АДÆМИ САГЪÆССАГ ФАРСТАТÆ ГЪÆУАМА ÆНХÆСТГОНД ЦÆУОНЦÆ…
Е куд æй, æма æнæгъæнæ гъæуи еунæг медицинон косæг дæр, сæйгæ адæмæн си гъæугæ хуастæ балхæнунæн равгитæ ма уæд?
Е куд æй, æма ацал-ауал анзи цалцæггонд ма ‘рцæуæд æдеугурæй авдсæдæ метрей дæргъæн над, цæмæй ибæл «Тагъд агъази» хуæдтолгæн уа гъæумæ æнæхъорæй бацæунæн фадуат?
Кенæ ахурдзау сувæллæнттæ скъоламæ дууæ километри фестæгæй – уой дæр, бонигъæди æнæбæзгæ уавæрти дæр – цæмæн гъæуама цæуонцæ?
Аци æма ма берæ æндæр аллихузон фарстати фæдбæл рауадæй дзубанди, нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн æрæги Мæздæги райони косæг балций уогæй, уордигон гъæутæ Минкъий Малгобеки æма Предгорныйи цæргути хæццæ ци фембæлд адтæй, уой рæстæг.
Еци фарстатæ кæд æма еугурæйдæр ахсгиаг æнцæ ами цæрæг адæмæн, уæддæр си кæцидæртæ ба ‘нцæ уæлдай сагъæссаг. Зæгъæн, ами цæрæн рауæнти хъæбæр тæссаг æй зæйластæй. Æма уой фæдбæл дзоргæй, Сергей Меняйло куд загъта, уотемæй республики Хецауади зæрди ке ес зæйтæ рацæунæй тæссаг уавæрти цæрæг адæмæн æндæр рауæн цæрæнуæттæ исаразун. Куд ма загъта, уотемæй берæ æнзти ци фарстамæ гъосдард нæ адтæй, уомæ лæмбунæг каст æма мадзæлттæ арæзт цæуй.
Сергей Меняйло бацудæй зæйтæ рацæуни фудæй зæууатмæ цæуæг хæдзæрттæмæ. Арæзтадæ æма архитектури министрадæн бафæдзахста, цæмæй аци гъæутæмæ специалисттæ æрбарветонцæ, бунæтти æркæсонцæ æма лæмбунæг равзаронцæ цæрæнуæтти уавæртæ, исаразонцæ гъæугæ бæлвурдгæнæн гæгъæдитæ. Мæздæги райони ма ес къуар зони, зæйтæ рацæунæй тæссаг кæми æй – еумæ райсгæй æнцæ 143 хæдзари.
Нæкæси, аци фарста сагъæссаг æй нæ республики цалдæр гъæубæстемæн дæр ма.
Нуртæккæ алли геологон фæззиндтитæй тæссаг кæмæн æй, республики фондз районеми ес еуæндæс уæхæн гъæуи: Уæллаг Мизур, Биз, Зинцъар, Згид – Алагири райони; Къора-Уорсдон – Дигори райони; Æхсæрисæр – Ирæфи райони; Раздзæуæг – Рахесфарси райони; Хъизлар, Минкъий Малгобек æма Предгорныйи гъæутæ – Мæздæги райони. Еци хæдзæртти цæргутæн æндæр рауæнти цæрæнуæттæ исаразунæн багъæудзæнæй миллиард сомемæй фулдæр. Нуртæккæ каст цæуй, еци финансон фæрæзнитæ кæми исамал кæнун æнгъезуй, еци фарстамæ.
Сергей Меняйлой хæццæ фембæлди кæронбæттæни Минкъий Малгобек æма Предгорныйи цæргутæ республики разамонæгæн райарфæ кодтонцæ, сæ лухкæнуйнаг фарстатæмæ син ке ‘ркастæнцæ, уой туххæй. Еци фарстатæ ба баст æнцæ, сæ аллибони цардиуаги сæ хъæбæр ка тухсун кæнуй, уæхæнттæ. Уони кой не ‘рмæги райдайæни дæр ку ракодтан – хуæрзгъæдæ медицинон агъаз æма хуастæ балхæнунæн равгæ ке нæййес, уæдта нæдтæ цалцæг кæнуйнаг ке ‘нцæ, е. Уомæй уæлдай ма Минкъий Малгобеки нæййес, куд æнгъезуй, уæхæн ниуазæн дон. Хуарз уайдæ, сувæллæнтти æдасдзийнади туххæй син автобус лæвæрд ку ‘рцæуидæ скъоламæ ласунæн, уæд.
Сергей Меняйло Мæздæги райони дууæ гъæуи бабæрæг кодта евгъуд сабати, авдисæри ба республики Хецауади иуонгти æма муниципалитетти алли къуæреуон аппаратон æмбурди ба, еци райони гъæути цæргутæ ци социалон фарстатæбæл дзурдтонцæ, уони фæдбæл бæлвурд амунддзийнæдтæ равардта Хецауади иуонгтæ æма муниципалиттети разамонгутæн. Зæгъæн, Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Александр Реутовæн ихæсгонд æрцудæй, цæмæй фæндитæ æрбадæтта райони гъæути цæргутæн хуæздæр медицинон лæггæдтæ кæнуни фæдбæл. Уомæй уæлдай, профилон ведомствити минæвæрттæн амунд æрцудæй, цæмæй райони гъæути цæргутæ ефтонггонд цæуонцæ гъæугæ хуастæй дæр. Ахурадæ æма науки министрадæ ба бакосдзæнæй бунæттон скъоладзаути ахурмæ ласунæн сæрмагонд автобустæ радех кæнунбæл. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, артаг æма энергетики министрадæн ба ихæсгонд æй, цæмæй фæннивæбæлдæр кæна бунæттон донуадзæн хæтæлти уавæр.
Уой хæццæ ма, Сергей Меняйло куд бафеппайдта, уотемæй еугур амунд фарстатæ дæр гъæуама цубæрдæр æмгъудтæмæ лухгонд æрцæуонцæ.
Æрмæг бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ