«АДÆМИ ÆУУÆНКÆ НÆ ИХÆСГИН КÆНУЙ БÆРНОН КУСТÆЙ…»
Алли анз анзи кæрони республики сæйраг закъонæвæруйнадон оргæни разамонæг исаразуй фембæлд республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ æма радзоруй, дзуаппон рæстæги дæргъи Парламенти архайд цæйбæрцæбæл æнтæстгин адтæй, закъонæвæруйнадон хъæппæрестæбæл депутаттæ куд кустонцæ, циуавæр ахсгиаг закъонтæ ‘рцудæй федаргонд, уонæбæл. Аци фæткæ раидарддæр кодта Цæгат Иристони æвдæймаг равзурст Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз æма уомæ гæсгæ æрæги фембалдæй республики дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ. Дууæ сахаттей дæргъи фембæлди рæстæг Тускъати Таймораз искодта хатдзæгтæ, нæуæг, æвдæймаг равзурст Парламенти архайдæн æма журналистти фарстатæн дзуæппитæ равардта.
Парламенти Сæрдар куд радзурдта, уотемæй, нæуæг равзурст Парламент ци рæстæг бакуста, еци рæстæги, гъома, цуппар мæйей дæргъи арæзт æрцудæй Парламенти аст æмбурди æма Парламенти совети 17 æмбурди. Уони рæстæг каст æма æвзурст æрцудæй 36 регионалон закъонти проекттæ æма 300-æй фулдæр федералон закъонæвæруйнадон хъæппæрестæ. Етæ рахъæрттæнцæ царди еугур къабæзтæбæл дæр – æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнадæбæл, ахурадæбæл, культурæбæл, экономикæбæл, промышленностбæл, аграрон къабазæбæл, социалон фарстатæбæл.
Цуппар мæйемæ федаргонд ка ‘рцудæй, социалон нисанеуæги еци закъонтæбæл дзубанди кæнгæй, Парламенти Сæрдар хецæн дзубандий аккагбæл банимадта: седзæр сувæллæнттæн цæрæнуат балхæнун сæ бон цæмæй уа, уомæ гæсгæ син сертификаттæ дæттуни туххæй закъон; седзæр сувæллон хæссунмæ ка райста, еци ниййергутæн сæ зæрдæдарæнтæ фæййахедгæдæр кæнуни, уæдта син сæ аллимæйон бафист фæффулдæр кæнуни туххæй закъонтæ; седзæр сувæллæнттæн ахурмæ бацæуни туххæй уæлбартæ аразуни туххæй закъон; æ къох кæмæн нæ амонуй, хе хæдзæртти еци цæргутæн сæ хæдзæрттæмæ газ бауадзуни гъуддаги фæййагъаз кæнуни туххæй закъон æма ма берæ æндæртæ.
Санкцити нури уавæрти архайæг минкъий æма рæстæмбес амалгъонтæн фæййагъаз кæнуни нисани хæццæ федаргонд æрцудæй закъонти иннæ къуар. Уотæ, уæлæнхасæн агъазтæ уодзæнæй телекоммуникацион, информацион технологити къабæзти æма дзолфицæн промышленности ка архайуй, еци амалгъонтæн.
Æрцæуæг нæуæг анзи æма æ хуæдфæсте цæуæг дууæ анзи республикон бюджети туххæй дзубанди кæнгæй, Тускъати Таймораз бафеппайдта сæйраг финансон гæгъæдитæн æ социалон æздæхт.
– Парламенти алли фракцити, алли комитетти, депутатти ‘хсæн бюджетбæл цудæй берæ дзубанди. Гъуддаг байагурдта берæ куст. Сæ гъудитæ дзурдтонцæ эксперттæ. Уой фæсте имæ каст æрцудæй æхсæнади ‘рдигæй дæр, бюджет рацудæй æхсæнадон бакаститæ. Еудзурдæй ибæл цудæй æргом æма берæвæрсуг куст. Уомæ гæсгæ, мæ бон зæгъун æй, Уæрæсей Федераций Президенти Майи указти нисантæн, уæдта, республики ци паддзахадон программитæ æма проекттæ æнхæстгонд цæунцæ, уони кæронмæ рахъæртун кæнуни нисантæн республики еугур косæндæнтти æнæкъулумпи архайдæн бюджет æнхæстæй дæр дзуапп ке дæттуй, уой, – загъта Парламенти Сæрдар.
Парламенти закъонæвæруйнадон архайд фæййахедгæдæр кæнунæн Тускъати Таймораз хуарзбæл банимадта республики Æхсæнадон палати нæуæг исконд æма Фæсевæдон парламенти хæццæ æмгустадæ, уæдта Парламенти кустгъон нæуæг адæймæгутæ ке фæззиндтæй æма фæлтæрдгун депутатти хæццæ се ‘мархайдæн хуарз фæстеугутæ ке уодзæнæй, уой.
– Геополитикон уавæр абони æй хъæбæр ахсгиаг, æма уой нимайгæй, нæ куст гъæуама уа æнгон, нæ дзубанди – еумæйаг, æма уæд еци кустæн æ фæстеугутæ дæр уодзæнæнцæ гъæугæ æма ахедгæ. Закъонтæ хæссуни гъуддаг адæймагæй агоруй кæдзосзæрдæ, æгъдау æма рæстдзийнадæ. Адæми размæ нæ бæрнондзийнадæ ‘й берæ, æма е иронхкæнуйнаг нæй, – загъта Парламенти Сæрдар.
Уой фæсте Тускъати Таймораз журналистти берæ фарстатæн дзуæппитæ равардта.
Малхъарти Зæлинæ