11 октября 2024

АДÆМИ КАДÆ ИН АДТÆЙ Æ ЕУГУР ХУÆРЗЕУГУТÆН СÆ ЦИТГИНДÆР!..

23.12.2020 | 10:26

Цæгат Иристони уæззау атлетики скъолай исирæзтæн агъаззагдæр лæггæдтæ ка бакодта, еци фиццаг лæгтæй еу адтæй Акъоти Петри фурт Владимир. Киристонгъæуккаг лæхъуæн æрдзæй рахаста федар иуæнгти рахастдзийнадæ, æма ин кæд æ райгурæн гъæуи гъæугæ уавæртæ нæ адтæй уæззау атлетики сосæгдзийнæдтæ базонунмæ, уæддæр цубур рæстæгмæ иссæй Цæгат Иристони тухгиндæр штангисттæй еу. Æ уæлахезон спортивон над ба райдæдта 1948 анзи – уæд гъæуккаг хъаурæгиндæр лæхъуæнти ‘хсæн республикон еристи нимад æрцудæй тæккæ тухгиндæрбæл. Еци анз Сталингради зоналон еристи дæр фæууæлахез æй, дууæ анзей фæсте ба иссæй спортивон æхсæнадæ «Спартак»-и чемпион. Фæстæдæр, æфсæддон служби рæнгъити уогæй рамулдта Советон Æфсади чемпионат, иссæй нæ бæсти фæсевæди чемпионати уæлахездзау, Уæрæсей чемпион. Акъоти Владимир адтæй  ирон штангисттæй ССР Цæдеси спорти мастери нормæ фиццагидæр ка исæнхæст кодта, е. Акъоти Владимирæн æ агъазиау спортивон-гъомбæладон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй аккаггонд æрцудæй Цæгат Иристони æскъуæлхт тренери, ССР Цæдеси æскъуæлхт тренери, Цæгат Иристони культури æскъуæлхт косæги кадгин нæмттæ.

Æма нæ абони ба фæндуй аци намусгин лæги цардвæндаги туххæй радзорун. Гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, уæддæр æ ном æма æ арфиаг гъуддæгутæ ба нерæнгæ дæр ма цæрунцæ нæ дзиллити зæрдити. Æ æримисун нæ зæрди æрæфтудæй, еуемæй æ берæ устур æскъуæлх-тдзийнæдти туххæй, иннемæй ба 18 декабри æ райгурдбæл фондз æма цуппаринсæй анзи ке исæнхæст æй, уомæ гæсгæ (1930-1997).

Уазал, зуймон бон – æ бартæ тæккæ райсунбæл æй феврали мæйæ. Адæймаги уæхæн рæс-тæг гъæунгæмæ рацæун дæр бæргæ нæ фæффæндуй, фал æй уæддæр е ’нæмæнгæ кæнгæ гъуддæгутæ ба хæдзари гъари бадун кæми уадзунцæ. Æма метин рæгъти æхсæн нарæг къахнадбæл фæннæхстæр уогæй, къæхти буни мет хъис-хъис кæн-дзæнæй, уазал ба бауæр æхсилкъитæ кæндзæнæй, уæддæр зæрди ба цидæр æхцæуæндзийнадæ уайтæккæдæр раберæ уй…

Уæхæн «цъемосгитæй» нæ дзубанди цæмæ гæсгæ райдæдтан?.. Раст гъе уæхæн бæнттæй еуеми 1967 анзи Советон Цæдеси дзиллондæр спортивон æхсæнадæ «Динамо»-й цæгатиристойнаг хайади совети æмбурди уæззау атлетики сæйраг тренерæй нисангонд æрцудæй Акъоти Петри фурт Владимир. Уомæй, зæгъун æнгъезуй, аргъгонд æрцудæй, е нæ республики спорти аци хузæ цæмæй æнтæстгинæй райрæза, уой фæдбæл ци берæ хуарздзийнæдтæ исаразта, уонæн. Мадта фæстæдæр ин минкъийдæр кадæгонд нæ цудæй, æнтæстгин уæззауатлеттæ гъомбæл кæнуни гъуддаги ци дессаги арæхстдзийнæдтæ равдиста, уой туххæй ин исаккаг кодтонцæ уæди рæстæгути цитгиндæр титултæ – равардтонцæ ин ССР Цæдеси æма Уæрæсей Федераций æскъ-уæлхт тренери нæмттæ.

Уæхæн кади аккаг исун æнцон нæ адтæй советон доги – уæд спорти дæр æма ма берæ æндæр уæхæн гъуддæгути нури хузæн æхцатæ æма цидæр аллихузон налатдзийнæдти фæрци нæ, фал æцæгæй хе арæхстдзийнадæ æма хе хъаурæй фескъуæлхун гъудæй, зæрдиагæй кадæ кодтонцæ, æцæгæй лæгдзийнæдтæй хайгин ка разиннидæ, уонæн. Æма уæхæн барæуадзæ лæгдзийнæдтæй ба хайгин разиндтæй Валоди… Æ цардвæндаг ци берæ хиццаг æскъуæлхтдзийнæдтæй исæрттивта, етæ уотæ æнцонтæй нæ бафтудæнцæ æ къохи, етæ æнцонæй нæ бантæстæнцæ, уонæмæ æ над адтæй даргъ æма гургъахъ, зиндзийнæдтæй æ тæккæ идзаг. Уонæн сæ еугурей туххæй нæ дзор-дзинан, е ’мгæрттæй си ка нæ «фæххайгин» æй. Фал уони хæццæ ба Акъоти бийнонтæ зæрдæрист фæцæнцæ Устур Фидибæстон тугъди тæккæ райдайæни, уæд 1941 анзи, Киристонгъæумæ, уонæн сæ хæдзарæмæ исæмбалдæй сау хабар – финстæг. Уоми æфсæддон командæкæнуйнадæ тæфирфæс кодта Акъоти бийнонтæн, сæ дарæг, сæ фидæ Петр Севастополи карз тугъдтити бæгъатæрæй ке фæммард æй, уой фæдбæл. Уæд Валодибæл цудæй еуæндæс анзи. Æнафони байзадæй седзæрæй еци уæззау фуддзамани.

Нæлгоймæгти æмрæнгъæ фæстаг æнзти уæззау атлетикæй æнтæстгинæй архайунцæ кизгуттæ.

Фал ци гæнæн адтæй… Гъудæй цæрун æма зиндзийнæдтæн фæразун, æма Валоди дæр фæразта зиндзийнæдтæн, æ седзæрон уæззау карнæбæл исарази уогæй, æ нифс ба уæддæр не ’рсастæй, царди хабæрттæн мадзæлттæ ирдта. Е ’мгæртти хæццæ райдæдта колхози косун, сæрдигон каникулти, æхсæдунти рæстæг боницъæхæй ба сауæнгæ изæрдалингтæмæ уидæ будурти, косидæ трактористи агъазгæнæгæй дæр… Еци кустити федар кодта æ уодигъæдæ, æ бауæр, ирæзтæй хъаурæгин лæхъуæнæй. Уолæфуни рæстæг сæхе райерхæфсунæн Валоди е ’мгæртти хæццæ ерис кæниуонцæ трактори æфсæйнаг хæйттæ есунæй. Уонæми архайгæй имæ уæлдай разæнгарддзийнадæ фæззиннидæ, кæддæр циркмæ бафтуйгæй, уоми гиритæ æма æндæр уæзæгтæ есунæй дессæгутæ ка æвдиста, еци бæгъатæр æ зæрдæбæл ку æрбалæу-уидæ, уæд. Цæветтонгæ, тугъди фæсте Киристонгъæумæ концерти хæццæ иссудæй еу цирки зундгонд уруссаг бæгъатæр. Æ равдисти рæстæг е адæми рази тасун кодта рельситæ, гъазта гиритæй, штангæй. Уæд уомæ ка кастæй æма ин æ хъауритæбæл дестæ ка кодта, уони хæццæ адтæй Валоди дæр. Æма имæ хъæбæр æрхицæ кодта, бафæндадтæй æй еци лæги хузæн хъаурæгин исун.

Æма айдагъ фæндунбæл нæ фæцæй æ хицæ. Архайдта, пайда кодта алли фадуатæй дæр, цæмæй хъаурæй дæр фæттухгиндæр уа æма æ арæхстдзийнадæ дæр бæрзонддæр кæна. Æма уотæ æновудæй ке архайдта, уомæ гæсгæ ин берæ цидæртæ дæр æнтæсун байдæдта, сабургай æ кой игъусун райдæдта æнæгъæнæ республикæбæл дæр. Хумæтæги имæ 1948 анзи нæ фæдздзурдтонцæ республики хъаурæгиндæрти еристæмæ дæр. Уонæми Валоди, Дигори райони команди иуонг уогæй, равдиста хуарз бæрæггæнæнтæ æма ин етæ иссæнцæ берæ æма устур æнтæстдзийнæдти райдайæн. Сæ командæ байахæста фиццаг бунат æма ин зæрдæбæлдарæн лæварæн балæвар кодтонцæ штангæ. Æма уæд Валодийæн е ’мбæлтти хæццæ фадуат фæцæй тренировкитæ æцæг профессионалон дзаумауи фæрци кæнунæн. Уотемæй уæззау атлетикæ ин иссæй уотид спортивон карнæ нæ, фал царди сæйраг гъуддаг, е ’новуд æмбæлццон.

Мæнæ уæлдæр ци еристи кой ракодтан, етæ ма ин байгон кодтонцæ, куд фæззæгъунцæ, дуæрттæ устур спортмæ. Бæрзонд бæрæггæнæнтæ ке бавдиста, уомæ гæсгæ Валодий бакодтонцæ республики еугонд командæмæ æма ’й рарвистонцæ Сталинградмæ Уæрæсей Федераций бæрнон еристæмæ. Еци еристæмæ ‘й зæрдиагæй цæттæ кодта уæди рæстæги зундгонд тренер Юрий Полторанин.

Е имæ æ цæстæ хъæбæр лæмбунæг дардта, еудадзуг ибæл ауодудта, айдагъ спортивон зали нæ, фал ма ин сауæнгæ поезди цæугæй дæр амудта штангæ есуни сосæгдзийнæдтæ: куд ибæл растдæр хуæцун гъæуй, куд æй есун гъæуй æма ма берæ æндæр уæхæнттæ.

Сталингради еристи Акъоти Владимир равдиста хуарз дæснидзийнадæ, никки фæббæрæгдæр æнцæ æ хъауритæ, æ тухæ. Æма специалисттæ æнæгурусхæй бафеппайдтонцæ, Валодийæн фæлтæрдгун спортсменти хæццæ дæр ерис кæнун æ бон ке æй, уой.

Физикон æгъдауæй тухгин уогæй, æригон штангист æ хъауритæ æвзурста уæззау уæзи (уæд уæззау уæзæмæ хаст цудæнцæ, æ уæзæ 80 килограмми æма уомæй фулдæр кæмæн адтæй, уæхæн штангæесгутæ) æма байахæста дуккаг бунат, лæвæрд ин æрцудæй æвзестæ майдан.

Сталингради еристи Акъоти Валоди æхе куд арæхстгинæй бавдиста, е хъæбæр фæццудæй, уæди рæстæгути æнæгъæнæ Советон Цæдеси дæр æма дуйней дæр зундгонд ка адтæй, еци ростоваг штангист, тренер Семен Розенфельди зæрдæмæ. Æма Акъой-фурти зæрдиагæй бæргæ худта Ростовмæ, загъта ин, уордæмæ ку рацæуа, уæд ин уæззау атлетикæй архайунæн зингæ хуæздæр фадуæттæ ке уодзæнæй, уой. Валоди æхуæдæг бæргæ исарази æй ростоваг тренери фæндонбæл, фал сæхемæ ба, фиццагидæр æ мадæ арази нæ адтæй, æ фурт цæмæй Ростовмæ рандæуа, уобæл – хæдзари царди хабæртти уæзæ æма ма берæ æндæр гъуддæгутæ еугурæйдæр фурти рагъи адтæнцæ, уой фæрци куддæрти уæддæр рæстмæ кодтонцæ, æма, дан, æнæ уомæй куд уодзинан… Фал уæддæр фæстагмæ Валодий мадæ Лизæ исарази æй æ фурти фæндонбæл.

Валодийæн æ ахур райдæдта спортивон æхсæнадæ «Спартак»-и. Уоми куста тренерæй Семен Розенфельд дæр. Валоди æ цардиуаги хабæрттæй тухстдзийнæдтæ куд нæ æвзурстайдæ еци мæгур рæстæгути, куд нæ адтайдæ æхца гъæуагæ дæр, фал ци над равзурста, уой сæрбæлтау бухстæй зиндзийнæдтæн, фæразта алцæмæндæр. Гъе уотемæй ирæзтæй æ дæснидзийнадæ, бонæй-бонмæ фæлтæрдгундæр æма хъаурæгиндæр кодта.

Уалинмæ æригон бæгъатæрмæ фæдздзурдтонцæ Советон Æфсади рæнгъитæмæ. Фал ин æ спортивон æскъуæлхтдзийнæдтæ нимайгæй ба ’й ниууагътонцæ Ростови ци сæрмагонд æфсæддон хай адтæй, уоми. Уой фæрци æригон æфсæддон æма искурдиадæгин штангист æнхæст кодта е ’фсæддон ихæслæвæрдтæ дæр, адтæй ин рæстæг тренировкитæ кæнунæн дæр.

Райевгъудæнцæ е служби æртæ анзи. Уой дæр уотид рæстæги хузæн нæ, фал ин еци æртæ анзи разиндтæнцæ хъæбæр «тиллæггун» – Акъоти биццеу иссæй Донской æфсæддон зилди чемпион. 1951, 1952, 1953 æнзти ба – ССР Цæдеси Гæрзефтонг Тухти чемпионатти призер.

Æфсадæй ку исуæгъдæ ‘й, уæд идарддæр архайдта Ростови спортивон æхсæнадæ «Спартак»-и. Æма 1955 анзи æригон штангистти ССР Цæдеси чемпионати рацудæй фиццаг бунатмæ.

1957 анзи Акъоти Владимирæн лæвæрд æрцудæй ССР Цæдеси спорти мастери кадгин ном. Æнæуойдæр еци ном уæди рæстæгути хъæбæр кадгин адтæй, фал Акъой-фуртæн лæвæрд ке ‘рцудæй, уомæй ба ма æ кадгиндзийнадæ бæрзонд уомæн æй, æма цæгатиристойнаг уæззауатлетиконтæй фиццагидæр е райста уæззау атлетикæй спорти мастери ном. Уæлдай æхцæуæн ба ма ин е дæр адтæй, æма еци ном райсуни туххæй æнæмæнгæ гъæугæ норматив нæхемæ, Иристони ке исæнхæст кодта, уомæ гæсгæ Дзæуæгигъæуи вагæнттæцалцæггæнæн заводи клуби спортивон зали цудæй Уæрæсей Хонсар хаййи чемпионат уæззау атлетикæй. Се ’мзæнхони уинунмæ æрбацудæнцæ куд киристонгъæуккæгтæ, уотæ сæдæгай дзæуæгигъæуккæгтæ, Иристони аллирауæнтæй спортуарзгутæ дæр… Уæд Акъоти Владимир иссæй Уæрæсей Хонсар хаййи чемпион.

Уотемæй Акъоти Владимир аллихузи еристи æнтæстгинæй фæййархайдта 1959 анзи уæнгæ, уæдта æхе ке ниццавта, уомæ гæсгæ ин æхецæн штангæ есæн нæбал адтæй, æма уой фудæй райдæдта тренери куст кæнун. Райдæдта горæт Ростови, 1960 анзи ба иссæй цæгатиристойнаг спортивон æхсæнадæ «Спартак»-и тренер. Ами фæккуста 1967 анзи уæнгæ. Уæдта æй косунмæ ракодтонцæ нæ иннæ номдзуд спортивон æхсæнадæ «Динамо»-мæ.

Раст зæгъгæй, ами тренировкитæ аразунæн уавæртæ æдзæллаггомау адтæнцæ, нæ си адтæй хузæнон спортивон зал, спортивон уæледарæс, спортивон дзаумæуттæ… Фал Валодимæ адтæй разæнгарддзийнадæ, уарзта æ куст æма ’й еугур еци нæхъæртондзийнæдтæ уотæ нæ хъор кодтонцæ, æ уæгæ си нæ мæгур кодта… Гъе уотемæй гъомбæл æма цæттæ кæнун райдæдта, цæйбæрцæдæр рæс-тæги фæсте Иристони спортивон намус æма кадæ агъазиау чемпионатти æма еристи æнтæстгинæй гъæуай кæнун ке бон иссæй, уæхæн спортсменти. Валоди æхуæдæг исаразта еу сарагонди спортивон дзаумæуттæ тренировкитæн æма æригон биццеути еу къуар райдæдта уæззау атлетикæй цæттæ кæнун.

Æ фиццаг ахургæнуйнæгтæ адтæнцæ дуйнеуон къласи спорти мастертæ Нанити Феликс, Рæмонати Виктор æма Нанити Виктор. Аци искурдиадæгин штангисттæ æнтæстгинæй архайдтонцæ айдагъ нæхе бæсти нæ, фал сауæнгæ фæсарæйнаг аллихузон дуйнеуон еристи. Иристони штангисттæй фиццаг хатт дуйнеуон рекорд ниввардта Нанити Феликс, фæстæдæр ба никки хъæбæрдæр фескъуæлхтæй е ’рвадæ Нанити Виктор – дуйнеуон рекордтæ исæвардта æртæ хатти. Зингæ æнтæстдзийнæдтæ бафтудæй Нанити еума сахъ лæхъуæн Русланæн дæр.

Иристони кадæ æма намус ма аллихузи бæрнон еристи æнтæстгинæй ка гъæуай кодта, уонæй ма Валодийæн æ фиццаг ахургæнуйнæгтæ адтæнцæ номдзуд штангæесгутæ Хæллати Албег, Моурати Олег, Таймазти Павел, Ботъоти Руслан æма Æхсарæ, Елбати Сергей, Джамал Сулейманов, Александр Зильберман, Кодзурти Марат, Нанити Руслан æма æндæртæ. Аци штангисттæ сæ рæстæги сæхе бавдистонцæ искурдиадæгин æма æнтæстгин спортсментæй.

1972 анзи УСФСР-йи физкультурæ æма спорти комитети унаффæмæ гæсгæ Акъоти Владимирæн лæвæрд æрцудæй Уæрæсей Федераций æскъуæлхт тренери кадгин ном, мадта ин нæхемæ республики дæр хъæбæр искадæ кæниуонцæ – спортсментæ цæттæ кæнуни гъуддаги агъазиау æнтæстдзийнæдтæ ке равдиста, уой туххæй ин лæвæрд æрцудæй Цæгат Иристони АССР-и Сæйраг Совети Президиуми Кади гæгъæди, 1977 анзи ба ин исаккаг кодтонцæ Цæгат Иристони АССР-и культури æскъуæлхт косæги цитгин ном.

Рæстæг цудæй æма тренертæн сæ кусти уавæртæ дæр нивæбæлдæр кодтонцæ, фæззиндтæнцæ фадуæттæ тренировкитæ нæуæг, бæлвурдæй уæззауатлетиконтæ цæттæ кæнунæн цæхуæн гъудæй, уæдта гъæугæ спортивон фæрæзнитæй ефтонг ка адтæй, уæхæн райдзаст зал аразунæн. Ардæмæ аллибон дæр цудæнцæ дæсгай биццеутæ (уæд кизгуттæ уæззау атлетикæй нæма архайдтонцæ), æригон динамовонтæ – еуетæ си сæ ацъагъуæ исбæлвурд уни фæндæй, иннетæ ба си дæсниадæ фæббæрзонддæр кæнунмæ.

Уонæй сæ фулдæремæн бантæстæй Иристони устур кадæ æма намуси анзфинсти сæхе устур æскъуæлхтдзийнади рæнгъитæ дæр бафинсун. Зæгъæн, дуйнеуон къласи спорти мастер Æлдаттати Артур, æ рæстæги иссæй Австрий дуйнеуон еристи уæлахездзау, фæстæдæр ба фиццаг бунæттæмæ рацудæй æма уæлахездзау иссæй Югославий, Манголий, Китайи, фæууæлахез æй æригæнтти ‘хсæн Европи æма дуйнеуон еристи Шотландий, иссæй Уæрæсей адæмти фарæстæймаг сæрдигон спартакиади чемпион. Уой фæсте Æлдаттати Артур рахизтæй тренерон-гъомбæладон кустмæ. Тренертæ иссæнцæ Акъоти Владимири иннæ гъомбæлгæнуйнæгтæ: Бидети Алан, Бедойти Виталий, Гергити Феликс, Нанити Феликс, Баймæтати Эльбрус.

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй уæхæн зундгин загъд: «Фиди фарнæ мæрдтæмæ нæ цæуй». Æма Акъоти Владимири цардвæндаги хабæрттæ кæнгæй еци загъд хумæтæги нæ æрбаймистан. Нæ номдзуд спортсмен æма тренерæн æ фурт Артур, æвæдзи, æ фиди хъиамæттæ æма арфиаг гъуддæгутæ уингæй, уæдта си нæ Иристони дзиллитæ куд боз æма сæрустур æнцæ, уой зонгæй, е дæр, куд фæззæгъунцæ, фæццалх æй уой гъуддагбæл. Æма æ фæндæ фæррæстмæ æй – зингæ æнтæстдзийнæдтæ бафтудæй æ рæстæги æ къохи. Иристойнаг штангисттæй фиццагидæр Акъоти Владимири фурт Артур иссæй дуйней чемпион, уæдта спорти æскъуæлхт мастер уæззау атлетикæй. Фæууæлахез æй берæ дуйнеуон еристи, Барселони Олимпаг гъæзтити ба райста æвзестæ майдан, нæкæси, уæхæн хуæрзеуæг ма уоми райста нæ иннæ номдзуд штангæесæг Таймазти Тимур дæр…

Нæ Иристони спортивон намусгин уæззауатлеттæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ):БÆРОЙТИ Хасан, ТАЙМАЗТИ Тимур, ТЪУРИТИ Тинæ, АКЪОТИ Артур, тренер ЗОЛОЙТИ Хъазбег, ТÆСОЙТИ Æхсарбег (уæззау атлетики Федераций президент).

Зæгъун ма гъæуй уой дæр, æма Цæгат Иристони тренертæй фиццагидæр Акъоти Владимирæн лæвæрд æрцудæй дуйнеуон еристи тæрхон кæнуни барæ, исаккаг ин кодтонцæ дуйнеуон тæрхонгæнæги къæпхæн.

Акъоти Владимир тренерæй фæккуста дæсгай æнзти дæргъи. Мадта ци фæсевæд исгъомбæл кодта, уонæн ба банимайæн дæр нæййес, уойбæрцæбæл берæ ‘нцæ. Кадæртæ си спортивон æнтæстдзийнади тæккæ бæрзонддæр бæрзæндтæмæ исхизтæнцæ, кæмæндæрти ба си æ спортивон карнæ уоййасæбæл райдзаст нæ рауадæй. Фал е сæйраг нæй – сæйраг е æй, æма уони алкедæр гури хъаурæй тухгин уни нифси хæццæ ма æ гъомбæлгæнæгæй райста уодигъæдæй дæр сæрæндзийнади фарнæ, адæми ‘хсæн рæстзæрдæй цæрунæн зунд, федардзийнадæ. Уомæ гæсгæ Акъоти Виктори абони дæр Иристони дзиллитæ арфиагæй имисунцæ, æ берæ хуарздзийнæдтæ ин нæ иронх кæнунцæ, зæрдиагæй ин аразунцæ æ номерæн аллихузон мадзæлттæ… Уомæн нæхуæдтæ абони ан æвдесæн.

Акъоти Владимирæн æ рамæлæти фæсте æ номерæнæн арæзт æрцæуидæ сæрмагонд турнир уæззау атлетикæй. Е айдагъ цитгингæнæн мадзал нæ исуидæ, фал ма æригæнтти разæнгард кодта спорти аци хузи архайунмæ. Бæргæ хуарз адтайдæ уæхæн турнир аци анз дæр арæзт ку ’рцудайдæ, æма, ка ’й зонуй, исаразуйнаг адтæнцæ, фал, æвæдзи, нуриккон тæссаг санитарон-эпидемиологон уавæртæмæ гæсгæ нæ фæцæй равгæ. Гъæугæ ба бæргæ кодта – еуемæй, номдзуд тренери ном исцитгин кæнунæн, иннемæй ба, уадзæ æма фæсевæд зононцæ, Фидибæсти сæрбæлтау уодуæлдайæй ка фæййархайуй, уони рохс нæмттæ æма хуæрзтæ дзиллæй иронх ке нæ ’нцæ, кадæ син кæнунцæ æностæмæ…