11 ноября 2024

АДÆЙМАГ ÆНГЪÆЛМÆ КÆСУНÆЙ НÆ УÆГÆ КÆНУЙ!..

30.12.2021 | 13:09

Уæхæн загъд ахид фегъосæн ес Дигоргоми гъæути цæргутæй, сæ цардиуаги уавæртæбæл дзоргæй. Уой дæр уомæ гæсгæ, æма хуæнхбæсти туризми райрæзтæн гъæугæ мадзæлттæ аразуни фæдбæл дзубандитæ æгæр ку райеудагъ унцæ хецаудзийнади ‘рдигæй, уотемæй ба, ами еудадзуг цæрæг адæмæн аккаг фадуæттæ аразун ке гъæуй, е си цæмæдæр гæсгæ ке феронх уй.

Гъо, арази ’нцæ, хуæнхбæстæгтæ, туристон къабази райрæзтбæл архайун гъæуй – уой фæрци хуæнхбæсти цард фæццардгъондæр уодзæнæй, кусти бунæттæ дæр си фæззиндзæнæй, æндæр гъæугæ гъуддæгутæ арæзт цæудзæнæй. Фал си нур еудадзугон ка цæруй, уони абони гъæунцæ нуриккон уавæртæ æма равгитæ.

Дигоргоми туххæй дзоргæй хъæбæр сæрустурæй фæззæгъæн, кæцæйдæр æндæр рауæнтæй æрбацæугутæн цæйбæрцæбæл зæрдæхцæуæн æй уоми æрдзон цæмæдессагдзийнæдтæй, нæ адæми æгъдæутти хуæдбундордзийнадæй, уæлдайдæр ба нæ зæрдхæлардзийнадæ æма иуазæггадæй боз уогæй. Æма сæ ардæмæ никкидæр ма рабалци кæнун ке фæффæндуй, е лæдæрд æй. Лæдæрд æй е дæр, æма нæ иуазгути тæккæ хуæздæр хузи исбоц кæнуни туххæй фæстаг рæстæгути берæ аллихузон гъæугæ мадзæлттæ арæзт ке цæуй, е дæр – дзубанди дæр ибæл нæййес, туризм агъазиау пайда ка хæссуй, уæхæн къабазæ ‘й.

Фал, æвæдзи, уомæй фулдæр ба архайун гъæуй, хуæнхбæстæ æ фидиуæзæг кæмæн æй æма ами еудадзуг ка цæруй, уони цардиуаги уавæртæ хузæнондæр кæнунбæл дæр.

Еци хабæрттæмæ советон доги уæддæр еуцæйбæрцæдæр фагæ æргом æздæхт цудæй. Фал Советон Цæдеси фехæлди фæсте уонæмæ æргом æгириддæр æздæхт нæбал цудæй. Нæуæг хецауеуæггæнгути ма Дигоргом кæд естæмæн гъудæй, уæд айдагъдæр уоми зæнхитæбæл фæххæлæф кæнунæн. Гъе уотемæй ами гъæутæ æдзæрæг кæнун байдæдтонцæ. Æ фидиуæзæг ами кæмæн æй, уотемæй ардигæй, царди хуæздæр уавæртæмæ бæлгæй, æндæр рауæнтæмæ ка фæллигъдæй, уонæй кадæртæ фæстæмæ æрбаздæхунмæ дæр, ка ’й зонуй, багъавдзæнæнцæ. Мæнæ зундгонд поэт Колити Витали е ’мдзæвгитæй еуеми куд финста, уотæ, æвæдзи, æрхун кæнунцæ:

 

Ах, ци ’нцæ галауантæ дæ цори,

Мæ ниллæг, сахъарафарс къæсæр,

Нæ гъæуй, нæ, фæлтау, неци дзорун,

Кæун мæмæ цæуй æрмæстдæр.

Цæргæсæн арвмæ стахт æй гæзæмæ,

Нæ цæруй æнæ зæнхæ цæргæс.

Æз дæумæ æрæздæхдзæн фæстæмæ,

Æз дæумæ æрæздæхдзæн, мæ къæс.

 

Фæстæмæ хуæнхбæстæмæ æрбаздæхун æнгъезуй, фал си еудадзуг цæрунæн ба уавæртæ гъæуй. Уой фæдбæл минкъий дзурд нæ цæуй аллихузон æмбурдти æма æндæр уæхæн мадзæлтти рæстæг. Фал уæддæр нæхъæртондзийнæдтæн æнхæстæй кæронгонд нæма ‘рцудæй. Еци æнæмæнгæ исаразуйнаг фарстатæй цалдæрей туххæй августи газет «Северная Осетия»-йи финста Задæлески бунæттон хеунаффæйади администраций сæргълæууæг Хадати Алинæ. Цæмæй нæ абони дзубанди бæлвурддæр уа, уомæ гæсгæ ’й мах дæр мухур кæнæн æнæгъæнæй.

 

«МАХ РÆСТÆГМÆ БÆЛЦЦÆНТТÆ НÆ АН, МАХ БУНÆТТОН ЦÆРГУТÆ АН!..»

Дигоргом æй Кавкази тæккæ уиндгундæр бунат. Æрдзон рæсугъддзийнæдтæ æма историон циртдзæвæнтæн си банимайæн дæр нæййес. Берети гъудимæ гæсгæ, уæлдай цæмæдессагдæрбæл ба нимад цæуй, Задæлескæй уæлдай ма цалдæр гъæуи – Мæцутæ, Нар, Лезгор, Донифарс, Къумбултæ æма Хæнæз.

Хуæнхбæстæмæ ка æрбафтуйуй, уомæй цæргæ-цæрæнбæнттæмæ дæр нæбал феронх унцæ уой рæсугъддзийнадæ, ами цæмæдессаг рауæнтæ. Еузагъдæй, ами æнгъезуй зæрдифæндон уодæнцойнæ иссерун. Фал, цалдæр боней номæн æрбацæун æма бауолæфун, рæсугъддзийнæдтæмæ кæсун – е еу гъуддаг, иннæ гъуддаг ба – хуæнхбæсти еудадзуг цæрун. Ами цардæн ба ес, иннæ рауæнти хæццæ рабаргæй, зингæ хецæндзийнæдтæ, зинвадуат фæззелæнтæ æма уомæ гæсгæ ба бунæттон цæргутæй беретæ сæ цæрæнбунат раййевунцæ нæ республики будури гъæутæ кенæ ба сæйраг сахармæ.

Хуæнхбæсти цардиуаги фадуæтти туххæй дзоргæй фиццагидæр зæгъун гъæуй уой, æма, куд еугур Уæрæсей, уотæ мах республики фæстаг æнзти æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади къабази ци æнæлæдæрд æййивддзийнæдтæ ‘рцудæй, етæ лæгъузæрдæмæ фæззиндтæнцæ хуæнхаг гъæути цæрæг адæмбæл, уомæн æма син фадуат нæбал ес медицинон агъаз афойнадæбæл æма æнхæстæй райсунæн. Мæнмæ гæсгæ, æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнадæмæ æййивддзийнæдтæ бахæссуни размæ бал гъудæй лæмбунæг æркæсун, ци хузи æма ци мадзалæй уодзæнæй хуæнхаг идарддзæф, æнæфадуатгин гъæути цæргутæн гъæугæ медицинон агъаз дæттун афойнадæбæл.

Раст нæ адтæй е дæр, æма нæмæ æхгæд ке ‘рцудæй пости хайадæ, гъома, дан, экономикон æгъдауæй си зæранæй уæлдай неци пайда ес.

Айдагъ мах зилди нæ, фал æнæгъæнæ коми цæргутæ дæр сæ зæрдæ дарунцæ, кæдимайди ба Мæцути гъæуи фæззиннидæ артаг хуæдтолгити кæнуни станцæ. Мæцути уомæ гæсгæ, æма аци гъæу лæууй дууæ комемæ бацæуæни æма æнцондæр уодзæнæй аллирдигæй цæуæг еугур шофертæн дæр. Нуртæккæ ба, зæгъæн, цæмæй «Тагъд агъази» хуæдтолги бензин никкæнай, уой туххæй цæун багъæуй кумæдæр идардмæ.

Раст уидæ е дæр, æма Мæцути ку райгон кæниуонцæ зингисервæзтитæй багъæуай кæнуни хайадæ дæр. Æрæги, мах æрдигæй исцæфстæй цæргутæй еуей хæдзарæ. Хуарз æма гъæуи цæргутæ цурд февналдтонцæ, уæдта Чикола æма Дигорай зингхуссунгæнгути сæрмагонд экипажтæ дæр тагъд фæззиндтæнцæ æма зингисервæзт хустгонд æрцудæй. Гъулæггагæн, хæдзарæ еугур сугъд бакодта, фал Хуцау хуарз, æма синхæгти хæдзæрттæмæ ба зинг нæ бахъæрдтæй, неци зæран син æрхаста.

Ами, бунæттон цæргутæ хъæбæр æнгъæлмæ кæсæн, нæ хæдзæрттæмæ æрдзон газ кæд байдайдзæнæй хъæртун æма си пайда кæнуни равгæ фæззиндзæнæй. Нæ зæрдæ дарæн, кæдимайди цубур рæстæгмæ, аци фарста лухгонд æрцæуидæ.

 

«ХУÆНХБÆСТИ ЦАРДИУАГИ ГЪÆУГÆ ФАДУÆТТÆ АРАЗУНБÆЛ КУСТ ЦÆУЙ…»

Уæхæн хузи дзуапп Ирæфи райони муниципалон зилди сæргълæууæг Гъуцъунати Хъазбег равардта, Хадати Алинæ æ финстæги ци фарстати кой кæнуй, уони фæдбæл. Æ радзубандий уотæ баханхæ кодта.

– Дигоргом æцæгæйдæр зундгонд æй айдагъ æ цæмæдессаг æрдзæй нæ, фал ма хуæдбундор историйæй дæр. Æма еугур еци фæззелæнтæ хинцгæй, мах гъæуама æнхæстдæрæй не ‘ргом раздахæн туристон-рекреацион архайдмæ, кæци устур агъаз æй нæ райони социалон-экономикон райрæзтæн. Нури уæнгæ дæр ами берæ гъæугæ гъуддæгутæ арæзт æрцудæй æма цæуй. Фал, гъулæггагæн, дæсгай æнзти медæгæ ци берæ лухкæнуйнаг фарстатæ æрæмбурд æй, уони еугурей цубур рæстæгмæ исæнхæст кæнунæн фадуат нæййес.

***

Мæцути гъæуи хуæдтолгити артаг кæнуни станцæ цæмæй уа, уой фарстабæл рагæй цæуй дзубанди, еу-дууæ хатти имæ каст дæр бæргæ ‘рцудæй, фал… Цæмæй еци гъуддаг арæзт æрцæуа, уой туххæй гъæуй, сæрмагонд оргæнтæй барæ райсунæн дзæвгарæ гæгъæдитæ æрæмбурд кæнун, æ исаразунæн ба ци берæ фæрæзнитæ гъæуй, уони исамал кæнун. Æма райони разамунд цæттæ ‘й, Мæцути артаги станцæ, уой фæдбæл еугур домæнтæ æнхæст кæнгæй, исаразуни гъуддаг æхемæ ка райса, еци амалгъонæн фæййагъаз кæнунмæ.

***

Дзубанди дæр ибæл нæййес, хъæбæр зин иссæй идарддзæф хуæнхаг гъæути цæргутæн дохтири агъаз райсун. Фал, куст цæуй, цæмæй уавæр фæххуæздæр уа, уобæл. Дзинагъай, Стур Дигори æма Мæхчески фæстаг æнзти арæзт æрцудæй нæуæг фельдшерон-акушерон пункттæ, анзи кæронмæ Мæцути нæуæг амбулатори искосдзæнæй. Ирæфи райони æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади разамунди хæццæ бадзубанди кодтан, цæмæй уæлæнхасæн косгутæ æрвист æрцæуа аци бунæтти медицинон кустуæттæмæ.

***

Æрдзон газ хуæнхбæсти гъæути хæдзæртти фæззиндзæнæй аци анзи кæронмæ. Куд зонæн, уотемæй, æрæги хуæнхти ци дорхæудтитæ ‘рцудæй, уони фудæй гази хæтæлтæ гъигæдард ке баййафтонцæ, уомæ гæсгæ ба газуадзæн куститæ дæр рæстæгмæ фæкъкъулумпи ‘нцæ. Гази хæтæлтæ исрæвдзæ кæнуни туххæй республикон бюджетæй æхцай фæрæзнитæ дехгонд æрцудæй. Етæ рæвдзæгонд ку ‘рцæуонцæ, уæдта фæууодзæнæй гæнæн газ уадзуни куститæ кæронмæ исæнхæст кæнунæн æма гъеуæд Задæлескæ, Мæцутæ, Æхсæуæ æма Дзинагъай цæргутæн сæ бон исуодзæнæй сæ хæдзæртти æрдзон газæй пайда кæнун.

 

ГЪÆУГÆ ГЪУДДАГ ÆНÆ ÆМГЪУДТÆЙ АРАЗГÆ ÆЙ!..

Нæ рагфидтæлтæй нæмæ æрбахъæрдтæй мæнæ ауæхæн зундгин загъд: «Цард æрцæун куд зонуй, уотæ æ къилдун фездахун дæр зонуй!..» Æцæгæйдæр уотæ ке ‘й, уой сæхебæл бавзурстонцæ Дигоргоми гъæути цæргутæ. Кæд æма син советон доги уæддæр еуцæйбæрцæдæр равгитæ адтæй ами сæ бийнонти карни хабæрттæ аразунæн, уæд Советон Цæдеси фехæлди фæсте ба бустæги æвæгæсæгæй райзадæнцæ. Раст зæгъгæй, «нæуæг цардарæзти» хецауеуæггæнгутæ дæр цидæр программитæ бæргæ рацъаппитæ кæниуонцæ, бæргæ зæрдæмæдзæугæ гъуддæгутæ си фæннисан кæниуонцæ, фал… исæнхæст кæнунмæ ба сæ нæ райевдæлидæ. Æма ами ма цæргæ ка байзадæй, уони цардиуагæ нæхъæртондзийнæдтæй идзагæй-идзагдæр кодта…

Уонæй кæцидæрти, абони Дигоргоми æвæстеуатæй исаразуйнаг гъуддæгути туххæй адтæй æ дзубанди Хадати Алинæн дæр. Райони разамунд æй ке фегъустонцæ æма балæдæрдтæнцæ, е ба бæрæг æй Гъуцъунати Хъазбеги дзуæппитæй. Æма хуæнхбæсти цæрæг адæми сагъæссаг фарстатæ гъæугæ хузи райаразунæй ци зæрдитæ байвардта, етæ æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ.

Нур ба уой зæгъун æнгъезуй, æма, Хадати Алинæ куд радзурдта, уотемæй Дигоргоми хуæдтолгити артаг кæнуни станцæ исаразунæн зæнхи хай дехгонд æрцæудзæнæй. Æма æвæстеуатæй аразгæ ке ‘й, е ба лæдæрд æй – уомæй дæр, æма хуæдтолгити, уой ба медицинон къабази транспорт дæр артаг никкæнуни туххæй нерæнгæ ма Дигоргомæй цæун багъæуй Чиколамæ – уой фудæй ба рæстæг дæр æма артаги кæцидæр хай дзæгъæл цъæхуæлгонд цæунцæ…

Нæкæси, Хадати Алини хæццæ ку дзубанди кодтан, уæд ни ракурдта, цæмæй хъæбæр зæрдиагæй райарфæ кæнæн Мæцути «Тагъд агъази» къабази косæг фельдшертæн: Гæуисти Людæн, Гæбæрати Зинæн, Хъазахти Людæн æма Хæмицати Альбинæн. Æнæгъæнæ Дигоргоми гъæути цæрæг адæмæн æновудæй дохтиреуæг кæнунцæ, адæм си боз æнцæ сæ дæсни æма æвæллайгæ фæллойни туххæй. Мах, редакций косгутæ дæр син арфæ кæнæн, æгайтима сæ уоййасæбæл уæззау куст уотæ рæстуодæй æнхæст кæнунцæ æма син нæ зæрдæ зæгъуй, цæмæй, фиццагидæр, æнæнез уонцæ, иннемæй ба, кæмæн лæггадæ кæнун æй сæ ихæс, еци адæм дæр уонцæ æнæнез, медицинон цæстдард си ке багъудæй, æма кæмæн фæййагъаз кодтонцæ, етæ ба цæмæй макæдбал макæци незæй гъигæдард æрцæуонцæ!..

Кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма Дигоргоми гъæути цардиуаги райаразуйнаг фарстатæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ нæ цæстæ дардзинан æма нæ газети уой фæдбæл æрмæгутæ мухургонд цæудзæнæй.

Дигоргоми еугур цæргутæн ба зæрдиагæй арфæ кæнæн нæуæганзон бæрæгбони фæдбæл, æма син нæ зæрдæ зæгъуй фарстатæ дæр тæккæ хуæздæр хузи арæзт куд æрцæуонцæ, уой.

 

Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта

БИЧИЛТИ Алетæ.