27 июля 2024

«АДÆЙМАГ ИХÆСГИН ÆЙ РÆСТУОДÆЙ ЦÆРУНÆЙ!..»

28.05.2022 | 14:29

Нуртæккæ Уæрæсей уавæр уæхæн æй, æма ‘й æхецæн рæстзæрдæй Фидибæстæбæл ка нимайуй, етæ еугурæй дæр æмзунд æма æмвæндæй гъæуама архайуонцæ æ хуарздзийнади сæрбæлтау –  ка ци адæмихаттæй æй, ка циуавæр дин æнхæст кæнуй, уомæ нæ кæсгæй. Сæйрагдæр – цæмæй ни алке æскъуæлха арфиаг гъуддагæй Райгурæн бæсти хуарзæн.

Уобæл цудæй дзубанди æрæги Хъазани ци агъазиау мадзал арæзт æрцудæй, уоми дæр. Еци мадзали архайдта Гуæцæлти Хаджиморат дæр – нæ республики муфтий, стратегион уинунади къуар «Уæрæсе-Ислами дуйне»-й иуонг. Æма уой фæдбæл æ гъудитæ зæгъуй нæ газети абони номери 6-7-аг фæрстæбæл.