайрæгтæбæл æма цæгаттæгтæбæл. Æ парахат зæрди алкæмæн дæр адтæй аккаг бунат. Журнал «Ирæф»-и редакци ин æрмæг ниффинсун ку бабарæ кæнидæ, уæд нин нæ фæндæбæл цæхгæрмæ дзурд некæд загъта. Е ’мдзæвгитæ æма публицистикон æрмæгутæ ин мухур кодтан разæнгардæй.

Хъодзати Æхсарæ журнал «Мах дуг»-и сæйраг редактор ци берæ рæстæг фæцæй, уой дæргъци æ еузæрдиуондæр æмгустгæнгутæй иссæй зундгонд поэт æма тæлмацгæнæг Мамукъати Хъазбег дæр. Æ хестæрдзийнадæ æма курухондзийнадæ Хъазбегмæ хъæбæр бæрзонд цæстиварди адтæнцæ, æма нерæнгæ дæр æнцæ, æ цæстуарзон зундамонæгбæл æй нимадта æма ’й нимайуй. Уой Хъазбег (абони æй киунугæуадзæн «Ир»-и редактор)  ирдæй равдиста, æ рæстæги  Æхсари туххæй ци цалдæр æмдзæвги ниффинста, уонæми дæр. Уонæн сæ еуей бакастæй номерæн мадзали рæстæг дæр.

ХЪОДЗАТЫ ÆХСАРЫ МИДМОНОЛОГ

Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..

Къоста

Мæ фыдæлтæ, æхстуадæй уæм

æрцыдтæн,

Ныббарут мын – мæ фæдтыл судзы арт…

Хъæуы мæ здæхын – Иры дзыхъхъ, мæ ард,

Кæны æвдæлон йе стыр кад, йæ цытæй…

Æрцыдтæн уæм – уæ уаз фæнд мын

зæгъут, –

Куы сæфы не ’гъдау, не ’фсарм æмæ

не ’взаг!..

Куы басгуыхтыстæм не стыр фарнæн йе

 знаг,

Кæрдæныл – оххай! – баивтам нæ худ?!.

Æрцыдтæн уæм уæлдунейæ лæгдыхæй, –

Зынггур, ныфсгур, æхсаргурæй хæтын

Æмæ уæ курын фат æмæ æрдын –

Æхсары фат, ныфсы æрдын, зынджы хай!

Ныббарут мын, æркодтон уæм æхстуад,

Фæлæ… фæлæ мæм Ир фæдисмæ дзуры,

Фæлæ… фæлæ мæ ныфс, лæгдзинад куры

Ирон æвзаг – мæ зынджы хай, мæ арт!..

Сæрмагондæй ба ма уой туххæй дæр зæгъун гъæуй, æма Хъодзати Æхсарæн номерæн къæйдор æхе хъæппæресæй исаразта искурдиадæгин скульптор Хайти Ибрагим. Уæхæн хуæрзæгъдаудзийнадæ ба хумæтæги нæ бавдиста: æ бийнонтæ – æ фидæ, номдзуд скульптор Хайти Владимир æма æ мадæ – номдзуд зартæгæнæг Билаонти Долорес – берæ æнзти дæргъи аци хæдзари хуæрзсинхонæй фæццардæнцæ Хъодзати бийнонти хæццæ. Æма зæгъун æнгъезуй: дууæ бийнонтей æхсæн алæмæти хæларзæрдæдзийнади уавæрти гъомбæл кодта Ибрагим. Æхсарæ ин уотид уарзон синхон нæ адтæй, фал курухон æма цитгийнаг хестæр. Æма æ боздзийнадæ Хайти лæхъуæн равдиста аци мемориалон къæйдор ин исфæлдесгæй. Æ еци  хуарздзийнади фæдбæл ин зæрдиагæй арфæ кæнæн…

Мемориалон къæйдор игон ба бакодта Æхсарæн æ бæдоли бæдолæ Коцойти Арсен…

 

«ӔМА НӔМӔ ХУӔЗДӔР ЗУНД КУД ӔРЦӔУА…»

Хъодзати Æхсарæн номерæн къæйдор игонгонд ке ’рцудæй, уой фæдбæл мадзали рæстæг берети зæрдитæбæл, æвæдзи, æрбалæудтайуонцæ, кæддæр ке ниффинста, еци рæнгъитæ:

Сирвæзт ирон зарæг, арвмæ фæцæуы,

Сирвæзт изæрдарты. Уаз къохы уазæй.

Бархи бæлæстимæ ’рзади бæласæй…

Амæй хуыздæр амонд уды нæ хъæуы.

Гъо, алæмæти арфиаг гъуддаг æй, нæ номдзуд поэт, публицист, æхсæнадон архайæг Хъодзати Мæхæмæти фурт Æхсарæн æ рохс ном æносонгонд ке ’рцудæй мемориалон къæйдорæй. Фал уомæй агъазиаудæр ба е уодзæнæй, æма нæ дзиллæ ин сæ зæрдитæмæ ку есиуонцæ æ курухон фæдзæхститæ, уонæмæ гæсгæ ку ауодиуонцæ нæ фидиуæзæгбæл, æ исонибонбæл. Еци фæдзæхститæй уин уæ зæрдæбæл æрлæууун кæндзинан еу. Кæд æй нæ нури æноси тæккæ райдайæни ниффинста, уæддæр æ уæдиккон гъудитæ ку бакæсайтæ, уæд нæ хæццæ исарази уодзинайтæ, нæ нури дзамани дæр ахсгиаг æма расагъæс кæнуни аккаг ке ’нцæ, уомæй…

Алли хæдзардзин лæг дæр фæззæги æ фæллæнттæ ку æрæфснайуй, уæд бахинцуй: цæйбæрцæ бæркадæ имæ æрæвзурдæй æ бакустæй, ци гъæуагитæ ма æййафуй, ци исаразун ма ’й гъæуй исонибонмæ. Никки ма ракæсуй æ синхæгтæмæ (адæм кæрæдзей фæрци цæрунцæ) – ци бафтудæй кенæ ци нæ бафтудæй уонæн ба сæ къохи, цæмæй сæ ес бафæнзæн, цæмæй син æй æхуæдæг бафæнзуйнаг?

Мах дæр гъæуама уæхæн хæдзардзин лæги хузæн æркастайанæ, кæд дууæ мин анзей дæргъи нæ, уæдта уæддæр инсæйæймаг æноси ци исаразтан, ци нин бантæстæй, цæмæйти ан цох, уонæмæ. Гъæуама равзурстайанæ нæ уоди, нæ зунди, нæ къохти, нæ гъомуси фæллæнттæ (уæлдæр ке кой кодтон, етæ айдагъдæр сæ еу хай æнцæ), бабийнонуг сæ кодтайанæ æма сæ уотæ æвзæрстæй равдистайанæ нæхе æма æндæриккон адæмтæмæ, цæмæй къæндзæстуг æма къагъдилæуд ма уæн.

Мах уой нæ бакодтан. Хуарзæй нæмæ ци адтæй, уомæн аккаг аргъ искæнун нæ бафæразтан. Лæгъузæй нæмæ ци адтæй, уобæл лæгъузи игакæ нæ исæвардтан. Не ’взаг багъæуай кæнунæн неци исаразтан, нæ киунугæ – æвæгæс, æнæфæххуæцæг, не ’гъдæуттæ фудæгъдæуттæй баййивтан, хестæр, кæстæр нин нæбал ес, кæстæр-ахидбæл нæбал косæн, æма нæ муггаг исæфуй, никки ма кæрæдзей цæгъдæн, зудæ æма нæбæл кæрæфдзийнадæ бафтудæй. «Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…» Фондзинсæй анземæй фулдæрей размæ куд загъта Къоста, уомæй абони никки фуддæр уавæри ан. Куддæртæй æртулдан XX æноси кæронмæ. Лæууæн нæуæг æноси къæсæрбæл. Нæ еуетæ сæ фурхъалæй (давæггаг мулкæй!) Хуцауи сæ фæстаг къæхтæй цæвунцæ, нæ иннетæ ба – уæнгсаст æма сæргубур.

Нæ Исфæлдесæг нин еци амонд раттæд æма нæмæ æртиккаг минанзони хуæздæр зунд куд æрцæуа!.. Хъодзати Æхсари аци фæдзæхстмæ гæсгæ бафæрсун æнгъезуй: «Цума ’й фегъосдзинан?..»

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта

БИЧИЛТИ Алетæ