Дигорæмæ ма бæрæг кæнунцæ къæлиндармæ бахæссунмæ фадуат кæмæн нæййес, уæхæн бæрæгбонтæ дæр:
хуарздзийнади фæдбæл – киндзæхсæвæр, кизгæрвист, бафедауни æгъдау, киндзæ раæргом кæнун, муггаги кувд, игурæн бон, фидбилизæй
фæййервæзæгæн кувд, æфсадæй кенæ идард балцийæй исцæуæги кувд, лæгдзийнадæ бавдесæгæн кади æгъдау искæнун æма æндæртæ;
• нарти кæндитæ – зиани бон, майрæнизæр, сабатизæр, дууинсæй боней садахъа, афæйгæндæ, циртæвдесæн æма æндæртæ.
Къæлиндар исаразта Регионалон рохситауæг æхсæнадон организаци «Геуæрги Малити»-й сæрдар ТАМАТИ Таймураз.
Къæлиндарæн абони мухур кæнæн æ фиццаг хай, дуккаг хай ба мухур кæндзинан амистоли мæйи фæстаг номери.