03 декабря 2024

Æ УÆЛЗÆНХОН ЦАРД АДТÆЙ КАДГИН, Æ РОХС НОМ – ÆНОСТÆМÆ ИМИСУЙНАГ…

30.11.2022 | 22:01

Хуцау мин ци хуарздзийнæдтæ исаккаг кодта, уонæн сæ агъазиаудæрбæл уой нимайун, æма мæ фæххайгин кодта уæхæн зæрдтаг æрдхуæрдтæй, кæцитæй дæн хъæбæр сæрбæрзонд, федарæй сæбæл дарун мæ зæрдæ алли уавæри дæр. Уæхæн  æмбал мин адтæй чиколайаг Баликъоти Мæхæмæти фурт Тотраз… Хъæбæр зæрдхъурмæй æй зæгъун: «Адтæй…» Хуцау мин æй алæмæти æхцæуæнæн исаккаг кæнгæй, фæффудевгед кодта уомæй – не ’рдхуарддзийнади  фарнæй нæ бафсæдгæй мин æй, байагурдта æносон дуйнемæ… Бæргæ бæлдтæн æ хуарздзийнæдтæмæ гæсгæ ’й  ести æхцæуæндзийнæдтæй барæвдаун, фал… Зæрдхъурмæй хъонц кæнунæй æндæр мæ бон нецибал æй… Бæргæ, мæ аци  финстæг дæр мæ ауæхæн хузи финсун ку нæ багъудайдæ. Мæ зæрди адтæй цийнаг хузи мæ зæгъуйнæгтæ зæгъун – иннæ анз ноябри Тотразбæл гъæуама исæнхæст адтайдæ фараст æма æртинсæй анзи, æма мæ фæндадтæй мæ зæрдтагон арфитæй ин æ зæрдæ барохс кæнун. Фал мæ еци фæндæй, гъулæггагæн, нецибал рауайдзæнæй… Уой бæсти мæ багъудæй тæфирфæси зæгъуйнæгтæ финсун.

* * *

Мæ бон æй уотæ зæгъун, æма Тотрази хæццæ нæ лимæндзийнадæ ци берæ рæстæгути рахаста, уони дæргъи не ’хсæн ци рахастдзийнæдтæ æма æмзæрдиуондзийнадæ нихсистæнцæ, етæ мæ ихæсгин кæнунцæ, цæмæй си дæн боз æма сæрустур, гъе уой туххæй зæгъун, уæлдайдæр ба нур, æ номерæн бони.

Тотрази хæццæ кæрæдзей  комкоммæ базудтан евгъуд æноси æвдайæймаг æнзти. Куд фæззæгъунцæ, берæ цæнхæ бахуардтан еумæ, берæ гъуддæгутæ æма фарстати фæдбæл кæрæдзей лæдæрдтан уотид цæстингасæй дæр, уомæн æма Тотрази хузæн адæймаги хæццæ æнæ уотæ уæн дæр нæ адтæй.

Лæг æ карæмæ ку исхъæртуй, уæд фæстæмæ кæсун ахиддæр райдайуй. Евгъуд æнзти цаутæ, хуарзæй дæр æма лæгъузæй дæр си ци адтæй, уони имисуй. Нимайуйнæгтæ, рабаруйнæгтæ исберæ унцæ. Берæ цидæртæ феронх кæнæн, фал хуарз æма æхцæуæнæй ци фæууй нæ царди, етæ ба уæддæр нæ зунди ниффедар унцæ нæ хæццæ царди кæронмæ. Æма уонæй тæккæ устурдæр гъæздугдзийнадæ  адæймагæн, баруагæс уи уæд, æнцæ æ бийнонтæ, уæдта æ хуарз æрдхуæрдтæ, æма еци гъæздугдзийнæдтæй Тотраз хуæрзæнхæст адтæй. Уомæн æвдесæн – æ карни еугур хабæрттæ æма цаутæ.

* * *

Абони мæ уæддæр цубурæй æримисун фæндуй  Тотразæн æ цардвæндаги хабæрттæй кæцидæрти. Нæхе паддзахадон университети историон факультет каст фæууогæй, еуцæйбæрцæдæр рæстæг куста æ райгурæн гъæу Чиколай фиццаг астæуккаг скъолай историй ахургæнæгæй. Æ куст æ зæрдæмæ цудæй, е ’мкосæг ахургæнгути æма ахурдзаути ’рдигæй дæр бæрзонд аргъгонд цудæй. Ами партион организаций коммунистти фæндонæй æй райстонцæ Коммунистон партий рæнгъитæмæ дæр. Уæдмæ ба ’й исæвзурстонцæ Ирæфи райони фæскомцæдеси райкоми хайади разамонæгæй дæр.

Куд уинæн, уотемæй æ карни хабæрттæ зæрдæмæдзæугæ цудæнцæ. Фал æй еу бæлдæ æнцад нæ уагъта – наукон кустмæ ’й æ зæрдæ хъæбæрдæр ивазта. Фæсаууонмæ бацудæй нæхе университети аспирантурæмæ. Æ наукон разамонæг иссæй историон наукити доктор, профессор Мостити Мухарбеги фурт Барис. Аци искурдиадæгин ахургондæй æма дессаги зæрдхæлар адæймагæй цал æма цал адæймаги байзадæнцæ бозæй. Хъæбæр беретæн си фæййагъаз кодта диссертацитæ бацæттæ кæнуни гъуддаги – айдагъ нæхемæ нæ, фал нæ устур паддзахади алли рауæнтæй дæр имæ æхе ка бахатидæ, уонæн. Уонæй еу иссæй Баликъоти Тотраз дæр – æртæ анземæ бацæттæ кодта кандидати диссертаци, фал æ багъæуай кæнуни ба ’й, æхецæй дæр æма æ разамонæгæй дæр аразгæ ка нæ адтæй, уæхæн цидæр организацион къулумпитæ ’й   бахъор кодтонцæ еуцæйбæрцæдæр рæстæг. Фал имæ уæддæр разиндтæй бабухсуни хъаурæ, æма Кубани паддзахадон университети 1984 анзи 21 сентябри æнтæстгинæй багъæуай кодта æ диссертаци æма иссæй историон наукити кандидат. Ци хъиамæт бакодта æхсæвгай (бонæ кусти уидæ, Ирæфи райони газет «Ленинец»-и куста бæрнон секретарæй), уой æхе уод æма е ’мхузæнттæй фæстæмæ неке зонуй. Æхцæуæн адтæй хеуæнттæн, лимæнтæн, фал еугуремæй æхцæуæндæр ба адтæй æ ниййергутæн.

Баликъой-фурт 1985 анзи иссæй нæхе университети историй кафедри ассистент. Мостити Барис исонибони берæ устур æнтæстдзийнæдтæмæ æнгъæлмæ кастæй Тотразмæ, дардта æ зæрдæ – æнæзийнадæ, кустуарзон, зæрдерис лæхъуæнæн цубур рæстæгмæ æ хъаурæ ке исуодзæнæй историон наукити доктор исун. Фал, ци гæнæн ес, Тотразæн е ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ цæугæ рауадæй Астæуккаг Азимæ.

Барис æй раст цума зонгæ кодта, уотæ ин фæдзахста: «Дæ бон æй, æма мæ цардæгаси ку нæ, уæддæр мæ фæсте багъæуай кæнæ наукити доктори диссертаци…»

Тотрази  кæд хъæбæр фæндадтæй æ уарзон ахургæнæги фæдзæхст уой цардæгасæй исæнхæст кæнун, уæддæр ин е нæ бантæстæй – Барис уæдмæ æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй. Æма уæд Тотраз æхецæн федарæй загъта: «Бариси фæдзæхстæн æнæ исæнхæст кæнæн нæййес!..»

Кæд уавæртæ æнцон нæ адтæнцæ, уæддæр 1991 анзи кæрони æ диссертаци цæттæ адтæй, минкъий цидæртæ ма ‛й гъудæй. Фал советон паддзахади ниппурхи фæсте берæ гъуддæгутæ дон æ бунмæ фæлласта. Таджикистани дæр райдæдтонцæ хæлхъойтæ. Æма уомæ гæсгæ Тотраз 1993 анзи фæстæмæ исæздахтæй нæхемæ. Нæ ирдта куст институтти, Чиколай дæр – неци хиццаг. Хуарз æма уæди рæстæги райони газет «Ленинец»-и редактор Бесолти Æхсарæ хуарз зудта Тотрази хъаурæ, уой размæ еумæ дæр кустонцæ редакций, æма ’й æрбакодта косунмæ редакцимæ. Æма уотемæй рабæрæг æй ме ’рдхуарди еума ацъагъуæ – журналистон искурдиадæ. Иссæй Советон Цæдеси журналистти Цæдеси иуонг дæр.

Цанæбæрæг рæстæг рацудæй, æма ин уæдмæ ба фадуат фæззиндтæй университети косун райдайунæн. Иссæй политологий кафедри ахургæнæг.

Фæстæдæр ба ’й иснисан кодтонцæ   университети социалон-гуманитарон ахуради Центри ректорæй, æ бæрнæхсти – 16 кафедри, 200 ахургæнæгей бæрцæ. Берæ ихæстæ си æнхæст кæнун гъудæй, фал уой уæлæнхасæн кастæй лекцитæ, архайдта наукон конференцити, финста уацхъудтæ, методикон æрмæгутæ киунугути, адтæй журнали редколлегий иуонг, берæ диссертацитæ æма киунугути рецензент, оппонент. Еци-еу рæстæг  ба цæттæ кодта доктори диссертаци. Бæргæ ’й фæндадтæй æ фиди зæрдæ барæвдаун æ диссертаци багъæуай кæнунæй, фал ин нæ бантæстæй уой цардæгаси еци гъуддаг исаразун. Берæ цидæртæ ’й  бахъор кодтонцæ. Фал уæддæр æ разæнгарддзийнадæ нæ нидæн кодта. Уоййасæбæл æнцон ба ин кæми адтæй!.. Æ мизди къапеккитæ харзгонд цудæнцæ æ наукон хабæртти фæдбæл балцитæбæл. Къапеккити миздæй æнцон цæуæн кæми адтæй Мæску, Ростов, Стъарапол, Нальчик, Черкесск, Махачкала æма æндæр сахарти архивтæмæ. Фал уæддæр исхъаурæ кодта.

Мæнæн дæр мæ бон ци адтæй, уомæй ме ’рдхуарди фарсмæ куд нæ балæудтайнæ – 1998 анзи мæ куст Нальчиккæй Дзæуæгигъæумæ æрбаййивтон, нæхе университети федаргонд æрцудтæн политологий кафедри сæргълæууæгæй æма историкон факультети деканæй. Аллихузи нæ куст еумæ адтæй, уой размæ дæр. Зудтон Тотрази æнтæстдзийнæдтæ, фал мæмæ æхе ку ’рбахадта: «Валерик, ду мин куд уай наукон консультант доктори диссертаци финсунмæ, уотæ мæ фæндуй». Хъæбæр æхцæуæн мин адтæй, æгайтима мæбæл æ зæрдæ даруй, зæгъгæ.

Уæдмæ берæ наукон уацтæ адтæй Тотразмæ, фал сæ фулдæр национ политикæ æма Устур тугъди рæстæгбæл. Мæ зæрдæ дардтон, бафтуйдзæнæй æ къохи, мæстаг, фæсмойнаг мæнæн нецæмæй уодзæнæй. Фал уæддæр сагъæсти бафтудтæн – уой дæр уомæ гæсгæ, æма бавналдта наукон-æртасæн, политикон æгъдауæй æгæр зин, уæззау темæмæ: «Национальная политика Советского государства на Северном Кавказе в годы Великой Отечественной войны 1941-1945 гг.» Уой фæдбæл цалдæр хатти фæдздзубанди кодтан, дузæрдугдзийнадæй нæмæ ци гъудитæ фæззиннидæ, уонæбæл, фал уæддæр федарæй исфæндæ кодта аци темæбæл бакосун. Еци гъуддаг цæйбæрцæбæл зин æнхæстгæнæн адтæй, е ба бæлвурд адтæй уомæй дæр, еци фарстамæ уæди уæнгæ наукон æхсæнади аккаг каст кенæ æгириддæр нæ цудæй, кенæ ба уæлæнгæйтти. Æма еци «нæхъæртондзийнадæ» банхæст кæнун бантæстæй Тотразæн.

Наукон-теоретикон æгъдауæй Баликъой-фурти докторон диссертаци нæ историон науки байахæста зингæ бунат. Æ докторон диссертацимæ гæсгæ ци киунугутæ бацæттæ кодта, уони абони дæр хъæбæр ахсгиагæй байагорунцæ, уой дæр айдагъ аспиранттæ æма докторанттæ нæ, фал Уæрæсей алли рауæнти уæлдæр ахургæнæндæнтти ахургæндтæ дæр – Мæскуйæй, Санкт-Петербургæй…

Æ наукон архайди нимæдзæ, наукон æгъдауæй нецæййаг «дессагдзийнæдти» («жаренные факты») фæдбæл нæ догъ  кодта, фал алцæмæдæр кастæй æма алцæмæндæр аргъ кодта рæстадæ æма наукон ахедундзийнади цæстингасæй. Алцæмæдæр кастæй лæмбунæг, рецензент кенæ оппонент уогæй, Тотраз ци диссертаци бакæсидæ, уой туххæй уийанæ æдас – аккаг хузи финст ку нæ уидæ, уæд ин Тотраз, куд фæззæгъунцæ, «цъæх над» нæ равардтайдæ. Æ хатдзæгти хæццæ алкæддæр адтан арази. Фал ин еухатт ба уæддæр цæмæдæр гæсгæ уотæ бакодтон:

– Ме ’рдхуард, æгæр карз ма уо, бустæги арф ма ’згелæ…

Тотраз бахудтæй æма мин уотæ загъта:

– Хуарз лæг! Лимæндзийнадæ хъазар æй, фал дæхе ахургонд дæн, куд мин амудтай, уотæ кæнун. Æз лæгъуз ку уон, уæд дæу дæр лæгъуз ахургæнæг хондзæнæнцæ.

Æхе нивгун, амондгун адæймаг худта мæ хуарз æрдхуард Баликъоти Тотраз. Кæд æй берæ гъуддæгутæ гъигæ дардтонцæ, уæддæр. Уотæ фæззæгъидæ: «Мæ тæккæ кари дæн, исдæн æцæг баба, мæ кæстæртæй æма уони кæстæртæй зæрдрохс дæн… Мæ алфамбулай берæ уарзон хеуæнттæ, æмгæрттæ, мæ æзини æма абони ахургæнгутæ, курухон хестæртæ, хъазар æрдхуæрдтæ, кæцити уарзт мæ тавуй æма мин дæттуй устур нифс. Рæстзæрдæй цийнæ кодтон, кæнун æма кæндзæнæн! Боз дæн хуарз адæмæй, цардæй!..» Мæн зæрдæ дæр байгъæлдзæг уидæ аци лæгмæ игъосгæй, дессаги нифси хецау адтæй.

«Дигорæ»-йи редакций косгæй, ци æрмæгутæ ниммухур кæнидæ, етæ дæр ин дессаги зæрдæмæдзæугæ уиуонцæ, адæймаги  арф гъудитæбæл бафтауиуонцæ.

* * *

Абони ма мæ еу гъуддаги туххæй æнæмæнгæ зæгъун фæндуй.  Лæгæн æ фæскъилдун федар ку уа, уæд æ нифс устур æй. Тотразмæ ма еци хузи дæр устур нивæ ракастæй. Æ цардæмбал Хъарати Исай кизгæ Нинæ уомæн федар æнцойнæ ку нæ адтайдæ, уæд Тотрази уавæр фæлмастдæр адтайдæ. Бийнойнаг æ усхъæ ку нæ дара, ку нæ дæ лæдæра, уæд еске нæ, фал дæхе диссертаци кенæ киунугæбæл дæр хъæбæр зин архайæн æй. Æз мæхуæдæг æвдесæн дæн, Тотразмæ ци цæстингас дардтонцæ æ бийнонтæ, æ кæстæр æнсувæр Рамазан. Уомæн етæ адтæнцæ æ хъаурæ, æ исонибон.

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн зундгин загъд: «Лæги рагъи – дууæ уаргъи: ци бакодта хуарзæй æма ма ци бакæндзæнæй арфиагæй!..»

…Тотразæн берæ арфиаг гъуддæгутæ ма исаразун бæргæ бантæстайдæ, фал, гъулæггагæн,  уомæн ин равгæ нæбал фæцæй…  Уомæ гæсгæ ба, баруагæс уи уæд, æ цардвæндагбæл рацæугæй, ци берæ хуарздзийнæдтæй фескъуæлхтæй, етæ дæр дзæвгарæ ’нцæ, цæмæй æ уодæнцойнæн зæгъæн: «Æ уæлзæнхон цард – кадгин, æ рохс ном – æностæмæ цæруйнаг…»

ДЗИДЗОЙТИ Валерий,
историон наукити доктор, профессор