22 декабря 2024

ÆНОСТИ ФÆДЕСОН

03.06.2023 | 20:24

Немзæнхон номдзуд финсæг æма публицист, æртæ тугъдеми архайæг МУГУТИ Мæхæмæти фурт ХаджиМурати райгурдбæл 3 апърели исæнхæст æй дæс æма æхсæзинсæй анзи (1893-1968).

 

Мугути Хаджи-Мурат райгурдæй 1893 анзи 3 апърели мæздæггаг итигъд будурти ка æрбунат кодта, еци хъазахъаг станицæ Черноярскийи. 1914 анзи Тифлиси фæцæй каст тугъдон кавалерион училище, лæвæрд ин æрцудæй хорунжий цин. Архайдта Фиццаг дуйнеуон тугъди, Кавказаг æма Персайаг фронтти уогæй. Октябри революций фæсте æрлæудтæй большевикти æмварс, 1918 анзи иссæй большевикон Компартий иуонг. Граждайнаг тугъди рæстæг, Дзæуæгигъæумæ исæздæхгæй, куста 11-аг æфсади агитацион-пропагандистон хайади æма Терки облæсти медгъуддæгути Управлений разамонæгæй, тугъди фæсте ба – Сурх Æфсади æсгарунади, куста Советон консульстви Турки. Фæстæдæр ба – культурæ æма ахуради учрежденити.

Устур Фидибæстон тугъди дæр архайдта æ райдайуни фиццаг бæнттæй фæстæмæ. 1943 анзи Сталингради тугъдтити уæззау цæф фæцæй, хъæбæр гъигæдард æрцудæнцæ æ цæститæ. Уæддæр æ косун нæ ниууагъта, сауæнгæ 1945 анзи уæнгæ адтæй Сурх Æфсади тугъдон-медицинон музейи æртиккаг хайади сæргълæууæг. Æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1968 анзи 3 ноябри.

Мугути Хаджи-Мурат æригонæй фæццалх æй финсунбæл. Æма ин исфæлдистадон архайд иссæй æ карни сæйрагдæр гъуддæг: ци аст æма дууинсæй анзей дæргъи фæккодта финсæги куст, уони дæргъи ин бантæстæй дæсгай уадзимистæ бацæттæ кæнун аллихузон жанрти: прози, поэзий, публицистики. Æ уадзимистæ тæлмацгонд æрцудæнцæ нæ бæсти цæрæг адæмихæттитæй берети æвзæгтæмæ, абони дæр ма сæ кæсунцæ сауæнгæ фæсарæнти дæр.

Уæлиаути бæрзондбæл нимад æй æ уацау «К берегам Терека» – æвдист си цæуй Фиццаг дуйнеуон тугъди рæстæг Хæстæг Скæсæни уæрæсейаг хъазахъæгтæ ци бæгъатæрдзийнадæ бавдистонцæ, е. Уотæ æ историон роман «Буйный Терек» дæр, кæци финст æй Цæгат Кавкази цæрæг адæмти туххæй.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Кавказаг финсгутæй е фиццагидæр бавналдта, уæди уæнгæ ацирдигон литератури ка нæма адтæй, еци жанрмæ – детективон. Æ уацау «Кукла госпожи Барк» (1955) абони дæр ма нимад цæуй хрестоматионбæл.

Сæрмагондæй уой зæгъун гъæуй, æма евгъуд æноси 30-40-аг æнзти цаутæ æма хабæртти фæдбæл финст уадзимисти Хаджи-Мурат арф æма дæсни æвдесуй уæди цардарæзти вазуггин фарстатæ: косæг лæг революцимæ ци цæстæй кæсуй, циуавæр нæдтæ ’й æрбакодтонцæ революцимæ, куд æма циуавæр зундирахастæй тох кодта æ сæрбæлтау, советон адæми æновуд хъазауат социалистон уагæбæл цардарæзт æрфедар уни сæрбæлтау, æма еци гъуддаги нæ бæсти нихмæ тохгæнæг аллихузон знæгти фудвæндитæ раргом кæнун…

Финсæги еци уадзимистæ кæддæриддæр уодзæнæнцæ нæ доги æмцудгæнгутæ, уомæн æма етæ ’нцæ æма уодзæнæнцæ агъазиау историон æвдесæндар – нæ бæсти æндагон æма медуавæри туххæй, Астрахани, Цæгат Кавкази, Дони билтæбæл, Украини ци карз тугъдтитæ цудæй медтугъди дзамани, уомæ.

Кæд æма æ фиццаг уадзимисти медес хумæтæг адтæй («Степной ветер», «Три жизни»), уæд куд фæстæдæр, уотæ ба кæнунцæ вазуггиндæр («Астраханские дни», «Пустыня»), еу уадзимисæй иннемæ тухгиндæр кæнуй сæ аййевадон гъомусадæ. Уадзимисти сорæттæмæ ку ’ркæсæн, уæд уони уодиконди дæр, æнæмæнгæ, æрæстæфдзинан уæхæн æййивддзийнæдтæ. Уæлæнгай арæзт, хумæтæг æвдист сорæтæй (П. Скиба) финсæг рахезуй вазуггин сорæтмæ, кæций хайгин кæнуй æведуйгæ хъаурæй, зундæй, федар уодигъæдæй, æма ни æруагæс кæнуй, уæхæн адæймаг ке исарæхсдзæнæй дуйней нæуæг, хумæтæг фæллойнæгæнæг дзиллитæн зæрдæмæдзæугæ цардиуагæ аразунмæ.

Нæ нæуæг цардаразæг бæсти ци дессаги берæ æййивддзийнæдтæ цудæй, ци устур социалон арæзтадæ си райеудагъ æй, уой фæдбæл хабæрттæ хуæздæр базонуни туххæй Мугути Хаджи-Мурат 30-40-аг æнзти ахид цудæй – кæми еунæгæй, кæми ба финсгути сæрмагонд къуæртти хæццæ – исфæлдистадон балцити нæ бæсти алли рауæнтæмæ. Цæмæдесæй зонгæ кодта аллихузон адæмихæттити царди хæццæ, æрæмбурд кæнидæ хъæбæр берæ гъæздуг æрмæг.

Устур Фидибæстон тугъди архайгæй, Мугути Хаджи-Мурат ци берæ публицистон уацтæ ниффинста, уонæми ирдæй равдиста советон адæми разагъди бæгъатæрдзийнадæ, дуйней дзиллити зонгæ кодта советон адæймаги уодигъæди кæдзосдзийнади, æ хуæздæр менеугути, æ Фидибæстæбæл æновуддзийнади хæццæ, равдиста ин е ’нæбасæтгæ тухæ.

МУГУТИ Хаджи-Мурат æ бийнонти хæццæ. 1924 анз.

Мугуй-фурт 1937 анзи бавналдта устур историон роман «Кази-Мулла» финсунмæ æма ибæл фæккуста берæ æнзти дæргъи. Романи æвдист æрцудæй, Цæцæн æма Дагестани адæмтæ XIX æноси фиццаг æмбеси сæ национ хуæдбарæдзийнадæ багъæуай кæнунбæл ку тох кодтонцæ, еци догæ.

Романи фиццаг киунугæ «Буйный Терек» мухури фæззиндтæй 1959 анзи, дуккаг ба – 1971 анзи. Роман æй фæлтæрдгун финсæги устур эпикон уадзимис, Хаджи-Мурат Цæгат Кавкази æма Фæскавкази адæмти цардæй айдагъдæр цубур догæ (1825-1827 æнзтæ) райсгæй æй аййевадон æгъдауæй уотæ дæсни исхузæ кодта, æма киунугæкæсæгæн устур агъаз фæууодзæнæй уæди цардарæзти къубулойнæ райхалунæн, Цæгат Кавкази национ-уæгъдебарон змæлди райдайæнæн раст аргъ искæнунæн.

«К берегам Тигра», зæгъгæ, уадзимиси финсæг равдиста, Уæрæсей тугъдон анзфинстмæ ка бацудæй, уæхæн цау Фиццаг дуйнеуон тугъди дзаманæй. Англиси политиктæ бадзубанди кодтонцæ Уæрæсей паддзахи, се ’мцæдесони хæццæ, цæмæй е сæ еумæйаг знаги фæскъилдунти стæри рарвистайдæ хъазахъаг æфсæддон хай. Сæдæ ефтонг бæхгини идард балций уæззау фуднæдтæбæл цæугæй равдистонцæ бæгъатæрдзийнадæ, устур бухсундзийнадæ. Еци стæри адтæй Мугуй-фурт æхуæдæг дæр.

Мугуй-фурт æ исфæлдистадон архайди еудадзугдæр зингæ æргом æздахта детективон тематикæмæ. Еци жанри ци уадзимистæ ниффинста, уонæн сæ бундор кæддæриддæр исуиуонцæ, царди æцæгæйдæр ка ’рцудæй, уæхæн цаутæ. Æ детективон уадзимистæ мухургонд цæун байдæдтонцæ 1928 анзæй фæстæмæ – «Огненная лапа» (1928 анз), «Капитан Келли» (1928 анз), «В тихом городке» (1946 анз), «Кукла госпожи Барк» (1956 анз), «Бриллианты императрицы» (1968 анз). Аци уадзимистæ мухури рацудæнцæ цалдæргай хæттити æма тæлмацгонд æрцудæнцæ киргизаг, узбекаг, латвиаг, ирон, румынаг æма вьетнаймаг æма æндæр æвзæгтæмæ.

Нæ бон уотæ зæгъун æй, æма Хаджи-Мурати уадзимистæ нури доги дæр, кæд уæхæн рæстæгутæ ралæуудтæй, æма киунугæ кæсун уоййасæбæл цæстиварди нæбал æй, уæддæр дзиллæн еци цæмæдесаг æнцæ, кæсунцæ сæ алли кари, аллихузон кустити лæуд адæм. Уомæн æвдесæн – Цæгат Иристони ирон литератури музейи архиви ес, Мугуй-фурти уадзимистæ син куд зæрдтагон æнцæ æма сæ куд æхцæуæнæй фæккæсунцæ, уой туххæй киунугæкæсгути берæ финстæгутæ.

Мугути Хаджи-Мурати карни хабæрттæ æма исфæлдистадæ нæ ирæзгæ фæлтæртæ гъæуама зононцæ, хеуон син уонцæ, уомæн æма уони фæрци ахур кæндзæнæнцæ Райгурæн бæстæ уарзунбæл, еузæрдиуон ибæл унмæ, багъæуаги æ сæрбæлтау уодуæлдайæй бахъиамæт кæнунмæ рæстуодæй цæттæ куд уонцæ. Аци гъуддаг уæлдай ахсгиаг æй нури хæлхъой æма æзмæнст рæстæгути, нæ Фидибæсти нихмæ нин не ’знаггадæхæсгутæ аллихузон фудракæндтитæ ку аразунцæ, уæд.

Æма абони Мугути Хаджи-Мурати рохс ном имисгæй, мухур кæнæн æ публицистон уац, кæцими дзубанди цæуй советон хецаудзинадæ Цæгат Иристони æрфедар уни сæрбæлтау тохи цаути туххæй. Ка ’й зонуй, еске уотæ дæр зæгъдзæнæй, гъома, еци рагон хабæртти кой ма ци кæнæн зæгъгæ, æма сæ еци гъудийæй раст нæ уодзæнæнцæ – нури æмæнтъери рæстæгути нæ ирæзгæ фæлтæртæн сæ сæризунд не ’знæгтæ исусхъуммитæ кæнунбæл еци архайæги ку архайунцæ, уæд махæн, хæстæртæн ба нæ устурдæр ихæс æй еци æверхъаудзийнадæн карз нихкъуæрд дæттун æма нæ кæстæртæн амонун, цæмæй зононцæ нæ фидтæлти рæстзæрдæ хъазауат Фидибæсти сæрбæлтау.