АДÆМИ ХÆЦЦÆ РÆСТДЗИЙНАДÆ КА ХÆССУЙ, АДÆМ УОЙ ЦÆРА КÆНУНЦÆ!..
Æма ГОДЖИАТИ Еленæ, Цæгат Иристони культури косгути профцæдеси республикон комитети сæрдар, куд нæ уа зæрдирай – еуемæй, аци бæнтти сæ профессионалон еугонди исарæзтбæл исæнхæст æй дæс æма æртинсæй анзи, кæцитæ намусгин æнцæ æгæрон арфиаг хуарздзийнæдтæй; иннемæй ба æрхæстæг æй 1 Май, фæллойнæгæнгути æхсæнадæмон æмуоддзийнади Бон, кæций мадзæлтти архайунмæ циренгæнæг дæр профцæдестæ ’нцæ. Еленæ ма зæрдирай æй уомæй дæр, æма аци дууæ цауи æнгом баст æнцæ кæрæдзей хæццæ сæ медесæй: адæми æмвæндæдзийнадæй еу кæнгæй сæ сæ бартæбæл æновудæй архайунмæ разæнгард кæнун. Уой фæдбæл Годжиати Еленæ æ гъудий зæгъуй, нæ газети абониккон номери 4-5-аг фæрстæбæл ин ци æрмæг мухур кæнæн, уоми.
Дуйней исконд уотæ ’й, æма си алцæмæн дæр ес бундорæвæрæг райдайæн. Уотæ ’й нæ бæсти профцæдесон æзмæлди хабар дæр – сæ фæззиндбæл кæд æносæй фулдæр цæуй, уæддæр æй бæлвурдæй уинæн: аци дзиллон фæззиндæн евгъуд идард рæстæгути уæрæсейаг æхсæнади хумгæнди ци талатæ сагъд æрцудæй, етæ исирæзтæнцæ рæзæхæссæг къабазгин бæлæстæй – етæ ба ’нцæ, абони нæмæ Уæрæсей ци берæ аллихузон профессионалон цæдестæ архайуй, етæ.
Абони сæ еугурей кой нæ кæндзинан, нæ дзубанди æй культури косгути профессионалон цæдеси туххæй, уой дæр уомæ гæсгæ, æма Уæрæсей аци дзиллон æзмæлди исарæзтбæл, ку загътан, апърели исæнхæст æй дæс æма æртинсæй анзи. Аци цитгин бæрæгбон, уæдта уой хæццæ баст цаутæ æма хабæртти фæдбæл æй æ дзубанди Цæгат Иристони культури косгути профессионалон цæдеси республикон Комитети сæрдар
ГОДЖИАТИ Елени дзубанди:
КОСÆГ ДЗИЛЛÆ СÆХЕМÆ ÆРИГЪОСУН КОДТОНЦÆ
– Культури косгути профессионалон цæдеси анзфинст райдæдта ХХ æноси хуæдразмæ, XIX æноси кæрони. Уæд фæллойнæгæнгути фиццаг æхсæнадон еугæндтæ багъавтонцæ полиграфистти, музыкантти, актерти, исфæлдистадон интеллигенций æндæр минæвæртти экономикон бартæбæл исдзорун.
Нæ профессионалон цæдеси бундорæвæргутæ ба, зæгъун æнгъезуй, иссæнцæ мухури гъуддаги косгутæ. Мухургæнгути дзиллон кустуорæд райдæдта 1903 анзи, архайдтонцæ си æртæ æма æртинсæй типографей æхсæз мин косæги. Разамунд ин лæвардта «Фæллойни уавæртæ фæххуæздæр кæнуни туххæй мæскуйаг типографити косгути Цæдес». Кустуорæди архайгути домæнтæ уæд фегъустонцæ, игъосгæ кæмæн адтæй, етæ, барæ-æнæбари дæр сæ хæццæ исарази ’нцæ, уæдта сæ æнхæст дæр искодтонцæ.
Закъони ’рдигæй баргин ка адтæй, мухургæнгути уæхæн профессионалон цæдес æ куст райдæдта 1905 анзи, уой хæццæ ба ма анзи кæронмæ уæхæн еугæндтæ фæззиндтæй берæ сахарти дæр. Зин уавæрти цудæй сæ куст, хецаудзийнадæ æма кустдæтгути ’рдигæй берæ гъезæмæрттæ æвзурстонцæ – фæллойнæгæнгути социалон-экономикон барти сæрбæл дзорун æнцон некæд адтæй. Профессионалон цæдести разамонгути ниййахæссиуонцæ, цæдести куст аллихузон хъоргæнæн миутæй къулумпи кодтонцæ, фал уæддæр тох цудæй алкæддæр. Уомæн æма профессионалон еугæндтæ адтæнцæ тухгин, ахургонд, ацъагъуæгин æма адæми ’хсæн цитгин. Уомæ гæсгæ ба сæ куст æнхæст кодтонцæ æнтæстгинæй – фæллойнадон буцæутæ хузæнон кодтонцæ, æгуст адæми сæрбæл дзурдтонцæ, культурон-рохситауæн куст кодтонцæ.
Аййевади косгути профессионалон æзмæлд фæстæдæр райдæдта. 1904 анзи Петербурги, Мæскуй, Одесси фæззиндтæнцæ оркестрти музыкантти фиццаг еугæндтæ. Раст зæгъгæй, етæ нæ адтæнцæ профессионалон цæдес æцæгæй цæхуæн гъæуама уа, уæхæн. Еци еугæндтæ сæ архайди медесмæ гæсгæ адтæнцæ кæрæдземæн агъаз кæнуни æхсæнæдти хузæн – кæцитæ лæвардтонцæ æфстæуттæ æма пособитæ, агъаз кодтонцæ куст иссеруни гъуддаги, фæккæсиуонцæ юридикон æма медицинон агъаздзийнадæй. Фæстæдæр фæззиндтæнцæ актерти, цирки артистти, хузæгæнгути, киной косгути цæдестæ. Етæ адтæнцæ минкъий хецæн еугæндтæ, сæ кæрæдзей хæццæ син неци бастдзийнадæ адтæй.
СÆ КУСТ АРАЗТОНЦÆ РÆСТÆГУТИ ДОМÆНТÆМÆ ГÆСГÆ
Аййевади косгути организацитæ байеу æнцæ айдагъдæр 1919 анзи 5 феврали мæскуйаг аййевадон цæдести еумæйаг конференций, кæций делегаттæ рахастонцæ унаффæ аййевæдти косгути Еугуруæрæсеуон профессионалон цæдес (Всерабис) æма рæстæгмæ равзурст правленийæн барæ раттун Еугуруæрæсеуон съезд исаразуни туххæй.
Æма алцæмæйдæр æгудзæг 1919 анзи рацудæй Рабиси фиццаг съезд. Уой унаффити сæ размæ сæхецæн ихæсæн исæвардтонцæ æновудæй байархайун уæди рæстæгути уæлдай ахсгиаг гъуддæгутæбæл: æнахургонддзийнадæ еуварс кæнун, æцæг нæуæг æма райдзаст аййевадæ аразун… Æркастæнцæ ма уæди рæстæги сагъæссаг фарстатæмæ дæр: фæллойни базарадæ, еумæйаг фæлладуадзæни бон искæнун, еугонд тарифтæ…
Æнæнгъæлти исæвзурæг уавæртæ æвзаруни туххæй искодтонцæ аййевадон Совет, уой иуонгтæ иссæнцæ Константин Станиславский, Владимир Немирович-Данченко, Федор Шаляпин æма уæди рæстæги нæ бæсти аййевади æндæр зундгонддæр архайгутæ.
Уæд исфедар кодтонцæ аййевади косгутæн еумæйаг фæлладуадзæн бон – авдисæр.
ТЕРКАГ ПРОФЦÆДЕСТÆ ДÆР ÆВДИСТОНЦÆ ЛÆГДЗИЙНАДÆ
Терскаг облæсти профессионалон æзмæлд фæббæрæг æй XX æноси райдайæни. Феврали революций фæсте фиццаг бæнтти косæг кълас бавналдта дзиллон профессион организацитæ æма фабрикити-заводти комитеттæ аразунмæ, кæцитæ гъæуама тох кодтайуонцæ фæллойнæгæнгути барти сæрбæл, косæг къласи уавæр фæххуæздæр кæнунбæл.
Облæсти рауæнти сæ куст кодтонцæ аллихузон къабæзти æхсæрдæс профессионалон цæдеси, сæ хæццæ мухургæнгути æма аййевади косгути профцæдес, уотемæй. Уонæн разамунд ба лæвардта профцæдести Дзæуæгигъæуи Совет.
Дзæуæгигъæуи 1920 анзи 28 июли арæзт æрцудæй профессионалон цæдести фиццаг конференци, архайдтонцæ си цуппаринсæй минæвари аллихузон цæдестæй. Уæд фæззиндтæй Терскаг облæсти профессионалон цæдести рæстæгмæ совет.
Аййевæдти косгути Еугуруæрæсеуон цæдеси Дзæуæгигъæуккаг хайадæн разамунд лæвардта Красовский (гъулæггагæн, æ ном архивти нæ байзадæй), фæстæдæр æй раййивтонцæ Мæскумæ æма уоми куста Рабиси Центрон комитети. Терскаг облæсти профессионалон цæдеси уæд адтæй 487 иуонги. Цæдесæн æ кусти сæйраг бунат ахæстонцæ кустади райарæзти æма разамунди, тарифти политики, æгустадæн искæрон кæнуни, æнахургонддзийнадæ искунæг кæнуни, хуаллаги къурцдзæвæнæй рахезуни æма æндæр сагъæссаг фарстатæ.
Рабиси Дзæуæгигъæуккаг хайадæмæ 1925 анзмæ хаст æрцудæнцæ сахари театри, киной, музыкалон техникуми, фестæгæфсæддон 17-аг скъолай æма 84-аг æхсæг полкки оркестр. Фæстæдæр имæ бацудæнцæ Пролетарон полкки симфонион оркестри музыканттæ æма цирки службæгæнгутæ. Уæдæй ци гæгъæдитæ байзадæй, уонæмæ гæсгæ кусти сæйрагдæр медес адтæй фæллойнæгæнгути бартæ гъæуай кæнун. Каст цудæй материалон æгъдауæй агъаз кæнунмæ, коллективон бадзурдтæ аразунмæ, дзæхæратæн зæнхи хæйттæ дæттунмæ. Устур æргом æздахтонцæ профессионалон ахурмæ, дæсниадæ райсунмæ, культурон-дзиллон кустмæ, кусти уавæрти хузæнондзийнадæмæ, фæллойнадон æгъдауи æма æндæр фарстатæмæ. Еузагъдæй, Дзæуæгигъæуи аййевæдти косгути профессион цæдеси правлений косгутæ бæрцæй кæд уоййасæбæл берæ нæ адтæнцæ, уæддæр сæ архайд ба берæ арфиаг гъуддæгутæй бæрæг дардта.
ÆНОВУДÆЙ АДТÆЙ СÆ АРХАЙД ФИДИБÆСТИ СÆРБÆЛТАУ
Уæди рæстæги райдæдта Сурх Æфсади хæццæ тугъдон-æмцегадон куст, æма еци хъæппæреси ахедундзийнадæ цæйбæрцæбæл агъазиау адтæй, уомæн ирд æвдесæн æй е дæр, æма еци куст уæлдай парахаттæй æнхæстгонд цудæй Устур Фидибæстон тугъди рæстæг дæр, уæдта нæ нидæн кодта сауæнгæ Советон Цæдеси фехæлди уæнгæ дæр.
Профцæдести архайд советон цардарæзти кæд зингæ бунат ахæста, сæ гъæугæдзийнадæ кæд æма бæлвурдæй-бæлвурддæр адтæй, уæддæр син фудмиутæ дæр кедæр нæлæдæрундзийнадæ кенæ фудзундзийнади бæлахæй минкъий арзæт нæ цудæй. Зæгъæн, евгъуд æноси 30-аг æнзти профессионалон цæдестæ дехтæгонд æма минкъий къуæрттæгонд æрцудæнцæ, уой фудæй сæ организацион исконд фехалдæй, адæми фæнди бундорбæл æвзурст арæхстгин косгутæ æййивд цудæнцæ «уæллæй» нисангонд адæймæгутæй.
Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Цæгат Иристони профцæдестæ дæр сæ зингæ хай бахастонцæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæ ниддæрæн кæнуни гъуддагмæ, уодуæлдайæй архайдтонцæ нæ Цитгин Уæлахези сæрбæлтау: сæ хъæппæресæй арæзт цудæнцæ хебарæ дружинитæ, кустуæттæ цæттæ кодтонцæ æдас рауæнтæмæ раййевунмæ, фронти знæгти нихмæ тохгæнгути бийнонтæн агъаз кодтонцæ. Фæстугъд дæр гъе уотæ хъæппæресгинæй архайдтонцæ еугур паддзахадон гъуддæгути дæр.
РÆСТМÆ ГЪУДДÆГУТÆ АРАЗУНГЪОН ÆНЦÆ, РÆСТЗÆРДÆЙ КА АРХАЙУЙ, ЕТÆ
Алли рæстæгути нæ цæдесæн разамунд лæвардтонцæ, адæми ’хсæн кадæ кæмæн адтæй, дзиллити хæццæ рæстуодæй æма зæрдиагæй архайунмæ ка арæхстæй, уæхæн адæймæгутæ. Зæгъæн, æ Президиуми иуонгтæ адтæнцæ Уæрæсей Федераций адæмон артисткæ, номдзуд режиссер Бритъиати Зариффæ, Цæгат Иристони АССР-и адæмон артисткæ Икъати Серафимæ… Ирон театри бунæттон комитетæн берæ æнзти дæргъи разамунд лæвардта Уæрæсей Федераций æскъуæлхт артист Баллати Валоди, æмбаладæ «Хузæгæнæг»-и бунæттон комитети разамонæг ба адтæй Уæрæсей Федераций æскъуæлхт хузæгæнæг Павел Зарон. Аййевади профессионалон цæдеси иуонгтæ адтæнцæ аййевади алли къабæзти зундгонд архайгутæ.
Рæстæг цæуй, æма æййивддзийнæдтæ хæссун багъæуй æзинæ дæр хуарз ка адтæй, уæхæн гъуддæгутæмæ дæр. Цæгат Иристони мухургæнгути æма аййевæдти косгути профцæдестæ уой сæхебæл дæр бавзурстонцæ, балæдæрдтæнцæ ’й, цæмæй сæ идарддæри архайд æнтæстгиндæрæй цæуа, уой туххæй гъæуй бундорон æййивддзийнæдтæ, фиццагидæр ба – сæ равгитæ æма гæнæнтæ байеу кæнун. Æма цæмæй еци гъуддаг арæзт æрцудайдæ, уомæн ба хуарз «æсхуайæн» фæцæй, профессионалон цæдести Еугурцæдесон централон совети (ВЦСПС-и) бахаст фæндæмæ гæсгæ 1953 анзи 14 апърели арæзт æрцудæй аййевæдти, политикон-рохситауæн, полиграфион кустади æма мухури, уæлдæр скъолай æма наукон косæндæнтти профцæдести еугонд пленум. Уотемæй арæзт æрцудæй нæ бæсти культури косгути профцæдес.
Еци анзи майи ба ВЦСПС æма культури косгути Центрон комитети унаффæй Цæгат Иристони дæр арæзт æрцудæй культури косгути еугонд профессионалон цæдес. Алли æнзти ин разамунд лæвардтонцæ М.Свешникова, З. Анисимова, Хутъинати Тамарæ, 1983 анзæй 2020 анзи уæнгæ ба ин разамунд лæвардта Æгайти Светланæ. Районти æма райдайæн организацити разамонгутæ ’нцæ номдзуд, зундгонд, алкæмæн дæр уарзон адæймæгутæ. Алкедæр си алкæддæр цæттæ ’й фæллойнæгæнгути сæрбæл исдзорунмæ, сæ бартæ син багъæуай кæнунбæл æновудæй байархайунмæ.
Фæстугъд фæззиндтæнцæ кустади разамунд дæттуни гъуддаги нæуæг мадзæлттæ: кустадон æмбурдтæ, хæдзарадон архайди нæуæг хузтæй пайда кæнун, социалистон ерис аразун, фæллойни уавæртæмæ, базаради æма æхсæнадон хуæлцадæмæ æхсæнадон цæстдард, санаторон-курортон лæггæдтæ, сувæллæнтти æнæнездзийнадæ гъæуайкæнунади мадзæлттæ, гъæугæ кадавар товартæ иуарун æма æндæртæ.
БЕРÆ ИХÆСТÆ БЕРÆ КУСТÆЙ ИХÆСГИН КÆНУНЦÆ
Уæдмæ, евгъуд æноси 90-аг æнзти æнай-æнойти нæ цардарæзт цæхгæр иннердæмæ низзилдæй, никкуддæртæ ’й, кæрæй-кæронмæ никъкъулумпитæ ’нцæ культури косгути социалон-экономикон уавæртæ… Уомæ гæсгæ ба фæллойнæгæнгути сæрбæл дзорунæн профцæдести кусти багъудæй нæуæг мадзæлттæ исамал кæнун æма си æнхæстæй испайда кæнун.
Тæккæ сагъæссагдæр фарста иссæй мизд, феддонтæ, пенси, стипенди афойнадæбæл райсун. Профцæдести багъудæй закъонаразгути, хецауади, алли æмвæзади депутатти хæццæ дзубанди кæнун, кæмæй си ци аразгæ адтæй, уой фæдбæл сæ рази домæнтæ æвæрун. Багъудæй дзиллон мадзæлттæ аразун… Зин адтæй, фал уæддæр берæ гъæугæдзийнæдтæ арæзт æрцудæй, уавæр сабургай хузæнон кæнун райдæдта.
Нуртæккæ культури косгути республикон профцæдеси еугонд æнцæ фараст районей æхсæрдæс æма фондзинсæй райдайæн организаций, кæцитими ес 4800 адæймаги: артисттæ, музыканттæ, хузæгæнгутæ, финсгутæ, клубтæ æма культури Хæдзæртти, музейти, киунугæдæнтти косгути, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити, спорти, культури къабази косæг æхсæнадон æма фæсевæдон организацити минæвæрттæ, уонæй 750 æнцæ культури, полиграфий, аййевади астæуккаг профессионалон техникон ахургæнæндæнтти ахурдзаутæ.
Абони дæр профцæдестæ уæлдай хъæбæрдæр ци фарстати фæдбæл архайунцæ, уонæн сæ сæйрагдæртæй еу æй, косæг адæмæн сæ фæллойни туххæй аккаг мизд федуни гъуддаг исаразун. Е нуртæккæ уоййасæбæл минкъий æй, æма адæми хъæбæр тухсун кæнуй, лæгъузæрдæмæ зиннуй не ’хсæнади медæгæ социалон хелæдæрундзийнади уавæрбæл. Никки ма архайд цæуй социалон æмгустади системæ рæвдзæдæр кæнунбæл, бартæ гъæуайкæнуйнади архайд тухгиндæр кæнунбæл, фæллойни уавæртæмæ цæстæ дарунбæл, фæллойни уавæртæ хуæздæртæй æййевунбæл, æгустдзийнадæ кунæгдæр кæнунбæл, федералон æмвæзади бюджетон къабази косгутæн мизди бæрцæ исхузæнон кæнунбæл.
Фæллойнæгæнгути социалон-фæллойнадон бартæ цæмæй æнæгъæнæйдæр гъæуайгонд цæуонцæ, уой туххæй культури косгути профцæдести республикон организаци уæлдай æргом æздахуй коллективон-бадзурдон компаний ирæзтмæ. Фæстаг æнзти фæййахедгæдæр æй кустдæтгути, хецауадон къабæзти æма профцæдести ’хсæн æмгустадæ. Культури къабази æнхæстгонд цæунцæ аразий æвддæс бадзурди. Уой хæццæ ба культури косгути профцæдесæн æртæ хецауадон ведомстви – культури Министради, мухури æма дзиллон хабархæссæг фæрæзнити гъуддæгути фæдбæл Комитети æма культурон бунтæ гъæуай кæнуни æма си пайда кæнуни Комитети – хæццæ ес федаргонд бадзурдтæ.
Профцæдеси иуонгтæ æма сæ бийнонтæн нæ гæнæнтæмæ гæсгæ аразæн равгитæ санаторити, курортти æма æндæр уæхæн рауæнти се ’нæнездзийнадæ фæдздзæбæхдæр кæнунæн. Профцæдести иуонгтæ нæмæ 2021-2022 æнзти æрбалæвардтонцæ 180 курдиади, барадон агъаз райстонцæ 665 адæймаги, рескоми разамонæг æма бæрнон косгутæ фембалдæнцæ 250 адæймагей хæццæ. Барадæгъæуайкæнуйнади кусти экономикон ахедундзийнадæ æхцайæй баргæй рауадæй 1350,7 мин соми, уæлбарæ санаторон-курортон дзæбæхкæнуйнадæ райстонцæ нæ профцæдеси сæдæ иуонги æма сæ бийнонтæ.
Уæлдай еудадзугон æргом нæ профцæдес æздахуй, фæллойни æдасдзийнадæ гъæуайкæнуйнади, косæн бунæтти аттестаций гъуддаги фæдбæл закъонти домæнтæ куд æнхæстгонд цæунцæ, уомæ. Еци фарстатæ сæйраг бунæттæ ахæссунцæ коллективон бадзурдтæ æма аразий гæгъæдити.
Райдайæн профессионалон организацитæ архайунцæ профцæдести Центрон Комитети фæрци конд аллихузон Еугуруæрæсеуон конкурсти. Фæстаг рæстæги дууæ организаций иссæнцæ уæлахездзаутæ. Дзæуæгигъæуи, П.И. Чайковскийи номбæл музыкалон скъола банимадтонцæ хуæздæр ахургæнæндонæбæл, бæхти театр «Нарты»-йи профцæдести сæрдар Махъоти Тамарæ ба райста «Профцæдести сæрустурдзийнадæ»-йи конкурси Гран-при.
«НÆ АРХАЙДИ СÆЙРАГДÆР НИСАН – ЦÆМÆЙ АДÆМ РОХСЗÆРДÆ УОНЦÆ…»
Берæ арфиаг гъуддæгутæ исаразун бантæстæй нæ профцæдесæн, фал, уомæй сæрустур уогæй, уой дæр лæдæрæн æма нæмæ æнгъæлмæ ке кæсунцæ никки агъазиаудæр нисантæ, кæцити фæдбæл нæ гъæуй никки æновуддæрæй æма æнтæстгиндæрæй архайун. Нæ республики равналæнтæ урух æнцæ, профцæдести нисанеуæг æма кадæ гъæуама нуриккон уавæрти никки бæрзонддæр кæнæн. Нуртæккæ еугур коллективтæ дæр гъæуама æнгом, æмзæрдæ-æмвæндæ уонцæ, лæдæронцæ сæ еудзийнади рахуæцæнтæ. Нæ профцæдеси устурдæр хæзна адæм æнцæ. Етæ алли хатт дæр арфиагæй равдесунцæ сæ зундирахаст, хуæдбарæдзийнадæ, рæстдзийнади сæрбæлтау тохмæ цæттæдзийнадæ, еумæйаг гъуддагбæл æновуддзийнадæ.
Профцæдестæ раздæри хузæн æнцæ архайæг адæми æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæ исаразунбæл – цæмæй косæг адæймагæн фист цæуа аккаг мизд, цæмæй ин уа, æ цардæй зæрдрохс ке фæрци уодзæнæй, уæхæн равгитæ, цæмæй æ кæстæртæн уа сæ карнæ сæ зæрди фæндон аразунæн æма æнтæстгин унæн, цæмæй… Уогæ еци «цæмæйтæ» абони æгæр берæ ’нцæ, æма сæ еугурей ранимайунæн нуртæккæ фадуат нæййес, уомæ гæсгæ цубурæй зæгъдзæнæн: нæ архайди сæйрагдæр нисан е æй, æма нæ адæм зæрдирай куд уонцæ, фарни еугур хуарздзийнæдтæй дæр хайгин уогæй, сæ цардæй боз куд уонцæ!..
ХАТДЗÆГТÆ ÆМА ИСОНИБОНМÆ НИСАНТÆ
Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги æ Нистауæн-доклади баханхæ кодта:
– Монон æма культурон цардиуаги гъомусадæ – æнæ уомæй нæ размæцуд æнтæстгин нецихузи уодзæнæй. Махæн уони фарнæй ци дессаги бунтæ байзадæй, уони гъæуама айдагъ гъæуай ма кæнæн, фал архайæн сæ фæффулдæр кæнунбæл.
Зингæ ахедундзийнадæ кæмæн ес, уæхæн цаутæй нæ республики культури къабазæ гъæздуг æй. Бæрзонд æмвæзадæбæл рацудæнцæ Аланистонбæл исаргъуди 1100 анзей кадæн мадзæлттæ. Цалцæггонд æрцудæнцæ Наригъæуи Хетæгкати Къостай хæдзарæ-музей, Зруги аргъауæн, дорæй дзиуарæ «Зулун цирт». Дзæуæгигъæуи æма республики районти цалцæггæнæн куститæ бакодтонцæ цуппар аргъауæнеми.
Нæхе цæттæ кæнун райдæдтан Цæгат Иристони автономий 100 анзей бæрæгбонмæ. Е федаргонд æрцудæй Уæрæсей Президенти Указæй æма бæрæггонд цæудзæнæй иннæ анз.
Фарæ исцалцæг кодтан Паддзахадон академион ансамбль «Алан»-и азгъунст. Устур ахсгиаг проектбæл нимайæн дуйнеуон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-аг скъола»-йи арæзтадæ. Райарæзтгонд æрцудæнцæ федералон æма регионалон нисанеуæги 7 культурон объекти.
Агъазиау куститæ нæмæ æнгъæлмæ кæсуй аци анз дæр. Техникон ефтонгдзийнади мадзæлттæй æнхæстгонд æрцæудзæнæй Туйгъанти Махарбеги номбæл музей, райараздзæнæнцæ Алагири культури Хæдзарæ «Фæскомцæдесон», Беслæни нисангонд цæуй фæсевæди Галауан, сувæллæнтти исфæлдистадон Хæдзарæ æма музыкалон скъолай арæзтадæ.
Гъæугæ гъуддагбæл нимайæн, цæмæй Цæгат Иристон берæвæрсугæй архайа национ проект «Культурæ»-йи, æнхæстæй пайдагонд цæуа уой равгитæ æма фадуæттæй..