14 ноября 2024

ЗÆРДТАГОНÆЙ БÆЛДТÆЙ АДÆМТИ ÆХСÆН ÆНСУВÆРДЗИЙНАДÆМÆ…

09.11.2024 | 20:26

ХЕТÆГКАТИ Къостай кадæн театралон равдист æ райгурæн гъæу Нари. Къостай роли – Цæгат Иристони адæмон артист ХЪАРАТИ Алик.

Къоста 1893 анзи газет «Северный Кавказ»-и ниммухур кодта æмдзæвгæ «Памяти Я.М. Неверова». Аци уадзимис хъæбæр ахсгиаг æй, Къоста æвæллайгæй, уодуæлдайæй цæмæ гæсгæ архайдта уруссаг æма кавказаг адæмти ’хсæн лимæндзийнадæ æма æнсувæрдзийнадæ исфедар кæнунбæл, Кавкази байеу Уæрæсей хæццæ æнæмæнгæ гъæугæ æма историон æгъдауæй устур прогрессивон цаубæл нимад цæмæ гæсгæ цудæй, уой балæдæрунæн.

Уруссаг адæми зингæ минæвар Януарий Михайлович Неверов куста Стъараполи гимназий директорæй, уой фæсте ба æнæгъæнæ Кавкази ахуради зилди сæргълæууæгæй. Берæ лæггæдтæ, берæ хуарздзийнæдтæ си зудтонцæ хуæнхаг адæм, сæ фæсевæдæй си беретæн фæууинун кодта ахурдзийнади рохс, берети си исразæнгард кодта зонундзийнæдтæмæ тундзунмæ, бауарзун син кодта ахури гъуддаг.

Къоста хуæнхæгти номæй Я.М. Неверовæн, кæдзосзæрдæ, æновуд арфитæ кæнгæй, финста:

…С пути вражды и испытанья

Он нас повел дорогою иной.

Мы шли за ним доверчиво и смело,

Забыв вражду исконную и месть…

Он нас учил ценить иное дело

И понимать иначе долг и честь…

Аци æмдзæвги зæрдтагон арфитæ айдагъ Я.М. Неверовмæ нæ хаунцæ. Къоста æ уадзимисæй еруй еугур уруссаг адæми ном дæр. Уруси агъаз ку нæ адтайдæ, уæд ма хуæнхаг адæмтæ берæ рæстæгути дæргъи цудайуонцæ «хæран æма мастесуни надбæл». Къоста куд зæгъуй, уотемæй Я.М. Неверови хузæнттæ байамудтонцæ хуæнхаг адæмæн, «æцæг сæребарæ» ци æй æма еци сæребарæбæл куд тох кæнун гъæуй, уой.

Къоста æ поэтикон æма публицистон уадзимисти еци амонæги амудта, паддзахи Уæрæсе æма уруссаг адæм кæрæдземæй хъæбæр идард ке лæуунцæ, уой, æма еци ахсгиаг гъуддаг лæдæрун гъæуй, уæдта гъæуама иронх ма уа дзиллæй. Паддзахи Уæрæсе адтæй кавказаг адæмтæн дæр æма уруссаг адæмæн дæр сæ еумæйаг фудæзнаг, урус ба адтæнцæ æма æнцæ кавказæгти хъаурæгин æма нифсдæттæг хестæр æнсувæртæ.

Еуæй-еу ахургæндтæ сæ рæстæги, Къостай вазуггин æма берæкъабазгин исфæлдистадæмæ уæлæнгай, кудфæнди цæстингас даргæй, равзурстонцæ  уой туххæй се ’нæраст, зианхæссæг «наукон хатдзæгтæ» æцæгдзийнади хузи ниффедар кæнунбæл. Сауæнгæ ма адæмти ’хсæн хæлардзийнадæбæл еузæрдиуон тохгæнæг Къостай интернационализммæ дæр сæ къох исесун бандиудтонцæ. Финстонцæ, урус æма кавказаг адæмти ’хсæн бастдзийнæдтæмæ Къостай цæстингаси, дан, адтæй «æнæраст æма æбæрæг бунæттæ».

Къоста æ царди фæстаг бæнтти финста: «Гнет и главные враги туземного населения – казаки». Фал аци дзурдти (уæлдæр ке кой ракодтан, еци ахургæндти хузæн) национализми тæвагæ агорун æй æнæраст, историон æма наукон æцæгдзийнадæ усхъуммитæгæнæг, рæстдзийнади нихмæцæуæг гъуддаг.

Хъазахъи кой кæнгæй, Къоста финсуй, уæди хуæдхуæцæгади хецауади фарс уогæй, хумæтæг фæллойнæгæнæг дзилли æфхуæрæн гъуддæгути си ка архайдта, æма уотемæй сæрмагонд политикон тухæ ка иссæй, уони нихмæ. Уруссаг адæм дæр сæ нæ хонуй, уомæн æма хъазахъи сословий адтæнцæ берæ адæмти минæвæрттæ, уони хæццæ ирæнттæ дæр.

Æвæлмæцгæй архайдта Къоста мæгур æма æфхуæрд адæмæн сæ цард фæххуæздæр кæнуни сæрбæлтау – ирæнттæ æви уруссæгтæ, мæхъæлæнттæ кенæ кæсгæнттæ ’нцæ, уой не ’ртасгæй. Зæгъæн, хъæбæр зæрдиагæй æй фæндадтæй 1890 анзи Дзæуæгигъæуи «Общество помощи русским переселенцам» исаразун, фал бунæттон хецауадæ цæмæдæр гæсгæ нæ исарази ’нцæ Къоста æма е ’мбæлтти унаффити хæццæ.

Къоста еугур фæллойнæгæнгути, ка си кæци адæмихаттæй æй, уомæ нæ кæсгæй, хуæздæр ирисхъæбæл æновудæй ке архайдта, уомæн æвдесæн æй, газет «Казбек»-и 1901 анзи, «На чужбине», зæгъгæ, ци уац ниммухур кодта, е дæр. Дзубанди си цудæй, уæди рæстæги Киеви губернийæй, уоми гъезæмарæ цардæй исгъигæ уогæй æма си кæдимайди ба фæййервæзианæ, зæгъгæ, Терки зилдмæ амондагор ци мæгур зæнхкосгутæ ислигъдæнцæ, етæ сæ нæуæг цæрæнрауæнти дæр ци зиндзийнæдти туфули бахаудтæнцæ, уой фæдбæл. Æма нур æвадуатæй гъезæмæрттæ кæнунцæ. Къæрнихтæ сæ стъегъунцæ, незтæ сæбæл истухгин æнцæ.

Украинæгти царди уавæртæ ранимайгæй, Къоста фæдздзурдта Терки зилди адæммæ, цæмæй, ци гæнæн æма амал ес, уомæй фæййагъаз кæнонцæ лигъд адæмæн.

Къоста айдагъ ирон адæммæ нæ, фал иннæ адæмихæттитæмæ дæр ци зæрдæ дардта, уой фæдбæл ма æрхæсдзæнæн уæхæн дæнцæ. Цæветтонгæ, еу рæстæг Къоста адтæй Петербурги сæйгæдони, æма ’й уæд (1898 анзи) уоми бабæрæг кодта Тхостати Саукуй. Фæстæдæр Саукуй æ  бонуги финста: «29.V.1898. Очень приятно в живых разговорах провел у Коста около 1,5 часов… С каким увлечением он говорил!.. «Во мне все возмущается, я не знаю, что делается со мною, когда я слышу, вижу или читаю, как унижают горцев, сравнивают, толкуют о них, как о дикарях, неспособных людях…

Мне совершенно безразлично, я равно страдаю от страданий ингуша ли, ирона, дагестанца или кабардинца…»

Мæгурти сæрбæлдзорæг адтæй Къоста царди дæр, е ’сфæлдистади дæр. Урус æма хуæнхаг мæгур адæмти ’хсæн æууæнкæ æма æнсувæрдзийнадæбæл адтæй е ’стурдæр мæтæ, æ сæйрагдæр катай.

Уомæн хуарз æвдесæн æй, газет «Северный Кавказ»-и 1896 анзи 72-аг номерæн «Люби ближнего…», зæгъгæ, ци раздзурд ниффинста, е дæр. Аци уаци, «берæбухсагæ уруссаг зæнхкосæги сæрбæл дзоргæй, Къоста дзоруй «хъазахъи хуæздæр минæвæрттæмæ» иронх, дан, уи ма уæнтæ, Уæрæсейæй Цæгат Кавказмæ мæгурдзийнадæй ка ледзуй, етæ».

Кæд нуртæккæ, финста Къоста, «æрцæуæггæгтæ», хуæнхæгтæ æма хъазахъæгтæ ахид кæрæдзей нæ фæллæдæрунцæ, маст æма тухмиуæ нæма фесавдæнцæ се ’хсæн, уæддæр ралæудзæнæй уæхæн рæстæг æма етæ «…байеу уодзæнæнцæ рæстдзийнади, сабурдзийнади æма фæллойни æнæбасæтгæ æфсади».

Уац «Люби ближнего…» газет «Северный Кавказ»-и еци номерæнæн æ раздзурд адтæй æма æнæ автори номæй æрцудæй мухургонд. Фал уæддæр бæлвурдæй зæгъун æнгъезуй, е Къостай финст ке æй, уой. Уомæн берæ æвдесæнтæ ес æма сæбæл идарддæр æрдзубанди кæндзинан. Нур ба бал ин æ текст æнæгъæнæй мухур кæнæн, уомæн æма нурмæ бæрæг нæ адтæй, уотемæй ба хъæбæр цæмæдесаг æй.

«Люби ближнего…»

Сегодня в Екатеринодаре торжественно празднуется двухсотлетие Кубанского казачьего войска, заслуги которого перед лицом отечества не подлежат, конечно, никакому сомнению. Размеры газетной статьи не позволяют нам заняться их перечислением, хотя, полагаем, в этом нет и особенной надобности, так как они известны всем и каждому, кто хоть сколько-нибудь интересовался историей нашего казачества вообще. Достаточно констатировать, что бывшие запорожцы, затем черноморцы и линейцы, а в настоящее время – кубанцы в продолжение, по крайней мере, последнего столетия были вернейшими проводниками русских правительственных идей на южной окраине России и беззаветно храбрыми защитниками интересов государства при столкновениях его с внешним врагом. За то и правительство наше не оставалось в долгу у доблестного войска. Напротив, оно щедро наделяло его всем, что только могло послужить его умственно-нравственному росту, материальному благополучию и увековечению его славы. Особенное внимание заслуживает наделение войска землею. Из 8.798.281 десятины, составляющей площадь Кубанской области, на войсковую территорию к 1 января 1895 г. приходилась 6.816.761 десятина. Средний душевой надел казака равнялся 14 дес. Войсковых запасных земель состояло 407.014 десятин. Общая площадь войсковых лесных дач равнялась 723.193 дес. Одних только лесных доходов в отчетном году было получено 53.269 руб. Запасный войсковой капитал в настоящее время достигает до 7 миллионов руб.

При таких, можно сказать, необыкновенно благоприятных, даже больше – счастливейших условиях дальнейшего преуспеяния войскового населения области, нельзя умолчать, нельзя не обратить внимание доблестных кубанцев на такие требования жизни, с которыми в конце XIX столетия невозможно не считаться.

Еще в 1889 году на торжестве открытия памятника М. Ю. Лермонтову в Пятигорске, на этом великолепном празднике поэзии и любви, нам посчастливилось видеть двух заслуженных генералов, – природного казака и чистейшего туземца, – которые, бывши еще не так давно заклятыми врагами, теперь, перед лицом всего многочисленного собрания представителей русского общества, заключив друг друга в горячие объятия, воочию показали всем, что чувства непримиримой вражды и исконной ненависти на Кавказе уступают место благородной идее братства и всепрощающей любви. С этим фактом необходимо считаться, – во-первых, тем, кто является официальным выразителем массовых симпатий и антипатий, а во-вторых, и, главным образом, – всем интеллигентным представителям разнородного населения наших областей.

Семья не без урода. Преступления совершались во все времена и среди всех национальностей земного шара: от них не избавлены даже самые большие центры европейской цивилизации. Факторов преступлений – неисчислимое множество. Классификация их – дело психологии и социологии. Надо только помнить, что нет следствия без причин, и, в силу этой неопровержимой истины, стараться быть беспристрастным и незлобивым, а если можно, то и снисходительным судьей человеческих ошибок. Надо помнить, что громаднейшее большинство людей скорее склонно делать добро, чем зло, что люди больше братья, чем враги. Глубоко убежденные в этом, мы, пользуясь настоящим знаменательным днем, берем на себя смелость напомнить доблестным кубанцам великую заповедь Божественного Учителя: «Люби ближнего…» Эта именно заповедь приобретает сегодня особенно глубокое значение для всех. Ею исчерпывается и все то, что мы хотим сказать славным юбилярам, как сильному духовно и материально подавляющему большинству в крае и, главное, привилегированному сословию, в руках которого всецело сосредоточено и административное управление всей областью.

Казаку, имеющему за собой двести лет блестящей боевой истории, не позорно стать братом нашего туземца, не менее испытанного в вековой кровавой борьбе за свою, быть может, и дикую, но все же бесконечно милую для него свободу. Еще больше, чем туземец, на братское чувство казака рассчитывает многовыносливый русский крестьянин, который под кличкой «иногородний» приниженно ищет себе кусок черствого хлеба в богатых казачьих станицах и для того только, чтобы поддержать свое жалкое скитательское существование, безропотно переносить все…

Двести лет далеко не малый срок, чтобы видоизменить мировоззрение, расширить и облагородить жизненные задачи, смягчить нравы. Мы глубоко верим, что все лучшие представители кавказского вообще, и Кубанского казачьего войска в частности, а также иногороднего и туземного населения края сольются в одну непобедимую армию правды, мира, труда и истинно христианской любви.

Сегодняшнее торжество бесспорно является счастливейшим случаем, когда доблестные кубанцы могли бы дать неопровержимые доказательства справедливости высказанного нами положения. Есть множество способов и средств в распоряжении славных юбиляров для того, чтобы достойно ознаменовать сегодняшнее событие. Самым благородным из них и к тому же наиболее отвечающим требованиям времени мы признаем полное уничтожение до-нельзя обременительной повинности, которую несут в казачьих станицах иногородние под названием «посаженной платы».

Нур ба, уац «Люби ближнего…» Къостай финст ке æй, уой туххæй æрхæсдзæнæн æнæгурусхаг æвдесæнтæ. Уæхæн æвдесæнтæ ’нцæ цалдæр.

САНАХЪОТИ Бариси конд хузæ «Исонибон. (Хетæгкати Къоста)».

Фиццагидæр бал фæббæрæг кæнæн: уадзимис æй редакций штатон косæги финст, уомæн æма ’й номери раздзурд. Редакций ка нæ куста, уæхæн авторти æрмæг раздзурди хузи мухургонд цудæй ефстагмæ, уæдта æ бунмæ æнæмæнгæ адтæй автори ном, кенæ фæсномуг. 1895 анзæй 1901 анзи уæнгæ «Северный Кавказ» ниммухур кодта æртæ уæхæн уадзимиси: 1895 анзи 81-аг номери, 1896 анзи 4-аг номери æма 1901 анзи 2-аг номери.

Кубани æма еугур Кавкази хъазахъаг æфсæдти 200 анзей юбилей бæрæг кодтонцæ кадгин хузи, устур политикон медес си æвардтонцæ хецæуттæ. Æма, ке зæгъун æй гъæуй, уæхæн цауи фæдбæл  радзурд æнæмæнгæ ниффинстайдæ редакций бæрнон косæг. «Люби ближнего…» æй 1896 анзи 72-аг номери раздзурд. Зундгонд куд æй, уотемæй ба еци анз уалдзæги Къоста иссæй газет «Северный Кавказ»-и редакций сæргълæууæг. Газети хецау Д. Евсееви хæццæ ци официалон бадзурд исаразтонцæ, уоми финст адтæй, редакций косгутæ айдагъдæр Къостай фæндонмæ ке игъосдзæнæнцæ «как относительно распределения труда по составлению номеров, так и характера сотрудничества».

Еудзурдæй, Къоста адтæй газети æцæг редактор. Фæстæдæр е финста Цæликкати Аннæмæ: «Целый год я в этой несчастной газете проработал как каторжный, контролируя ее содержание от первой строки до последней».

Къостай публицистики сæйрагдæр темитæй еу адтæй хъазахъ æма хуæнхæгти ’хсæн рахастдзийнæдтæ. Хецауадæ сæ барæй кæрæдзебæл ке ардудта æма уой фудæй знаги цæстæй кæрæдземæ ке кастæнцæ, уой Къоста нимадта Цæгат Кавкази царди æверхъаудæр æма зианхæссæгдæр гъуддагбæл. Æма газети баргиндæр косæг, е ’цæг редактор æндæр ескæмæн куд баихæс кодтайдæ хъазахъ æма хуæнхæгти рахастдзийнæдти туххæй газети номерæн раздзурд ниффинсун, кæд æма æхецæй хъæбæрдæр неке зæрдæ ристæй еци гъуддагбæл, кæд æма æхецæй хуæздæр неке  зудта уавæр?

Дуккагæй, æркæсæн уацæн æ медесмæ, ци цæстингас даруй автор. Цæгат Кавкази царди цæлхдортæ арæхстгинæй фæййеуварс кæнгæй, е хормæ ракалдта хуæдхуæцæгади колонизаторон политики  хъаппæ «Уæрæсей хонсаргæрон». Ами, дан, хъазахъ адтæнцæ, финсуй автор, «проводниками правительственных идей». Циуавæр  адтæнцæ еци «идеитæ» æма сæ хъазахъ куд æнхæст кодтонцæ, е ба хъæбæр дæснийæй æвдист цæуй «эзопи æвзагæй».

Уаци райдайæни автор зæгъуй, хъазахъи æскъуæлхтдзийнæдтæ, дан, «перед лицом отечества не подлежат, конечно, никакому сомнению». Фал циуавæр æнцæ еци æскъуæлхтдзийнæдтæ, уой кой нæ кæнуй, уомæн æма сæмæ хæран цæстингас даруй: «Размеры газетной статьи не позволяют нам заняться их перечислением, хотя, полагаем, в этом нет и особенной надобности, так как они известны всем и каждому…» Гъома,  ке уи куд фæндуй, уотæ гъуди кæнæд еци æскъуæлхтдзийнæдти туххæй, фал, финсуй идарддæр автор, паддзахи хецауадæ «не осталось в долгу у доблестного войска».

Автор æстауæн дзурдтæн бунат не ’ссирдта, фал лæмбунæгæй ранимадта, паддзах цæмæй æма куд фиста хъазахъæн сæ берæ «лæггæдти» фæдбæл.

Уæлдай аргъ кæнун гъæуй, автори гъудимæ гæсгæ, хъазахъæн зæнхитæ цæйбæрцæ бахай кодтонцæ, уомæн. Дæс æма инсæй анземæй уæлдай нæма рацудæй, Кавкази адæмтæ хуæдхуæцæгади нихмæ тохи сæ тохцæнгæрзтæ ку æрæвардтонцæ, уæдæй фæстæмæ, æма сæ зæнхити хуæздæрти дууæ æртиккаг хаййи хъазахъæгти бацæнцæ!

Хуæнхæгтæмæ зæнхæ фагæ ке нæ адтæй, хецауадæ ба син сæ тухст æгириддæр ке нецæмæ дардта, уой фуд кодта Къоста, Цæгат Кавкази ци фудракæндæдзийнæдтæ цудæй, уони. «Æрдзæй гъæддаг» æма «лæгмартæ» худтонцæ официалон мухури хуæнхæгти. Къоста ба уонæн сæ сæрбæл дзурдта æма амудта, фудракæндæдзийнæдти рахуæцæн хуæнхæгти æбарæдзийнади æма цагъайраг социалон-экономикон уавæрти æй, зæгъгæ. Аци гъуди бæлвурдæй зиннуй уац «Люби ближнего»-йи дæр.

«Семья не без урода, – финсуй æ автор. – Преступления совершались во все времена и среди всех национальностей земного шара. Факторов преступлений неисчислимое множество… Надо только помнить, что нет следствия без причин…» Комкоммæ еци анхосæгти кой уаци нæ цæуй, фал зæнхити хецау ка ’й, сæ фулдæр æма сæ хуæздæртæ ке къохи ’нцæ, е газеткæсæгæн æргомгонд æрцудæй. Æма уæд зин балæдæрæн нæй, зиантæ æма змæнститæ цæй фæдбæл æрцæунцæ, уой дæр!..

Зундгонд куд æй, уотемæй 1889 анзи 16 августи Къоста адтæй Пятигорски æма М. Лермонтови циртдзæвæнбæл исæвардта деденгути баст кавказаг фæсевæди номæй. Уой фæсте цитгин уруссаг поэти ном имисæн æмбурди дзоргæ дæр ракодта.

…1896 анзи «Северный Кавказ»-и редакций косгутæй, кенæ газети автортæй 72-аг номери раздзурд уадзимис «Люби ближнего…» ка ниффинстайдæ, уонæй 1889 анзи Пятигорски, М. Лермонтови циртдзæвæн игонгæнгæй, адтæнцæ айдагъдæр дууæ адæймаги – Къоста æма Григорий Прозрителев, стъараполаг адвокат æма журналист. Газет ин рæстæгæй-рæстæгмæ мухур кодта æ уадзимистæ.

Гурусхаг нæбал æй: Къоста кенæ Г. Прозрителев æй уаци автор. Фал ка адтæй сæ дууемæй? Еци гъуддаг исбæрæг кæнун дæр нур æнцон æй. Махмæ гæсгæ, Г. Прозрителев уаци автор неци хузи адтайдæ. Фиццагидæр уомæн, æма 1896 анзи газети нæ куста. Дуккагæй ба е æй, æма уаци автор зæрдхæлар æма уарзонæй финсуй хуæнхæгти туххæй. Г. Прозрителеви уацтæй ба бæрæг æй, сæ автор хуæнхæгти ирисхъæмæ айдагъ цийфæнди цæстингас нæ дардта, фал ма си уони туххæй æнæнвæрсон, билкъуæрд дзурдтæ дæр исхауидæ.

Г. Прозрителев 1889 анзи «Северный Кавказ»-и 75-аг, 77-аг, 85-аг номерти ниммухур кодта фæндаггони очерктæ «В горах и ущельях близ Кисловодска». Уонæй еуеми гъаст кодта, Бермамут-хонхи бунмæ, дан, бæлццон кæми бауолæфа, уæхæн бæстихай нæййес. Фудгин кодта хуæнхæгти: «Никто из русских ничего подобного (гъома, бæстихай, Ц.В.) сделать не может, так как сама земля принадлежит горцам и они разорят всякое русского поселения здесь».

Идарддæр Г. Прозрителев ракой кодта хуæнхæгти царди зин уавæрти, сæ уодуæлдай хъиамæтти, сæ гъезæмæртти туххæй. Фал син фæййагъаз кæнун, фæккæсун сæмæ ке гъæуй, е ба æ гъудий дæр нæ адтæй. Е нæ, фал ма æ уаци кæронбæттæни гъуди  ба бустæги æнаккаг адтæй. Бунæттон хецæуттæн уайдзæф кодта, Туркмæ ка фæллигъдæй, уони зæнхитæбæл, дан,  се ’рвадтæлтæ æма сæ хæстæгутæ цæмæн косунцæ? Байсетæ, дан, сæ æма сæ байуаретæ «… казакам или хотя ба отставным солдатам» (75-аг номер).

Шовинистон цæстингас æвдиста Г. Прозрителев æ иннæ дууæ очеркеми дæр.  Æртиккаги е финста: «… Какой-то немец ли, еврей или иной нерусский человек построил у самого водопада скверный-прескверный навес…» (85-аг номер).

Нæ раййивта Г. Прозрителев æ цæстингас хуæнхæгтæмæ  фæстæдæр дæр. 1904 анзи рацудæй киунугæ «Край гордой красоты» – Кавкази сауденгизон билгæрæнтти туххæй. Киунуги туххæй Г. Прозрителев ци рецензи рауагъта «Северный Кавказ»-и 5-аг номери, уоми раст æма гъæугæбæл банимадта, Сау денгизи билгæрæнтти ци пусулмон адæмтæ цардæй, уони фæттард Туркмæ. Фал, дан, «… была сделана большая ошибка в выдворении из этого края всего горского населения…» Æ гъуди идарддæр уотæ райхалдта: хуæнхæгтæй еу минкъий ниууадзун гъудæй сæ райгурæн бæсти. Цæмæй аразтайуонцæ нæдтæ, сæ фидтæлти зæнхитæбæл син ци хъазахъ æрцардæй, уонæн; бунæттон æрдзи æууæлтæ хуарз зонгæй, хъазахъи ахур кодтайуонцæ, ци афони æма куд кæнун гъæуй гъæууон хæдзаради куститæ… Еудзурдæй, ихуæрстити лæггæдтæ син  кодтайуонцæ.

Ке зæгъун æй гъæуй, уæхæн зунди хецау, хуæнхæгтæмæ уæхæн æнæнвæрсон цæстингас дарæг уац «Люби ближнего…» некæд ниффинстайдæ, уæдта ин редакций  сæргълæууæг Къоста  еци бæрнон гъуддаг нæ баихæс кодтайдæ.

Нур уæлдæр ци фæрсаг æвдесæнтæ æма бæлвурд факттæ æрхастан, уони нимайгæй, нæ бон федарæй æй зæгъун: 1896 анзи «Северный Кавказ»-и 72-аг номери раздзурд «Люби ближнего …» æй Къостай финст уац.

Кавкази хъазахъаг æфсади бæрæгбон, официалон æстауæн дзурдти бæсти, е «эзопи æвзагæй» арæхстгинæй испайда кодта, æма равдиста газеткæсгутæн паддзахи колонизаторон политики медес. Æрлæуун син кодта сæ зæрдæбæл, М.Ю. Лермонтови циртдзæвæн игон кæнгæй, Кавкази бундорон цæрæг адæмти минæвæрттæ хæлар æма æнсувæри цардмæ тундзундзийнадæ ке равдистонцæ, уой. «С этим фактом, – æндиудæй уайдзæф кодта хецауадæн, – необходимо считаться… тем, кто является официальным  выразителем массовых симпатий и антипатий».

Къостай еци гъудимæ гæсгæ бунати уодзæнæй æримисун В.И. Ленини загъд: «Чтобы стать социал-демократом-интернационалистом, надо думать не о своей нации, а выше ее ставить интересы всех, их всеобщую свободу и равенство».

Æма Къоста уæдиккон историон раст балæдæруйнаг уавæртæмæ гæсгæ  кæд социал-демократ нæ иссæй, уæддæр, интернационалист уогæй, æ цард, æ исфæлдистадæ, æ берæвæрсуг æхсæнадон-политикон архайд нивондæн æрхаста мæгур, æфхуæрд дзиллити рохсдæр исонибони сæрбæлтау.

ЦÆЛЛАГТИ Владимир (1939-2009),
Хетæгкати Къостай номбæл Паддзахадон премий лауреат