22 ИЮНЬ… ХЪОНЦ КÆНУНИ ÆМА ИМИСУНИ БОН…
Дууæ æма цуппаринсæй анзей размæ, 1941 анзи 22 июни фашистон Германи гадзирахаттæй æрбалæбурдта Советон Цæдесмæ… Райдæдта Устур Фидибæстон тугъд… Дуйнетæбæл тæккæ æверхъаудæр тугъд… Немуцаг-фашистон æрдонгти нихмæ тох фæццудæй 1418 бони æма æхсæви, цалинмæ бустæги дæрæнгонд не ’рцудæнцæ æма сæ лæгæт Берлини сæрмæ Сурх Æфсади бæгъатæртæ Уæлахези туруса не ’рсагътонцæ… Уæззаудæртæй-уæззаудæр аргъ бафедун багъудæй советон адæми, цæмæй цифуддæр знагбæл фæууæлахез адтайуонцæ. Авд æма инсæй миллионемæй фулдæр советон адæймаги бастъалдæнцæ еци тугъди…
Æма нин 9 Май кæд нæ Уæлахези цийни бæрæгбон æй, уæд нин 22 июнь ба æностæмæ дæр уодзæнæй хъонц кæнуни æма имисуни Бон. Алли анз дæр аци бони нæ Фидибæсти еугур рауæнти дæр арæзт æрцæунцæ номерæн мадзæлттæ. Уотæ – Цæгат Иристони дæр.
Æма евгъуд цуппæрæни, 22 июни бабæй нæмæ арæзт æрцудæнцæ уæхæн мадзæлттæ. Устур Фидибæстон тугъди æнзти Райгурæн бæсти сæрбæлтау æ цард ка равардта, еци бæгъатæр тугъдонти рохс нæмттæ æримисуни туххæй мемориалмæ æрбацудæнцæ нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз, Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис, министрадтæ æма ведомствити косгутæ, Парламенти депутаттæ æма æхсæнади минæвæрттæ.
Мæтъæл музыки зæлти хæццæ диктор радзурдта нæ Цитгин Уæлахезбæл ци æгæрон агъазиау устур аргъ бафистан, цæйбæрцæ адæм фæммард æй, æбæрæгæй фесавдæй тугъди æнзти, ци æгæрон уæззау зиндзийнæдтæ æма уæззау гъезæмæрттæ бавзурстонцæ советон адæм, еугур еци хабæртти туххæй.
Уой фæсте Тугъдон намуси мемориали циртдзæвæнти рæбун деденгутæ исæвардтонцæ нæ республики разамонгутæ, номерæн мадзали еугур архайгутæ дæр.
Неке æй иронх, неци æй иронх… Аци табуйаг загъд нæ адæм сæхецæн нимайунцæ æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг ихæсбæл… Æма уотæ уодзæнæй æностæмæ…