ТӔВДӔ БӔНТТӔ ӔМА АДӔЙМАГИ РАВГӔ
СÆРДÆ Æ ТÆМÆНИ БАЦУДÆЙ
Райдæдта август. Къæлиндармæ гæсгæ, август кæд фæстаг сæрдигон мæйæ ’й, уæддæр нæмæ сæрдæ æ тæмæни ке бацудæй, уой федарæй зæгъæн ес.
Ахид августи республики хуæнхрæбун районти уæлдæфи температурæ фæууй 20-21 градуси, будуйрон районти ба – 24-25 градуси гъар. Ростови гидрометцентри рагацау бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, аци анз Цæгат Кавкази федералон зилди фæзуатбæл уæлдæфи температурæ уодзæнæй нормæмæ хæстæг. Æхсæви уæлдæфи температурæ æрхаудзæнæй гъари 15-21 градусмæ, бонæй ба температурæ исхездзæнæй 22-28 градусмæ (хецæн бæнтти – 30-35 градусмæ).
Цæстдарди берæанзон бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, тæккæ уазалдæр август адтæй 1984 анзи, еци дзамани уæлдæфи температурæ адтæй айдагъдæр 17 градуси гъар, тæккæ гъардæр август ба адтæй 2006 анзи (уæлдæфи рæстæмбес температурæ адтæй 25 градуси).
Августи хор бæнттæ æма уаргæ бæнттæ кæрæдзей ахид æййевдзæнæнцæ. Ахид августи мæйи республики хуæнхрæбун районти рауаруй 84-90 мм, будуйрон районти ба – 35. Аци анз дæр рауардзæнæй нормæмæ хæстæг, кенæ ба – еуцæйбæрцæдæр минкъийдæр. Ахид уодзæнæй карз уарунтæ, еуæй-еу рауæнти рауардзæнæй ех карз думги хæццæ.
ДÆХУÆДÆГ ДÆХЕ КУД БАГЪÆУАЙ КÆНАЙ…
Сæрдигон тæвдæ бæнтти фулдæр гъæуй дон ниуазун, комкоммæ хори тунтæй хе гъæуай кæнунæн хуарз æй сæрбæл рæуæг ходæ дарун, синтетикон хъумацæй дзаумæуттæ феронх кæнун, фунæй кæнуни размæ уатмæ кæдзос уæлдæф бауадзун – аци амунддзийнæдтæ ‘нцæ хумæтæг æма сæ алкедæр зонуй. Фал ес, адæм ке нæ зонунцæ, уотемæй ба пайда ка ’й, уæхæн сосæгдзийнæдтæ дæр.
Зæгъæн, ес, æртæ минуттемæ ракæнун ке æнгъезуй тæвди нихмæ, уæхæн массаж. Хори содзгæ тунтæ, тæккæ фиццаг, бахъор кæнунцæ сæрихъанз æма нервти системæ. Бауæри алли оргæн организммæ «фæдес» кæнун райдайуй, уæхæн тæвди нæ бон косун нæй, зæгъгæ. Еци «фæдес» организммæ бахъæртуй нервтæн сæ кæрæнттæй. Сæрихъанз «фæдес» фегъосуй, æма æ ихæс æй уавæртæ раййевун, цæмæй бауæри оргæнтæн сæ бон косун уа зин уавæрти дæр. Уомæн хъæбæр агъаз æй, адæймагæн æхецæн æ бон искæнун ке ’й, уæхæн массаж – æдеугурæй æнцæ æртæ фæлтæрæни, алкедæр си еу минуттæй фулдæр кæнун нæ гъæуй. Кæнун сæ гъæуй бони дæргъи кæцифæнди афони дæр.
Фиццаг фæлтæрæн: устур æма амонæн æнгулдзитæй хъæбæр балхъеветæ гъости æлгътæ.
Дуккаг: бунккаг билæ æма зекъи ’хсæн ци цъасæ ес, уомæн æ астæубæл хъæбæр ниххуæцетæ устур æнгулдзитæй.
Æртиккаг: дууæ къохей устур æма кæстæр æнгулдзитæн сæ фæлмæнтæ кæрæдзебæл райвæретæ æма сæ кæрæдземæ хъæбæр нилхъеветæ.
Æнхъуæти нихмæ агъаз кæнуй цъæх хузæ. Уомæ гæсгæ уæхæн бони фулдæр кæсун гъæуй, нæ алливарс ци цъæх кæрдæг æма зайæгойтæ ес, уонæмæ. Хори нихмæ кæсæнцæститæн дæр сæ æвгитæ гъæуама уонцæ цъæх. Гъуддаг уой медæги ‘й, æма цъæх хузæ хуæздæрæрдæмæ ахедуй цæстигагуйæн æ нервти кæрæнттæбæл. Уомæй уæлдай, сæ хузæ цъæх кæмæн æй, уæхæн халсартæ организмбæл ахедунцæ, куд уазалгæнæн, еци хузи. Уомæ гæсгæ фулдæр хуæретæ хуæргæнæстæ, кабачок, цуккини, цъæх салати сифтæ. Уотемæй ма адæймагæн æ уæзæй рахаудзæнæй еу-дууæ килограмми. Æма е æхуæдæг дæр цæйбæрцæбæл хуарз æй!
Цъæхтæ, бортæ, мудхузтæ – алли хузтæ дæр, карз сурхæй фæстæмæ, хуарз агъаз æнцæ тæвдæй багъæуай кæнунæн. Адæймаги дзаумауи фулдæр гъæуама уа хъæбæр цъæххуз, салатхуз, борхуз æма сиренхуз дарæс. Уæхæн дарæси бауæр хуæздæр уолæфуй.
Нæ гъæуайгæнæг – элеутерококк. Аци зайæгой æй хийнæйдзаг. Хонунцæ ма ’й æрдзон тухæдæттæг. Аллихузон стресстæ, бонигъæди хæццæ баст стрессти нихмæ е федар кæнуй организм, аллихузон уавæртæбæл цæмæй райахур уа, уой туххæй ин агъаз кæнуй. Зайæгойæн æ дон ниуазун гъæуй дууæ къуæрей дæргъи, бонæ – 25-30 тъинкки. Хуæздæр уодзæнæй сæумæй си раниуазун, цайбæл бафтаун дæр æй æнгъезуй.
Мелиссæ æма розмарин – аци дууæ зайæгойи æнцæ бауæрæн тухæдæттæг æрдзон фæрæзнитæ. Уонæй хуарз æй цай исфицун (тæвдæ дони еу агувзæбæл никкæнун гъæуй еу цайцумæн уедуги дзаг мелиссæ æма розмарини цалдæр сифи). Цай ку æруазал уа, уæд ибæл æнгъезуй бафтаун лимони лæмарæн æма еуминкъий бетъина. Рауайдзæнæй си организм уазалгæнæн дессаги лимонад. Изæрæй æй исцæттæ кæнетæ, уæдта си бони дæргъи ниуазетæ.
Ехтæ æма арт æнцæ æмбæлттæ. Гъо, дессаг макæмæ фæккæсæд. Тæвдæ бони уæхе цæмæй хуæздæр æнкъарайтæ, уой туххæй хуарз æй ехи массаж. Ехи дууæ къæртти уæ къохмæ райсетæ æма сабургай массаж кæнун райдайетæ мæкъур, тæрних, бæрзæй (уоми аллирауæн дæр ес тоги æлхъивдадæбæл дзуапдæттæг биоактивон бунæттæ). Уой фæсте ехтæ райвæрун гъæуй рæмбуйникъæдзæбæл, уæргутæбæл, къæхти фæттасæнтæбæл.
Физикон фæлтæрæнтæ æма тæвдæ бæнттæ – еумæйагæй син неци ес. Тæвдæ бæнтти физикон æгъдауæй гъæуй микъийдæр архайун, адæймаг хед цæмæй кæна æма организм тауæггур æма уорсаг цæбæл харз кæна, уæхæн физикон фæлтæрæнтæ æма спортивон гъæзтитæ – футболæй, баскетболæй гъазун, догъ кæнун, тренажертæбæл архайун – рæстæгмæ гъæуй феронх кæнун. Е уотæ нæ амонуй, æма æзмæлун æгириддæр нæбал гъæуй, фал фæлтæрæнтæ гъæуй зингæ фæррæуæгдæр кæнун, зæгъæн, тезгъо кæнун сабургай (хормæ нæ, ке зæгъун æй гъæуй, фал сæумæраги кенæ ба – изæрæй), бассейнмæ цæун, рæуæг гимнастикæ кæнун. Уæхæн фæлтæрæнтæ организм æфсадунцæ тауæггурæй, æма е хуарз æй.
Æма ма еу гъуддаг – æнхъуæт бæнтти зианхæссæг æнцæ адгийнæгтæ æма содзагæ хуæруйнаг. Тæвди адæймаг æнæуойдæр хед кæнуй, етæ ба ин æй бустæгидæр ракалунцæ. Пайда ’нцæ, уорсаг æма клетчаткæ кæми уа, уæхæн хуаллæгтæ, зæгъæн, тæвдæ бони заманай хуæруйнаг æй карки уорс фид æма цъæх салати сифтæ еумæ. Ниуазун гъæуй, тауæгадæ ка кæнуй, уæхæн дæнттæ. Фал хумæтæг донæй пайдадæр неци ес.
Е адæймагæн е ’донуг куд сæттуй, уотæ – неци.
Тæвдæ бæнтти уæхе гъæуай кæнетæ æма æнæнез уотæ!
Медицинон профилактики республикон Центр