11 ноября 2024

МАДДӔЛОН ӔВЗАГ… УОДӔН ДЕССАГДӔР ЦИ ЕС!..

28.02.2022 | 16:12

Нӕ абони радзубандий сӕргондӕн ци гъуди рахастан, е кӕд нури уӕнгӕ дӕр ахид райгъусидӕ нӕ газети мухургонд ӕрмӕгути, уӕддӕр ӕй еума хатт зӕгъӕн. Уой дӕр уомӕ гӕсгӕ, ӕма зундгонд куд ӕй, уотемӕй алли анз дӕр 21 феврали бӕрӕггонд фӕццӕуй маддӕлон ӕвзаги Ӕхсӕнадӕмон бон. Нисангонд ӕрцудӕй 1999 анзи ЮНЕСКО-й Генералон конференций 30-аг сессий. Ӕ нисанеуӕг ӕй, фесӕфунӕй тӕссаг кӕмӕн ӕй, еци ӕвзӕгтӕ багъӕуай кӕнун. Е хъӕбӕр ахсгиаг гъуддаг ӕй, уомӕн ӕма, куд нимад цӕуй, уотемӕй нуртӕккӕ алли мӕйӕ дӕр фесӕфунцӕ рӕстӕмбес нимадӕй дууӕ ӕвзаги. Зӕгъӕн, нуртӕккӕ Уӕрӕсей фесӕфунӕй тӕссаг уавӕри ‘нцӕ 136 ӕвзаги, инсӕй ба нимад ӕрцудӕнцӕ ӕдзардбӕл.

Еуӕй-еу адӕмихӕттити  маддӕлон ӕвзӕгти тӕссаг уавӕр нимайгӕй, сӕ сӕрбӕлтау нисангонд Ӕхсӕнадӕмон бонӕн ӕ ахедундзийнадӕ исагъазиау кӕнун бӕргӕ уӕлдай ахсгиаг ӕй, фал…

Махмӕ гӕсгӕ, аци бӕрӕгбон ӕнгъизтӕй цидӕр хабӕрттӕй  исбӕрӕг кӕнун – зӕгъӕн, маддӕлон ӕвзагбӕл ци мухури фӕрӕзнитӕ уагъд цӕуй, уонӕн фӕййагъаз кӕнун сӕ берӕ сагъӕссаг фарстатӕ райаразунӕй, адӕми ‘рдигӕй ба – бӕргӕ хуарз адтайдӕ еци газеттӕ ӕма журналтӕ дзиллонӕй рафинсун.

Аци фӕндӕ фиццаг хатт нӕ зӕгъӕн, фал нӕ игъосӕг ба, гъулӕггагӕн, нӕййес. Уомӕн ӕвдесӕн – дигорон ӕвзагбӕл ци еунӕг газет «Дигорӕ» цӕуй, уой тираж: ӕдеугурӕй ӕй рафинсунцӕ 300-350 адӕймаги. Гӕрр, нӕ Дигори дзилли нӕ маддӕлон ӕвзаг уал адӕймагемӕй уӕлдай некебал гъӕуй? Ӕ зӕгъун дӕр зин ӕй, фал, ӕвӕдзи, уотӕ ‘й. Ӕма ма уӕд, уоййасӕбӕл сӕрустурӕй нӕхе ци дигорондзийнадӕй фестауӕн, е ци амонуй?..

Уогӕ, ка ‘й зонуй, иннетӕ уотӕ дӕр ӕнгъӕлунцӕ ӕма маддӕлон ӕвзаги сӕрбӕл айдагъ мах ан сӕрбӕлдзорӕг. Баруагӕс уи уӕд, дуйней иннӕ адӕмихӕттити дзурддзӕугӕдӕр адӕймӕгутӕн дӕр сӕ маддӕлон ӕвзаги карнӕ сагъӕссаг ӕй, зӕрдиагӕй дзорунцӕ ӕма архайунцӕ, цӕмӕй си алкӕмӕн дӕр ӕ маддӕлон ӕвзаг цӕра ӕма ӕнтӕстгинӕй ирӕза. Дӕнцӕн уин ӕрхӕсдзинан уонӕй еуӕй-еуети гъудитӕ.

Данте Алигьери (1265-1321), итайлаг поэт

Ходуйнаг ӕма аллайаги игакӕ ӕвӕрун, ӕцӕгӕлон ӕвзаг ка ӕстауй, ӕхеуонбӕл ба билӕскъелтӕ ка кӕнуй, еци фӕрсмӕзунд, адӕймагбӕл. Ӕз федарӕй зӕгъун: етӕ уӕхӕн галеу надбӕл ке ӕрлӕуунцӕ, уомӕн ес фондз илгъаг рӕуаги. Фиццаг – хъӕрӕу ке ’нцӕ, адӕймаги гӕнӕнтӕ ӕма гъомус рахатун ке нӕ фӕразунцӕ, е; дуккаг – хийнӕйдзаг ке ’нцӕ, е; ӕртиккаг – кадӕмӕ сӕ бицъинӕг ке тонунцӕ, е; цуппӕрӕймаг – хицӕ ке кӕнунцӕ, е; фӕндзӕймаг ӕма фӕстаг – цъамар уодтӕ син ке ес, ӕнӕнифс ке ’нцӕ, е.

 

…Мӕ маддӕлон ӕвзаг мӕ ракодта, алцӕмӕй ӕнхӕст унӕн фадуат ка дӕттуй, еци зунди надмӕ. Ӕнӕгурусхаг ӕй ӕма ‘й мӕхуӕдӕг бавзурстон: ӕвзаг мин иссӕй тӕккӕ устурдӕр хуӕрзгӕнӕг.

 

 

Томас ЭЛИОТ (1888-1965), америкаг финсӕг

 

Ӕцӕгӕлон ӕвзагӕй дӕ гъуди ку зӕгъай, уӕддӕр дин ӕхе нӕ раййевдзӕнӕй, фал дӕ сагъӕстӕ, дӕ кемӕнтӕ ӕцӕгӕлон ӕвзагӕй ӕвдесгӕй ба етӕ фендӕрхузон уодзӕнӕнцӕ… Еудзурдӕй, кемӕн ӕма сагъӕсӕн тӕккӕ хуӕздӕр равдесӕн ес хе ’взагӕй.

 

Хъӕбӕр ка райрӕзтӕй, уӕхӕн ӕвзагӕн фесӕфӕн нӕййес, адӕмӕн сӕхе ку нӕ фесафай, уӕд.

 

 

 

Расул ГАМЗАТОВ  (1923-2003), Дагестани адӕмон поэт

Мӕнмӕ адӕмти ӕвзӕгтӕ кӕсунцӕ, арвбӕл ци стъалутӕ ес, уони хузӕн. Мӕн нӕ фӕндуй, цӕмӕй стъалутӕ байеу уонцӕ ӕма си рауайа, арви ӕмбес ка ахӕссуй, уӕхӕн агъазиау стъалу. Ес хор. Уадзӕ ӕма уонцӕ стъалутӕ дӕр. Уадзӕ ӕма алли адӕмӕн дӕр уа ӕхе стъалу.

 

Кӕмӕндӕрти кедӕр ӕвзаг – ӕвдадзау,

Нивӕндунцӕ ибӕл зӕрдӕрайгӕ сӕ зард.

Кӕд исон ӕрцӕудзӕнӕй ме ’взагӕн ӕ адзал,

Уӕд нӕбал гъӕуй мӕн абони дӕр мӕ цард.

 

 

АБАЙТИ Васо (1900-2001), номдзуд ахургонд

…Ирон ӕвзаг ӕй, гъудий ӕма ӕнкъарӕни тӕккӕ листӕгдӕр ӕма ездондӕр фӕззелӕнтӕ равдесунмӕ ка арӕхсуй, уӕхӕн ӕнаййеп, рӕвдзӕ ӕма коммӕгӕс хотух.

Ирон интеллигенций еу хай билӕскъелӕй кӕсун райдӕдта маддӕлон ӕвзагмӕ, ӕма беретӕ сауӕнгӕ сӕ бийнонти ’хсӕн дӕр нӕбал дзорунцӕ сӕхе ӕвзагбӕл. Е адӕймаги ӕфтауй катайбӕл. Хецӕн цӕрӕгойтӕ ӕма зайӕгойтӕ дӕр ма Сурх киунугумӕ хаст ку цӕунцӕ ӕма сӕ багъӕуай кӕнунбӕл зӕрдиагӕй ку косунцӕ, уӕд ӕвзаг – алли адӕймагӕн дӕр ӕ хъазар культурон хӕзна – цӕмӕннӕ цӕуй гъӕуайгонд цӕстигагуй хузӕн: Пушкини рӕстӕги ка цардӕй, еци поэт П.А. Вяземский кӕд ӕма кӕд ниффинста:

Язык есть исповедь народа,

В нем слышится его природа,

Его душа и быт родной.

Адӕми дех кӕнӕн ес устуртӕбӕл ӕма минкъийтӕбӕл. Ӕвзӕгтӕн уотӕ дех кӕнӕн нӕййес. Алли ӕвзаг дӕр ӕ адӕмӕн устур ӕй. «Махӕй алкӕбӕл дӕр ес бӕдоли ихӕс, ци адӕм нӕ исӕнтӕсун кодтонцӕ, тӕккӕ устурдӕр есбонадӕ – ӕвзаг – нин ка ниууагъта, уой размӕ: гъӕуама ‘й кӕдзос дарӕн, гъӕуама ’й гъӕздугдӕр кӕнӕн. Ахсгиаг гъуддаг ӕй гӕнӕн ӕма амалӕй аллихузон ӕвзӕгтӕ фулдӕр багъӕуай кӕнун» (Чингиз Айтматов. «Литературная газета», 13.08.86).

Национ хелӕдӕрундзийнадӕн национ ӕвзӕгтӕй хецӕнгӕнӕн нӕййес. Ескӕци ӕвзаг ку рамӕла, уӕд рамӕлдзӕнӕнцӕ адӕм дӕр (куд хецӕн этнос). Бустӕги хуӕдхуз ка ’й, хуӕндбундор кӕмӕн ес, уӕхӕн адӕмтӕ мӕлонцӕ, е ба ке бафӕнддзӕнӕй? Неке, ӕ сӕрӕй ӕ къӕхти уӕнгӕ расист ка ’й, айдагъ уӕхӕнтти.

 

Ованес ТУМАНЯН  (1869-1923), сомехаг поэт

 

Ӕвзаг ӕй, алли адӕм дӕр цӕй фӕрци цӕрунцӕ ӕма ‘нцӕ, уӕхӕн ахсгиагдӕр уедагӕ, сӕ хуӕдбундоради ӕма генийи ирддӕр бӕрӕггӕнӕн, истори ӕма идард кӕддӕри дзамантӕ байгон кӕнунӕн ӕмбесонди дӕгъӕл, уоди гъӕздугдзийнӕдтӕн, есбонтӕн сӕ тӕккӕ ахедгӕдӕр, фӕрнгундӕр, цӕветтонгӕ, адӕмӕн сӕ уод ӕма сӕ психологи.

 

 

 

 

 

 

Федор ДОСТОЕВСКИЙ  (1821-1881), уруссаг финсӕг

Мӕнмӕ ӕгириддӕр дессаг нӕбал кӕсуй, уруссӕгтӕ кӕрӕдземӕ уруссагау ке нӕ дзорунцӕ, е (ӕнахур хабар уидӕ, уруссагау ку дзориуонцӕ, уӕд). Дессаг ӕндӕр гъуддаг ӕй: уотӕ сӕмӕ кӕсуй, цума французагау хуарз дзорунцӕ. Ка нин нитътъунста нӕ сӕри еци гъуди? Е айдагъдӕр не ‘нӕфӕууиндбӕл дзорӕг ӕй. Французагау ка дзоруй, еци уруссӕгтӕ (гъома, нӕ интеллигенций агъазиау хай) дех кӕнунцӕ дууӕ къуаребӕл: еуетӕ французаг ӕвзаг лӕгъуз ке зонунцӕ, е гурусхаг нӕй; иннетӕ ба уотӕ ӕнгъӕлунцӕ, цума ӕцӕг парижӕгтау дзорунцӕ.(…) Никки ма илгъаг е ӕй, ӕма, фӕсдзӕуинтти цармӕстъигъд бакӕнгӕй, сӕхецӕй боц ӕма сӕрустур ке ’нцӕ (дууӕ къуари дӕр. – Ред.) Уонӕн се ’взаг цардӕгас нӕй, фал мард, аразгӕ, фантастикон.

 

РЕДАКЦИЙӔЙ. Нур, цума, гениалон уруссаг финсӕг абони ирӕнтти уавӕрмӕ ку ‘ркӕсидӕ, уӕд ци зӕгъидӕ? Ӕ маддӕлон ӕвзагбӕл дзорун ка не ’ндеуй, ӕ сӕрмӕ ’й ка нӕ хӕссуй, билӕскъелтӕ ибӕл ка кӕнуй, уруссаг ӕвзаг дзӕбӕх ка нӕ зонуй, уруссаги хӕццӕ  ма ‘й хӕлӕмулӕ кӕнуй, еци ирӕнттӕ имӕ ӕвӕдзи бустӕги гъӕддӕгтӕ фӕккӕсиуонцӕ…

 

 

Евгений ТРУБЕЦКОЙ (1863-1923), уруссаг философ

 

«Ӕвӕлмӕсӕй ӕхе Мессия ка ‘нгъӕлуй» ӕма иннӕ адӕмти рази ӕхе ӕсхъӕлӕй ка даруй, гъома, ӕз сумахӕй уӕлдӕр дӕн, зӕгъгӕ, еци адӕм еу гъуддаг нӕ лӕдӕрунцӕ – еци-еу рӕстӕг Киристей ӕма Вельзевули менеугтӕй хагин ке ‘нцӕ, уой. Изӕдбӕл уасӕнги къӕхтӕ ке ес, уой ку нӕ уинай ӕма ’й ку исдзурдтаг кӕнай, уӕд дӕ цӕститӕ хъӕбӕр сахъат ӕнцӕ ӕма син хуасӕ кӕнун гъӕуй.

 

 

 

 

 

Аветик ИСААКЯН (1875-1957), сомехаг финсӕг

 

Литературӕн райгурӕн бӕстӕ нӕййес, зӕгъгӕ, еци гъудий хӕццӕ арази дӕн. Фал алли райгурӕн бӕстӕн дӕр ес, баййевӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн литературӕ. Уоми ес нӕ уод, нӕ бӕстӕ, нӕ дзурдтӕ, нӕ зар, нӕ хуӕнхти фарнӕ, нӕ сауӕдӕнтти унӕр, нӕ деденгути хуӕрздӕф.

 

 

 

 

 

 

Дмитрий ЛИХАЧЕВ  (1906-1999), номдзуд ахургонд

Адӕмӕн ӕ тӕккӕ агъазиаудӕр есбойнадӕ исхонӕн ес, ци ’взагбӕл дзоруй, финсуй ӕма гъуди кӕнуй, уой. Аци факт еугуремӕй ахсгиагдӕр, ахедгӕдӕр ӕй. Адӕймаг ӕхе зонунгъон ку фӕууй, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕ маддӕлон ӕвзаги хӕццӕ ӕмцуд фӕккӕнуй. Эмоцитӕ, ӕнкъарӕнтӕ нин фӕаййевдӕр, фӕххузӕнондӕр кӕнунцӕ нӕ гъудитӕ, фал еци гъудитӕ еугурдӕр кӕрӕдзебӕл баст цӕунцӕ ӕвзаги фӕрци.

Адӕймаг циуавӕр зунд ӕма уоди хецау ӕй, уой базонун дӕ ку фӕндӕуа, уӕд багъосӕ, куд дзоруй, уомӕ. Адӕймаг ӕхе куд даруй, куд цӕуй, ци миутӕ кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ ин искӕнӕн аргъ ӕма еуӕй-еу хатт фӕррӕдуйӕн. Ӕвзаг ба нин берӕ бӕлвурддӕрӕй равдесуй адӕймаги менеугутӕ ӕма культурӕ.

Мадта адӕмӕн е ’взаг ӕй ӕ культурӕ ‘вдесӕг, хецӕн адӕймагӕн е ’взаг ӕ менеугутӕ ‘вдесӕг куд ӕй, уотӕ.

 

РЕДАКЦИЙӔЙ. Маддӕлон ӕвзагӕн е ‘нӕмӕнгӕ гъӕугӕдзийнадӕ берӕ цӕмӕйдӕрти ӕй. Зӕгъӕн, уомӕй ахедгӕдӕр фӕрӕзнӕ нӕййес нӕ адӕмон исфӕлдистади фарнӕ багъӕуай кӕнуни. Е ба хъӕбӕр ахсгиаг ӕй – е ӕй зунди ӕма нифси сауӕдонӕ. Уой туххӕй ӕрмӕг кӕсетӕ мӕнӕ иннӕ фарсбӕл.