30 декабря 2024

«ÆЦÆГДЗИЙНАДÆ ХЪАЗАРДÆР ÆЙ!..»

25.03.2023 | 19:59

Нарти кадæнгити хъаппæ Иристони ке фæззиндтæй, еци гъудий сæрбæл федарæй ке дзурдта Жорж Дюмезиль, уомæй æ хæццæ кадæртæ арази нæ адтæнцæ. Уой фæдбæл номдзуд ахургонд æхуæдæг уотæ финста: «Зонун æй, мæ аци гъудитæ мухур кæнгæй, черкесæгтæ æма абхазаг æмбæлтти исмæстгун кæндзæнæн. Фал æцæгдзийнадæ хъазардæр æй: сæ бундори Нарти кадæнгитæ ’нцæ ирон…

Уоди уæхæн федардзийнадæ, наукон æцæгдзийнади сæрбæлтау гъæддухдзийнадæ ке ’вдиста, уомæ гæсгæ Жорж Дюмезили кадæ адтæй æма абони дæр æй бæрзонд æнæгъæнæ дуйней дæр. Уæлдайдæр ба, Нарти кадæнгитæ сæ уодварни хæзнатæ кæмæн æнцæ, еци адæмти ’хсæн.

Æма ин абони æ рохс ном ке имисæн, уомæн нин хуарз равгæ ес – æ райгурдбæл 4 мартъий исæнхæст æй фондз æма æхсæзинсæй анзи (1898-1986). Уой фæдбæл абони мухур кæнæн Нарти хæццæ баст фарстатæ зундгонд æртасæг, историон наукити доктор, профессор Цибирти Людвиги уац.

 

Жорж Дюмезиль райгурдæй французаг æфсади капитани (фæстæдæр – инæлар æма французаг тохæндзаумау – минометти – фиццаг фæлтæрти конструктор) Жан-Анатоль æма Маргаритæ Дютьей бийнонти ’хсæн. Ахурадæмæ тулаваст уогæй ин берæ æнтæстæй. Уой хæццæ ба имæ адтæй исфæлдистадон æма рæстмæ гъудий ацъагъуæ, æма уомæ гæсгæ ба ка имæ фæннихмæ уидæ, уæхæнттæ дæр минкъий нæ разиннидæ. Зæгъæн, уæлдæр ахургонддзийнадæ Парижи ку райста, уæд академион æмæхсæнади ’рдигæй имæ æдзæстуарзонæй кæсун ке байдæдтонцæ, уомæ гæсгæ фæттæргай æй æма рандæй Туркмæ, ахургæнæгæй куста Стамбули университети. Уоми фехцул æй кавказаг æвзæгтæбæл – Туркмæ XIX æноси ка рафтудæй, еци кавказаг адæмихатт убыхæгти маддæлон æвзагбæл фæстаг дзоргути хæццæ дæр куста.

Зæгъун æнгъезуй уой, æма Дюмезилæн дуйнеуон зундгонддзийнадæ дæр æрхаста, кавказаг адæмти цардарæзти æма уодварни фарстатæ  ’ртасунбæл, уоййасæбæл æновудæй ке фæййархайдта, е. Уой хæццæ ба ма агъазиауæй ке фескъуæлхтæй алли адæмихæттити рагон таурæхътæ æма индоевропаг адæмти дин æртасунæй, уæдта æртæ функций Теорий æргъудигæнæг. Кавказаг фольклористикæбæл куститæ ниффинсунбæл, рагон таурæхътæ æма кавказаг адæмти кадæнгитæбæл бакосунбæл исхарз кодта æноси æмбес, етæ иссæнцæ ахургæндтæ, берæ рæстæгути еудадзугдæр ке кæсунцæ æма си агъазгæнæг  ка ’й, уæхæн киунугутæ.

Стамбули университети фæсте 1935 анзæй 1968 анзи уæнгæ Дюмезиль куста Франций аллихузон ахургæнæндæнтти. Адыгти æвзаг æма фольклористики специалист уогæй, Дюмезиль бавналдта ирон æвзаг æма фольклор æртасунмæ, ирæнтти е нимадта скифти фæстаг фæлтæрбæл. Бустæги цæмæдесаг ба ин иссæнцæ, æртæ функций Теорибæл ку куста, уæд.

Æ хатдзæгтæмæ гæсгæ нартаг æхсæнадæ конд адтæй æртæ муггагемæй: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æма Борæтæ. Сæ алкæмæ дæр хаудтæй хецæн ихæстæ, сæ бунат бæрæг адтæй. Зæгъæн, Алæгатæ зундæй бæрæг дардтонцæ, Æхсæртæггатæ – хъаурæ æма лæгдзийнадæй, Борæтæ – гъæздугдзийнадæ æма фонсæй.

Жорж Дюмезилæн 1930 анзи æ къохи бафтудæй французаг æвзагбæл «Нарти кадæнгитæ» рауадзун, гъавта Нигулæни наукон æмæхсæнадæ Кавкази адæмти кадæнгити хæццæ базонгæ кæнун. Ахургæндтæй фиццагидæр е бундор исæвардта нартæ æртæ муггагебæл дехгонд ке цæунцæ, еци индоирайнаг бастдзийнадæн. Хуæрзæнхæст æхсæнадæ гъæуама еу кæна æртæ бæлвурд къуарей æмрахастдзийнадæ, кæлæн-дини, æфсади æма хæдзарадон архайд. Еци кусти Жорж Дюмезиль нарти туххæй дзурдта  уагæвæрди хузи, радех си кодта сæйраг (Урузмæг æма Сатанай, Созурухъо – Сослани, Хæмиц æма Батрадзи) æма дуккаг кезуй бæгъатæрти.

Жорж Дюмезили цуппаринсæй анзей бонмæ французаг æвзагбæл мухури рацудæй Нарти кадæнгити еума киунугæ, скифти æма синхаг адæмти таурæхътæ. Абайти Васо уой фæдбæл æ рецензий хъæбæр устур аргъ искодта ахургондæн æма æ фæллæнттæн.

Æ киунугæ «Таурæхътæ Нартæбæл»-и Жорж Дюмезиль  куд финсуй, уотемæй айдагъдæр дууæ адæмемæн, комкоммæ черкестæ (адыгтæ) æма ирæнттæн сæ бон æй Нарти кадæнгити исфæлдесгутæй сæхе нимайун. Фæстæдæр, æрмæг имæ фулдæр ку æрæмбурд æй æма рагон æхсæнади æртæ функций Теорий ирæзтмæ гæсгæ, ахургонд  æ гъудикæнуйнадæмæ бахаста циуавæрдæр æййивддзийнæдтæ. Гъома, Нарти кадæнгити фулдæр хай æма нарти фулдæр сорæттæн ес алайнаг, сæрматти-скифти бундор, бæлвурдæй æнцæ ирон адæми.

Дюмезили наукон цæстингаси Нарти кадæнгитæ адтæнцæ дууинсæй анземæй фулдæри дæргъци. Нæуæг куститæ финсгæй, теорион фæткити арфдæрæй-арфдæр цæугæй, ахургонд хаста бæлвурд æййивддзийнæдтæ æма уомæй бæлвурддæр кодтонцæ æ хатдзæгтæ. Æма е адтæй æцæг исфæлдистадон сæрæндзийнадæ, уомæн æма е уой æвдесæн адтæй, номдзуд ахургонд цæйбæрцæбæл бæрнон æй. Уой фæдбæл Абайти Васо хумæтæги нæ баханхæ кодта: «Еу фарстай дууинсæй анзей дæргъи ахургонд æ цæстингас нæ раййивта: æнæфенкъусгæй багъæуай кодта æ хатдзæг, гъома, ирæнтти Нарти кадæнгити сæйраг фонд æй рагон æма хегъæдон, байзадæй син сæ гъæздуг скифаг-сæрматтаг æма алайнаг эпикон æгъдæуттæй…»

Фæстаг дæс анзей дæргъи цæгаткавказаг республикити Нарти æма сæ кадæнгити хæццæ баст фарстати фæдбæл берæ киунугутæ уагъд цæунцæ. Кæмидæрти си райгъусуй, Дюмезиль, дан, æ фæстаг куститæмæ æ раздæри цæстингас раййивта. Уотæ ка финсуй, етæ цæйбæрцæбæл æнæраст æнцæ, уой раргом кæнуни, уæдта уони зундирахаст кæмæй æруагæс кæнуй, уонæн, æцæгæй куд æй, уой бавдесуни туххæй æрхæсдзинан Нарти кадæнгити фæдбæл Дюмезили финст киунугутæй уруссаг æвзагмæ тæлмацгонд ка ’рцудæй, уонæй ист хецæн гъудитæ.

ДЗАНАЙТИ Азанбеги конд хузæ. «Алантæ сæ тугъдон балций»

«Фæххуæст дæн ирон таурæхъти цалдæр сифебæл, уруссаг æвзагмæ тæлмацгондæй (Парижи киунугути равдисти 1926 анзи – Цибирти Людвиг). Мæ рæстæг еци тексттæ кæсгæй рарвистон, зæрдæскъæфт фæдтæн сæ гъудийæй. Ирон æвзаг бахизтæй мæ индоевропаг ахуртæмæ. Туйгъанти Махарбеги статья «Ка ’нцæ Нартæ?» мин исфедар кодта, ирæнттæ сæ таурæхъти рагон индиаг хузи æнгæс социалон уагæвæрдтæ ке багъæуай кодтонцæ, еци гъуди…»

«Ирæнттæн дувæрæй сæ къохи бафтудæй, культурон байвæрæни хæццæ се ’взаг нуриуæнгæ багъæуай кæнун, уой хæццæ си бæрæг даруй ирæзти фæстаг къæпхæнти скифаг цивилизаций уавæр. Мадта аргъ кæмæн нæййес, архаикæй идзаг эпикон таурæхътæ æгас æнцæ, кæд сæмæ бахъæрттæнцæ циуавæрдæр фольклорон темитæ, уæддæр бæгъатæрти сорæттæ ’нцæ хуæдбундор æма нæуæг. Уомæй уæлдай ма аци дзубандий хай сæхемæ райстонцæ синхаг адæмтæ, ирон, скифæгтæн хæстæг ци адтæй, уони си æййевгæй…»

«Нарти кадæнгити хъаппæ фæззиндтæй Иристони, фал сæ синхаг адæмтæ (абхазæгтæ, черкестæ, цæцæйнæгтæ æма мæхъæлæнттæ) фæгъгъæздугдæр кодтонцæ нæуæг фæззелæнтæй, нæуæг бæгъатæртæй…»

«Геродот ке исфинста, еци скифаг-сæрматтаг æгъдæуттæ, ирон нартæн ци зæрдиуагæ ’вдесунцæ, уонæн сæ фулдæр æмхузæн æнцæ нури ирæнтти хæццæ…»

«Ирæнттæ скифтæй федарæй багъæуай кодтонцæ æртæ функций структурæ, Нарти кадæнгити бæгъатæрти æртæ муггагебæл дех кæнгæй: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ, Боратæ. Черкестæмæ æртæ функций структурæ фесавдæй, айдагъдæр ма сæмæ Алæгатæ байзадæнцæ. Балхъайрæгтæмæ æма Цæцæнмæ байзадæнцæ Æхсæртæггатæ. Абхазаг эпоси æртæ функций структурæ æнхæстæй фесавдæй…»

«Ирæнтти фольклорон традицитæ кæрæдземæ лæвæрд куд цæунцæ, рæстæг сæ куд æвзурста, уомæн рабарæн нецæй хæццæ ес…» «Æркæсæн ес, Хонсар Иристони фольклорон традицитæ цардгъонæй куд байзадæнцæ, ирæнттæй Нарти кадæнгити хъаппæ ка райста, æ еци аллихузон адæмтæмæ дæр». «Ирæнттæй Нарти кадæнгитæ райсæг синхаг адæмтæй бæгъатæрти сконд, æртæ функций теори куд неке багъæуай кодта, е дессаг æй. Кæцидæр темитæ райсгæй, æртæ функций гъуди нæ багъæуай кодтонцæ, бустæгидæр æй раййивтонцæ, структурæ фесафтонцæ».

«Зонун æй, аци гъудитæ мухур кæнгæй черкесæгтæ æма абхазаг æмбæлтти исмæстгун кæндзæнæн. Фал æцæгдзийнадæ хъазардæр æй: сæ бундори Нарти кадæнгитæ ’нцæ ирон… Берæ синхаг адæмтæ сæ райстонцæ, цидæртæ си фесафтонцæ, цæмæйдæрти сæ фæгъгъæздугдæр кодтонцæ, сæхердигон циуавæрдæр хуæрзæгъдауи фæлгонц си равардтонцæ…»

Номдзуд французаг ахургонди аци загъд æй, дууинсæй анзей дæргъи нартамонунади сæрбæлтау хъазауати агъазиау исфæлдистадон хъаурæ æма рæстзæрдæдзийнадæ, зунди æма уоди федардзийнадæ ке бавдиста, уой дæнцæ. Æма уомæй си гъæуама боз уæн. Уæдта ма нæ зæрдæ дардзинан уобæл дæр, æма номдзуд ахургонди гъуди ке багъардзæнæй, сæ рагфидтæлти уодварни хæзнадзийнæдти æцæгдзийнадæ æцæгæй сæйраг кæмæн æй, уонæмæ. Æма уой фæдбæл дзилли размæ æ зæгъуйнæгтæ ка хæссуй, уонæн наукон-историон бæрнондзийнадæ сæйраг ке исуодзæнæй, уобæл дæр. Фиццагидæр уомæн, æма Нартиади сæйраг нисан гъæуама уа наукон æцæгдзийнадæ.

ЦИБИРТИ Людвиг, историон наукити доктор, профессор