АДӔМИ ФАРНӔ БЕРӔ ӔЙ
Устур Фидибæстон тугъди тæккæ уæззаудæр рæстæги, 1942 анзи сæрди кæрон немуцаг-фашистон æрдонгтæ æрбайервазтæнцæ Дзæуæгигъæуи рæбунмæ. Сæ зæрди адтæй еци-еу цæфæй нæ республики сæйраг сахар байахæссун. Еци ихæс хумæтæги нæ нимадтонцæ сæхецæн уæлдай ахсгиагбæл. Сæ фæндæ ку фæррæстмæ адтайдæ, уæд син фæцайдæ фадуат Фæскавказмæ бахезунæн.
Цæгат Иристони еугур дзиллитæ дæр, раст тумбул къохи хузæн, æрбайеу æнцæ еци тæссаг уавæрти, хъæбæр нифсгунæй æрлæудтæнцæ знаги нихмæ, еци разæнгардæй архайдтонцæ, уомæн æма ’й лæдæрдтæнцæ, сæ фидтæлтиккон зæнхæ цъамар æрбалæборæг æрдонгтæй искæдзос кæнгæй, етæ ке архайунцæ нæ еумæйаг Райгурæн бæсти сæребарæ æма хуæдбарæдзийнадæ багъæуай кæнуни сæрбæлтау. Æма советон адæми тугъдон намусбæл сæ намуси хай æфтаугæй, республики фæллойнæгæнгутæй тохæндзаумау райсун æ бон кæмæн адтæй, етæ цудæнцæ фронтмæ, иннæ адæм ба фæскъилдуни уогæй, нæ аурстонцæ сæ хъауритæбæл, цидæриддæр сæ бон адтæй, уомæй фронтæн агъаз кодтонцæ.
Фронтæн агъаз кодтонцæ уодуæлдайæй
Беретæ си архайдтонцæ гъæуайкæнуйнадон гъуддæгути, знаги хъозæнттæй æма Фидибæстæбæл гадзирахаттæй рацæугутæй фæскъилдуни ка архайдта, уони нихмæ тох кодтонцæ кунæггæнæг батальонти, партизанти къуæртти рæнгъити.
1941 анзи октябри арæзт æрцудæй Гъæуайкæнуйнади Дзæуæгигъæуи комитет. Е æхемæ райста Цæгат Иристони АССР-и хецаудзийнади еугур бартæ дæр. Еци Комитет, тугъдон уавæрмæ гæсгæ цидæриддæр тухтæ æма гæнæнтæ мобилизацигонд æрцудайуонцæ, уони еугурæйдæр бангом кодта, цæмæй намусгин Сурх Æфсади хæйтти хæццæ æмархайдæй знаг уорæд æрцудайдæ æма Арвикоми надмæ, уордигæй ба Грозна æма ’й Бакуй нефтмæ нæ бауадзуни туххæй.
Еци тузмæг бæнтти республики цæргутæ – силгоймæгтæ, æд кæстæр æма æд зæронд – равдистонцæ сæ федар уодиконд, устур патриотизм. Æхсæвæй-бонæй етæ еци хъазауатонæй, косæг къох кæмидæриддæр гъудæй, уоми, фронтæн агъаз кодтонцæ, цидæриддæр гъудæй, уомæй.
1941 анзи 20 октябри гъæуайкæнуйнади паддзахадон Комитети унаффæмæ гæсгæ, Дзæуæгигъæуи комитет æнæмæнгæ исаразуйнаг гъуддагбæл банимадта республики арæнтæй 250 километри æндæдæр, цæугæдæнттæ Малкæ æма Терки билтæбæл гъæу Урожайнойæй ба Кировигъæуи уæнгæ, æ дæргъæ 53 километри кæмæн адтайдæ, уæхæн гъæуайгæнæн рубеж исаразун. Е адтæй 5-аг арæзтадон район.
1941 анзи 28 октябри гъæуайкæнуйнадон ханхæ аразунмæ рацудæй, дæс мин адæймаги кæми адтæй, уæхæн фиццаг эшелон, фæстæдæр ба ма сæбæл бафтудæй никкидæр адæм. Æдеугурæй ба еци арæзтади Цæгат Иристонæй архайдта æвддæс мин адæймагей бæрцæ.
Еузæрдиуон адтæнцæ еугур адæмти минæвæрттæ
Гъæуайкæнуйнади Комитети унаффæмæ гæсгæ будуйрон арæзтади хецауæй нисангонд æрцудæй республики Адæмон Комиссарти Совети сæрдари хуæдæййевæг Зæгъойти Н.
Фиццаг ханхæ, 53 километри дæргъæн, арæзт фæцæй æмгъудæй раздæр. Фæллойнæгæнгутæ искалдтонцæ 1398502 кубометри зæнхæ.
Гъæуайкæнуйнадон фæрæзнити арæзтади уæлдай хъæбæрдæр фескъуæлхтæй фæсевæд. Фæскомцæдеси обкоми хъæппæресæй арæзт æрцудæй 250 хъазауатон фæскомцæдесон-фæсевæдон бригади, алкæцидæр си зæнхæкъахæн кустити æ ихæслæвæрдтæ æнхæст кодта 150-200 процентæй, беретæн ба си бантæсидæ 200-300 процентей бæрцæ дæр. Уæлдай хъазауатондæртæн лæвæрд цудæй æхцай премитæ, цæугæ Сурх Туруса. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма еци кустити усхъæй – усхъæмæ æмзæрдиуонæй архайдтонцæ алли нацити минæвæрттæ. Уони æнгом æмгустади фæрци Мæздæги бунмæ гъæуайкæнуйнадон рубеж аразуни гъуддаг æнтæстгинæй æнхæстгонд æрцудæй 1942 анзи 15 январмæ – Сурх Æфсадæн лæвæрд æрцудæй тухгин гъæуайкæнуйнадон бунат. Арæзт æрцудæй 64 дзоти, 15 артиллерион æма 7 минометон акъоппи, танкитæ бауорамæн къанæутти 34 километри, 31 мин кæнгæ эскарпæй фулдæр…
Гъæуайкæнуйнадон федаргæнæн фæрæзнитæ æнтæстгинæй арæзт цудæнцæ Цæгат Иристонæн æхе зæнхæбæл дæр. Зæгъæн, Елхоттæй Дзæуæгигъæуи уæнгæ арæзт æрцудæй 18 рæнгъей бæрцæ устур гъæуайкæнуйнадон бунæттæ. Айдагъ Ирæфи райони гъæуайкæнуйнади мадзæлттæ арæзт цудæнцæ кæрæдзей хæццæ баст цалдæр рæнгъемæй. Федаргонд æрцудæнцæ цæугæдон Ирæфи билгæрæнттæ. Иристони æма Кæсæг-Балхъари фæллойнæгæнгути еумæйаг хъауритæй арæзт æрцудæй 4 километрей дæргъæн тухгин гъæуайкæнуйнадон фæрæзнæ.
1942 анзи августи тæккæ райдайæни гъæуайкæнуйнади Дзæуæгигъæуи Комитет рахаста унаффæ Елхотти сæрмæ Æргинарæг, уæдта Дзæуæгигъæумæ бацæуæнтæ æвæстеуатæй исфедар кæнуни туххæй – исаразтонцæ командон пункт, баррикадитæ æма траншейтæ сахарæн æхе медæгæ дæр. Республики фæллойнæгæнгутæй уæлдай ма еци кустити архайдтонцæ ами æфсæддон училищей курсанттæ æма службæгæнгутæ. Тæккæ цубурдæр æмгъудмæ арæзт фæцæй танкити нихмæ 50 километрей дæргъæн тухгин гъæуайкæнуйнадон ханхæ, цудæй Дзиуаригъæубæл-Фиййагдонбæл-Æрхонкæбæл æма идарддæр Малгобеки уæнгæ.
Æ аразунмæ рацудæнцæ мингай адæмтæ, уони хæццæ 1500 фæскомцæдесони æма 4600 ба æнæцæдесон биццеу æма кизги. Исрæвдзæ кодтонцæ 40 километрей дæргъæн гъæуайкæнуйнадон ханхæ. Къахт æрцудæй 147 мин кубометремæй фулдæр уæззау мæрæ, танкити нихмæ арæзт æрцудæй 10 мин метрей дæргъæн къанæуттæ, авд мин метрей бæрцæ эскарптæ, баррикадитæ, аллихузон цæлхдортæ дууæ мин метремæй фулдæр. Уомæй идарддæр дæр ма арæзт æрцудæй фондз аэродроми.
Нæ дзиллæ бацудæнцæ знаги нихмæ карз тохи
Минкъий фæстæдæр райдæдтонцæ сахари алфамбулай гъæуайкæнуйнадон ханхи дуккаг кезуй куститæ. Уонæми æдеугурæй архайдта 30 мин адæймагемæ хæстæг, етæ искалдтонцæ 200 мин кубометри уæззау мæрæ, искъахтонцæ танкити нихмæ 20 километрей дæргъæн къанау, исаразтонцæ сæдæгай дзоттæ æма доттæ. Стратегион ахедундзийнадæ адтæй æфцæги сæрти арæзт надæн дæр хуæнхти – Мæхчески районæй ба Арвикоми нади уæнгæ, æ дæргъæ сæдæ километрей бæрцæ.
Ихæслæвæрдтæ æмгъудæй раздæр æнхæстгонд ке ’рцудæнцæ æма фæллойнадон æскъуæлхтдзийнæдтæ ке бавдистонцæ, уой туххæй республики фæллойнæгæнгутæй уоми ка куста, уонæй беретæн исаккаг кодтонцæ устур хуæрзеугутæ, зæгъæн, 6-аг будуйрон арæзтади грамотитæ æма хъазар лæвæрттæ райстонцæ мин адæймагемæй фулдæр, 195 косæгемæн ба лæвæрд æрцудæй нæ республики Сæйраг Совети Президиуми Кади гæгъæдитæ.
Уæдмæ знаг æрбайервазтæй нæ Цæгат Иристонмæ дæр. Æма знаги æфсæдтæ Дзæуæгигъæуи рæбунтæмæ ку ’рбахъæрдтæнцæ, дзармадзантæй æй ку æхстонцæ, бомбитæ ибæл ку калдтонцæ, уæд бунæттон гъæуайкæнуйнадæ устур куст бакодта заводтæ, фабрикитæ, хедтæ, æфсæнвæндаги станцæ æма иннæ объекттæ багъæуай кæнунбæл. 1942 анзи уæлдæфон нимпурститæй гъæуайгæнæг штаббæл бафтудæнцæ сæ ростоваг æмгустгæнгутæ дæр. Сентябри си адтæй 17 команди – 548 адæймаги. Беретæ райстонцæ паддзахадон хуæрзеугутæ.
Тугъди сауæнгæ æ тæккæ райдайæни Иристони районти арæзт æрцудæнцæ кунæггæнæг батальонтæ æма адæмон ополчений къуæрттæ. Алагири райони кунæггæнæг батальони адтæй 200 адæймаги, Промышленнон райони 2420 адæймагемæй арæзт æрцудæй æртæ кунæггæнæг батальони.
Фронт республики территоримæ ке æрбахъæрттæй (1942 анзи 15 августи), уомæ гæсгæ Дзæуæгигъæуи Гъæуайкæнуйнади Комитети унаффæмæ гæсгæ Цæгат Иристони кунæггæнæг батальони 800 адæймаги æййивд æрцудæнцæ къазарматæмæ, иннети равардтонцæ адæмон ополченимæ.
Кунæггæнæг батальони æнтæстгин архайд
Батальон зин уавæрти æнхæст кодта æ ихæстæ. 1942 анзи октябри кæрони немуцаг-фашистон æрдонгтæ нæ республики сæйраг сахари бунмæ ку ’рбахъæрттæнцæ, уæд батальон лæвæрд æрцудæй Дзæуæгигъæуи гарнизони хецауи бæрни. Пайда си кодтонцæ хуæнхти ка адтæй, еци æфсæддон хæйтти хæццæ бастдзийнадæ даруни æма сæмæ уордæмæ тохæнæрмæг хъæртун кæнуни туххæй. Знаги парашютистти, бандиттæ æма дезертирти нихмæ тохуни туххæй дæрæнгæнæг батальонæн ихæсгонд æрцудæй Арвикоммæ æма Уæллагири коммæ цæуæг нæдтæ, æфцæгтæ гъæуай кæнун.
Декабри кæрони батальон архайдта Ирæфи райони Дзæгъепбарзи бунмæ знаги фронт батонунбæл тохи æма æ ихæс исæнхæст кодта æнтæстгинæй.
Дзæуæгигъæумæ фашисттæ ку байервæзонцæ, зæгъгæ, тасдзийнадæ 1942 анзи сентябри фæккарздæр æй. Уомæ гæсгæ ба ма арæзт æрцудæй адæмон ополчений дууæ полкки, фæстæдæр си рауадæй фестæг æфсади бригадæ.
Дзæуæгигъæуи бунмæ фашисттæ дæрæнгонд ку æрцудæнцæ, уæд адæмон ополчений еу хай бацудæй советон æфсади рæнгъитæмæ, иннетæ ба раздахтæнцæ аллихузон кустуæттæмæ æма идарддæр æнхæст кодтонцæ уæди сæйрагдæр ихæстæй еу – фронтæн гъæугæ продукцийæй агъаз кæнун.
Тугъд тугъд æй, æма цийфæнди æверхъаудзийнæдтæ ку исараза, уæддæр цард ба цард æй, цæргæ ка кæнуй, уонæй æхеуон агоруй, æ размæцудæн нæййес бауорамæн нæййес. Уомæ гæсгæ ба, немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ Цæгат Иристони зæнхæй тард ку æрцудæнцæ, уæд республики еугур рауæнти бавналдтонцæ, тугъди фудæй ци зæрантæ æрцудæй адæми цардиуагæбæл дæр æма адæмон хæдзарадæбæл дæр, уони фæстеугутæ райеуварс кæнунбæл æма байархайун, цæмæй цард æ кеми æрцудайдæ…
Фæстугъд цард æ кеми цæун байдæдта…
Уомæ гæсгæ Цæгат Иристони хецауадæ унаффæ рахаста: гъæуама завод «Стеклотара»-и 1945 анзи дуккаг квартали арæзт фæууа 40 мин æрдæглитруат æвгитæгæнæн пец, хъæбæр гæгъæдийæй асиктæгæнæн цех, суткæмæ си цæттæгонд цæуа дууæ мин асикки; 1946 анзи цуппæрæймаг квартали гъæуама цалцæггонд фæууа крахмалгæнæн завод æма суткæмæ дæтта 20 тонни крахмал; 1945 анзи дуккаг квартали – Даргъ-Къохи рæзæфицæн завод (мин тонни анзмæ), æ къæхтæбæл ислæуун кæнун Дзæуæгигъæуи æхсири-товарон фермæ 1946 анзи дуккаг квартали (400 сторемæн); æнхæстæй гъæуама искосонцæ 1945 анзи цуппæрæймаг квартали Алагири, Карцай, Мæздæги, Малгобеки, Чиколай, Æрæдони, Дигорай, Рахесфарси хуайраги комбинаттæ æма æндæр косæндæнттæ.
Дехгонд син æрцудæй сæ цалцæг кæнунæн æма се ’скосун кæнунæн 25 миллион æма 731 мин соми.
Устур æргом æздæхт цудæй бастдзийнæдти фæрæзнитæ гъæугæ уагæбæл райаразун кæнуни туххæй кустмæ. Арæзт æрцудæй сахари телефонти бастдзийнадæ 1060 номеремæн, Дзæуæгигъæуи центрон телеграф æма центрон сахарæй сахармæ дзорæн телефонти станцæ, дæс районей центри телефонон-телеграфон бастдзийнадæ 492 номери фагæ банивæбæл кодтонцæ, бастдзийнадæ арæзт æрцудæй колхозтæ, совхозтæ, гъæусоветтæмæ. Арæзт æрцудæнцæ бастдзийнади 12 къантори, 31 бастдзийнади хайади, 14 бастдзийнади агентадтæ.
Рохсади, аййевади, литературæ æма науки ирæзтæн 1945-1946 æнзти дехгонд æрцудæй 53904,1 мин соми: адæмон ахурадæн – 32490 мин соми, аййевадæн – 3355 мин соми, радиобастдзийнадæн – 572, 1 мин соми, кинофикацийæн – 3482 мин соми, ирон литературæн – 1890 мин соми, наукæ æма уæлдæр ахурадæн – 8784 мин соми, мухурæн – 331 мин соми.
Адæми фарнæ берæ ’й, æхсаргинæй ниффæразиуонцæ агъазиауæй-агъазиаудæр зиндзийнæдтæн дæр, æверхъау тугъди рæстæги æма тугъди фæсте дæр. Зæрдфедарæй æма æвæллайгæй архайдтонцæ, цæмæй уоййасæбæл лæгæвзарæнти фæсте нæ Фидибæсти сæ цард зæрдæмæдзæугæдæр кодтайдæ, уобæл.
Æрмæг бацæттæ кодтан, æ рæстæги нæ республики паддзахадон архиви бæрнон косæг СÆРÆЛИАТИ Зарæ аци фарстай фæдбæл ци уацтæ ниммухур кодта, уонæмæ гæсгæ.