18 апреля 2024

Арфитӕ ТЕКЪОТИ Лазӕри фурт Казбекӕн

01.09.2020 | 10:07

Нæ хъазар Казбек! Абони, фиццаг сентябри æй дæ райгурæн бон, уой дæр хумæтæги райгурæн бон нæ, фал юбилейон – исæнхæст дæбæл æй æртинсæй анзи!.. Дæ цардвæндаги æртинсæй анзи дæхердигæй ке фæцæнцæ, е дессаги равгæ æй уонæн сæ бæрци бæрзондæй сæмæ ракæсун æма, циуавæр æй сæ фарнæ, уой дæхе хинцфарстæй исбæлвурд кæнунæн.
Æма, федарæй ни æруагæс кæнуй, хъæбæр берæ-берæ цæмæйдæрти си дæ зæрдæ ке барохс уодзæнæй, берæ кæмæйдæртæй – хеуæнттæй дæр æма зонгитæй дæр боз ке уодзæнæ, æгайтима дæ фарсмæ дæ царди гъуддæгути æмцуд кодтонцæ æма кæнунцæ, нифсгун си адтæ æма ма си дæ, уомæн æма багъæуаги бавдесунцæ сæ рæстуоддзийнадæ. Æма син ду
дæхуæдæг дæр еци хузи нифсдæттæг дæ. Æма уомæй хуæздæр ба ма ци ес царди!..
Уомæ гæсгæ ба хъæбæр æхцæуæн нин æй абони дæуæн дæ цитгин райгурæн бони фæдбæл зæрдиаг арфитæ ракæнун! Нæ зæрдæ дин берæ алæмæттаг хуарздзийнæдтæ зæгъуй, уомæн æма нæ хъæбæр фæндуй, дæ царди цæмæ бæллис æма дин зæрдтагон ци нисантæ ’нцæ, уонæмæ тундзгæй, дæ развæндагбæл цæмæй уа æнцондæр цæуæн, цæмæй уонцæ дæ къахдзæфтæ рæстаг, цæмæй кæдзос æма уодæнцойнæ уонцæ де ’хсæвæ дæр æма дæ бон дæр, цæмæй дæ царди ’гъдауæй дæхуæдæг дæр ма уай æма еске дæр ма уа гъæстаг, цæмæй цæуай нæ рай-гурæн зæнхæбæл рæсугъдæй, цæмæй зæрдрохс æма сæрустур уай дæ бийнонтæй, дæ кæстæртæй, цæмæй алкæддæр дæ æмусхъæ уонцæ, æцæгæй дæ ка уарзуй æма нимайуй, цæстуарзонæй ке фæн-дуй, дæ царди хабæрттæ рæстмæ куд уонцæ, уæхæн æрдхуæрдтæ…
Цæмæй… Берæ, берæ цидæртæ ма нæ фæндуй нæ арфи зæгъун, нимад дæр сæ, æвæдзи, нæ фæууодзинан, фал сæ еугурей туххæй еумæйагæй зæгъæн: цард дæ рæвдауæд æнæнездзийнадæй, зæрдтагон хабæрттæй, æнтæстдзийнæдтæй, хеуæнтти æновуддзийнадæй, æрдхуæрдти рæстуоддзийнадæй!

Берæ дæ ка уарзуй æма дин устур кадæ ка кæнуй, дæ еци хеуæнттæ æма æрдхуæрдтæ.