АБОН-ИСОНТÆ КÆНУНÆЙ НИН РÆСТÆГ НÆБАЛ ЕС!..
Абони хъæбæр берæ дзубанди цæуй демографион уавæри, гъома, нæ адæми бæрцæ анзæй-анзмæ минкъийдæр ке кæнуй, уой фæдбæл. Дзубандитæ берæ ’нцæ, фал уæмæ уотæ нæ кæсуй, цума не ’хсæнадæ æхуæдæг æхе æ фурæнæмæтæй æсхуайуй куйгæлдзæни æма афойнадæбæл нæ еци сонтхелайæй, уæд гандзабæл исæмбæлдзинан?
Аци уавæрбæл тухсгæй, зæрдæбæл æрбалæууй мæнæ ауæхæн таурæхъ. Цæветтонгæ, недзаманти нæ адæм ма цæнгæти хузæн æнгом æма æ хъаури ку адтæй, уæд ин тухæгæнæг тухæ нæ ирдта. Еууæхæни бабæй сæмæ знаг æрбампурста, фал ин нæ рагфидтæлтæ бæрзæйсæттæн нихкъуæрд ку равардтонцæ, уæд федаунбæл фæцæй. Æрбарвиста æ федаугути. Æма цæй фæдбæл адтæй уони æрбацуд, сæ еци ихæс ку исæнхæст кодтонцæ, уæд нæ рагфидтæлти хестæртæн уотæ ку зæгъиуонцæ:
– Мах дес кæнæн уæ нифс æма хъаурæбæл!.. Кæцæй уи цæуй уойбæрцæбæл агъазиау тухгиндзийнадæ æма фæразундзийнадæ? Фæттасун æгириддæр ку нæ кометæ!..
– Нæ паддзах ни уотæ домуй! – адтæй махонти дзуапп.
– Æма æ хæццæ фембæлæн, радзубанди кæнæн нæййес?
– Нуртæккæ фунæй кæнуй. Ку райгъал уа, уæд, бæргæ, фал… Дзоргæ нæ кæнуй.
– Уæддæр нин æй уинун фæккæнетæ, – ниллæудтæнцæ ’рбацæугутæ.
– Хуарз, – загътонцæ фусунтæ. Æма еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте еу силгоймагæн рахæссун кодтонцæ нæуæгигурд биццеуи:
– Мæнæ е æй нæ паддзах. Уой исонибонбæл гъуди кæнгæй, ан æнæбасæттон, нифсгун. Е ни домуй нæ зæнхæ гъæуай кæнун.
Аци таурæхъæй бæлвурд лæдæрд æй: нæ рагфидтæлтæ сæ исонибони фарнæбæл тухсгæй, алцæй разæй дæр кæстæр фæлтæртæ исæнтæсун æма уони рабайлæгъ кæнунбæл архайдтонцæ. Уобæл гъæуама уа нæ абони æхсæнади сагъæс дæр. Уæрæсей Президент Владимир Путин дæр æрæги æ аллианзон Нистауæни хумæтæги нæ ракодта сæрмагондæй демографий хæццæ баст фарстати кой: «Демографибæл ахедунцæ айдагъ экономикæ æма социалон къабазæ нæ, фал хецаудзийнади еугур оргæнти еумæйаг куст дæр. Сувæллонгин бийнонтæн агъаз кæнун – уомæй ахсгиагдæр гъуддаг паддзахадæн нæййес. Нæ адæмæн се ’ргом гъæуама раздахæн берæ цæуæт кæнунмæ æма сæ алли фарстатæ лух кæнунмæ дæр сæ фарсмæ гъæуама балæууæн. Сувæллæнттæ нæмæ фулдæр куд игура, еци гъуддаг нæ къохи гъæуама бафтуйа хæстæгдæр æхсæз анземæ. Æма еци нисантæн еугур мадзæлттæ дæр араздзинан.
Равдист «Уæрæсе»-й æ цуд райдæдта бийнонти Анз. Бийнонти сæйраг нисан – цæуæт кæнун, сувæллæнтти гъомбæл кæнун, еу фæлтæр инней куд æййева, уомæн агъаз кæнун. Уæрæсей алкæддæр федар адтæнцæ æма идарддæр дæр федар уодзæнæнцæ фæткон хæзнатæ, уони бундорбæл арæзт цæуй адæми цард æма сæ исонибон. Æма аци рауæн нæ фарсмæ ’нцæ æма æ еци гъудибæл хуæст æнцæ миллионгай адæймæгутæ…»
Демографион фарста куд Уæрæсейæн æнæгъæнæй, уотæ Цæгат Иристонæн уоййасæбæл сагъæссаг иссæй, æма абони-исонтæ кæнунæн рæстæг æгириддæр нæбал ес, еугур равгитæ æма гæнæнтæй æвæстеуатæй архайун гъæуй уавæр фæззæрдæмæдзæугæдæр кæнунбæл. Уой фæдбæл æй абони æ дзубанди дохтир, зундгонд æхсæнадон архайæг, демографион фарстатæ æртасæг Хæтæгти Владимири дзубанди дæр.
Зонадон алли къабæзти хæзнатæн сæ уæлбæрзонддæртæй цæйбæрцæбæл алæмæти хайгин ан, уомæй хъæбæр сæрбæрзондæй нæхецæй æгæрдæр ма бæргæ ниббоз уæн. Фал уобæл ба нæ сæттæн, æма уой хæццæ ба цæйбæрцæбæл мæгургомау æй, этнокультурæ ке хонæн, нæ адæмæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ цардгъонгæнæг ка адтæй, еци æгъдæуттæ æма фæткити цардгъондзийнадæ. Уотемæй ба нæ еци уодварнон гъæздугдзийнæдтæ æнæмæнгæ зонун æма уони бундорбæл нæ цардиуагæ аразун гъæуй, уомæн æма æнцæ агъазгæнæг нæ этноси æрдзон æма психоэмоционалон ирæзтæн. Хъæбæр раст æй америкаг философ Ральф Уолдо Эмерсони (1803-1882) загъд: «Наци неци хузи бабун уодзæнæй, æхуæдæг æхе ку нæ рамара, уæд…» Уæхæн æверхъаудзийнадæ ба нацибæл уæд æрцæудзæнæй, æма афойнадæбæл æ гæнæнтæ æма равгитæй ку нæ испайда кæна æ цардарæзтмæ зæрдæмæдзæугæ æййивддзийнæдтæ бахæссунæн.
Цæгат Иристони фæстаг къуар анзи, кæд æма социалон-экономикон ирæзти хуæрзæрдæмæ æййивддзийнæдтæ цæуй, уæд этнокультурон æма демографион ирæзти ба къурцдзæвæнмæ хъæбæр устур къахдзæфтæй фæххæстæг ан.
Нæ синхаг республикити хæццæ рабаргæй, мах нæлгоймæгтæ рæстæмбес нимадæй цæрунцæ 10-15 анзи минкъийдæр. Куд Уæрæсей, уотæ Цæгат Иристони дæр нæ нæлгоймæгти рæстæмбес пенсий карæмæ нæ рахъæртуй. Мадта Цæцæн, Мæхъæл, Дагестан æма Кæсæг-Балхъари цæргути хæццæ рабаргæй, нæ республики 3-5 хатти фулдæр æй ахсæни, зæрдæ æма тогдадзинтти, онкологон незтæй сæйгæ ка ’й æма рамæлуй, уæхæн адæми нимæдзæ «Росстат»-и нимадмæ гæсгæ. Цæгат Иристони 1990 анзи исбæрæг кодтонцæ, сувæллæнттæй онкологийæй ка садæй, уæхæн æртæ цауи, 2018 анзи ба сæ нимæдзæ иссæй 421, кæд æма нæ синхаг республикити еци тæссаг незæй сæйгæ дзæвгарæ минкъийдæр сабийтæ ’нцæ, уæд.
Нæ абони цардиуагæ нин æведауцæ, растдæр зæгъгæй ба æгадæ ка кæнуй, еци «нæуæгдзийнæдтæй» еу е æй, æма нæ адæми æгъдæутти сæрбæл дзоргутæ, уонæй фудниуæзти мадзæлттæ исаразтонцæ, нæ ардхуæруни фидтæлтæй нури фæлтæрмæ ка ’рхъæрттæй, уонæми фулдæр хæттити хуæрзæгъдаудзийнадæй нецибал фæууй. Е уæззау, мæлæт ка хæссуй, уæхæн тæссаг рæдуд æй, уомæн æма нуриккон медицинæ куд исбæрæг кодта, уотемæй, абони «æгъдаубæлхуæцгути» фудæй не ’гъдауи бундорон бунат ка байахæста, еци карз ниуæзтæ сайуй дууæсæдемæ хæстæг нези. Нæ «къерековгутæ» ба нæ туххæйдæр æууæндун кæнунцæ, Хуцау æма æ исконд изæдтæмæ арахъи агувзæй ку исковай, уæд æй хуæздæр ке райсдзæнæнцæ, уобæл. Æма еци рæдуд гъудий фæстеуæгæн, уæлдæр куд загътон, уотемæй нæ нæлгоймæгтæ æносон дуйнемæ рандæунцæ, нæ синхаг республикити хæццæ рабаргæй, 10-15 анзи раздæр.
Бæрæгбони æма мæрдæгъдауи нæ фингæвæрд æгæрæй-æгæрдæр фæууй хуæлци продукттæй, кæцитæн сæ хуæрзгъæдæдзийнадæ хъæбæр секкаг фæууй – арæзт фæуунцæ, адæймагæн зæранхæссæг ка ’й, уæхæн хомагæй (2018 анзи «Роспотребнадзор» исаразта экспертизæ 36 аллихузон нæмтти хæццæ царвæн æма исбæлвурд кодта: «ГОСТ»-тæн дзуапп ка нæ дæттуй, маргарин, транссойнæ зайæгойтæй арæзт æма пальми зети кæми нæййес, уæхæнттæ си разиндтæй айдагъдæр – 9). Уотæ – иннæ хуæлци продуктти дæр. Сæ медæгæ фæууй æнæнездзийнадæн зианхæссæг уæлæнхасæн химион бауæргъæдтæ. Æма куд нæ гъæуама æримисæн советон догæ. Уæди дзамани Нигулæни устур аргъ кодтонцæ нæ хуæлци продукттæн, хъæбæр зæрдиагæй сæ агориуонцæ.
Цæйбæрцæ цæуй дзубанди тамаку думун цæйбæрцæбæл зæран хæссуй адæймагæн. Дагестан æма нæмæ Цæцæнæй ка ’рбацæуй, етæ деси бацæунцæ, уой фæдбæл. Махмæ, ами, тамаку уæйæгæнæн тукæнттæ æма тамакудумгути нимæдзæ дзæвгарæ фулдæр ке æй, уой фæдбæл. Уотемæй ба, 2013 анзи 23 феврали Уæрæсей Президент федералон Указ ку бафинста тамаку думуни нихмæ, уæдæй нурмæ, куд тамакудумгути, уотæ тамакутæ уæйæгæнæн тукæнтти нимæдзæ минкъийдæр нæ, фал къуар хатти фæффулдæр æй. Зæгъун æнгъезуй, Иристони тамакуй бизнеси ирæзтæн абони «клондайк – сугъзæрийнæ дæттæг рауæн» фестадæй.
Тамаку, карз ниуæзтæ, æма уæлдæр дзубанди кæбæл цудæй, еци мæнгæ хæйттæй арæзт, хуæлци продукттæ расайунцæ месиндзæги незтæ. Æртасæнтæ, куд æвдесунцæ, уотемæй Уæрæсей 2012 анзæй 2022 анзи уæнгæ 60 проценттей бæрцæ фæффулдæр æнцæ еци незтæй сæйгити нимæдзæ, 57 проценти исирæзтæй, æ бон цæуæт искæнун кæмæн нæбал æй æ лæмæгъдзийнади фудæй, уæхæн нæлгоймæгти нимæдзæ. 2011 анзи хæццæ рабаргæй, исирæзтæй месиндзæги хæццæ баст онкологон сæйгити нимæдзæ дæр. Ес ма уæхæн æртасæнтæ дæр: 45 анзей кари уæнгæ нæлгоймæгти 73 процентемæн сæ лæмæгъдзийнадæмæ гæсгæ цæуæти искæнун сæ бон нæбал фæууй, уой фудæй син нæ фæууй бийнонтæ дæр. Месиндзæги хæццæ баст незти еугуруæрæсеуон бæрæггæнæнтæмæ кæсгæй, гъæуама искæнæн хатдзæг, нæ республики нæлгоймæгтæмæ дæр ке хаунцæ, уомæн æвдесæн – къайадæ исаразуни ниллæг бæрæггæнæнтæ, бийнонти институти федардзийнади ниллæг ахедундзийнадæ. Цæгаткавказаг республики хæццæ рабаргæй, Цæгат Иристони тæккæ ниллæгдæр æнцæ цæргутæбæл бафтуди бæрæггæнæнтæ.
Уæлдæр ци æвдесæнти кой ракодтон, уонæй балæдæрæн ес Еугонд ведомствити ’хсæн информацион-статистикон системи (ЕМИСС) унаффæ, е 2019 анзи нæ республикæ исæвардта æхсæзæймаг бунати – 3,9 процентей хæццæ – æнæнез цардиуагæ ка æнхæст кæнуй, еци адæми нимæдзæ ниллæг кæми æй, уæхæн регионти ’хсæн. Мæхъæл, Адыгей æма Хъæрæсе-Черкести нимад æнцæ фиццаг дæс рæнгъеми, æнæнез цардиуагæ ка кæнуй, еци регионти ’хсæн.
Устур деси æфтаунцæ аллихузон социологон æрфæрстити «зæрдрохсгæнæг» хатдзæгтæ дæр. Зæгъæн, даргъ фингибæдтитæмæ нæ дзилли зингæ хай куд тулаваст æй, уæдта нæмæ тамакудумгути нимæдзæ куд берæ æй, е бæлвурдæй зундгонд æй, уотемæй ба нæ республикæ, æнæнез цард кæми кæнунцæ, еци регионти ’хсæн æртиккаг рæнгъи нимад æрцудæй. Æрæги «Росстат»-и игъосункæнуйнагмæ гæсгæ Цæгат Иристон нимад æрцудæй, карз ниуæзтæ минкъийдæр кæми ниуазунцæ, еци регионти фиццаг фондзей ’хсæн. Ке зæгъун æй гъæуй, уæхæн хабар фегъосун æхцæуæн æй, фал æцæгæй ба е бустæги раст нæй. Хъалонти бæрзонд феддонтæ федунæй фæттиллеф кæнуни фæндæй нæ республики æнæ акцизæй водкæ хъæбæр берæ уагъд ке цæуй, æма ’й æдзæстхезæй берæ тукæнтти ке уæйæ кæнунцæ, е сæсæггаг некæмæн æй. Мæнмæ гæсгæ, тамакутæ дæр – уотæ.
Лæдæрд æй, Цæгат Иристони этнокультурон æхсæнадон организацитæ æма æзмæлдтитæ, культурон-рохситауæн уагæдæнттæ ихæсгин æнцæ æнæнездзийнадæ гъæуай кæнуни æма æнæнез цардиуагæ ниффедар кæнуни национ проектти разæнгардæй архайунæй. Фал уæддæр еци куст ба фулдæр бийнонти ихæс æй. Номдзуд бердзейнаг дзурддзæугæ лæг Цицерони, адæймаг æ паддзахадæн циуавæр ахсгиаг гъуддаг исаразунæй ихæсгин æй, зæгъгæ, ку бафарстонцæ, уæд æ дзуапп адтæй: «Хуарз цæуæт исгъомбæл кæнун!..»
Пусулмон æма киристон динти, Хъуран æма Библий финст æрцудæнцæ айдагъдæр ниййергути хе даруни æма ихæсти стандарттæ нæ, фал ма уодварнон бундортæ дæр, уæдта тæрегъæд æрхæссун æма хе раст нæ даруни туххæй циуавæр æфхуæрд æнгъæлмæ кæсуй адæймагмæ, е дæр. Мах хуæрзвæткон æууæнкæдзийнади ба еци лæдæруйнадæ ихæлд æрцудæй. Нæ кæстæрти царди æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг гъуддæгутæмæ, бæлвурддæрæй ба бийнонти цардиуагæ аразунмæ цæттæ кæнуни æгъдæутти æма фæткити бундор исæфуй.
Нæ къайæдтæн сæ фулдæр хай ихæлд æрцæуй сæ исарæзти фæсте фиццаг æнзти. Уомæн еуцæйбæрцæдæр «агъазгæнæг» æй паддзахадæ дæр – хуарз бакæнуни зæрдтæй, «паддзахадон агъаз еунæгæй, æнæ цардæмбалæй æ сувæллæнтти ка гъомбæл кæнуй», еци исарæзт закъони туххæй. Фал æнæгъæнæй еци закъон фудгин кæнун дæр бустæги раст нæ уодзæнæй – æнæ уомæй дæр фулдæр бийнонтæ нæмæ цардгъон нæ разиннунцæ. «Ниййерæги капитал»-и бæрцæ кæд ахедгæ æй, уæддæр сувæллæнттæ бони рохсмæ рауадзунмæ беретæ нæ тагъд кæнунцæ, уомæн æма нæ бийнонти институт исæфти къахбæл æрлæудтæй, уомæн æма ин æ хуарздзийнадæбæл гъуддагонæй архайуни бæсти ин ковæн карз ниуæзтæй дæргъвæтийнæ бадтити. Æма киндзæхсæвæрти уæхæн кувдтити фæсте ба кизгæ киндзи бæргæ æрцæуй, фал берæ хæттити уайтæккæ фæстæмæ фездæхуй – еске хæдзарæмæ минкъий «прогулкæй» фездæхуни хузæн.
Ниййергутæ сæ сабийти гъæуама цалх кæнонцæ сæхе хуæрзæгъдаугинæй, бауæрæй дæр æма уодигъæдæй кæдзос дарунбæл, сæ цардиуагæ æнæнездзийнади бундорбæл аразунбæл. Фал нæхемæ лæмбунæг æркæсæн æма зæгъæн, цума мах, ниййергутæ, æнæнез цардиуагæ ци æй, уой зонæн? Уой фæткитæмæ гæсгæ нæхе дарæн? Кутемæй кæмæн гъæуама уæн дæнци аккаг? Ци гъæуама байамонæн нæ цæуæтæн, æригон бийнонтæн, ци зонæн нæхуæдтæ, цæмæй цард æнæнездзийнади бундорбæл арæзт цæуа, уой туххæй?
Цæй, æма балæдæрæн аци фарстай ахсгиагдзийнадæ, бавналæн æма нæхемæ райсæн нæ республики кæстæрти ирисхъи туххæй бæрнондзийнадæ, уомæн æма еци гъуддаг махæй хъæбæрдæр некæмæн æй ахсгиаг, фиццагидæр, махæн нæхе гъæуй.
Нæ радзубандий кæронбæттæни ба ма уин ракæндзинан еу цауи кой. Цæветтонгæ, еууæхæни бакъуар æнцæ ахургонд, фал рабадгæ лæхъуæнтæ. Сæ кæрæдзей деси бафтауни зæрдтæй, зундгин дзубандитæ кæнун байдæдтонцæ нæ адæми ирисхъæбæл. Сæ радзорæ-бадзорити карзи куд адтæнцæ, уотемæй сæбæл исæмбалдæй еу дзурддзæугæ лæг. Æ цæстæ сæбæл рахаста, лæмбунæг сæмæ æригъуста, æма, еунæгемæн дæр си уосæ нæййес, уой цæмæдæр гæсгæ ку балæдæрдтæй, уæд син тингунæй загъта:
– Уæ дзубандитæ ниууадзетæ, ахургонд адæм ку айтæ, уæд уой нæ зонетæ, æма уотид дзубандитæй гъуддаг ке нæ ирæзуй?.. Алкедæр уи уосæ ракорæд. Тæккæ минкъийдæр æртæ сувæллони исæнтæсун кæнæд, æма сæ нæ Иристони аккаг исгъомбæл кæнæд!.. Гъе уин æй уæ æрдзон ихæс, уæ буцæу æма цъæл дзорæнтæй нæ адæмæн – ахсгиагдæр…
Аци хабар цæмæ гæсгæ æримистан, уомæй ба нæ, æвæдзи, балæдæрдзинайтæ…