АДТÆНЦÆ ДЗАМАНТÆ ÆМА ЦАУТÆ…
ФÆНДАГГОНТÆ
Гургъохъо фефсæрми ‘й, æ цæстингас дæлæмæ æруагъта, цæйбæрцæдæр рæстæг гъосæй ралæудтæй, уæдта, цума æхе хæццæ дзубанди кæнуй, уоййау ниллæг гъæлæсæй загъта:
– Мин соми? Гъема фæууæд уотæ: къуæрей фæсте Хъасболатæн мин соми æ къохмæ æрнимайдзæнæн.
Лæги сæр багъудæй Гургъохъой. Цийфæндийæй дæр гъæуама мин соми иссера, кенæдта Камиллæй æнæхай фæууодзæнæй.
– Раст æй зæронд лæг, – гъуди кодта Гургъохъо. – Камиллæ мин сомемæй дæр хъазардæр æй.
Æма лæхъуæни цæститæбæл рауадæй æ уразон кизги сорæт: даргъ цæстихаути аууонæй сатæгсау цæститæ нæ кастæй, фал дууæ рæвдаугæ хори, фæлорс цæсгон ба Уорсхонхи цъетей хузæн ирд адтæй. Уардий хузæн сæнтсурх билтæ зæрдæн хастонцæ æнахур цийнæ, кодтонцæ ‘й базургин.
– Камиллæ… Камиллæ, – дзурдта æхецæн лæхъуæн. Мин соми ба ци ‘нцæ, Гургъохъо дин æ цард раттунмæ дæр цæттæ ку æй, уæд!
Адгин сæнттæ идардмæ хастонцæ сонт лæхъуæни, æ цæсти ин иссодзиуонцæ цирæгътæ, æ монцтæ райгъал уиуонцæ, æма сæ уорамæг уорамун нæбал фæразта.
Гургъохъо гъудити ранигъулдæй: «Изæри Хъасболати дзæхæрамæ бахездзæнæн, Камилли хæццæ фембæлдзæнæн, боницъæхти ба мæ мæ бæх Ногъайи будуртæмæ æскъæфдзæнæй. Раст зæгъун гъæуй, ногъай къæрцгъос æма цурддзаст æнцæ, фал тæрсагæгомау. Кæд мин ногъайаг хуæрзмуггаг бæхти æргъау ирæди фагæ исуидæ…»
Биццеу уатмæ бахизтæй æма æхе рæвдзитæ кæнун федадта.
Цалдæр боней фæсте цæунмæ рæвдзæ адтæй. Æ гъуддаг рацудæй: Уасгерги ин заманай лæхъуæни æмбалæн рарвиста. Гъæуама еумæ рараст уонцæ Ногъаймæ. Гургъохъо цийнæй мардæй, æ фонси конд ке фæррæстмæ уодзæнæй, уобæл гурусхæ нæбал кодта.
…Хуцауæй арази: берæ цæун сæ нæбал гъæуй – куддæр гъæдæй рахезонцæ, уотæ Ногъайи итигъд будуртæ разиндзæнæнцæ… Гургъохъойæн е ‘мбал базардта:
Тархъæды сыфтæр мын бæлццоны
пæлæзау, гъей!
Сыфтæрты сыр-сыр та –
уарзоны хъæлæсау, гъей!..
Æнусон цъититыл ирдгæйы
хъæзтытæ, гъей!
Сау æхсæв куы кæсы бирæгъы
цæстытæй, гъей!
Гургъохъо кæд е ‘мбали мæтъæл зармæ игъуста, уæддæр æ медгъудити равзурдæй Хъасболати дзæхæрай. Цума Камиллæ æ фарсмæ лæууй. Фурæфсæрмийæй зæнхæмæ кæсуй æма бабæй арф ниууолæфуй. Уæдта Гургъохъомæ хæстæгдæр æрбалæудтæй, æ цæститæмæ ин бакастæй æма фæлмæн гъæлæсæй исдзурдта: «Æнгъæлмæ дæмæ кæсдзæнæн. Цо æма дæ гъуддæгутæ кæнæ, Лæгти изæд дæ рæствæндæгтæбæл уадзæд!..»
– Ци нигъгъос дæ, ме ‘нсувæр? – æ зар фæууорамгæй дзоруй Гургъохъомæ е ‘мбæлццон.
Лæхъуæн фестъæлфтæй, æ гъудити халæ æрбаскъудæй.
– Нуртæккæ гъæдæй рахездзинан, – загъта Гургъохъой æмбал. – Нæхе æрцæттæ кæнæн.
Æцæгæйдæр гъæдæ фæттæнæгдæр æй, бæлæсти ‘хсæнæй æрбазиндтæй игуæрдæни урух тæлмæ, æ астæубæл ба ‘й цума цæугæдон лух кодта. Думгæ, будуйраг уæгъдебарæ думгæ аллимуггаг кæрдæгути æма деденгути адгин тæф æскъафта. Идард рауæн, арв æма зæнхæ кæми байеу унцæ, уоми æндæргти хузæн æдзæмæй лæудтæнцæ сау мегъи къубулæнттæ.
– Уинис, уартæ уоми хезунцæ ногъай аргъæуттæ, – е ‘хси гъæдæй будурмæ райамудта Гургъохъой æмбал.
Сæ балци фæррæстмæ ‘й. Ку ‘рталингæ ‘й, уæд дууæ ‘рдхуарди æргъауæн е ‘мбес фæххецæн кодтонцæ æма е‘ мбал ‘й ратардтонцæ. Æргъаугæстæ ма сæ æрæгиау бæргæ расурдтонцæ, фал сæ нæбал баййафтонцæ.
Гургъохъо æма е ‘мбал бæхтæ Кæсæгмæ раскъардтонцæ æма сæ уоми æрбауæйæ кодтонцæ. Фæстæмæ æздахтæнцæ идзаг хурдзинти хæццæ – æхца æма алли хъазар дзаумæутти си уотемæй.
– Уасгергийæн табу, æ фæрци рæствæндаг фæцан, – загъта Гургъохъо. – Берæ нæ нæбал гъæуй нæхемæ. Мæ хæдзарæй дæ тагъд нæ рауадздзæнæн. Мæ къохбæлхуæцæг ду уодзæнæ.
– Фидтæлтæ уотæ загътонцæ, лæги хуарз, дан, надбæл бæрæг кæнуй. Гъема дæ мæ сæр кæми багъæуа, уоми дин мæнæ æновуд æнгарæ. Гъæуама ди мæхецæн æнсувæр зæгъон.
– Æз дæр мæ меднимæри уотæ искарстон. Абонæй фæстæмæ дин мæ сæри астæути над, мæ хæдзарæ ба – дæ хæдзарæ, – загъта Гургъохъо.
Цалинмæ дууæ бæлццони кæрæдземæн уарзон дзубандитæ кодтонцæ, уæдмæ син сæ над æрæхгæдта хуæнхаг цæугæдон. Минкъий раздæр сахуарун æрцудæй, æма дæнттæ райвулдæнцæ, над бахуардтонцæ. Æзнæт уолæнтæ лæбурдтонцæ фæйнердæмæ, зæнхæй устур гæбæзтæ тудтонцæ æма сæ зудæгæнгæ нихъуардтонцæ, бæлæстæ бундзарæй фæлдахтонцæ, къæдзæхти тегътæбæл сæхе æндзарстонцæ.
Гургъохъо æмбохгæ донæн æ тæнæгдæр бунат байагурдта æма æ бæх уордæмæ фæййаразта. Фал æваст æ цæсгон рафæлорс æй, æ цæститæ фуртæссæй ниббæгъгъет æнцæ, æма райгъустæнцæ æ гъæртæ:
– Раздæхæ фæстæмæ! Ма ‘рбацо ардæмæ! Тæккæ худуни исмедæг дæн… Фæййервæзæн мин нæбал ес… Мал мæ æхемæ ласуй… Мæ гъæумæ бацæудзæнæ… Камилли иссерæ… Æз си æнæхай фæдтæн… Ду æй ма ниууадзæ… Æцæг æнгарæ мин адтæ… Мæхе ‘нсувæри хузæн дæ бауарзтон… Гъа, мæнæ хурдзин райахæссæ… Ирæди фагæ дæмæ уодзæнæй… Камилли ма ниууадзæ… Хуæздæр æма рæсугъддæр кизгæ Хуцау нæма исфæлдиста… Мæнæн ба надгæрон цирт ниввæрæ… Игъосис?.. Игъо…
Фал Гургъохъомæ е ‘рдхуард-æнсувæр нæ байгъуста. Æхсæй æ бæх ницъцъинккитæ кодта æма ‘й æмбохгæ хъуммæ исаразта. Хæстæгæй-хæстæгдæр кæнуй е ‘мбалмæ, уæдта æ гъæлæсидзаг нигъгъæр кодта:
– Федар фæллæууæ, Гургъохъо, фæццæун дæмæ!..
Фал Гургъохъомæ нæбал бахъæрттæнцæ е ‘мбали гъæртæ. Æмбохгæ гулфæн æй ранихъуардта, уæдта æхе æ нæуæг амæттагбæл дæр ниццавта. Мæлæтдзаг тох берæ нæбал рахаста.
Нур бор-лæкъун уолæнти уорамæг нæбал адтæй, æма еу инней фæдбæл хебæраги æсхъиудтитæгæнгæ тахтæнцæ.
…Рæстæг цудæй, бæнттæ кæрæдзей сорæгау лигъдæнцæ. Камиллæ сæ тургъæй дзæвгарæ-дзæвгарæ фæккæсидæ надмæ, фал – некæми неци, Гургъохъо зиннæг нæ адтæй…
Æдзард биццеуи хæдзарæ никкæлæццаг æй, фæрстæбæл цъæх гъуна исбадтæй. Æхсæвигæнтти медæмæ гъузгæ-гъузгæ байевгъуйуй циуавæрдæр сау æндæрг, æма бабæй уайтæкки зæрдихалæн сосæг нæтун райгъусуй. Тæрегъæддаг æстуфтæмæ думгæ дæр неуæгау бакæнуй. Ревæд хæдзари тургъи ци еунæг гæдибæласæ ес, уой сифтæбæл цума ехæнрезæ бацæфстæй, уотæ се ‘рхæндæг сæбар-субур нæбал фенцайуй.
ТОГ ТОГÆЙ ÆХСНАДÆУЙ
– Æрлæууетæ! – загъта зæронд абæрег Али. – Ами фездахæн нæ бæхтæ æма уартæ еци æрдози бахсæвеуат кæнæн.
Али е ‘хси гъæдæй райамудта гъæди кæронмæ æма æ бæх фæййагайдта. Мах сабур сæппæй рараст ан æ фæдбæл. Æрдозæмæ ку бахъæрттан, уæд нæ бæхтæбæл сахсæнтæ исæвардтан æма уоми æрбунат кодтан. Кæстæртæ арт бандзарстонцæ æма уой алливарс нæ еугурдæр æруагътан нæхе.
Фæззигон мæйдар æхсæвæ нæбæл сабургай æрæвардта æ базур. Гъавгæ-гъавгæ нæбæл аллирдигæй æрбатухта æхе. Дууæ къахдзæфæй идарддæр нецибал уидта лæги цæстæ. Еузагъдæй, абæргутæн агоргæ æма æнæиссергæ æхсæвæ. Сибиртт некæцæй игъустæй. Айдагъдæр уоддзæфи æрбауолæфт æма сифти тарст сур-сурмæ зæрдæ æрхæндæг сагъæсти ранигъулдæй. Æстæн хатт нæмæ æгуппæг æрдози кæронæй æрбайгъусидæ нæ бæхти мур-мур.
Еуцæйбæрцæдæр рæстæг ни еу загъд дæр некæмæй исхаудтæй… Арти тæмæнтæ сурх байрæгти хузæн гъазтонцæ нæ фæллад зустхуз цæсгæнттæбæл. Уæлдай бæрæгдæр дардта зæронд Алийи цæсгон. Æ рахес уадолæ ин ауæдзи хузæн фæддех кодта нос – мæлæт æма царди ‘хсæн арæн. Æ устур губур фий адтæй æ къæйнихдзийнадæ æма æ нæрæмони æвдесæн, дууæ минкъий цæсти дууæ зингемæй æрттивтонцæ сæ къурфити арфæй… Кæд фæззæронд æй Али, уæддæр нерæнгæ ма иуонгрæуæг æма науæргин адтæй… Æхсаргин лæг… Æ цард-цæрæнбонтæ рарвиста хæтæнхауæггагæй… Рагон нæртон лæгау æ цæстингас адтæй зуст æма ездон…
Мæн фæндадтæй æ ракъахун, цæмæй бабæй нин æ хæтæнхауæггаг царди хабæрттæй ести радзора, фал имæ мæ нифс нæ хастон – еци æхсæвæ бустæги сагъæсхуз адтæй æ цæсгон, æма си æфсæрми кодтон.
Фæстагмæ Али арф ниууолæфтæй æма, æхе хæццæ дзорæгау, уотæ бакодта:
– Базæронд дæн, æма мæмæ гъузгæй æрбацæуй мæ адзал… Фæцæй мæ цард… Фал уæддæр адтæй дзамантæ… Ехх, адтæй дзамантæ! – фæкъкъæрт æй Али. – Цæйбæрцæ фæззилдтæн æгæндæ гъæдти мæ рагбонтæй нурмæ! Цардтæн лæгæтти, мæ нивæрзæн – къодах, мæ гобан – сифтæ… Уотæ гъе! Мæ фидиуæзæг, мæ хортæ, æз æнагъонæй ниууагътон… Тоггинтæ адтан… Муггагæскъуд фæцан. Æртемæй ма байзадан: мæхуæдæг, ме ‘нсувæр æма мæ фидæ. Фал бабæй сау бон æрцудæй æма мин фæххаста мæ фиди дæр æма ме ‘нсувæри дæр. Мæлгæ-мæлун ма мин, нæ тог нин уотемæй ма ниууадзæ, зæгъгæ, исфæразта зæгъун мæ мæгур фидæ, æма æ уод исиста. Уомæй рацудайдæ еу анзи бæрцæ, æма еууæхæни мæ тоггини дуар æхси гъæдæй ниххуастон: «Гъей, Тасо, дзорун дæмæ, æндæмæ ракæсæ!..» Дуари зихъирæй æд хуæцæнгарз æ сæр радардта Тасо, æма – дæ балгъетæг уотæ – æ медбунати зæнхæбæл æ гупп фæццудæй æма нæбал исистадæй. Æз рабадтæн мæ бæхбæл æма еци æхсæвæй фæстæмæ исдæн абæрег… Мæ фиди цирти рази ард бахуардтон: алли анз дæр ин хист кæндзæнæн. Æма нæ фæссайдтон мæ дзурд… Нур мин фагæ фæууæд… Базæронд дæн. Æрцудæй, æртхустæй мæбæл мæ афонæ, мæ хортæ.
Али æ сæр æ реубæл æруагъта. Еуцæйбæрцæдæр рæстæг нецибал исдзурдта. Æгуппæгæй бадтан мах дæр. Нæ алливарс дуйне еци æндзугæй хустæй мæйдари уазал гъæбеси. Æрбайгъусидæ еуæй-еу хатт думги зæрдихалæн неун æма фæззигон сифти сур-сур… Али нæмæ корæгау æрбакастæй æма нигъгъæрзтæй:
– Кæсайтæ мæнæ аци бор сифæмæ, – бæласи сифæ зæнхи уомæл реуæй исесгæй исдзурдта Али. – Е дæр рахаудтæй æ мади гъæбесæй. Мæнæ нæ къæхти бунмæ. Думгæ си гъазуй æхецæн, æ уæлнихти ‘й уæд еуæрдæмæ, уæд иннердæмæ рахæссуй, уæдта ин æ сугъд бауæр уаруни циргъ судзинттæй хуайуй… Æ уæзæги къæйæбæл байзадæй е дæр мæн хузæн – æвæгæсæг, æвæрæз.
Али сифæ цæхæрмæ багæлста, æма ибæл аллирдигæй зинг куд исервазтæй, уæд уой уингæй арф ниууолæфтæй…
– Уæддæр фæсмон нæ кæнун. Ци рацардтæн, уой рацардтæн, – æ медбилти фæлмæн бахудтæй зæронд лæг. – Ци рацардтæн, уой – хуарз.
Али æ дзубанди фæууорæдта æма бабæй сагъæстæбæл фæцæй… Ка ‘й зонуй, æма ма æ зæрдæбæл æрлæудтæй æндæр ести рагон хабар дæр, æма ин е æ уолæфæнтæ рахгæдта…
Уæдмæ нæ гъостæбæл рауадæй кедæр уæззау къахдзæфти гъæр æма пихсити къæр-къæр. Али æ хуæцæнгарзмæ фæллæбурдта æма фæггæпп кодта. Æ тингун цæститæ тогæй райдзаг æнцæ… Уæдмæ æхсæви тари æнай-æнойти райгъустæй топпи гæрах, æма дин мæнæ Али, æ еу къохæй æ реубæл фæххуæстæй, уотемæй, æ хæр-хæр иссудæй, сау зæнхæбæл уæлгоммæ рахаудтæй æма æ гæндзæхтæ телуй. Æ фæлорс билтæ ма зинна-нæзинна базир-зир кодтонцæ, фæсос гъæлæсæй ма исфæразта:
– Исæнхæст æй… Тог тогæй æхснадæуй…
Уоййадæбæл Али ма еу уолæфт искодта… æма рахецæн æй… Зæронд абæрегæн æ цæугæ-царди гъезæмæрттæ фæцæнцæ…
Мæйдар æхсæвæ ранихъуардта æнæгъæнæ дуйне. Ранихъуардта рагдзамантæ, нур æма исонибон… Еци тарæн нæдæр райдайæн адтæй, нæдæр – кæрон…Æ æрфитæмæ хаудтæнцæ цийнæ, гъигæ, зæрдæсаст æма нифс. Еци тар нур æ сау хæрвæй бамбарзта зæронд Алийи дæр, æма ин неке бон бал адтæй еци æнæхайири сæрисæфæнæй исесун…
ТАМЕРЛАН ÆМА АЙДÆНÆ
Ка нæ фегъуста, фæсномугæй Къулух ке худтонцæ, берæ паддзахæдтæ æма дзиллити ка басаста, еци номдзуд тугъдон разамонæг Тимури туххæй?!. Искæсæни алли рауæнти нур дæр ма фæккæнунцæ æ кой…
Аци хабар æрцудæй, Тимури тугъдон балцитæ сæ тæккæ тæмæни ку адтæнцæ, уæд. Зуст балхон бавналдта Уæрæсей зæнхитæмæ дæр. Итигъд будури æрæвардта æ сугъзæрийнæцъопгин цатæр æма бардзурд равардта, цæмæй имæ уордæмæ хæссонцæ еугур æфтуйæгтæ дæр… Тæлтæг бæхтæ, адæмæн æмбесонди рæсугъд силгоймæгтæ, хъазар хъумæцтæ, хæрдгæ ходтæ, сугъзæрийнæ мигæнæнтæ, тохæндзаумæуттæ, æзгъæрходтæ, уартитæ, згъæрхæдæнттæ, арцитæ, саздахътæ, церхъитæ – ка сæ фæууодзæнæй нимад ба? – къуæрттæй æма цæндтæй лæудтæнцæ æма лæги зæрдæ сайдтонцæ сæхемæ… Фал сæмæ номдзуд тугъдон кастæй кудфæндий цæстæй… Уæдта дин æнæнгъæлти ку фестъæлфидæ. Уомæн æма имæ уойбæрцæ дессæгти ‘хсæнæй ферттивтонцæ æхе æма æ тугъдон разамонгути ирд аууæнттæ… Тимур æваст фæззилдæй æма æвæстеуатæй æ цатæри исмедæг æй. Æхе стаййи царбæл æруагъта æма гъудити ранигъулдæй. Уæдта æ армитъæпæнтæ кæрæдзебæл æрцавта. Гъузгæ æнæ ‘стуфæй æрбахизтæй æ гъæуайгæнæг негр. Тимур ин бардзурд равардта, æфтуйæгти ‘хсæн тæмæнтæ ка калуй, алке æма алцæй сорæт дæр ка ‘вдесуй, уой мин ардæмæ æрбахæссæ, зæгъгæ.
Æрбахастонцæ ин æй, æ фарсмæ ин æй æрæвардтонцæ. Тимур исистадæй, бацудæй æма имæ дзæвгарæ фæккастæй… Фæууидта си, æ еу къах æ фæдбæл сифцæй ка ласуй, уæхæн ниллæг лæги, æ фий – тъæпæн, æ цæнгтæ – фудуиндæ даргъ, цæсгон – дзугъуртæ, хорсугъд æма думгæхуаст, æсхъæл сæрбæл – нарæг тæрних… Фæккæститæ кодта æхемæ Тимур, уæдта æнай-æнойти никкудтæй. Цæргæ-цæрæнбæнтти фиццаг хатт…
– О, Исфæлдесæг, – хæкъурццæй кæугæй ниббогъ-богъ кодта бæгъатæр тугъдон, – уотæ карз мæ цæмæн бафхуардтай? Дуйнетæ мин мæ къæхти буни ку æрæвардтай, уæд ма мин æндаг бакаст цæмæн бавгъау кодтай?.. Мæ тугъдонтæн сæ цауддæри хузæн уæддæр ку фæцайнæ!..
Тимур богъгæнгæ æхе хуссæнбæл багæлста… Уæдмæ æрбахизтæй æ уарзон унаффæгæнæг æма фурадæргæй тæккæ къæсæргæрон сагъдауæй райзадæй. Еу усми фæсте Тимурмæ бацудæй æма ‘й фæрсуй:
– Мæ паддзах, цæбæл кæуис?
Тимур рабадтæй:
– Куд нæ кæуон?!. Мæ цард-цæрæнбонти абони фиццаг хатт фæууидтон, ци хузæн дæн, уой, – æма айдæнæмæ райамудта. – Гæрр, гæлæхха, сорæттæ иуарæгмæ мæнæн амæй хуæздæр нæ разиндтæй?.. О, Исфæлдесæг!.. Исфæлдесæг… – нæуæгæй бабæй исхæкъурцц кодта номдзуд бæгъатæр æма æ цæсгон æ къохтæй рамбарзта… Уалинмæ дин кедæр кæун æ гъостæбæл ку рауайидæ. Æ къохтæ æруагъта, кæсуй, æма дин мæнæ æ унаффæгæнæг дæр гъæйттæй дзиназуй.
– Æдули, ду ба цæбæл кæуис?
Е кæугæ-кæун уотæ бакодта:
– О, мæ цитгин паддзах, ду дæ сорæт еунæг хатт фæууингæй дæхе кæунæй ку марис, уæд мæнæн ба куд гæнгæ ‘й, еци сорæтмæ нур дæс æма инсæй анзи ку кæсун, уæд?..
АБÆРЕГ ХÆМЗÆТИ ЗАР
Аци алæмæти рæсугъд зар раги фегъустон, мæ æригон бæнтти мæ карнæ Цæцæни хуæнхтæмæ ку бахаста, уæд. Зардта мин æй мæ цæцæйнаг æрдхуард Али. Хуæнхтæ, раст цума нæ алливарс сæ уорс уæлдзарæ ходти сахъ бæгъатæртæ асадæни рабадтæнцæ, уоййау сагъæсхузæй игъустонцæ æнæрцæф абæреги зармæ.
Кæсайтæ, уорс хъæрццигъа арви къурфи æ амæттаг райахæста æ болат дзæмбутæй, æваст æй æрцæфтæ кодта æ къæботтæй æма ‘й хуæруй.
Кæсайтæ, хъандзалуæраг гæрæм фæранк сæррæттитæгæнгæ фæссоруй сурх сирди, баййафта ‘й æма ‘й къабæзтæ кæнуй æ уæззау дзæмбутæй…
Нæ!.. Е нæдæр уорс хъæрццигъа æй, нæдæр гæрæм фæранк. Е æхсаргин бæхгин Хæмзæт æхе балæгæрдуй Терки уолæнтæбæл, æ сахъ æмгæртти хæццæ иннæ фарсмæ бахезуй æма хъæрццигъай хузæн рæуæгæй, фæранкау нифсхастæй ратундзуй Ногъайи итигъд будуртæмæ. Уоми хезунцæ уорс бæхæргъæуттæ. Цæрдæг Хæмзæт сæбæл тумугъау ниццæвуй æхе æма сæ раскъæруй Ногъайи итигъд будурти. Скъæруй сæ Терк æрдæмæ. Æрбахезуй аци фарсмæ. Сæударæй æрбахъæртуй.
Тæссаг балци… Æрфæлладæнцæ бæхгинтæ… Се ‘фтуйæг римахстонцæ гъæди æма уадзунцæ сæ фæллад. Хæмзæт исхизтæй бæрзонд обауи сæрмæ. Фæлгæсуй аллирдæмæ… Ескæцирдигæй знаг-зиннæг ес æви нæййес?.. Кæд нади сæрмæ ругæ ескæми исистадæй… Кæд æ фæдбæл уруси æфсæдти къуар бафтудæнцæ..
Кæсуй Хæмзæт æма уинуй: Теркбæл æрбахезæни рази бæрæг даруй сау æстъæлфæ, ирæзуй, урухæй-урухдæр кæнуй… Фæдесонæй æрбатундзуй… Уотæ тагъд ма арви будури мегътæ фæссоруй уадæ.
Хæмзæт æрхезуй къилдуни сæрæй æма бадзоруй е ‘мбæлттæмæ:
– Арвбæл уадæ е ‘скъоттæй мегътæ куд рахæссуй, уоййау æрбатундзунцæ махæрдæмæ не ‘знæгтæ. Ма фæттæрсетæ! Стонг фæранки хузæн сæбæл абони ниццæвæн нæхе.
Еуминкъий æнæдзоргæй ралæудтæй æма бабæй дзоруй:
– Равгæрдæн бæхтæ æма сæ нæ алливарс горенамад искæнæн. Айдагъдæр уотемæй бауодзæнæй нæ бон нæхе багъæуай кæнун.
Æма тогæвдулд горени аууон æрбадтæнцæ Хæмзæт æма е ‘мбæлттæ. Сæ еу цæнди сæрæй фæлгæсуй. Кæсуй æма уинуй: цуппарвадæй æрбаледзуй еу бæхгин. Базудта ‘й: æлдар Хъахæрман. Æрбахъæрттæй, фæрсуй:
– Æнсувæр, зæгъай мин æй, ка айтæ, ке цагъартæ айтæ?
Хæмзæт рахизтæй горени аууонæй:
– Ци дæ гъæуй махæй?
– Бафæрсун аййеп ма уæд, фал, зæгъун, ке цагъартæ айтæ?
– Неке, æма нæ зæрди дæр нæй, еске цагъартæ ан, е.
– Ду Хæмзæт нæ дæ? – бафарста Хъахæрман.
– Гъо, æз Хæмзæт дæн!…
– Мадта байгъосæ, Хæмзæт. Дзæгъæли æрцудтæ ардæмæ… Уомæн æма уæ уруси æфсад æрбаййафта, уæ алливарс æртухстæй… нæбал уин ес райервæзæн. Базуртæ уæбæл ку разайидæ, уæд ма, ка ‘й зонуй, ратæхиайтæ… Уруси æфсади хецау мæ сумахмæ рарвиста. Барст уин уодзæнæй, уæхе æнæхъиллист-æнæсумæй уацари ку радтайдæ, уæд.
Æ маст рафунхтæй Хæмзæтæн æма нигъгъæр кодта:
– Мæ фурмæгурæй не ‘рцудтæн ардæмæ, Хъахæрман-æлдар. Знаги хæццæ тохи мæ лæгау-лæгæй рамæлун фæндуй. Кадæ æма радæй!
Дæу ба уотæ фæндуй, цæмæй дæмæ уацари радтон мæхе, уæдта мæбæл адæм азуймаги зар искæнонцæ, фæндурæй мæбæл фæццæгъдонцæ! Нæ, мæ хори минкъий, дæ фун дæ фæссайдта. Хæмзæт фæстаг уолæфти уæнгæ тох кæндзæнæй цæф фæранкау. Фæллад æма стонг берæгъ гъæдæмæ куд фæббæлуй, тæлтæг уадсор æфсоргъ итигъд будурмæ куд ниййарцæ уй, уоййау ме ‘нæрцæф æмгæрттæ дæр сæ бицъинæг æскъунунцæ мæлæтдзаг тохмæ. Цæугæ нур, Хъахæрман, кæцæй рацудтæ, уордæмæ… Гъо, мах сугъзæрийнæ æма фонс агурдтан, фал нæ абони сугъзæрийнæй сау топпихуасæ хъæбæрдæр багъæудзæнæй. Дуйней хъазардæр – рæстдзæвийнæ хъиримаг.
Уоййадæбæл Хæмзæт цæхгæрмæ фæззилдæй æма æхеуæнттæмæ бацудæй. Раздахтæй Хъахæрман дæр.
Æнай-æнойти топпи гæрæхтæ райгъустæнцæ, æма арви къурфæ райдзаг æй топпихуаси хъуæцæй. Хæмзæт бадзоруй:
– Æлгъист фæууæд абони бон! Тæвдæй исуолæфæнтæ нæййес. Адзали рæстæг нин нæ кæрдти аууæнттæ уодзæнæнцæ нифси хуасæ!
Хæмзæт бадзоруй:
– Куд бæзгин æй хъуæцæ, куд унгæг æй сау бон. Айдагъдæр нин топпæхсти цæхæртæ баскъуæлхунцæ рохс тунæ.
Хæмзæт бадзоруй æ уарзон æнгæрттæмæ:
– Зæдæнгæс кизгуттæ дзенетæй ку кæсунцæ. Алкедæр æхецæн хуæздæр æмкъай æвзаруй. Мах туххæй, æнгæрттæ, – сæ буцæу, сæ хъаугъа…
Хæмзæти фæндадтæй е ‘рдхуæрдти зæрдæ фæффедар кæнун, фал æй æхе зæрдæ зонгæ кодта – адзалæн нæбал ес мадзал… Уæдмæ кæсуй, æма дин арви кæронæй æрбазиндтæй хърихъуппити бал. Сæ них исаразтонцæ Хæмзæти райгурæн коммæ. Æ къох сæмæ батилдта бæгъатæр тугъдон, дзоруй уæларвон бæлццæнттæмæ:
– Гъе, уалæ бæлццæнттæ, корун уи, мæ хортæ, нæ фæстаг уолæфт нин бахъæртун кæнетæ нæ дзиллæмæ. Фæстаг салам раттетæ нæ сауцæстæ рæсугъдтæн, нæ уорсхъур бæлæутæн. Зæгъетæ син нæ номæй, знаги нæмугæй царæфтуд ке фæцан. Зæгъетæ син никки ма: хъазауатон тохи сæ лæги сæр багъудæй. Зонæн æй: нæ цирттити уæлгъос нæ хуæртæ нæ кæндзæнæнцæ гъарæнгæ. Нæ хуæрти бæсти, зæгъæ, цъæх берæгъти неун игъусдзæнæй нæ сæрмæ, хеуонти бæсти ба – сау халæнтти сау марой. Гъе-мардзæ, боц мæргътæ, сумах нин гъæргæнæг фæууотæ нæ хуæртæ, нæ хеуонтæн кæсæги хонхбæл, зæгъæ, гиаурти къохæй сæ мæлæт иссирдтонцæ сæ тогæйхурст кæрдтæ, зæгъæ, сæ къохтæй не ‘суагътонцæ.
Гъе уæхæн дзубандитæ ес зуст цæцæйнаг адæми тохи зари. Игъосунцæ имæ нæуæг фæлтæр, игъосуй имæ, æма ‘й ка зонуй, ци маст, ци цийнæ райгуруй сæ æригон реути, циуавæр æскъуæлхтитæмæ фæббæлуй æнæрцæф игурд. Æной кæми ‘нцæ, адæми ка балæдæра, æ уæззау сагъæстæ, æ нæрæмон уоди фæндитæ, кæмæ багъардзæнæнцæ, еци лæгтæ?..