12 декабря 2024

АДТÆЙ УÆХÆН ХУТОР ЛЕСКЕНИ

25.11.2020 | 16:44

Рæстæг цæуй, фæлтæртæ фæлтæрти æййевунцæ æма нæ евгъуд царди, нæ устур историй берæ хабæрттæ иронхуати райзайунцæ. Хестæртæй дæр сæ беретæ бæлвурд ку нæбал фæззонунцæ, уæд ма кæстæртæй ба ци агорæн… Зонун ба сæ гъæуй сæ еугурей дæр, ахсгиаг æй æви нæй, уомæ нæ кæсгæй, уомæн æма етæ еумæ райсгæй æнцæ нæ уодварни хæзнати бундор. Бундорæн еунæг дор дæр ку нæ фагæ кæна, уæд федар нæ лæудзæнæй, кæлгæ кæнуй. Уомæ гæсгæ журнал « Литературная Осетия» – йи зундгонд æхсæнадон архайæг, Цæгат Иристони советон хецаудзийнадæ æрфедар кæнуни гъуддаги активон архайæг Дзатцети Аслæнгерийи уац «В благодарной памяти людской» ку бакастан, уæд нæмæ хумæтæги нæ фæззиндтæй фæндæ уой нæ газети рамухур кæнун. Хъæбæрдæр ба уомæ гæсгæ, æма Аслæнгерий ци хабæртти туххæй финсуй, уони абони сауæнгæ Лескенæн æхеми цæрæг адæм дæр сæ фулдæр бæлвурдæй нæ зонунцæ. Æцæг нæмæ ес еу курдиадæ нæ газеткæсгутæмæ: Аслæнгерийи имисуйнæгтæбæл ести бафтауйнаг кæд ес, уæд нæмæ ниффинсетæ.

 

Урух æма æрдзæй аййев Лескени будуртæ, райтинг æнцæ Цæгат Иристони хорнигулæни ’рдигæй хуæнхрæбунтæй сауæнгæ кæсæги будурти уæнгæ. Æ еуæрдигæй уайуй цæугæдон Хæзни еу къабазæ, иннæрдигæй – цæугæдон Лескен. Рагæй нурмæ дæр аци къум зундгонд адтæй æ æрдзи рæсугъддзийнадæй.

Уазал думгитæй гъæуайгонд цæуй, къолæбæл ци берæ таргъæдтæ ирæзуй, уони фæрци. Кæдзос уæлдæф. Цæугæдæнттæ идзаг æнцæ форель æма берæ æндæрхузи кæсæлгитæй.

Толдзæ, тæрсæ, фæруæ гъæдти æнгъезуй фæууинун аллихузон цæрæгойтæ æма гъæддаг сирдтæ, муркъæ, цумæ, нинæгъ, дзæдурæ æма æндæр гъæддаг рæзæ – уойбæрцæ дæр дæ гъæуæд! Дессаги рæсугъд бунæттæ цæрунмæ æма уолæфунмæ! Фал мæ фæндуй сæ раздæри уагæбæл радзорун.

XVIII æноси кæрони аци будур адтæй кæсгон къниæзти баргъони. Нæуæг хецæуттæ ардæмæ цудæнцæ айдагъдæр цауæни. Фал XIX æноси дуккаг æмбеси ба сæ зæнхитæ рауæйæ кодтонцæ гъæздугдæр бийнонтæн æма Дигоргоми фонсдаргутæн. Рæсугъд æма гъæздуг æрдзон лæвæрттæй аци къум æхемæ ивазта фулдæрæй-фулдæр раледзæг адæми. 1878 – 1891 анзи уæнгæ ами æрцæрæг адæми нимæдзæ исхизтæй астсæдæ адæймагей бæрцæмæ. Терки облæстон администраци син барæ равардта сæхецæн гъæууон правлени исаразунæн. Гъæу исхудтонцæ Лескен. 1910 анзи ба æ рæбун фондз километри идарддæр хонсарæрдæмæ, цæугæдон Лескени рахесфарс фæззиндтæй хутор, кæми адтæй дууадæс хæдзари. Æ бундорæвæргутæ бæ адтæнцæ фулдæр ахургонд адæм алли адæмихæттитæй; Хабаров, дохтир Мæскуйæй; Басити Миха, Цъæййи цæрæг; Кузьменко, агроном Полтавæй; Дадиани, юрист Тифлисæй; дууæ немуцаг æнсувæри Михаил æма Альфред, гъæууон хæдзаради аллихузон специалисттæ Георгиевскæй æма æндæртæ. Сæ хутор ба исхудтонцæ Л. Н. Толстойи номæй, æ искурдиадæн аргъгæнæг ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ.

Æрбунæттон æнцæ, аразтонцæ бæлæстæ, халсартæ, дардтонцæ фонс æма мудибиндзитæ. Хутори цæргути еу кодта айдагъ ахургонддзийнадæ нæ, фал ма адæмуарзондзийнадæ, цæйдæрбæрцæ дæр сæ æнгъизтæй рохситаугутæ исхонун дæр.

Лескени адæми æнахургонддзийнадæ уингæй, Басити Михал æма Дадианий разæнгарддзийнади фæрци хутори цæргутæ исфæндæ кодтонцæ уолæфгæ бæнтти – майрæнбони – адæми ’хсæн культурон-рохситауæн куст кæнун. Дохтир Хабаров зилдæй сæйгитæбæл хæдзаргай, кастæй син лекцитæ санитарон æгъдæутти туххæй.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма ами ци парахат æрдзон аразæн æрмæг адтæй – æргъæ, зменсæ, къирæ – уонæй лескейнæгтæ нæ пайда кодтонцæ. Нæ сугътонцæ агори, гъосин, нæ фастонцæ гъæдæ (сæхемæ ба адтæй æртæ хирхфадæни). Цардæнцæ сахъари уомæл зæнхбун хæдзæртти, кæцити сæртæ адтæнцæ гъæмпæй æмбæрзт. Хабаров син еу æма дууæ хатти нæ зæгъидæ уой туххæй:

– Цалинмæ уæ цæрæнуæттæ гъæугæ уагæбæл нæ исаразайтæ, уалинмæ уин незтæй тæссаг уодзæнæй уæхецæн дæр æма уæ сувæллæнттæн дæр. Уæ алливарс ес, цидæр уæ гъæуй хузæнон цæрæнуæттæ аразунæн, етæ, айдагъдæр уæ гъæуй еумæйагæй райдайун. Уæ хъиамæт дзæгъæли нæ уодзæнæй.

Лæмбунæг син дзурдта сæ хуæрди туххæй дæр. Хабаров хуарз зудта бунæттон адæми иуазæгуарзондзийнадæ (ци хуæздæр – уой иуазæгæн), фал син дзурдта, уæхе дæр ма иронх кæнетæ, зæгъгæ. Сæйгитæ кæмæ уидæ, уонæн ба дарун кодта сæгътæ, цæмæй етæ ниуазтайуонцæ сæгъи æхсир, рæугути незæй ка садæй, уонæн ба ниуазун кодта месин. Агроном Кузьменко ба, зæнхитæ ке нæ фагæ кодта, уой туххæй никкæрдун кодта гъæуи алфамбулайти ци æнæгъæугæ къотæртæ ирæзтæй уони, æма син сæ бунати ба картоф ниййаразун.

Амудта син, циуавæр муггæгутæ аразгæ æнцæ, куд зелун гъæуй картофмæ æма ’й куд æма кæд æфснайун гъæуй, уони.

– Картоф дуккаг дзол æй, – зæгъидæ Кузьменко. – Багъæуаги æй баййевун æнгъезуй мæнæуи инсадбæл æма кæрдзини бæсти дзол хуæрдзинайтæ.

Агроном Кузьменко гъæуккæгти хæццæ ку дзоридæ, уæд æ хæццæ уидæ еци Басити Миха, кæци адæми хæццæ æнцонтæй райеридæ еу æвзаг. Тагъд рæстæги хутори адæми амундтитæй пайдагæнгæй, лескейнæгтæн сæ бæркад фулдæр кæнун райдæдта, фал хъæбæрдæр ба лескейнæгтæ арази адтæнцæ Миха æма Дадианийæй сувæллæнтти æргом ахурадæмæ ке раздахтонцæ, уомæй. 1913 анзи январи гъæууон сходи дзубанди цудæй округи æма облæсти хецауади исарази кæнун, цæмæй Лескени еумæйаг ахурадон скъола игонгонд æрцæуа. Михал æма Дадиани рандæнцæ Дзæуæгигъæумæ сходи протоколи хæццæ. Берæ къæхкъуæрæнти фæсте сæ курдиадæ æнхæстгонд æрцудæй æма еци анз скъола райгон æй. Лескени ма гъуди кæнунцæ æнсувæртæ Михаил æма Альфреди. Деникини æфсад Терки облæст ку байахæстонцæ, уæд Лескен æмæ Дæргъæвси ’хсæн архайдта партизанти устур къуар, кæци тох кодта адæми ’знæгти нихмæ. Еци къуари архайдтонцæ Альфред æма Михаил дæр. 1919 анзи апърели бæгъатæрæй фæммард æй Альфред, 1920 анзи мартъий ба Нальчикмæ хæстæг фæммард æй е ’нсувæр Михаил.

Уæдæй нурмæ берæ рæстæг рацудæй. Хутори цæргутæй уотæ берæ ка байархайдта, лескейнæгтæн сæ царди уавæртæ фæххуæздæр кæнунбæл, уонæй æгас некебал æй. Фал сæ хуарз гъуддæгутæ ба иронх нæ ’нцæ лескейнæгтæй æма си алкæддæр арази уодзæнæнцæ.

 

ДЗАТЦЕТИ Аслæнгерий,

1987 анз.