06 октября 2024

АДӔЙМАГӔН Ӕ КАРНИ ИГАКӔЙ ЛЕДЗӔН НӔЙЙЕС!..

11.11.2021 | 12:50

Малити Геуӕргийӕн цӕмӕдессаг ӕнцӕ ӕ прозаикон уадзимистӕ дӕр.

Ӕ новеллити финсӕг исаразта хуӕнхбӕсти цӕргути ӕнхӕст фӕлгонцтӕ, сӕ царди цаутӕ син равдиста ӕруагӕси хузи, сӕ уодигъӕди менеугутӕй гурусхагӕй неци ес, сӕ сорӕтти син иснивӕнзта социалон рахастдзийнӕдтӕ. Тӕрегъӕдӕй маруй ӕнӕбон Дадо («Федоги мӕлӕт»). Гӕвзуккӕй рарвиста ӕ бӕнттӕ – нӕ адӕми хуарзӕнхӕ иссирдта, нӕ бунтӕ искодта. Базӕронд ӕй, ӕма ма ин ӕ марамӕлай къӕбӕр дӕр ӕ хъурӕй исластонцӕ ӕ уодбӕлхуӕцгутӕ.

«Ӕхгӕд зӕрдӕ»-йи хъайтар Бидзих дӕр хуӕздӕр амондбӕл нӕ фӕххуӕст ӕй. Ӕ ургбунтӕ никкалдта кедӕр фонси фӕдбӕл зелгӕй. Хъал Зулемӕти ӕфхуӕрдӕй рахустӕй ӕ уарзти цӕхӕр, ӕма муггагмӕ фӕййеуварс ӕй бони рохс ӕма дуйней хуӕрзтӕй.

Кӕрӕф, мулкдзаст Мисирбий (радзурд «Хӕрӕ») зӕйӕ фӕлласта, фал исӕвди къахбӕл берӕ раздӕр ниллӕудтӕй – ӕ уод хӕзнати кири ку бафснайдта, уӕд.

Ӕртӕ карни. Цардӕй ист ӕртӕ хузи. Ӕнӕбарӕ адӕймаг. Мулки цагъайраг… Ӕнамонд фиййау. Еу сӕ кӕнуй царди ӕцӕгдзийнадӕ, финсӕги зундирахаст, ӕ сагъӕстӕ адӕймаги меддуйней менеугутӕбӕл.

 

 

ХӔРӔ

I

Еу сӕрдӕ ӕз фӕдтӕн Дигори. Ци гъӕуи цардтӕн, уой мӕкъурмӕ лӕудтӕй устур, бӕрзонд фахс. Фахси тӕккӕ сӕрӕй ба гъӕумӕ цъӕх-цъӕхид зиндтӕй нӕзи гъӕдӕ. Фӕсгъӕдӕ ӕндиуд ӕма бӕрзонд истонцӕ сӕхе арвмӕ бекъӕгун сау хуӕнхтӕ. Хонхӕй, кенӕ ба гъӕдӕй фахсбӕл урдугмӕ, хормӕ ӕрттевӕнтӕгӕнгӕ, гъӕу ӕрдӕмӕ уадӕй еу сауӕдон. Еу къуар къадай ибӕл зилдӕй гъӕуи дӕллӕй. Минкъий дӕлдӕр гъӕуӕй версти ’рдӕги бӕрцӕ коми хурфи ӕнсӕрӕ ӕма гъӕргӕнгӕ пурф кодта Ирӕф. Ес Ирӕфи сакъадӕхтӕбӕл дӕр къадатӕ, фал ку райвулуй, уӕдта сӕ нимпурсуй ӕма сӕ фӕлласуй. Ирӕф гириз нӕ кӕнуй. Хуӕнхтӕ ӕма къӕдзӕхти хӕццӕ тохун ин зин ӕй, ӕндӕра мӕгур хуӕнхаг ӕхецӕн цӕмӕйдӕрти къада басадзуй, уой уомӕн фехалунмӕ ци гъӕуй? Еу бон ӕрцудӕй устур уарун. Мах ӕртӕ лӕги – ӕз, мӕ фусунти лӕхъуӕн ӕма нӕ синхон Мисирбий, зӕронд уорсалист лӕг, бадтан медхӕдзари ӕма игон дуарӕй кастан ӕндӕмӕ. Нецибал бӕрӕг ахӕста цӕстӕ – арв, хуӕнхтӕ, зӕнхӕ, мегъӕ ӕма дон исхӕлӕмулӕ ’нцӕ еугурӕй дӕр.

– Ирӕф бабӕй ивулдзӕнӕй, – загъта Мисирбий, ӕ рехӕ даугӕй, – ӕма ласдзӕнӕй курӕнтти.

– Хуцау ци зӕгъа, е уодзӕнӕй, – исдзурдта нӕ иннӕ ’мбал, ӕ къохтӕ ӕ меддустӕ, уотемӕй.

– Хуцау дӕр ци зӕгъуйнаг ӕй, – райдӕдта Мисирбий нӕуӕгӕй дзорун, – адӕн исналат ӕнцӕ, кӕрӕдзей ӕфхуӕрунцӕ ӕма курӕнттӕ нӕ, фал син сӕхе ку фесафидӕ, уӕддӕр хуӕздӕр ӕй.

– Ес адӕнмӕ хуӕрзтӕ дӕр, лӕгъузтӕ дӕр, – загъта ин нӕ иннӕ ’мбал, – ӕма хуӕздӕртӕ лӕгъузти туххӕй ку фесӕфонцӕ, уӕд е хурз куд уодзӕнӕй?

Мисирбий неци исдзурдта. Ӕ рехӕ радаудта ӕ къохӕй, ӕ бӕзгин ӕрфгутӕ ӕрӕнцъулдта ӕма мургъузкӕсӕ кӕнун байдӕдта зӕнхӕмӕ. Ци сагъӕс кодта Мисирбий, ка ’й зонуй, фал мӕнмӕ ба уотӕ фӕккастӕй, цума адӕн ӕма уой ӕхсӕн ӕрзадӕй, кӕрӕдземӕ сӕ бацӕун ка нӕ уадзуй, уӕхӕн синдзин будур.

Ӕцӕгдзийнадӕй, куд мин дзурдтонцӕ уой фӕсте, уотемӕй Мисирбий адӕни нӕ уарзта ӕма син ӕхуӕдӕг дӕр уарзон нӕ адтӕй… Мулк ин ӕ фидӕй берӕ байзадӕй, фал имӕ нур ба еунӕг тикис, еунӕг хӕрӕг, хуми гӕппӕл ӕма игуӕрдӕнӕй ӕндӕр нецибал адтӕй. Бийнонтӕй дӕр рӕвдзӕ нӕ фӕцӕй: еунӕг фурт ин адтӕй ӕма е дӕр сонт разиндтӕй…

– Хуцау зонуй, кӕмӕн ци ’мбӕлуй, уой, – дзурдтонцӕ. Мисирбийи ка нӕ уарзта, етӕ. Мисирбий игъуста ӕма лӕдӕрдтӕй еци фаутӕ ӕма дзубандитӕ, иста сӕ ӕ зӕрдӕмӕ, фал, цума неци зудта ӕгирддӕр, ӕхе ба уотӕ дардта.

II

Уалинмӕ уарун дӕр гъос кӕнун райдӕдта. Мегътӕ сӕхе исистонцӕ, ӕма арвгӕрӕнттӕ фӕррохс ӕнцӕ. Раргом ӕнцӕ нӕуӕгӕй хуӕнхтӕ, гъӕдтӕ ӕма зӕнхӕ. Гъӕууон минкъий ӕма нарӕг гъӕунгти фӕззиндтӕнцӕ адӕн дӕр. Минкъий усмӕ, уӕдта ӕвеппайди гъӕунги гъӕр ӕма згули иссудӕй. Ци ’й е, зӕгъгӕ, мах рауадан ӕндӕмӕ. Кӕсӕн, ӕма дин уӕлӕ фахсбӕл сауӕдони дон-дон, арви нӕрунау гур-гургӕнгӕ, дортӕ ӕ разӕй тӕргӕ рацӕуй хӕрӕ. Еу устур дор тубудтитӕгӕнгӕ, фӕдесони хузӕн, раздӕр ӕрхъӕрдтӕй, исцавта ӕхе еу хӕдзари сӕрбӕл, фесхъиудтӕй ӕма рандӕ ’й дӕлдӕр… Ци гъӕунги ӕрцӕуйнаг адтӕй хӕрӕ, уой фалдзос адӕнӕй райдзаг ӕй. Еугурей цӕсгӕнттӕ дӕр адтӕнцӕ къех ӕма тарстхуз.

– Гъей, гъей! – цудӕй адӕни ’хсӕн гъӕр, – гъӕуай кӕнӕд алке ӕхе! Рацӕуй, хӕрӕ, рацӕуй!..

Тарст ӕрахӕста еугурей дӕр, бустӕги ба, сӕ хӕдзӕрттӕ донгӕрон кӕмӕн адтӕнцӕ, уони. Лӕгтӕ фонси ергъӕви фӕцӕнцӕ. Уоститӕ ӕма кизгуттӕ ба хӕдзайрон листӕг дзаумӕуттӕ синхонтӕмӕ давтонцӕ, уалинмӕ хӕрӕ дӕр гур-гур ӕма ӕрсӕн-пурсӕнтӕгӕнгӕ гъӕунги исмедӕг ӕй. Гъӕунгӕ адтӕй хъӕбӕр унгӕг: еугурӕй ӕ фӕтӕ ӕййафта дууӕ сардзини, кенӕ ба минкъий фулдӕр. Хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ ӕ фӕйнӕ фарси адтӕнцӕ листӕг хурӕй тӕссонд даст. Уӕхӕн минкъий гъӕунги уӕхӕн устур хӕрӕ фӕндон над не ’ссирдта ӕма хӕдзӕртти сератӕ уӕд хурдаст, уӕд еугурӕй дӕр сӕ бурцитӕгӕнгӕ цудӕй.

Адӕми згули ӕма хӕри ӕнсар гъӕрмӕ ӕз Мисирбийи нӕбал ӕргъуди кодтон, ӕрӕги-дурӕги ба ’й ӕрӕстӕфтӕн; еу зӕронд, уотид гъӕдӕй конд кирӕ ӕ гъӕбеси сувӕллонау ниттухта, уотемӕй сӕ медтургъӕ истадӕй. Ӕ зӕрдтӕй кири хӕццӕ адӕнмӕ раледзунмӕ гъавта, фал ин хӕрӕй ӕ бон нӕбал бацӕй ӕма къех лӕугӕ райзадӕй ӕ медбунати. Кумӕ ма лигъдайдӕ? Гъӕунги рдигӕй – хӕрӕ, иннердиги ба синхон хӕдзӕртти сератӕ ӕрзилдӕнцӕ тургъӕбӕл. Тургъӕ ба адтӕй бустӕги минкъий гӕппӕл. Хӕрӕ фиццаг Мисирбийи хӕдзари ӕндаг сера фехалдта, уӕдта тургъӕмӕ кӕлунмӕ фӕцӕй. Гурусхаг нӕбал адтӕй, хӕдзарӕ бустӕги ихӕлд ке ниццайдӕ, тургъӕ ба хӕрӕй ке байдзаг адтайдӕ, е.

– Кирӕ ниууадзӕ! – гъӕр кодтонцӕ адӕн Мисирбиймӕ, – ӕма дӕ уоци фарс хӕдзари хурӕбӕл уӕлиндзӕмӕ исхезӕ!..

Адӕнмӕ ку байгъустайдӕ Мисирбий, уӕд уӕлиндзӕй иннӕ гъӕунгӕмӕ рӕвдзӕ рахезӕн адтӕй, фал ӕй ӕ кирӕ ниууадзун нӕ фӕндадтӕй, ӕд кирӕ бабӕй хурӕбӕл исхезун нӕ бафӕразтайдӕ.

– Ме ’хца кӕми исӕфунцӕ, уоми гъӕуама мӕхуӕдӕг дӕр фесӕфон! – исгъӕр кодта Мисирбий ӕма ӕд кирӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕй… Уалинмӕ хӕдзарӕ дӕр аллирдиги змӕлун ӕма кӕлун байдӕдта; хӕрӕ тургъӕмӕ байвулдӕй ӕма Мисирбийи ӕд кирӕ ӕ буни никкодта…

– Ӕллах, ӕллах! – дзиназтонцӕ адӕм, – фесавдӕй лӕг, фесавдӕй!..

III

Хӕрӕ ӕ куст бакодта, уӕдта ӕрсабур ӕй. Адӕн ӕнгулфӕй бацудӕнцӕ Мисирбийи тургъӕмӕ ӕма ин ӕ мард хӕри бунӕй исистонцӕ. Бауӕр еугурӕй ницъцъӕрӕмухститӕ ’й; тог мизтӕй аллирдӕгӕй, гъостӕ, гъӕлӕс ӕма фиййи цъӕстӕ сикъит ӕма зменсӕй байдзаг ӕнцӕ… Еу зӕронд уосӕ резгӕ хъурӕй зӕрддон гъарӕнгӕ никкодта, ӕма адӕн никкудтӕнцӕ… Изолмӕ игъустӕй адӕни кӕунгъӕр ӕма сауӕнгӕ зӕрди бунмӕ гъардта… Рарвистонцӕ гъӕргӕнгутӕ иннӕ хуӕнхаг гъӕутӕмӕ, ӕма цудӕнцӕ уордиги дӕр адӕн хъонц ӕма тӕфирфӕс кӕнунмӕ…

Дуккаг бон Мисирбийи марди фӕлуст искодтонцӕ, ниввардтонцӕ ’й нӕуӕг конд кири, исаргъудта ибӕл саугин, ӕма ’й банигӕдтонцӕ.

– Ӕнамонд адтӕй ӕма ӕнамонди мард ракодта, – хъонц кодтонцӕ беретӕ, – фал цума циуавӕр кирӕ адтӕй, Мисирбий ӕхе кӕбӕл фесафта, е?

– Райгон кӕнун ӕй гъӕуй, – исдзурдта адӕнӕй еу.

Кирӕ фӕззиндтӕй ӕма ибӕл адӕн ӕрзилдӕнцӕ фӕйнердигӕй. Еу бӕзӕрхуг, сауцъарӕгӕсгӕ лӕхъуӕн ин фӕрӕти мӕкъурӕй ӕ къума расаста. Еу усмӕ, уӕдта кирӕ, аллихузӕн ӕхцатӕй идзаг, уотемӕй райгон ӕй…

Адӕн ӕнӕ хъипп, ӕнӕ стуф ӕхцай кирӕмӕ сӕ цӕститӕ ниццавтонцӕ. Еу дзӕвгарӕ фӕллӕудтӕнцӕ уотемӕй, уӕдта кӕцӕйдӕр ӕркодтонцӕ Мисирбийи сонт фурт Баззей кири сӕргъӕмӕ.

– Уинис, Баззе, – загъта ин еу зӕронд лӕг, – дӕ фидӕ дин цӕйбӕрцӕ ӕхцатӕ ниууагъта ӕ фӕсмӕрдӕ…

Баззе ӕ сунтӕбӕл фӕххуӕстӕй, низзулун кодта ӕхцатӕ ’рдӕмӕ ӕ дзангъир цӕститӕ ӕма ходунти фӕцӕй:

– Хе-хе-хе! Ӕхцатӕ, ӕхцатӕ! Хе-хе-хе!

 

ӔХГӔД ЗӔРДӔ

Сах кастӕй рӕфтон тӕвдӕ хор. Ӕргъау ӕркъупхӕ ’нцӕ донбӕл ӕма бонасадӕн кодтонцӕ. Дони билӕбӕл, ӕргъаумӕ хӕстӕг, донхӕреси буни бадтан ӕз ӕма зӕронд гъонгӕс Бидзих. Цудӕй мӕйи бӕрцӕ, Бидзихи хӕццӕ кӕрӕдзей кӕдӕй базудтан, уӕдӕй. Ӕз еци сӕрдӕ цардтӕн гъӕдрӕбун уотари, е ба уоцирдӕмӕ е ’ргъау ахид скъӕридӕ. Ӕргъау цалдӕн рӕфтон уолӕфт кӕниуонцӕ донбӕл, уалинмӕ ӕз ӕма Бидзих дзубандибӕл исбадианӕ донхӕреси буни, аууони.

Бидзих адтӕй бӕзӕрхуг, ставдгомау лӕг, ӕ сау цӕрмин ходӕ, ӕ зӕронд скъудтӕ цохъа ӕмбуд хӕдони ӕндегӕй рагӕй ӕййевуйнаг адтӕнцӕ, фал ин, ӕвӕдзи, цард уӕхӕн равгӕ нӕ лӕвардта. Гъунтъуз ӕрфгути бунӕй ӕнкъард ӕма дӕлбункӕсӕ кодтонцӕ уой фӕлмӕн цӕститӕ. Бидзих ӕнӕ уосӕ ке ’рзӕронд ӕй, уой зудтон, фал гъуддаг цӕмӕн уотӕ ’рцудӕй, е ба мин бӕлвурд нӕ адтӕй.

– Хуарз нӕ ’й, Бидзих, – батхалдтон имӕ ӕз, – ӕнӕ уосӕй ке ’рзӕронд дӕ, е.

– Ци киндӕуа, мӕ хор, – загъта мин Бидзих гузавӕ хъурӕй, – амонд агоргӕй нӕ ’й.

– Нӕ, Бидзих, ӕз уотӕ нӕ зӕгъун.

– Мадта куд зӕгъис?

– Амонд нӕ агурдтай, ӕндӕра ’й иссирдтайсӕ.

Бидзих баходӕзмолӕ кодта, фал неци исдзурдта еу усмӕ, уӕдта равналдта ӕ галеу фарсмӕ, сласта кӕрдбадзӕй кард ӕма ӕ лӕдзӕги сӕр амайун райдӕдта. Балӕдӕрдтӕн, мӕ дзубандий ӕздӕх ӕ зӕрдӕмӕ ке нӕ бацудӕй, уой. Ӕндӕр ести дзубанди ӕркӕнунмӕ куд гъавтон, уотӕ над ӕрдиги топпи гъӕр фӕццудӕй. Фӕкъкъех ан дууемӕй дӕр. Уалинмӕ нади фездӕхӕни, урдугмӕ ӕд нимӕт, ӕд топп, гъазгӕ ӕма сергӕ фӕззиндтӕй бӕхгин. Уой фӕдбӕл ӕрурдуг ӕй дууӕ уӕрдуни. Раззаги бадтӕнцӕ ӕртӕ кизги, сӕ еу хизӕй ӕмбӕрзт, ӕма лӕхъуӕн – бӕхдзорӕг. Кизгуттӕй еу цагъта фӕндурӕй, иннӕ уӕрдуни ба бадтӕнцӕ лӕхъуӕнтӕ. Стур айдӕнӕ се ’хсӕн ӕрттевӕнтӕ кодта хормӕ. Сӕ еугурей фӕсте заргӕ цудӕнцӕ бӕхгинтӕ.

– Атӕ киндзхонтӕ ’нцӕ, – сабургай исдзурдта Бидзих.

Донгони киндзхонтӕ бӕхтӕн дон дарунбӕл еу усмӕ бадзебӕл ӕнцӕ. Донуордӕг ку фӕцӕнцӕ, уӕд заруни гъӕр ӕма фӕндури цагъд нӕуӕгӕй исигъустӕнцӕ. Дзӕвгарӕ, сӕ фӕййаууони уӕнгӕ, сӕ фӕсте кастан ӕз ӕма Бидзих донхӕреси бунӕй.

– Гъе, Бидзих, – загътон ӕз ходгӕй, – еци рӕсугъди кӕмӕн фӕххонунцӕ, уомӕ цума нӕ хицӕ кӕнис?

Бидзих зӕнхӕмӕ кӕсгӕй, цидӕр бахъур-хъур кодта ӕхенимӕр, уӕдта сӕргъувта ӕ цӕститӕ мӕнӕрдӕмӕ ӕма мӕмӕ листкӕсӕ никкодта; адтӕй цидӕр уӕззаудзийнадӕ еци касти. Бӕрӕг адтӕй, киндзхонти уиндӕмӕ уой зӕрди цидӕр ке ӕригъал ӕй, е.

– Амонд агорӕ ӕма ’й иссердзӕнӕ, зӕгъис, фал уотӕ нӕ ’й, – загъта мин Бидзих ӕрӕгиау, – ӕз ӕй агурдтон ӕма ’й не ’ссирдтон.

– Агорун дӕр зонун гъӕуй, Бидзих, – батхалдтон бабӕй имӕ ӕз, – амонд не ’ссерундзийнадӕ, ӕвӕдзи, дӕхе лазӕ адтӕй.

– Ӕма уой туххӕй дин ӕз ӕрхӕсдзӕнӕн таус, – загъта мин Бидзих. – Мӕ лӕхъуӕни доги, цудӕй мӕбӕл, ӕвӕдзи, фондз ӕма инсӕй анзи, уӕд ӕз адтӕн лӕскъдзӕрӕни еу гъӕздуг ӕссонмӕ, худтонцӕ ’й Иналдо. Кӕми фиййау, кӕми уотаргӕс, уотемӕй евгъудӕнцӕ бӕнттӕ. Уотармӕ хаттӕй-хатт фӕззиннидӕ, цит, Иналдой кизгӕ Зулемӕт. Ӕхцул, табедзӕгӕнагӕ адтӕй е мӕнбӕл. Хебӕрагӕй байзайгӕй дзубанди, цит, райеудагъ уидӕ не ’хсӕн. Адгин гъарӕ кодта мӕ зӕрдӕмӕ уой цъухи дзурд. Арви ирдӕй рӕсугъддӕр адтӕй ӕ цӕстингас. Ме ’хснуйнаг, ме ’мпъозуйнаг, – гузавӕ мӕ нецӕмӕй уагъта, гъуд мӕ кодта, мадӕй райгургӕ хуӕрау. Кӕми ниллӕудтӕй ме ’взонг зӕрдӕ, – фехсайдта Зулемӕтмӕ, фал ин мӕ зӕрдиуагӕ иской кӕнун ба нӕ разӕнгард кодтон.

Цудӕнцӕ бонтӕ. Афӕй мӕбӕл ку рацудӕй лӕскъдзӕрӕни, уӕд нӕхемӕ цӕун фӕндӕ искодтон.

– Цӕй, нур мӕ рахецӕн кӕнӕ, – загътон ӕз еу бон мӕ хецауӕн, – афонӕ мин ӕй нӕхемӕ.

– Барӕ дӕу, – загъта мин е, – ӕз дӕ нӕ къулумпи кӕнун, абони исбӕрӕг кӕнӕ дӕ мизд, исон – фӕндараст.

Уотӕ зӕгъгӕй, ӕссон гъӕдӕ ’рдӕмӕ исевгъудӕй фӕрӕти хӕццӕ – ӕнгъӕлдӕн, сӕмӕйнаг ӕй ӕркӕнун гъудӕй. Еци бон ӕз адтӕн уотаргӕс.

Сӕумон гъудтӕгонд ку фӕдтӕн, уӕд медуосонгӕ арти фарсмӕ сагъӕси бадт бакодтон. Адтӕй фӕззигон сӕлфунӕг бон, ӕма мӕ зӕрдӕ ӕндӕмӕ не ’хсайдта. Арт сугъдӕй мӕ размӕ, пеллонтӕ скъардта аллирдӕмӕ.

– Ци сагъӕс кӕнис, Бидзих, – исдзурдӕй мӕ фӕсмӕкъур фӕлмӕн гъӕлӕсӕй.

Ракастӕн – мӕ размӕ лӕудтӕй ходӕзмолтӕ идзулддзастӕй Зулемӕт.

– Ӕгасцо, Зулемӕт, – загътон ӕз ӕма фестадтӕн арти фарсӕй.

– Бадӕ, бадӕ, цӕмӕн истис, – исдзурдта Зулемӕт.

Фӕстӕмӕ ӕрбадтӕн арти фарсмӕ. Зулемӕт ба лӕугӕ байзадӕй мӕ сӕргъи.

– Ӕз цӕунмӕ гъавун нӕхемӕ исон, Зулемӕт, – загътон ӕз еу усми фӕсте.

– Еугур цуд, ӕви бӕрӕг кӕнунмӕ? – бафарста мӕ Зулемӕт.

– Еугур цуд.

– Мадта де ’мпъозуйнӕгтӕ ӕрдарӕ, ӕз ба дин сӕ барӕвдзитӕ кӕнон дӕ цӕунмӕ, – загъта мин Зулемӕт.

Ӕмпъозуйнаг мӕмӕ берӕ нӕ адтӕй – ӕрмӕст мӕ еу дзабур еу рауӕн рахудихӕлд ӕй, ӕма имӕ уой равардтон. Зулемӕт ӕндӕуосонгӕ къудуронбӕл ӕрбадтӕй, ӕриста сӕрбӕттӕнӕй ӕрций ӕд бӕхснуг ӕма дзабур ӕмпъозун райдӕдта. «Нур ралӕудтӕй мӕ сахат, – фӕндӕ кодтон мӕхенимӕр, – райгон кӕнон ин мӕ зӕрдӕ, ци фӕдтӕн, уой фӕдтӕн».

Ме ’уӕнгтӕ куддӕр базир-зир кодтонцӕ, фал мӕхебӕл фӕххуӕстӕн, фестадтӕн арти фарсӕй ӕма Зулемӕти цормӕ рацудтӕн. Зулемӕт мӕмӕ куддӕр къех каст никкодта, ӕвӕдзи, мӕ хузӕ мӕхе кеми нӕбал адтӕй.

– Зулемӕт! – исдзурдтон ӕз тӕрсгӕ хъурӕй.

– Ци кӕнис? – бафарста мӕ е, дзабур ӕмпъозун ниууадзгӕй.

– Уарзун дӕ! Уарзун дӕ! – исдзурдтон ӕз дууӕ хатти, уӕдта, цума, цавддор фестадтӕн, уотӕ фегомуг дӕн.

Зулемӕт рагӕпп кодта къудуронӕй, фехста мин еуварсмӕ мӕ дзабур. Дзабур бадӕлгоммӕ ’й согфадӕни листити ’хсӕн.

– Мӕгурдӕйраг, – загъта мин е мӕстхузӕй, – ӕз дин тӕрегъӕд кӕнинӕ ӕма дӕ ӕхцул таведзӕгӕнгӕ уомӕн гъуд кӕнинӕ, ду ба ӕндӕр зӕрдитӕ дӕхецӕн байвардтай!

Уотӕ зӕгъгӕй, Зулемӕт цидӕр фӕцӕй мӕ цорӕй. Зӕнхӕ мӕбӕл разилдӕй. Нецибал балӕдӕрдтӕн еу усмӕ. Ӕз ӕнгъӕл нӕ адтӕн, Зулемӕт мӕнӕн уотӕ зӕгъдзӕнӕй, уой. Фехгӕд ӕй мӕ зӕрдӕ ӕма нӕбал райгон ӕй уӕдӕй нурмӕ.

Бидзих нигъгъос ӕй. Ӕз дӕр имӕ нецибал исдзурдтон.

– Ӕргъау фезгули ’нцӕ, – загъта Бидзих еу усми фӕсте ӕма фестадӕй донӕхсинцъи бунӕй.

Фонс ӕцӕгӕй сӕхе есун байдӕдтонцӕ донӕй.

 

ФЕДОГИ МӔЛӔТ

Гъӕууон къӕнцилармӕ бацудӕй бӕрзонд, ставдкӕндтитӕ лӕг. Зӕронд цӕрмин пихцилтӕ ходӕ, зӕронд ӕмпъузтитӕ цохъа гӕрзин ронӕй баст, фесбунфий худихӕлд дзабуртӕ адтӕнцӕ ӕ дарӕс. Е адтӕй гъӕууон федог Дадо. Цудӕй Дадобӕл, ӕвӕдзи, ӕртинсӕй анземӕй фулдӕр, уотӕ зӕгъун ӕнгъизтӕй, уой ӕнхъирттӕ цӕсгон ӕма уорсалист закъӕмӕ кӕсгӕй.

Къӕнцилари стъоли сӕргъи бадтӕнцӕ ефтонг лӕхъуӕн-лӕг, гъӕуихецау, ӕма ӕд кӕсӕнцӕститӕ каргун уруссаг пъисӕр.

– Уӕ сӕумӕ хуарз, – исдзурдта сӕмӕ Дадо.

– Арфӕгонд уо, – загътонцӕ ин етӕ дӕр.

Еу усмӕ, уӕдта гъӕуихецау курӕти дзиппӕй уорс къохмӕрзӕн исиста ӕма ’й ӕ цӕсгонбӕл радаудта.

– Гъи, Дадо, – загъта е ӕрӕгиау, – гъигӕ дин уодзӕнӕй, ӕвӕдзи, фал дӕ цохвӕндӕ скодтан.

– Куд цохвӕндӕ? – къехфӕрсӕ ракодта Дадо.

– Ӕндӕр федог ихуӕрсӕн, – загъта гъӕуихецау. – Ду ӕрзӕронд дӕ, дӕ хъур исфӕлмаст ӕй ӕма федогӕн нӕбал бӕззис.

Ӕгуппӕг цума фӕцӕй, уотӕ еу усмӕ Дадо дзорунгъон нӕбал адтӕй, ӕ бауӕр диз-диз кодта; ӕ хузӕ нийвадӕй, хеди тӕф рагъардта е ’нхъирттӕ тӕрнихӕй.

Дӕс ӕма инсӕй анзей бӕрцӕ е федогӕй фӕххаттӕй гъӕргӕнгӕ устур дзилли гъӕунгти. Дадо, цит, ку рацӕуидӕ гъӕр кӕнунмӕ, уӕд гъӕунгтӕ адӕнӕй байдзаг уиуонцӕ, нихӕси зӕрӕндтӕ сӕ дзубанди ниууадзиуонцӕ, силгоймӕгтӕ къӕрӕзгитӕй, каути цъӕстӕй нийгъосиуонцӕ; биццеутӕ уадӕнцӕ, цит, ӕ размӕ. Уотемӕй гъӕунгӕй гъӕунгӕмӕ, гъӕуи еу кӕронӕй иннемӕ, гъӕргӕнгӕ хаттӕй зӕронд федог Дадо.

Анз дууӕ-ӕртӕ хатти бегарай уӕрдун ӕма къӕбиси хӕццӕ дзиллӕбӕл ӕрзелидӕ ӕ мизд есунмӕ.

Лӕвардтонцӕ ин – ка ӕхца, ка мӕнӕуӕ, ка нартихуар, ка ӕндӕр ести. Уотемӕй, хуӕздӕр цардмӕ ӕнӕбӕлгӕй, хаста зӕронд Дадо ӕхе ӕма ӕ зӕронд хӕфцӕстӕ уоси, – зӕнӕг ин нӕ адтӕй. Ци ма кӕна? Куд ма дара ӕхе, косӕн дзаумау имӕ ку неци ес?

– Ци дин кодтон? Цӕмӕн мӕ исафис? – кӕунгъӕлӕсӕй батхалдта е гъӕуихецаумӕ.

– Неци мин кодтай, – загъта гъӕуихецау, – фал дин ку зӕгъун, базӕронд дӕ ӕма федогӕн нӕбал бӕззис.

Дадо куддӕр гъӕла кӕсӕ никкодта, гъавта ма цидӕртӕ зӕгъунмӕ, фал уоди унгӕгдзийнадӕ хъурмӕ схъӕрдтӕй ӕма ’й дзорун нӕбал уагъта.

– Ӕндӕмӕ цо, ма нӕ хъор кӕнӕ, – загъта ин еу усми фӕсте гъӕуихецау.

Дадо бадонзонуг ӕй, ӕ бӕрзӕй ин цума устур гъелӕй ниццавдӕй, уотӕ имӕ фӕккастӕй, ӕма гупгӕнгӕ рахаудтӕй уӕлгоммӕ.

– Гъей, ескетӕ рацӕуӕнтӕ медӕмӕ, – радзурдта къӕразгӕй гъӕунгӕмӕ гъӕуихецау, – мӕнӕ зӕронд федог Дадо рамардӕй.