07 декабря 2024

АДӔЙМАГӔН Ӕ КАРНИ ИГАКӔЙ ЛЕДЗӔН НӔЙЙЕС!..

29.10.2022 | 10:35

ХӔРӔ

I

Еу сæрдæ æз фæдтæн Дигори. Ци гъæуи цардтæн, уой мæкъурмæ лæудтæй устур, бæрзонд фахс. Фахси тæккæ сæрæй ба гъæумæ цъæх-цъæхид зиндтæй нæзи гъæдæ. Фæсгъæдæ æндиуд æма бæрзонд истонцæ сæхе арвмæ бекъæгун сау хуæнхтæ. Хонхæй, кенæ ба гъæдæй фахсбæл урдугмæ, хормæ æрттевæнтæгæнгæ, гъæу æрдæмæ уадæй еу сауæдон. Еу къуар къадай ибæл зилдæй гъæуи дæллæй. Минкъий дæлдæр гъæуæй версти ’рдæги бæрцæ коми хурфи æнсæрæ æма гъæргæнгæ пурф кодта Ирæф. Ес Ирæфи сакъадæхтæбæл дæр къадатæ, фал ку райвулуй, уæдта сæ нимпурсуй æма сæ фæлласуй. Ирæф гириз нæ кæнуй. Хуæнхтæ æма къæдзæхти хæццæ тохун ин зин æй, æндæра мæгур хуæнхаг æхецæн цæмæйдæрти къада басадзуй, уой уомæн фехалунмæ ци гъæуй? Еу бон æрцудæй устур уарун. Мах æртæ лæги – æз, мæ фусунти лæхъуæн æма нæ синхон Мисирбий, зæронд уорсалист лæг, бадтан медхæдзари æма игон дуарæй кастан æндæмæ. Нецибал бæрæг ахæста цæстæ – арв, хуæнхтæ, зæнхæ, мегъæ æма дон исхæлæмулæ ’нцæ еугурæй дæр.

– Ирæф бабæй ивулдзæнæй, – загъта Мисирбий, æ рехæ даугæй, – æма ласдзæнæй курæнтти.

– Хуцау ци зæгъа, е уодзæнæй, – исдзурдта нæ иннæ ’мбал, æ къохтæ æ меддустæ, уотемæй.

– Хуцау дæр ци зæгъуйнаг æй, – райдæдта Мисирбий нæуæгæй дзорун, – адæн исналат æнцæ, кæрæдзей æфхуæрунцæ æма курæнттæ нæ, фал син сæхе ку фесафидæ, уæддæр хуæздæр æй.

– Ес адæнмæ хуæрзтæ дæр, лæгъузтæ дæр, – загъта ин нæ иннæ ’мбал, – æма хуæздæртæ лæгъузти туххæй ку фесæфонцæ, уæд е хурз куд уодзæнæй?

Мисирбий неци исдзурдта. Æ рехæ радаудта æ къохæй, æ бæзгин æрфгутæ æрæнцъулдта æма мургъузкæсæ кæнун байдæдта зæнхæмæ. Ци сагъæс кодта Мисирбий, ка ’й зонуй, фал мæнмæ ба уотæ фæккастæй, цума адæн æма уой æхсæн æрзадæй, кæрæдземæ сæ бацæун ка нæ уадзуй, уæхæн синдзин будур.

Æцæгдзийнадæй, куд мин дзурдтонцæ уой фæсте, уотемæй Мисирбий адæни нæ уарзта æма син æхуæдæг дæр уарзон нæ адтæй… Мулк ин æ фидæй берæ байзадæй, фал имæ нур ба еунæг тикис, еунæг хæрæг, хуми гæппæл æма игуæрдæнæй æндæр нецибал адтæй. Бийнонтæй дæр рæвдзæ нæ фæцæй: еунæг фурт ин адтæй æма е дæр сонт разиндтæй…

– Хуцау зонуй, кæмæн ци ’мбæлуй, уой, – дзурдтонцæ. Мисирбийи ка нæ уарзта, етæ. Мисирбий игъуста æма лæдæрдтæй еци фаутæ æма дзубандитæ, иста сæ æ зæрдæмæ, фал, цума неци зудта æгирддæр, æхе ба уотæ дардта.

II

Уалинмæ уарун дæр гъос кæнун райдæдта. Мегътæ сæхе исистонцæ, æма арвгæрæнттæ фæррохс æнцæ. Раргом æнцæ нæуæгæй хуæнхтæ, гъæдтæ æма зæнхæ. Гъæууон минкъий æма нарæг гъæунгти фæззиндтæнцæ адæн дæр. Минкъий усмæ, уæдта æвеппайди гъæунги гъæр æма згули иссудæй. Ци ’й е, зæгъгæ, мах рауадан æндæмæ. Кæсæн, æма дин уæлæ фахсбæл сауæдони дон-дон, арви нæрунау гур-гургæнгæ, дортæ æ разæй тæргæ рацæуй хæрæ. Еу устур дор тубудтитæгæнгæ, фæдесони хузæн, раздæр æрхъæрдтæй, исцавта æхе еу хæдзари сæрбæл, фесхъиудтæй æма рандæ ’й дæлдæр… Ци гъæунги æрцæуйнаг адтæй хæрæ, уой фалдзос адæнæй райдзаг æй. Еугурей цæсгæнттæ дæр адтæнцæ къех æма тарстхуз.

– Гъей, гъей! – цудæй адæни ’хсæн гъæр, – гъæуай кæнæд алке æхе! Рацæуй, хæрæ, рацæуй!..

Тарст æрахæста еугурей дæр, бустæги ба, сæ хæдзæрттæ донгæрон кæмæн адтæнцæ, уони. Лæгтæ фонси ергъæви фæцæнцæ. Уоститæ æма кизгуттæ ба хæдзайрон листæг дзаумæуттæ синхонтæмæ давтонцæ, уалинмæ хæрæ дæр гур-гур æма æрсæн-пурсæнтæгæнгæ гъæунги исмедæг æй. Гъæунгæ адтæй хъæбæр унгæг: еугурæй æ фæтæ æййафта дууæ сардзини, кенæ ба минкъий фулдæр. Хæдзарæй-хæдзарæмæ æ фæйнæ фарси адтæнцæ листæг хурæй тæссонд даст. Уæхæн минкъий гъæунги уæхæн устур хæрæ фæндон над не ’ссирдта æма хæдзæртти сератæ уæд хурдаст, уæд еугурæй дæр сæ бурцитæгæнгæ цудæй.

Адæми згули æма хæри æнсар гъæрмæ æз Мисирбийи нæбал æргъуди кодтон, æрæги-дурæги ба ’й æрæстæфтæн; еу зæронд, уотид гъæдæй конд кирæ æ гъæбеси сувæллонау ниттухта, уотемæй сæ медтургъæ истадæй. Æ зæрдтæй кири хæццæ адæнмæ раледзунмæ гъавта, фал ин хæрæй æ бон нæбал бацæй æма къех лæугæ райзадæй æ медбунати. Кумæ ма лигъдайдæ? Гъæунги ’рдигæй – хæрæ, иннердиги ба синхон хæдзæртти сератæ æрзилдæнцæ тургъæбæл. Тургъæ ба адтæй бустæги минкъий гæппæл. Хæрæ фиццаг Мисирбийи хæдзари æндаг сера фехалдта, уæдта тургъæмæ кæлунмæ фæцæй. Гурусхаг нæбал адтæй, хæдзарæ бустæги ихæлд ке ниццайдæ, тургъæ ба хæрæй ке байдзаг адтайдæ, е.

– Кирæ ниууадзæ! – гъæр кодтонцæ адæн Мисирбиймæ, – æма дæ уоци фарс хæдзари хурæбæл уæлиндзæмæ исхезæ!..

Адæнмæ ку байгъустайдæ Мисирбий, уæд уæлиндзæй иннæ гъæунгæмæ рæвдзæ рахезæн адтæй, фал æй æ кирæ ниууадзун нæ фæндадтæй, æд кирæ бабæй хурæбæл исхезун нæ бафæразтайдæ.

– Ме ’хца кæми исæфунцæ, уоми гъæуама мæхуæдæг дæр фесæфон! – исгъæр кодта Мисирбий æма æд кирæ дæлгоммæ æрхаудтæй… Уалинмæ хæдзарæ дæр аллирдиги змæлун æма кæлун байдæдта; хæрæ тургъæмæ байвулдæй æма Мисирбийи æд кирæ æ буни никкодта…

– Æллах, æллах! – дзиназтонцæ адæм, – фесавдæй лæг, фесавдæй!..

III

Хæрæ æ куст бакодта, уæдта æрсабур æй. Адæн æнгулфæй бацудæнцæ Мисирбийи тургъæмæ æма ин æ мард хæри бунæй исистонцæ. Бауæр еугурæй дæр ницъцъæрæмухститæ ’й; тог мизтæй аллирдæгæй, гъостæ, гъæлæс æма фиййи цъæстæ сикъит æма зменсæй байдзаг æнцæ… Еу зæронд уосæ резгæ хъурæй зæрддон гъарæнгæ никкодта, æма адæн никкудтæнцæ… Изолмæ игъустæй адæни кæунгъæр æма сауæнгæ зæрди бунмæ гъардта… Рарвистонцæ гъæргæнгутæ иннæ хуæнхаг гъæутæмæ, æма цудæнцæ уордиги дæр адæн хъонц æма тæфирфæс кæнунмæ…

Дуккаг бон Мисирбийи марди фæлуст искодтонцæ, ниввардтонцæ ’й нæуæг конд кири, исаргъудта ибæл саугин, æма ’й банигæдтонцæ.

– Æнамонд адтæй æма æнамонди мард ракодта, – хъонц кодтонцæ беретæ, – фал цума циуавæр кирæ адтæй, Мисирбий æхе кæбæл фесафта, е?

– Райгон кæнун æй гъæуй, – исдзурдта адæнæй еу.

Кирæ фæззиндтæй æма ибæл адæн æрзилдæнцæ фæйнердигæй. Еу бæзæрхуг, сауцъарæгæсгæ лæхъуæн ин фæрæти мæкъурæй æ къума расаста. Еу усмæ, уæдта кирæ, аллихузæн æхцатæй идзаг, уотемæй райгон æй…

Адæн æнæ хъипп, æнæ стуф æхцай кирæмæ сæ цæститæ ниццавтонцæ. Еу дзæвгарæ фæллæудтæнцæ уотемæй, уæдта кæцæйдæр æркодтонцæ Мисирбийи сонт фурт Баззей кири сæргъæмæ.

– Уинис, Баззе, – загъта ин еу зæронд лæг, – дæ фидæ дин цæйбæрцæ æхцатæ ниууагъта æ фæсмæрдæ…

Баззе æ сунтæбæл фæххуæстæй, низзулун кодта æхцатæ ’рдæмæ æ дзангъир цæститæ æма ходунти фæцæй:

– Хе-хе-хе! Æхцатæ, æхцатæ! Хе-хе-хе!

 

ӔХГӔД ЗӔРДӔ

 

Сах кастæй рæфтон тæвдæ хор. Æргъау æркъупхæ ’нцæ донбæл æма бонасадæн кодтонцæ. Дони билæбæл, æргъаумæ хæстæг, донхæреси буни бадтан æз æма зæронд гъонгæс Бидзих. Цудæй мæйи бæрцæ, Бидзихи хæццæ кæрæдзей кæдæй базудтан, уæдæй. Æз еци сæрдæ цардтæн гъæдрæбун уотари, е ба уоцирдæмæ е ’ргъау ахид скъæридæ. Æргъау цалдæн рæфтон уолæфт кæниуонцæ донбæл, уалинмæ æз æма Бидзих дзубандибæл исбадианæ донхæреси буни, аууони.

Бидзих адтæй бæзæрхуг, ставдгомау лæг, æ сау цæрмин ходæ, æ зæронд скъудтæ цохъа æмбуд хæдони æндегæй рагæй æййевуйнаг адтæнцæ, фал ин, æвæдзи, цард уæхæн равгæ нæ лæвардта. Гъунтъуз æрфгути бунæй æнкъард æма дæлбункæсæ кодтонцæ уой фæлмæн цæститæ. Бидзих æнæ уосæ ке ’рзæронд æй, уой зудтон, фал гъуддаг цæмæн уотæ ’рцудæй, е ба мин бæлвурд нæ адтæй.

– Хуарз нæ ’й, Бидзих, – батхалдтон имæ æз, – æнæ уосæй ке ’рзæронд дæ, е.

– Ци киндæуа, мæ хор, – загъта мин Бидзих гузавæ хъурæй, – амонд агоргæй нæ ’й.

– Нæ, Бидзих, æз уотæ нæ зæгъун.

– Мадта куд зæгъис?

– Амонд нæ агурдтай, æндæра ’й иссирдтайсæ.

Бидзих баходæзмолæ кодта, фал неци исдзурдта еу усмæ, уæдта равналдта æ галеу фарсмæ, сласта кæрдбадзæй кард æма æ лæдзæги сæр амайун райдæдта. Балæдæрдтæн, мæ дзубандий æздæх æ зæрдæмæ ке нæ бацудæй, уой. Æндæр ести дзубанди æркæнунмæ куд гъавтон, уотæ над æрдиги топпи гъæр фæццудæй. Фæкъкъех ан дууемæй дæр. Уалинмæ нади фездæхæни, урдугмæ æд нимæт, æд топп, гъазгæ æма сергæ фæззиндтæй бæхгин. Уой фæдбæл æрурдуг æй дууæ уæрдуни. Раззаги бадтæнцæ æртæ кизги, сæ еу хизæй æмбæрзт, æма лæхъуæн – бæхдзорæг. Кизгуттæй еу цагъта фæндурæй, иннæ уæрдуни ба бадтæнцæ лæхъуæнтæ. Стур айдæнæ се ’хсæн æрттевæнтæ кодта хормæ. Сæ еугурей фæсте заргæ цудæнцæ бæхгинтæ.

– Атæ киндзхонтæ ’нцæ, – сабургай исдзурдта Бидзих.

Донгони киндзхонтæ бæхтæн дон дарунбæл еу усмæ бадзебæл æнцæ. Донуордæг ку фæцæнцæ, уæд заруни гъæр æма фæндури цагъд нæуæгæй исигъустæнцæ. Дзæвгарæ, сæ фæййаууони уæнгæ, сæ фæсте кастан æз æма Бидзих донхæреси бунæй.

– Гъе, Бидзих, – загътон æз ходгæй, – еци рæсугъди кæмæн фæххонунцæ, уомæ цума нæ хицæ кæнис?

Бидзих зæнхæмæ кæсгæй, цидæр бахъур-хъур кодта æхенимæр, уæдта сæргъувта æ цæститæ мæнæрдæмæ æма мæмæ листкæсæ никкодта; адтæй цидæр уæззаудзийнадæ еци касти. Бæрæг адтæй, киндзхонти уиндæмæ уой зæрди цидæр ке æригъал æй, е.

– Амонд агорæ æма ’й иссердзæнæ, зæгъис, фал уотæ нæ ’й, – загъта мин Бидзих æрæгиау, – æз æй агурдтон æма ’й не ’ссирдтон.

– Агорун дæр зонун гъæуй, Бидзих, – батхалдтон бабæй имæ æз, – амонд не ’ссерундзийнадæ, æвæдзи, дæхе лазæ адтæй.

– Æма уой туххæй дин æз æрхæсдзæнæн таус, – загъта мин Бидзих. – Мæ лæхъуæни доги, цудæй мæбæл, æвæдзи, фондз æма инсæй анзи, уæд æз адтæн лæскъдзæрæни еу гъæздуг æссонмæ, худтонцæ ’й Иналдо. Кæми фиййау, кæми уотаргæс, уотемæй евгъудæнцæ бæнттæ. Уотармæ хаттæй-хатт фæззиннидæ, цит, Иналдой кизгæ Зулемæт. Æхцул, табедзæгæнагæ адтæй е мæнбæл. Хебæрагæй байзайгæй дзубанди, цит, райеудагъ уидæ не ’хсæн. Адгин гъарæ кодта мæ зæрдæмæ уой цъухи дзурд. Арви ирдæй рæсугъддæр адтæй æ цæстингас. Ме ’хснуйнаг, ме ’мпъозуйнаг, – гузавæ мæ нецæмæй уагъта, гъуд мæ кодта, мадæй райгургæ хуæрау. Кæми ниллæудтæй ме ’взонг зæрдæ, – фехсайдта Зулемæтмæ, фал ин мæ зæрдиуагæ иской кæнун ба нæ разæнгард кодтон.

Цудæнцæ бонтæ. Афæй мæбæл ку рацудæй лæскъдзæрæни, уæд нæхемæ цæун фæндæ искодтон.

– Цæй, нур мæ рахецæн кæнæ, – загътон æз еу бон мæ хецауæн, – афонæ мин æй нæхемæ.

– Барæ дæу, – загъта мин е, – æз дæ нæ къулумпи кæнун, абони исбæрæг кæнæ дæ мизд, исон – фæндараст.

Уотæ зæгъгæй, æссон гъæдæ ’рдæмæ исевгъудæй фæрæти хæццæ – æнгъæлдæн, сæмæйнаг æй æркæнун гъудæй. Еци бон æз адтæн уотаргæс.

Сæумон гъудтæгонд ку фæдтæн, уæд медуосонгæ арти фарсмæ сагъæси бадт бакодтон. Адтæй фæззигон сæлфунæг бон, æма мæ зæрдæ æндæмæ не ’хсайдта. Арт сугъдæй мæ размæ, пеллонтæ скъардта аллирдæмæ.

– Ци сагъæс кæнис, Бидзих, – исдзурдæй мæ фæсмæкъур фæлмæн гъæлæсæй.

Ракастæн – мæ размæ лæудтæй ходæзмолтæ идзулддзастæй Зулемæт.

– Æгасцо, Зулемæт, – загътон æз æма фестадтæн арти фарсæй.

– Бадæ, бадæ, цæмæн истис, – исдзурдта Зулемæт.

Фæстæмæ æрбадтæн арти фарсмæ. Зулемæт ба лæугæ байзадæй мæ сæргъи.

– Æз цæунмæ гъавун нæхемæ исон, Зулемæт, – загътон æз еу усми фæсте.

– Еугур цуд, æви бæрæг кæнунмæ? – бафарста мæ Зулемæт.

– Еугур цуд.

– Мадта де ’мпъозуйнæгтæ æрдарæ, æз ба дин сæ барæвдзитæ кæнон дæ цæунмæ, – загъта мин Зулемæт.

Æмпъозуйнаг мæмæ берæ нæ адтæй – æрмæст мæ еу дзабур еу рауæн рахудихæлд æй, æма имæ уой равардтон. Зулемæт æндæуосонгæ къудуронбæл æрбадтæй, æриста сæрбæттæнæй æрций æд бæхснуг æма дзабур æмпъозун райдæдта. «Нур ралæудтæй мæ сахат, – фæндæ кодтон мæхенимæр, – райгон кæнон ин мæ зæрдæ, ци фæдтæн, уой фæдтæн».

Ме ’уæнгтæ куддæр базир-зир кодтонцæ, фал мæхебæл фæххуæстæн, фестадтæн арти фарсæй æма Зулемæти цормæ рацудтæн. Зулемæт мæмæ куддæр къех каст никкодта, æвæдзи, мæ хузæ мæхе кеми нæбал адтæй.

– Зулемæт! – исдзурдтон æз тæрсгæ хъурæй.

– Ци кæнис? – бафарста мæ е, дзабур æмпъозун ниууадзгæй.

– Уарзун дæ! Уарзун дæ! – исдзурдтон æз дууæ хатти, уæдта, цума, цавддор фестадтæн, уотæ фегомуг дæн.

Зулемæт рагæпп кодта къудуронæй, фехста мин еуварсмæ мæ дзабур. Дзабур бадæлгоммæ ’й согфадæни листити ’хсæн.

– Мæгурдæйраг, – загъта мин е мæстхузæй, – æз дин тæрегъæд кæнинæ æма дæ æхцул табедзæгæнгæ уомæн гъуд кæнинæ, ду ба æндæр зæрдитæ дæхецæн байвардтай!

Уотæ зæгъгæй, Зулемæт цидæр фæцæй мæ цорæй. Зæнхæ мæбæл разилдæй. Нецибал балæдæрдтæн еу усмæ. Æз æнгъæл нæ адтæн, Зулемæт мæнæн уотæ зæгъдзæнæй, уой. Фехгæд æй мæ зæрдæ æма нæбал райгон æй уæдæй нурмæ.

Бидзих нигъгъос æй. Æз дæр имæ нецибал исдзурдтон.

– Æргъау фезгули ’нцæ, – загъта Бидзих еу усми фæсте æма фестадæй донæхсинцъи бунæй.

Фонс æцæгæй сæхе есун байдæдтонцæ донæй.

 

БЕРӔГЪ

(Хуæнхаг радзурд)

 

Зæнхмегъæ бæзгин бадт æркодта отари аллифарс. Еу къуар сардзиней бæрцæмæ зин адтæй равзарунмæ ести. Гъæдæ, къолтæ æма будур мегъи буни фæцæнцæ. Отармæ хæстæг игъустæй дони сæр-сæр, фал зингæ ба нæ кодта дон дæр. Фиййау Дзанбол раскъардта æ дзогæ. Арæхъи тегъи уæнгæ, скъæрунмæ ин æнхусгæнгæ, ниццудтæн æ хæццæ æз дæр.

Фустæ ку ниуурдуг кодтонцæ арæхъи фахсбæл, уæд Дзанбол æрлæудтæй, æриста хъримаг йе усхъæй æма ‘й сиргъувта.

– Ци кæнис? – бафарстон æй æз.

– Далæ мед арæхъ еу цъæх цидæр, мегъæнхуз, цума фустæрдæмæ буруй æ фазæбæл, отæ ‘нгъæлун.

Æдзинæг никкастæн æз дæр арæхъмæ. Æцæгæй, еу тумбул цидæр мегъи хурфæй тухзиндæ кодта.

– Дорæй, къодахæй – ести разиндзæнæй, – загътон Дзанболæн.

– Нæ, – зæгъгæ, батилдта йе æ сæр, – берæгъ униау æй. Мегъæ бони фазæбæл бургæй лæборагæ ‘й, – отæ зæгъгæй, Дзанбол нигъгъавта æндаргмæ. Хъримаг фæкъкъипп кодта, фал не ‘систа.

– Куйтæ дæ бахуæрæнтæ! – сдзурдта мæстгун гъæлæсæй Дзанбол. Хъримаг нæуæгæй сиргъувунмæ куд гъавта йе, отæ фустæ фезнæт æнцæ, гургургæнгæ фæстæмæ фахсбæл исхæрд кодтонцæ.

– Гъей! Гъей! – нигъгъæр кодта Дзанбол æ гъæлæсидзаг. Идард рандæй еци гъæр. Омæн дзуаппæн инод, фал рæсугъд низзардта тар гъæди зæгъæндор.

Фустæ фæстæмæ отари смедæг æнцæ. Рацудан мах дæр тагъдгомау сæ фæсте. Стур цъæххуз къода куй гъæр рæйгæ нæ размæ рауадæй отарæй – æвæдзи, фусти згулимæ нисхъæтæг æй е дæр. Æрхъæрдтан отармæ. Уалæнги зæнхмегъæ дæр æхе есун байдæдта. Бон кодта ирдæй ирддæр. Фустæ бакъупхæ ‘нцæ скъæти фарсмæ æма знæт кæсæ кодтонцæ.

– Раскъæрæ сæ, – загъта мин Дзанбол, æхуæдæгга æрлæудтæй фусти рацæуæнбæл еуварс.

Фустæ радæргъæмæнцæ æ рæзти; нимайун сæ байдæдта.

– Мæ фустæй еу гъæуй, – загъта Дзанбол, нимад ку фæцæй, уæд. – Уайтæккидæр, берæгъ ке адтæй, ой базудтон, – отæ зæгъгæй, йе еу усмæ зæнхæмæ кæсгæй балæудтæй, уæдта æриста хъримаг æ рагъæй æма ‘й дорбæл æ тухæй ниццавта. Хъримаг басастæй – дууердиги æ гъæдæ ферхъез æй, æ кеми нæбал адтæй сампæл дæр, æвæдзи.

– Дзаумау ку нæ бæзза, уæд даруйнаг нæй, – загъта Дзанбол æма фусти фæсте ранæхстæр æй.

Кæсгæ имæ байзадтæн æз дæр.

 

ФЕДОГИ МӔЛӔТ

Гъæууон къæнцилармæ бацудæй бæрзонд, ставдкæндтитæ лæг. Зæронд цæрмин пихцилтæ ходæ, зæронд æмпъузтитæ цохъа гæрзин ронæй баст, фесбунфий худихæлд дзабуртæ адтæнцæ æ дарæс. Е адтæй гъæууон федог Дадо. Цудæй Дадобæл, æвæдзи, æртинсæй анземæй фулдæр, уотæ зæгъун æнгъизтæй, уой æнхъирттæ цæсгон æма уорсалист закъæмæ кæсгæй.

Къæнцилари стъоли сæргъи бадтæнцæ ефтонг лæхъуæн-лæг, гъæуихецау, æма æд кæсæнцæститæ каргун уруссаг пъисæр.

– Уæ сæумæ хуарз, – исдзурдта сæмæ Дадо.

– Арфæгонд уо, – загътонцæ ин етæ дæр.

Еу усмæ, уæдта гъæуихецау курæти дзиппæй уорс къохмæрзæн исиста æма ’й æ цæсгонбæл радаудта.

– Гъи, Дадо, – загъта е æрæгиау, – гъигæ дин уодзæнæй, æвæдзи, фал дæ цохвæндæ ’скодтан.

– Куд цохвæндæ? – къехфæрсæ ракодта Дадо.

– Æндæр федог ихуæрсæн, – загъта гъæуихецау. – Ду æрзæронд дæ, дæ хъур исфæлмаст æй æма федогæн нæбал бæззис.

Æгуппæг цума фæцæй, уотæ еу усмæ Дадо дзорунгъон нæбал адтæй, æ бауæр диз-диз кодта; æ хузæ нийвадæй, хеди тæф рагъардта е ’нхъирттæ тæрнихæй.

Дæс æма инсæй анзей бæрцæ е федогæй фæххаттæй гъæргæнгæ устур дзилли гъæунгти. Дадо, цит, ку рацæуидæ гъæр кæнунмæ, уæд гъæунгтæ адæнæй байдзаг уиуонцæ, нихæси зæрæндтæ сæ дзубанди ниууадзиуонцæ, силгоймæгтæ къæрæзгитæй, каути цъæстæй нийгъосиуонцæ; биццеутæ уадæнцæ, цит, æ размæ. Уотемæй гъæунгæй гъæунгæмæ, гъæуи еу кæронæй иннемæ, гъæргæнгæ хаттæй зæронд федог Дадо.

Анз дууæ-æртæ хатти бегарай уæрдун æма къæбиси хæццæ дзиллæбæл æрзелидæ æ мизд есунмæ.

Лæвардтонцæ ин – ка æхца, ка мæнæуæ, ка нартихуар, ка æндæр ести. Уотемæй, хуæздæр цардмæ æнæбæлгæй, хаста зæронд Дадо æхе æма æ зæронд хæфцæстæ уоси, – зæнæг ин нæ адтæй. Ци ма кæна? Куд ма дара æхе, косæн дзаумау имæ ку неци ес?

– Ци дин кодтон? Цæмæн мæ исафис? – кæунгъæлæсæй батхалдта е гъæуихецаумæ.

– Неци мин кодтай, – загъта гъæуихецау, – фал дин ку зæгъун, базæронд дæ æма федогæн нæбал бæззис.

Дадо куддæр гъæла кæсæ никкодта, гъавта ма цидæртæ зæгъунмæ, фал уоди унгæгдзийнадæ хъурмæ схъæрдтæй æма ’й дзорун нæбал уагъта.

– Æндæмæ цо, ма нæ хъор кæнæ, – загъта ин еу усми фæсте гъæуихецау.

Дадо бадонзонуг æй, æ бæрзæй ин цума устур гъелæй ниццавдæй, уотæ имæ фæккастæй, æма гупгæнгæ рахаудтæй уæлгоммæ.

– Гъей, ескетæ рацæуæнтæ медæмæ, – радзурдта къæразгæй гъæунгæмæ гъæуихецау, – мæнæ зæронд федог Дадо рамардæй.