ФУДРАКÆНДТИ ТУХХÆЙ ИГЪОСУН КÆНЕТÆ!..
Цæгат Иристони медгъуддæгти министрадæ республики цæргутæн игъосун кæнуй:
Цæгат Иристони медгъуддæгти министради еугур оргæнтæ дæр комкоммæ ихæсгин æнцæ фудракæндтитæ, административон барадæихæлдтитæ æма фидбилизти туххæй игъосункæнуйнæгтæ æнæмæнгæ есунæй æма регистраци кæнунæй, еци цаутæ кæд æма кæми æрцудæнцæ, уой нæ нимайгæй.
Уæрæсей Федераций граждæнтæн ес фудракæнди административон барадæихæлд кенæ фидбилизти туххæй игъосункæнуйнаг «02» телефонæй (сотовый телефонæй- «102») фегъосун кæнуни кенæ хабар гæгъæдибæл финстæй Цæгат Иристони медгъуддæгти министради цийфæнди оргæни радхæссæг хаймæ дæр барветуни барæ.
Цæгат Иристони медгъуддæгти министради æууæнки телефони номертæ æнцæ: 59-46-99. Æма алли адæймаги бон дæр æй, телефони еци номертæбæл бадзоргæй, багъаст кæнун, Цæгат Иристони медгъуддæгти министради косгутæй еске æ ихæстæ, куд гъæуй, уотæ ку не ’нхæст кæна, уæд уой фæдбæл.