АДÆМИ АЛЛИБОНИ ЦАРД ÆДАС КУД УА…
Цæгат Иристони Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйлой разамундæй адтæй террористон фæззиндтитæ ма не ‘руадзуни фарстати фæдбæл республикон Къамиси радон æмбурд.
Æмбурди архайгутæ æркастæнцæ, адæм берæгæйттæй кæми фæуунцæ, еци объекттæ æма бунæтти террористон фæззиндтитæй гъæуайкæнуйнади мадзæлттæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ. Аци фарстай фæдбæл радзубанди кодта Национ гвардий æфсæдти федералон служби цæгатиристойнаг управлений хецауи хуæдæййевæг Дмитрий Подвысоцкий.
Ведомстви минæвари радзубандийæн хатдзæгтæ кæнгæй, Сергей Меняйло министрадæ æма иннæ структурити разамонгутæн байхæс кодта, цæмæй фарстамæ цæстдард уа еудадзуг, лæмбунæг. «Террористон фæззиндтитæ ма ‘руадзуни фарстати фæдбæл къамис æма Оперативон штаб ахедгæ куст кæнунцæ террористон фæззиндтити тасдзийнадæ минкъийдæр кæнунбæл, æма еци куст идарддæр дæр æнæкъулумпийæй гъæуама цæуа», – бафеппайдта республики разамонæг.