21 декабря 2024

ЗÆРДИРАЙÆЙ ИМИСÆН НÆ РÆСТВÆНДАГГÆНГУТИ

30.12.2023 | 16:54

Мæцути скъола-интернати 1964 анзи рауагъдонтæ сæ ахургæнгути хæццæ.

Зундгонд куд æй, уотемæй мæнæ нур ке фæндараст кæнæн, еци анз Уæрæсей бæрæггонд цудæй куд ахургæнæги æма гъомбæлгæнæги Анз. Аци гъуддаг нæ дзиллæн цæйбæрцæбæл æхцæуæн иссæй, уомæн æвдесæн æй е, æма æнæгъæнæ анзи дæргъи ахургæнгути æма гъомбæлгæнгути цитгин кæнуни нисанеуæгæй арæзт æрцудæй берæ аллихузон зæрдæмæдзæугæ мадзæлттæ, берæ арфитæ загъд æрцудæй дзиллон хабархæссæг фæрæзнити дæр.

Æма мæн дæр фæндуй мæ зæрдтагон зæгъуйнæгтæй ракой кæнун, мæхуæдæг хуарз ке зудтон æма зонун, еци ахургæнгути туххæй.

Федарæй ни е æруагæс кæнуй, æма уæхæн адæймаг нæ разиндзæнæй, æ кæддæри ахургæнгути зæрдиагæй ка нæ имисуй. Алкедæр ни си хуарздзийнадæ зонуй, уомæн æма нæ ниййергути хæццæ нин етæ дæр нæ карни тæккæ райдайæни адтæнцæ нæ рæствæндаггæнгутæ. Æма уомæн ба иронхгæнæн куд ес!..

Мæхчески скъолай ку ахур кодтон, уæд нин райдайæн кълæсти ахургæнæг адтæй Хохти Розæ Михали кизгæ. Е уæд махмæ, æ ахурдзаутæмæ кастæй, раст цума уæларвон адтæй, уотæ. Алли бон дæр хуæрзарæзт, цума бæрæгбон уидæ, уотæ, хуæрзконд. Алцæмæй дæр бæрæг дардта. Æнзтæ рацудæй, фал нур дæр ма мæ цæститæбæл рауайуй урокти рæстæг нин æрмæг куд амонидæ. Æ хъиамæттæ нæ фæдздзæгъæл æнцæ, хуарз бундор нин ниввардта.

Уæлдæр кълæсти дæр нин адтæй, гъомбæлади искурдиадæ агъазиауæй лæвæрд кæмæн адтæй, уæхæн ахургæнгутæ. Куд не ’римисон Хадати Хъайтухъ Ивани фурти!.. Уруссаг æвзаг æма литератури кæд ести ниргъавтан, уæд уой фæрци. Ци æвæллайгæй хъазауат кодта, цæмæй нæ уруссагау финститæ æнæ рæдуд æма рæсугъд адтайуонцæ, уобæл. Программæмæ кæд нæбал хаудтæй, уæддæр нин хецæн тетрæдтæ дардта аййев финсунæн урокти уæлæнхасæн. Зæгъидæ нин: «Ескумæ ку бадæдтай курдиадæ рæсугъд финстæй, уæд имæ хуæздæр каст уодзæнæй…»

Ирон æвзаг æма литературæ ба цæмæдæр гæсгæ зиндæртæй ахур кодтан. Фал нин ахургæнæгæй Тауасити Фацбай Гæлæуи фурт ку райдæдта, уæд нæмæ еци уроктæмæ æндæрхузон цæстингас райгон æй. Дессаги адæймаг – айдагъ скъолай нæ, фал гъæуи дæр. Берæ ’й уарзтонцæ. Курухон лæги ном хаста. Поэт, финсæг, зартæгæнæг. Дзурддзæугæ, нæ адæми æгъдæуттæ æма фольклор бундоронæй зудта. Уæди рæстæгути уотæ адтæй, æма ести бæрæгбон, фкенæ киндзæхсæвæр ку уидæ, уæд заргæ кæниуонцæ фингити сæргъи бадгутæ. Фацбаймæ ба ниллæууиуонцæ: «Разарæ нин «Цæу-бодзæй зар». Зардта. Уæди дзамани нури хузæн ихуæрст зартæгæнгутæн сæ кой дæр нæ адтæй.

Уæхæн ахургæнæг урокти ахурдзаутæн цæхуæн зундамонæг æма гъомбæлгæнæг адтайдæ, е зин балæдæрæн нæй. Урокти хæлæмулæ дзубандитæ нæ уагъта. Дзорис дигоронау, уæд кæдзос, иронау – уæдта æнæ дигорон æздæхти хæццæ. Архайдта, уроктæй уæлдай ма цæмæ арæхстайанæ аййевади иннæ фæрæзнитæмæ, уобæл. Кæмæн æмдзæвгæ бакæсун бабарæ кæнидæ, кæмæн ести аййевадон уадзимисæй æскъуддзаг бакæсун. Сауæнгæ ма нин театралон сценкитæ дæр ниввæридæ. Мæн дæр еухатт зæронд лæги роли бавзурста. Равдист хундтæй «Уайсадæг киндзæ». Мæнмæ гæсгæ, æхе финст адтæй. Æвдистан æй Фæрæскъæтти гъæуи цæргутæн. Раст ку зæгъон, уæд мæнмæ аци гьуддаги неци ацъагъуæ разиндтæй. Фал биццеуи роли ба гъазта Дзæгойти Æхсарбег, æма уомæн ба рардзæф кæниуонцæ. Уæд æй нæ лæдæрдтан æнхæст. Мæхуæдæг ахургæнæг ку исдæн, уæд мæмæ багъардта аллихузон гъуддæгутæй нæ ке ’взурста, е. Уотемæй бæрæггонд цудæй, кæмæ ни циуавæр ацъагъуæ ес, кæмæн ни ци исуодзæнæй æ карни сæйрагдæр гъуддаг.

Мæхчески скъолай ахури рæстæгутæй ма ми некæд иронх кæнуй математики ахургæнæг Хадати Сафиат Алексейи кизгæ. Математикæ æнцон балæдæрæн нæй. Фал æй Сафиат уотæ байамонидæ, уæдта нæ уотæ бафæрсидæ, æма ин æнæзонæн нæ адтæй. Мадта хæдзарæмæ лæвæрд куст нæ исæнхæст кодтай, уотæ ба некæд адтæй. Къласи хебæраги куст ратгæй кастæй, æма ни еске ести зиндзийнадæбæл исæмбалдæй, уæд æ фарсмæ æрбабадтайдæ æма ин лæмбунæг амонун байдæдтайдæ, куд растдæр æй, уой.

Кенæ Нигкоти Кермен Хадзимæти фурт. Биологи, географий урокти уæлæнхасæн ма нин устур «скъола» рацæун кодта. Мæхчески скъолай алфамбулай ци рæзбун ес, е конд æрцудæй Кермени хъæппæресæй. Мах дæр ахур кодта æрдзи хабæрттæ бæлвурдæй зонунбæл. Гъæдæмæ нæ фæххонидæ æма си фæткъуй, кæрдтуй бæлæстæ æркъахианæ, скъолай дзæхæрай сæ ниййаразианæ. Иннæ анз ба сæбæл дзуарса (прививка) кодта, махæн дæр амудта еци куститæ. Æхсæзæймаг къласи ку ахур кодтан, уæдта нин уæхæн балци исаразта, кæци æ кари лæгæн дæр зингомау адтайдæ. Мæхческæй Хæнæзи сæрти Уорс хонхи æфцæгбæл бахизтан, уотемæй Цæгати кæмттæ æма гъæдти астæу Синдзигъæуи сæри Хæнæзони уотæртти æрæхсæвеуат кодтан. Арти фарсмæ æрбадтан æма æнафони уæнгæ Кермени рагон царди таурæхътæмæ лæмбунæг игъустан. Дуккаг бон ба Сурхи бæрзондбæл рахизтан Кæлухмæ, уордигæй фестæгæй Мæхческæмæ. Еумæ райсгæй еу 70-80 километрей бæрцæ рацудан. Царди е дæр адтæй гъæугæ гъуддаг.

Кенæ нæ кафунбæл куд ахур кодта. Нæ къах райесун дæр нæ зудтан æма нин амудта симд æма хонгæ кафт кафун. Куддæртæй цидæртæ базудтан æма бæрæгбони нæ кæфтитæ ракодтан, æрдзæф дæр нин кодтонцæ.

Идарддæр нæ ахур адтæй Мæцути скъолай хестæр кълæсти. Ами, цума уæлдæр ахургæнæндони бафтудан, уотæ нæмæ кастæй. Мадта ахургæнгутæ дæр уотæ – уруссаг æвзаг æма литературæбæл Аркъаути Кермен Данели фурт, историбæл Малити Виктор Дриси фурт, математикæбæл Дадтети Уарзетæ Дохчихъой кизгæ, нæ къласи разамонæг, ирон литератури ахургæнæг Гокъоти Ермак Майрæни фурт. Кермени уроктæ, цума академион медесæй уæлдайдæр нæ адтæнцæ, уотæ нæмæ кастæй. Амудта нин, литературон сорæттæ куд растдæр балæдæрдтайанæ æма куд æнхæстдæрæй растдæр æвдист цудайуонцæ нæ финстити, уой.

Мæцути бакосгæй, уой фæсте Дзæуæгигъæуи скъолатæй еуей директорæй куста берæ æнзти. Истори дæр берæ уарзтан, уомæн æма Виктор иссирдта нæ зæрдитæмæ зонундзийнæдтæ æнхæстæй бахъæртуни над. Ци ба нæ зудта историйæй. Естæбæл æй ку бафарстайсæ, уæд байдзулидæ æма нин лæмбунæг æрдзубанди кæнидæ.

Иннæ уотæ математикæ. Уарзетæ нæ уæхæн ахури уавæрти райвæридæ æма æнæбари дæр æнæ ахургæнæн нæ адтæй. Математикæ хуарз зонгæй ма имæ адтæй æ зонундзийнæдтæ ескæмæн дæр ма лæмбунæг байамонуни хъаурæ æма разæнгарддзийнадæ, ескæмæн æй лæмбунæг байамонун. Уомæ гæсгæ æ ахурдзаутæмæ дæр адтæй хуарз æнтæстдзийнæдтæ. Зæгъæн, Гобати Артем æма Катаути Батраз математикæбæл олимпиади рамолиуонцæ нæ республики. Артем ба ма сауæнгæ Мæскуй дæр архайдта æнæгъæнæ Уæрæсей олимпиади. Скъола фæцæй майдани хæццæ. Уæхæн æнтæстдзийнадæ уой размæ дæр æма уой фæстедæр неке къохи бафтудæй.

Мадта маддæлон æвзаг æма литератури алли уроки фæсте ба, кæд ма уодзæнæй иннæ урок, зæгъгæ, бæлдтан. Нæ национ литератури уадзимистæ æма æндæр æрмæгутæ уоййасæбæл цæмæдесаг æнцæ, уой æнгъæл нæ адтан. Ермак æ радзубанди æма дзурдигъæдæй нæ арф гъудитæбæл бафтауидæ. Мæ бон уотæ зæгъун дæр æй, æма нæхе иронх дæр ма бауианæ, раст цума литературон хъайтарти хæццæ еумæ архайианæ, уæхæн кемæнтæ нæмæ равзуридæ. Æма Ермак хумæтæги берæ æнзти дæргъи разамунд нæ лæвардта нæ республики ирон æвзаг æма литератури ахургæнгути еугондæн.

Ме ’мгæрттæй Мæцути скъола каст фæцан нæудæсемæй. Еу-цуппаремæй фæстæмæ еугурæйдæр уæлдæр ахургонддзийнадæ райстан. Федарæй мæ бон зæгъун æй – е адтæй нæ ахургæнгути фæрци. Сæ хъиамæттæ нæ фæдздзæгъæли ’нцæ. Æнзтæ куд цæугæ цæунцæ, уотæ нæ зæрди арфитæ Ахургæнæгæн фулдæр кæнунцæ.

Мæхуæдæг дæр ахургæнæг исдæн, скъолай директорæй дæр бакустон. Æма никки хуæздæр балæдæрдтæн ахургæнæги фæллойнæн æхсæнади размæцуди ци ахедундзийнадæ ес, уой. Уæлдæр ци ахургæнгути кой ракодтон, уони хæццæ ма никкидæр адтæй æмгосгутæ, етæ кæд æндæр фæлтæр адтæнцæ, уæддæр мин етæ дæр зæрдтагон æнцæ. Нæй римæхсун, фæндидæ мæ уони хузæн ун, фал мин æнхæст нæ уадæй. Нур дæр ес берæ ахургæнгутæ, кæцитæ ’нцæ бафæнзуйнаг сæ хуарз кусти фæрци, арфи зæгъуйнæгти аккаг. Æма мах ихæсгин ан ахургæнæги хъиамæт лæдæрун æма ин хуæрзарфитæй аргъ кæнунæй.

ЦОПАНТИ Валерий, фæллойни ветеран