АДÆМИ ЦÆСТÆ УИНАГÆДÆР ÆЙ!..
ТАСДЗИЙНАДÆ ДÆР Æ РАУÆНИ ЗУНДИ НИСАН ÆЙ?..
Аци рæстæгути æнæууæнкæ уавæрти адæймаг берæ цæбæлдæрти расагъæс кæнуй, уæлдайдæр ци куд хуæздæр исараза, цæмæй æ исонибон зæрдæмæдзæугæдæр уа. Еци гъуддаг ба уоййасæбæл æнцонтæй райаразæн нæй, уомæн æма æгæр берæ ’нцæ хъоргæнæг фадуæттæ. Нури уавæрти уæ сæйрагдæр тасдзийнæдтæ цæй фæдбæл æнцæ, зæгъгæ, дзиллон цæстингас æртасгутæ бафарстонцæ, косгæ ка кæнуй, еци уæрæсейæгти æма уони дзуæппитæ искодтонцæ мæнæ ауæхæн хатдзæгтæ:
Неци тасдзийнæдтæ мæмæ ес – 56%
Мæ кустæй фенæхай ун – 13%
Æдзæлгъадæдзийнадæ, карæмæ гæсгæ æфхуæрд, разамунди фæливддзийнадæ æма æндæртæ – 8%
Мизд нæ федун кенæ ба ’й афойнадбæл нæ федун – 4%
Аккаг хузи æнаргъгондæй райзайун – 4%
Разамунди тасдзийнадæ кустуат нихгæнунæй – 4%
Нæййес равгитæ кусти ирæзунæн, кенæ мизд фæффулдæр унæн – 3%
Ихæстæ æнхæст кæнунмæ нæ исарæхсун – 2%
Æндæр цидæртæ – 9%
Нæ рагфидтæлтæ куд дзориуонцæ, уотемæй тæрсун дæр æ рауæни зунди нисан æй. Уомæй, æвæдзи, уой зæгъуйнаг адтæнцæ, æма, дæ царди дæ ци бахъор кæна, уомæй ку тæрсай, уæддæр дæмæ гъæуама зунд разинна, цæмæй уавæртæй тухгиндæр разиннай æма исарæхсай уонæбæл фæууæлахез унмæ, дæ карни гъуддæгутæ дæ зæрди фæндон райаразунмæ.