30 декабря 2024

ЦӔРУНЦӔ ӔМА ИРӔЗУНЦӔ ЕУМӔЙАГӔЙ!..

30.09.2022 | 11:47

Адæмон исфæлдистадæ æма аййев литературæ – хуæрзуагон æмдзæуинтæ

ХЪАЗБЕГТИ Хъазбег (1912-1966), финсæг, литературæртасæг

Ирон драматургий бундорæвæрæг Бритъиати Елбиздихъой исфæлдистадæ дæр баст æй ирон фольклори хæццæ. Елбиздихъо хуарз лæдæрдтæй адæмон исфæлдистади арф æнкъарæнтæ, дæсни аййевадон мадзæлттæ æма гъæздуг æвзаг.

Æ фиццаг драмон уадзимистæй еу адтæй «Маймули рухсаг– æгас цæуæд ирон театр». Курттати коми цæрæг адæмæн сæ устурдæр бæрæгбонтæй еу адтæй Дзивгъиси дзиуари бон. Уæд еугур коми цæргутæ дæр æрæмбурд уиуонцæ сæ ковæндонæмæ æма уоми адтæнцæ æртæ боней дæргъи. Цæмæй æнкъард ма кодтайуонцæ, уой туххæй цалдæр адæймаги сæ кæрцитæ фæххатиуонцæ усхъуммæ, сæхецæй исаразиуонцæ маймулитæ æма алли ходæги миутæй игъæлдзæг кодтонцæ кувди адæми. Аци бæрæгбони æгъдаумæ гæсгæ финст æрцудæй Бритъиати Елбиздихъой еуактон пьесæ, æцæг Елбиздихъомæ маймули къуæттийæй нæ байзадæй, фал исдзурдта æма адæмæн балæдæрун кодта æ гъудитæ, фæдздзурдта сæмæ размæ, рохсмæ.

Елбиздихъо хуарз зудта Даредзанти эпос дæр æма кадæнгæ «Амыран æмæ цуанон»-мæ гæсгæ ниффинста е ’ртæактон трагеди «Амыран». Е æй Прометейи сорæт æма тох кодта фæллойнæгæнæг адæми цагъаргæнгути нихмæ, хуцæуттæ æма арвнæрунгæнæги нихмæ, архайдта фæллойнæгæнгути цард исрохс æма исамондгун кæнунбæл.

Елбиздихъойæн е ’ннæ уадзимистæ дæр – «Цад» æма æндæртæ – баст æнцæ ирон адæмон исфæлдистади хæццæ.

Каджати Вадими конд хузæ «Бæгъатæр æма е ’нсувæртæ».

Иннæ ирон драматург Кочисати Розæ дæр æ уадзимисти исфæлдистадон æгъдауæй испайда кодта ирон адæми фольклорæй. Ес уæхæн ирон таурæхъ: Цардæй дууæ æрдхуарди æма дууæ дæр уарзтонцæ еу кизги, фал æй сæ кæрæдземæн нæ гъæр кодтонцæ. Фæстагмæ кизгæ аразий дзуапп равардта сæ еуемæн. Уой иннæ ку базудта, уæд е ’мбали цауæни рахудта. Берæ фæззилдæнцæ тар гъæди, æхсæвæ фезонгутæ фæккодтонцæ, уæдта сæумæй, кизгæ кæмæн исарази ’й, е рафунæй æй, æма ’й иннæ топпæй багæрах кодта. Цæф ма ракастæй. Раст еци афони хори цæстæ дæр ферттивта, æма ма биццеуи бон бацæй еу загъд искæнун: «Хор ме ’вдесæн, зæнхæ мæ тогесæг!»

Кизгæ анз сау ку фæддардта, уæд æй ракурдта гадзирахаттæй рацæуæг къайæмбалæн. Фæстагмæ рабæрæг æй сосæгдзийнадæ æма уосæ æ лæги рамардта, райста æ уарзони тог.

Аци сюжет æвæрд æрцудæй Кочисати Рози драмон уадзимис «Хур ме ’вдисæн – зæхх мæ тугисæг»-и.

Ирон хуæдахур финсæг Гæдиати Секъа æ сувæллони бонтæй фæстæмæ дæр берæ уарзта аргъæуттæ, таурæхътæ, кадæнгитæ, æмбесæндтæ æма зартæмæ игъосун, æма æ зæрæдæбæл бадардта уони арф гъудитæ. Секъа ку исгъомбæл æй, финсун ку райдæдта, уæд æ радзурдтæн сæ сюжеттæ иста адæмон таурæхътæй (зæгъæн, «Азау», «Арагуи Ерыстау æлдар Нугзар», «Саударæг ус», «Куырттатаг гæды лæг» æмæ æндæртæ). Аци уадзимистæн адæмон таурæхъти хузæн, сæ сæйраг архайгутæ ’нцæ тухгин, нифсхаст æма цардбæллон, тох кæнунцæ фæстезад рагон æгъдæутти нихмæ, царди агорунцæ, рæстдзийнадæ æма уой сæрбæлтау тундзунцæ размæ.

Гæдиати Секъайæн æ басняти æма æ фулдæр æмдзæвгити сюжеттæ дæр ист æнцæ адæмон æмбесæндтæй. Ирон легендарон бæгъатæр Тлаттати Черменбæл адæм искодтонцæ тохи зар, æлдæртти нихмæ ке тох кодта, мæгур адæми сæрбæл ке дзурдта, уой туххæй.

Секъа еци зарбæл бакуста исфæлдистадон æгъдауæй æма си рауадæй арфгъудигин æма хуæрзаййев æмдзæвгæ. Аци æмдзæвгæ фæллойнæгæнæг адæми ’хсæн уайтæккæ фæххæлеу æй æма иссæй адæмон зари хузæн.

Секъа е ’сфæлдистади ирон фольклорон æрмæгæй айдагъ сюжетон æма тематикон æгъдауæй нæ пайда кодта, фал ма æвзаги гъæздугдзийнадæ æма аййевадон мадзæлттæй дæр, эпитеттæй, – барæнтæй, метафоритæй.

Гæдиати Цомахъ дæр рацудæй æ фиди надбæл. Адæмон таурæхътæмæ гæсгæ Цомахъ ниффинста æ драмæ «Ос-Бæгъатæр». Е æй æ зингæдæр уадзимистæй еу.

Драми сæйраг архайгутæ ’нцæ фæллойнæгæнæг адæми зундирахастбæл хуæцæг, тох кæнунцæ уони сæрбæл. Кæд Ос-Бæгъатæр паддзахи хузи æвдист цæуй, уæддæр æй адæмон бæгъатæр, æ еугур менеугутæмæ гæсгæ дæр. Фольклори хæццæ баст æнцæ Цомахъæн æ иннæ уадзимистæ дæр, зæгъæн, «Дыууæ дидинæджы», «Хæлуарæг æмæ мыдыбындз». Цомахъ æ финстити хъæбæр арæхстгинæй пайда кæнуй адæмон æмбесæндтæ æма æвзаги хуарæнтæй.

Зингæ дигорон поэт Малити Геуæргий исфæлдистадæ дæр æнгом баст æй адæмон исфæлдистади хæццæ. Æ хъаурæгиндæр уадзимистæ сюжетон æгъдауæй ист æнцæ фольклорæй. Поэти кадæнгити сæйрагдæр архайгутæмæ ес адæмон исфæлдистади бæгъатæрти пафос æма æскъуæлхтдзийнадæ, сæребарæдзийнадæбæл тохи гъуддаги. Уæхæн уадзимистæ æнцæ «Темур-Алсахъ», «Мæгур гъонгæси фурт Мæхæмæт», «Уæхатæги фурт», «Нарти симд», «Дзуле», «Дзандзирахъ».

Нæ адæми ’хсæн зундгонд æй «Дзандзирахъи зар». Е уотæ райдайуй:

Ой, кæрдзинæй хъал æма донæй орс

 сау Къаматæ!

Ой, Дзандзирахъи рæсугъд уин ци

фæцæй?

Къаматæ Стъонамæ ку ’рамбурд унцæ,

Оми унаффитæ кæнун ку байдайунцæ,

Æдта ци уодзæнæй, æдта куд уодзæнæй,

Дзандзирахъ рæсугъд нин ци фæцæй?..

Малити Геуæргий кадæнгæ ба райдайуй уотæ:

Æрæмбурд æнцæ абони

Æвдæймаг сабат Къаматæ,

Ку æрбадунцæ тæрхони

Æд лæдзгутæ, æд хъæматæ…

Тумугъ бадгæнгæ, хестæртæ

Даргъ хæссунцæ сæ унаффæ.

Сах истунцæ и кæстæртæ, –

Игъосунцæ æд гузавæ.

Идарддæр зар æма кадæнги сюжет арæзт æнцæ æмхузон. Исбæлвурд æй, Хъамболати кæнгæ æнсувæр, Дзандзирахъи къохбæлхуæцæг, Къундзай-фурт Артуд Хъамболатæн мæнгæттæ дзубандитæ ке фæккодта, цæмæй æ уоси рауагътайдæ æма ’й Артуд æхецæн æрхудтайдæ. Хъамболат уотæ нæ бакодта, фал Дзандзирахъи рамардта æхсæвигон хъæмайæй æмæ ’й айнæгæй донмæ ниггæлста…

Берæ æмхузондзийнадæ ес Малити Геуæргий уруссаг æвзагбæл финст кадæнгæ «Нарти симд» æма нарти эпосæй «Батраз уосæ куд ракурдта», уони ’хсæн.

Нæ адæми фольклори хæццæ федар уедæгтæй баст æй Барахъти Гиной исфæлдистадæ дæр. Гино хуарз зудта нæ адæми исфæлдистадæ: нарти, Даредзанти кадæнгитæ, аргъæуттæ, легендитæ, зартæ æма æмбесæндтæ. Уонæн финсæг е ’сфæлдистади пайда кодта сæ хуæздæр менеугутæй: кадæнгити сæйраг архайгути бæгъатæрдзийнадæ, сæ хъаурæ тухгæнгути нихмæ, сæ бæллецтæ хуæздæр цардмæ. Æхе ахур кодта фольклори рæсугъд æвзагбæл, пайда си кодта сюжетон æгъдауæй, иста си аййевадон мадзæлттæ, эпитеттæ, метафоритæ, барæнтæ.

Гинойæн æ хуæздæр уадзимистæ баст æнцæ ирон адæми фольклори хæццæ, зæгъæн, æ кадæнгитæ æма æмдзæвгитæ: «Азджериты Куыцыкк», «Уæлладжыры кадæг» (аци дууæ кадæнги сюжетон æгъдауæй хæстæг æнцæ Нигери кадæнгæ «Æмзораты Æмзор æмæ Дзылаты рæсугъд»-мæ, «Чермен», радзурдтæ «Бæсты рæсугъд» æма «Тауче».

Тлатти Хох кæд берæ литературон бунтæ нæ ниууагъта, уæддæр бæрæг æй, е дæр адæмон исфæлдистади хæццæ баст ке адтæй, е. Ирон фольклори ес еу уæхæн таурæхъ: Цардæй денгизи билæбæл, федари, рæсугъд силгоймаг. Уомæ корунмæ цудæнцæ аллихузи адæм – афицертæ, адвакаттæ, къупецтæ, инæлартæ, тæрхонилæгтæ. Фал некæмæ кумдта, алкæбæл дæр си æвардта фаутæ. Фæстагмæ имæ денгизи æрбанакæ кодта бæлæгъи хумæтæг лæг, цагъари ка адтæй æма æхе фæллойнæй ка цардæй, уæхæн. Айдагъдæр гъе уомæн загъта, комун дæмæ, зæгъгæ. Аци таурæхъмæ гæсгæ Тлатти Хох ниффинста радзурд «Кæмæ æнхъæлмæ кастис нæртон рæсугъд».

Финсæг-революционер Багъæрати Созур æ сабийбонтæй фæстæмæ уарзта аргъæуттæ æма зартæмæ игъосун, æ зæрдæбæл бадардта адæмон æмбесæндтæ æма фæстагмæ сæ тæвагæ фæззиндтæй е ’сфæлдистадæбæл.

Ес уæхæн адæмон таурæхъ. Уазай хонхи бæрзондбæл цардæнцæ лæг æма уосæ. Лæг хундтæй Уаза (уомæ гæсгæ ’й хонунцæ Уазай хонх дæр. Сæ мæсугæн æ бунат нур дæр ма бæрæг æй). Уазайæн биццеу райгурдæй, æхуæдæг ба рамардæй. Биццеу ку рагъомбæл æй, уæд бауарзта Хори кизгæ Хорчески. Кизги фæдбæл зелгæй, лæхъуæн фестадæй бонвæрнон. Мадæ имæ сæдæ анзей дæргъи æнгъæлмæ кастæй æма фæстагмæ æ фурзæрондæй æртхотуг фестадæй. Аци таурæхъмæ гæсгæ Созур ниффинста е ’мдзæвгæ «Бонвæрнони мадæ».

Иннæ таурæхъ ба уæхæн æй: Нартæ исфæндæ кодтонцæ сæ лæгъузти ниццæгъдун æма сæ хъæматæ циргъ кæнун райдæдтонцæ. Кæсунцæ æма дин Сирдон дæр æ кард циргъ кæнуй. Рафарстонцæ ’й, ци миуæ кæнис, зæгъгæ. Е тузмæгæй загъта: «Нæ лæгъузти цæгъдæн!..» Уæд нæртон лæг бахудтæй æма загъта: «Мадта нæмæ дæуæй лæгъуздæр нæййес, æма ма уæд ке цæгъдæн?»

Аци таурæхъмæ гæсгæ Созур ниффинста е ’мдзæвгæ «Нарти фæндæ». Гуйманмæ гæсгæ, финст æй е ’мдзæвгæ «Дууæ æртхуарди» дæр. Уомæй уæлдай Созури æмдзæвгити ес берæ адæмон æмбесæндтæ: «Къуæтти, къуæтти къуæзæнæг, царди комбæл дæ зæнæг», «Куресбæл зинг фæццæфстæй. Къæлмæг ходуй æ гъæбесæй», «Хæфсау мæ хъур донæйдзаг»…

Ирон фольклорæн устур аргъ кодта искурдиадæгин советон поэт æма литературовед Нигер. Уомæн дæр æ сувæллони бонтæй фæстæмæ æ зæрди байзадæнцæ адæмон исфæлдистади бæгъатæрти сорæттæ, сюжеттæ, аййевадон мадзæлттæ æма æвзаги гъæздугдзийнадæ.

Нигер берæ æновуд фæллойнæ бакодта ирон фольклор æмбурд кæнуни æма наукон æгъдауæй исахур кæнунбæл. Берæ бакуста Нарти кадæнгитæ хецæн киунугæй рауадзунбæл.

КЪУБАЛТИ Александри поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ». Хонсар Иристони драмон театри спектакль «Æфхæрдты Хæсанæ». Хæсани мади роли ТАДТАТИ Фатимæ, Хæсани роли – КУМÆРИТТАТИ Батраз.

«Зæнхи цъарæбæл цæрæг адæмтæмæ ес номдзуд эпостæ, – финста Нигер. – Уонæн ес еугурдуйнеуон ахедундзийнадæ. Уæхæнттæ ’нцæ уруссаг адæммæ – «Ныхас Игоры полчъы тыххæй», немуцæгтæмæ – «Зарæг нибелунгтыл», французæгтæмæ – «Зарæг Роландыл», «Зарæг Гаеватыл», финнтæмæ – «Калевала», хъумухъмæ – «Джангор», сомехмæ – «Давид Сосунци» æма æндæртæ. Уони æмрæнгъæ лæуунцæ Нарти кадæнгитæ дæр».

Ирон фольклор Нигери исфæлдистадæбæл дзæвгарæ фæббæрæг æй, хъæбæрдæр зиннуй æ кадæнгитæбæл: «Уæхæтæжы фырт чысыл Гуйман», «Бадилон симд», «Сатай-Хан», «Æмзораты чысыл Æмзор æма Дзылаты рæсугъд», «Дууæ сыхаджы æма дууæ зæрватыччы», «Æндæр Хъуыбады». Аци кадæнгитæн сæ сюжеттæ ист æнцæ ирон фольклорæй.

Нигери хæццæ Нарти кадæнгитæ систематизаци кæнунбæл, уонæн комментаритæ исаразун æма рауадзунбæл берæ бакуста зингæ финсæг æма наукон косæг Епхити Тæтæри дæр. Еумæ адæмон аргъаумæ гæсгæ ниффинстонцæ наукон комеди дæр «Æлдары фырттæ æма мæгуыр лæг», зæгъгæ.

Дæсни финсæг Бегизати Чермени исфæлдистадæбæл дæр фæззиндтæй адæмон таурæхъти тæвагæ. Е хъæбæрдæр бæрæг кæнуй сюжетон æгъдауæй дæр æма æвзаги гъæздугдзийнадæй дæр æ киунуги «Мæсгуытæ дзурынц». Аци киунуги иссердзинайтæ уадзимистæ Кодзурти муггаги туххæй, Слонатæ æма Фæрниати, Уанели туххæй, зæнхити æма æндæр таурæхътæ, недзаманон зæронд мæсугтæ сæ зæрдæбæл ке дарунцæ, уæхæнттæ.

Уойбæрцæ таурæхътæ мæсугти номæй нæуæг доги фæсевæдæн фæдздзурдта, цæстæй хуарз ка нæбал уидта, финсун ка нæ зудта, еци Баймат. Таурæхътæ ку фæцæнцæ, уæд син сæ ниффинсæг искодта ауæхæн кæрон: «Бадунцæ фæсевæд, æнæдзоргæй, цæститæ еуæрдæмæ арæзтæй, цума рагон царди нивтæ сæ рази кинонивæбæл истæй кæттагбæл уайунцæ»… Æма æцæгæйдæр евгъуд царди уæззау нивтæ берæ агъаз кæнунцæ фæсевæдæн нæ абони амондгун цард арфдæр æма хуæздæр балæдæрунæн…

Нæ адæмон зартæ берæ уарзта финсæг Хъулати Созурухъо дæр æма сæмæ æвналдта арæхстгай, исфæлдистадон æгъдауæй, гъæуай син кодта сæ гъæздуг æвзаг æма сæ дæсни композицион арæзт. Уомæн æвдесæн æнцæ, зартæмæ гæсгæ ци дууæ кадæнги ниффинста, етæ. Æркæсæн сæмæ: «Тотырадзы зарæг» (адæмон) райдайуй уотæ:

Гъей, æма уæртæ хæхбæстæй

иу мæгуыр лæг,

Ой, зæронд лæг Берозты

Тотырадз рарасти.

Йæ сабиты йæ дзæкъулы ку нывæрдта,

Афтæмæй кустагур куы рацæуы,

уæдæ…

Хъулати Созурухъо ба æ уадзимиси уотæ финсуй:

Æгуыдзæг ком – Джимара, –

Гæмæх ысты йæ къултæ…

Мæгуыр хæххон зæронд лæг

Берозы-фырт Тотырадз

Йæ сабиты нывæрдта

Ыссад хæссæн дзæкъулты,

Йæ комбæсты фыд цардæй

Уæд цардагур фæцæуы…

Берæ бакуста нарти кадæнгитæ систематизаци кæнун æма уони хецæн киунугæй мухури рауадзунбæл финсæг Бритъиати Созурухъо дæр.

Советон фæскомцæдесон искурдиадæгин поэт Хъамбердиати Мисост дæр, æ фидæ Бимболат куд загъта, уотемæй, берæ уарзта кадæнгитæ æма таурæхътæмæ игъосун æма е фæззиндтæй æ уадзимистæбæл дæр, зæгъæн, æ кадæнгæ «Дууæсæрон»-бæл.

Ирон советон драматург Туати Дауити исфæлдистадæ дæр бундоронæй баст æй ирон адæми фольклори хæццæ. Уордигæй ист æнцæ сюжетон æгъдауæй æ пьеситæ: «Хистхортæ», «Аргъау», «Пæсæйы фæндон» æма æндæртæ.

Уотæ поэт Плити Грис дæр æ зингæдæр уадзимисти сюжеттæ райста ирон фольклорæй, зæгъæн, Грисæн æ трагеди «Чермен», кенæ «Иунæджы кадæг» дæр.

Нæ доги поэттæй æма финсгутæй ефстæгтæй уæлдай нæййес, ирон фольклори хæццæ баст кæмæн нæй е ’сфæлдистадæ, зæгъæн, Мамсурати Дæбейи драмон уадзимистæ: «Фæтæг – Бæгъатыр», «Бæтæйы фырттæ» æма æндæртæ. Плити Харитони тæккæ зингæдæр уадзимис «Уæлахизы кадæг», Бесати Тазей кадæнгæ «Кизгайти Кизгай», æ легендитæ, Боцити Барони финст «Домбай æмæ цуанон», Гулути Андрейи кадæнгæ «Бечыр», Дарчити Дауити кадæнгитæ «Сафирæт», «Гæмæт», Цæгæрати Максими аргъау-таурæхъ «Ацырухс», Хозити Якови æмдзæвгæ «Хæснаг» æма уотæ идарддæр.

Литератури æмрæнгъæ советон доги ирæзуй исфæлдистадæ дæр. Берæ зартæ арæзт æрцудæй Коммунистон партий раздзæугутæбæл, уæлдайдæр ба Ленинбæл.

Зартæ арæзт æрцудæнцæ коллективизаций, Устур Фидибæстон тугъди ка фескъуæлхтæй, уонæбæл дæр, уæдта нæ доги æскъуæлхгиндæр адæймæгутæбæл дæр.

Куд уинæн, уотемæй адæмон исфæлдистадæ рагæй нурмæ дæр баст æй аййев литератури хæццæ. Етæ цæрунцæ æма ирæзунцæ еумæ, æвдесунцæ нæ доги уæлахездзийнæдтæ æма гъæздуг кæнунцæ сæ кæрæдзей тематикон æгъдауæй, аййевадон амæлттæй, сюжетон æма æвзаги гъæздугдзийнадæй.