26 апреля 2024

А ДУЙНЕБÆЛ ДЕССАГДÆР АМОНД – АЛКÆД РÆСТУОДÆЙ ЦÆРУН!..

27.08.2022 | 15:26

Нæ номдзуд ахургонд Дзарасти Сафарбийи фурт Солтан  хъæбæр сæрустурæй кæддæр уотæ загъта: «Киристонгъæу алкæддæр уæлдай цæмæдесагдæр адтæй еу гъуддагæй: Уæрæсей еумæйаг цардарæзтадæмæ ракодта, æ цæргути нимæдзæ цæйбæрцæ ‘й, уой хинцгæй æгæрон берæ искурдиадæгин адæм. Етæ ниууагътонцæ нæ бæсти æхсæнадон царди алли къабæзти анзфинстити зингæ фæд. Уой туххæй фагæ æй айдагъ уой дæр зæгъун, æма нæ бæсти сæйрагдæр уæлдæр ахургæнæндони – Мæскуй Михаил Ломоносови номбæл паддзахадон университети евгъуд æноси райдайæни Киристонгъæуæй рацæугутæй куста æнæгъæнæ цуппар профессори, æма уой дæр, сæ  зонадон кусти уæзæ айдагъ нæ Фидибæстæн нæ, фал дуйнеуон науки дæр хъæбæр устур кæмæн адтæй, уæхæнттæ: Кокити Александри фурт Геуæрги  (ССР Цæдеси истори), Цæголти Александри фурт Николай (политикон экономи), Гарданти Амурхани фурт Батраз (этнографи), Къесати Г.М. (латинаг æвзаг). Устур зонундзийнæдти хецæуттæ уогæй, уонæн бæрзонд аргъ кодтонцæ се ‘мкосгутæ. Алкæддæр хуæрзцæттæ, хуæрзарæхстгин уогæй, еци киристонгъæуккæгтæ сæхемæ здахиуонцæ устур æргом…»

Дзарасти Солтани аци зæрдтагон загъд  комкоммæ хауй ма Киристонгъæуæй (нуртæккæ – сахар Дигора) рацæуæг берæ адæймæгутæмæ. Уони æхсæн зингæ бæрæг даруй Сæбанти Михаили фурт Барис. Академик, экономикон наукити доктор, профессор, зингæ ахургонд æма искурдиадæгин гъомбæлгæнæг.Исон, 28 августи ибæл æнхæст кæнуй фондз æма цуппаринсæй анзи. Зæрдиагæй ин арфæ кæнæн æма Сæбани-фурти туххæй æрмæг ба кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл.