07 декабря 2024

«АДÆМИ ÆГЪДАУБÆЛ ИСАХУР КÆНУН ГЪÆУЙ!..»

29.12.2022 | 13:57

Нæ газети абони номери мухур кæнæн нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойи нæуæганзон арфæ. Æма си куд зæгъуй, уотемæй, кæд æма нæ цардиуаги фæххуæздæрмæ бæллæн, уæд ни алке гъæуама архайа, ци гъуддаг ин ихæсгонд æй, уой бæрнонæй æма гъæугæ хузи æнхæст кæнунбæл. Уогæ е нури рæстæгути домæн нæй – рагæйдæр е адтæй цийфæнди цардарæзти дæр. Уобæл дзорæг æнцæ, мæнæ дæлдæр ци хабæрттæ æримистан, етæ дæр.

 

 

«Æз дæр хумæтæг адæмæй дæн…»

Паддзах Екатеринæ I «æхемæ ке æрбахæстæг кодта», еци инæлар-фельдмаршæл Петр Румянцев – Задунайскийи фураййев галауани уæттæй еуеми адтæй, фæрæтæй амад тæрсин къелатæ.

Æ еци миуæ æнæлæдæрд адтæй еугуремæн дæр. Ахид æй бафæрсиуонцæ, гъома, е куд æй – галауани уæхæн фургъæздугдзийнадæ уæхæн хумæтæгдзийнади хæццæ æмхæлæмулæ?!. Æма син раттидæ дзуапп:

– Фураййев уæттæ мæ радзæгъæлтæ кæнунцæ æма мæ рæбун ка ’й, уонæй мæхе уæлдæр æнгъæлун байдайун. Аци тæрсин къелатæ ба мин мæ зæрдæбæл æрлæуун кæнунцæ, æз дæр уони хузæн адæймаг ке дæн, уой…

«Федардæр ма кæми фæууй…»

Потемкин Орлови фæсте императрицæ Екатерини уарзон ку иссæй, уæд сабийæй ци гъæуккаг диникустгæнæгмæ ахур кодта, е уой ку æригъуста, æма æ кæддæри ахурдзау уæхæн номгин лæг иссæй, уæд æй исфæндæ кодта, бабæрæг кæнун – кæдимайди ба ин хуæрзауодæг фæууидæ æма фæййагъаз кæнидæ естæмæй.

– Хуарз, ести дин кæндзæнæн, – загъта ин Потемкин. – Æцæг, циуавæр лæвар дин исбæззидæ?

– Гъе уой ба нæ зонун. Дæхуæдæг ести æргъуди кæнæ.

– Исаакиеви фæзæ зонис? – бафарста ’й Потемкин. – Фæууидтай си Цитгини монумент?

– Гъай-гъай æй зонун!

– Гъема цо, æркæсæ æ бунати ма лæууй, æма мин уайтæккæдæр фегъосун кæнæ.

Дьяк, куддæр ин загъд адтæй, уотæ ’й исæнхæст кодта.

– Цæй, ци зæгъдзæнæ? – бафарста æй Потемкин, фæстæмæ ку фездахтæй, уæд.

– Лæууй, дæ райдзастдзийнадæ.

– Федар?

– Федардæр ма кæми фæууй, дæ райдзастдзийнадæ.

– Гъема хуарз. Ду уомæ дæ цæстæ дарæ алли сæумæ дæр æма мин дурусæй фæххабар кæнисæ. Мизд ба дин фист цæудзæнæй мæ æфтуйæггæгтæй. Гъе нур ба дæ барæ ес уæхемæ цæунæй.

Дьяк рамæлæти уæнгæ æнхæст кодта æ еци ихæс æма рамардæй Потемкинæн арфæ кæнгæй.

«Мæнгæдзийнадæ – хъæбæр устур тæрегъæд æй!..»

Император Александр 1824 анзи Екатеринославли губернибæл цæугæй, æрлæудтæй ецирдигон станцитæй еуеми цай рацумунмæ. Цалинмæ самовари хæццæ архайдтонцæ, уæдмæ дзубандитæбæл фæцæй станци цæстдарæги хæццæ. Æ фингæбæл ин Нæуæг Нистауæни (дини киунугæ) рауингæй, рафарста æй:

– Ахид æркæсис аци киунугæмæ?

– Еудадзугдæр æй кæсун, дæ бæрзонддзийнадæ.

– Хуарз. Кæсæ, кæсæ, – загъта император. – Е хуарз гъуддаг æй. Уоди фарнæ ку агорай, уæд уæлзæнхон амонд дæр иссердзæнæ. Æма си нур цæй уæнгæ рахъæрттæ?

– Кæдзос апостол Матфейæй Евангелий уæнгæ, дæ бæрзонддзийнадæ.

– Паддзах цæстдарæги цæмæдæр фервиста. Е ку фендæй, уæд, Матфейæй Евангелий тъæффитæй еуей райергæй си сæдæгай сомей фондз гæгъæдий æхца райвардта æма уотемæй киунугæ рахгæдта.

Рацудæй цалдæр къуæрей. Фæстæмæ уобæлти æздæхгæй, паддзах бауорамун кодта еци станций рази.

– Дæ бон хуарз, мæ рагон зонгæ, – загъта цæстдарæгæн. – Æнæ мæнæй ма кастæ Евангели?

– Куд нæ, дæ бæрзонддзийнадæ, аллибон дæр æй кастæн.

– Æма си цæй уæнгæ бахъæрттæ?

– Кæдзос Лукай уæнгæ.

– Гъæйдæ æркæсæн имæ. Рахæссай ардæмæ дæ киунугæ.

Паддзах æй рахæлеу кодта, æма æхцатæ кæми байвардта, раст гъе уоми сæ иссирдта æнæвнæлдæй.

– Мæнгæдзийнадæ – хъæбæр устур тæрегъæд æй! – загъта, æма е ’хцатæ уордигæй райста.

«Мæ хеуон инæлартæ ба мæ нæ игъосунцæ!..»

Император Николай I кæддæр æфсæддон маневрти рæстæг цидæр бардзурд равардта, фал æй, куд гъудæй, уотæ нæ исæнхæст кодтонцæ, æма æфсæддон рæнгъити бæрæг хæлæмулæ рауадæй. Паддзах уайтæккæдæр фæдздзурдта, æмæнтъери ци хаййи рауадæй, уой командæгæнæгмæ, æма си карзæй байагурдта дзуапп. Куд рабæрæг æй, уотемæй ин инæлар æ бардзурди дзурдтæ нæ фегъуста.

– Мæ гъæлæс мин игъосуй æнæгъæнæ Европæ дæр, мæ хеуон инæлартæ ба ’й нæ игъосунцæ!.. Ходуйнаг æй, инæлар!.. – æ цæстæмæ ин бадардта император.

«Гъæуама федар фæллæууæн!..»

…Владимир Ленини æмгустгæнæг Глеб Кржижановский æ имисуйнæгти финста: «Еу инженерæн 1921 анзи тæрхон рахастонцæ, паддзахадон ихæс ке не ’сæнхæст кодта, уой туххæй. Æз Владимир Ильичæй курдтон раст æй æма æй рауадзæн, зæгъгæ. Е мæ хæццæ не ’сарази æй:

– Уадзæ æма еу-дууæ анзи рабада. Адæми æгъдаубæл æй исахур кæнун гъæуй. Гъæуама федар фæллæууæн!..»

Уотæ æнгъæл дæн, æма мæ бæлæдæрдтайдæ, аци цау цæмæ гæсгæ раймистон, уой…

«КЕНÆ НЕФТЬ – КЕНÆ БА…»

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Сталин нæ бæсти уæди хæдзарадон разамонгутæй еуемæн, Николай Байбаковæн байхæс кодта, цæмæй хъæбæр цубур рæстæгмæ байгон кодтайуонцæ нефти нæуæг игурæнтæ. Байбаков хъæбæр батухстæй, уæхæн цубур рæстæгмæ е нæ къохи нæ бафтуйдзæнæй, зæгъгæ. Уæд ин Сталин цубурæй загъта:

– Уодзæнæй нефть – уодзæнæй Байбаков, нæ уодзæнæй нефть – нæ уодзæнæй Байбаков!..

Еци дзубандий фæсте цубур рæстæгмæ нефти нæуæг игурæнтæ байгон æнцæ Татарстани æма Башкирий.

«Засядько бæрцæ зонуй!..»

Бæсти дорæвзалуй промышленности министри бунатмæ кандидатæй бахастонцæ еу устур шахти директор Засядькой. Еугурæй дæр си хъæбæр феппæлдтæнцæ, фал кадæр уæхæн загъд кодта, гъома, карз ниуæзтæмæ æмхец æй, зæгъгæ.

Уой фæсте Сталин Засядькой æхемæ æрбахудта. Сталин ин агувзи дзаг водкæ рауагъта. Засядько ин арфæ ракодта, дæ цæрæнбон берæ уæд, зæгъгæ, æма агувзи дзаг водкæ фæддæлæмæ кодта.

Сталин ин дуккаг агувзæ дæр рауагъта, æма бабæй уой дæр Засядько инней фæдбæл рауагъта.

Сталин бабæй ин байдзаг кодта æртиккаг агувзæ дæр, фал æй е еуварс æрæвардта æма федарæй загъта:

– Засядько ниуæзтæн бæрцæ зонуй, æмбал Сталин.

Политбюрой нæуæгæй ку æркастæнцæ Засядькой фарстамæ, уæд Сталин æ фарс рахуæстæй æма загъта:

– Засядько ниуæзтæн бæрцæ зонуй!

Æма берæ æнзти дæргъи Засядько арæхстгин разамунд фæллæвардта нæ бæсти Дорæвзалуй промышленности министрадæн.

РАВАРДТОНЦÆ ИН ДУУÆ ХУÆРЗЕУÆГИ ДÆР ЕУМÆ

1942 анзи Сталин æ косæнуатмæ фæдздзурдта артиллерий зундгонд конструктор В.Г. Грабинмæ æма ин загъта:

– Ду ци дзармадзан исаразтай, е фæййервæзун кодта æнæгъæнæ Уæрæсе дæр. Циуавæр хуæрзеуæг дин радтон – Социалистон Фæллойни Бæгъатæри Стъалу æви Сталини преми?

– Мæнæн си уæлдай нæййес, æмбал Сталин…

Равардтонцæ ин дууæ хуæрзеуæги дæр еумæ.

«Цуппар бони ба финсуни куст кæнæнтæ!..»

Сталин æхемæ æрбахудта Фадееви æма Шолохови. Сæ дууемæй дæр цудæй ниуæзти тæф. Сталин сæмæ æхе хæстæгдæр байста æма Шолоховмæ дзоруй:

– Михаил Александри фурт, дæ хуарзæнхæй, зæгъай мин, ду æма Фадеев ниуæзтæбæл ку бафтуйета, уæд е цæйбæрцæ рæстæг рахæссуй?

– Къуæре, æмбал Сталин.

Сталин е ’ргом раздахта, стъоли фарсмæ Политбюрой иуонгтæй ка бадтæй, уони ’рдæмæ æма сабур гъæлæси уагæй загъта:

– Политбюрой иуонгти номæй хæссун уæхæн фæндон: «Фæд-фæди къуæре ниуазунæй Фадеев æма Шолохов рахезæнтæ æртæ боней æмгъудмæ. Цуппар бони ба финсуни куст кæнæнтæ!»