Æ БЕРÆ ФÆЛЛÆНТТÆЙ ИРИСТОНÆН АДТÆЙ ФАРНÆХÆССÆГ
Нæ газети абони номери мухур кæнæн æрмæгутæ, кæцитæ баст æнцæ Иристони советон доги размæ зингæ æхсæнадон æма паддзахадон архайæг, рохситауæг æма адæмон исфæлдистадæ æмбурдгæнæг БАЙТИ Василийи фурт Гаппой (Геуæргий) цардвæндаг æма исфæлдистадон архайди туххæй.
Уой æримисунæн равгитæ ’нцæ: еуемæй, æ райгурдбæл 5 сентябри ке исæнхæст æй финддæс æма авдинсæй анзи (1869-1939), иннемæй ба кæд æма бæрæг кæнæн Хетæгкати Къостай юбилей, уæд гъæуама нимади уа, Гаппой хæццæ æрдхуæрдтæ æма æмархайгутæ ке адтæнцæ, е дæр.
Раст зæгъгæй, советон доги Байти Гаппой кой ахиддæр кæниуонцæ айдагъдæр фауни хузи – Къостай исфæлдистадæ ’ртасгæй æма ин æй худтонцæ æ фуддæр знаг. Е нæ, фал ма ибæл исæвардтонцæ адæми уæйæгæнæг æма ибæл гадзирахаттæй рацæуæги ном дæр .
Уæхæн койтæ ба ибæл имистонцæ, советон хецаудзийнадæ æ зæрдæмæ нæ райсгæй, фæсарæнтæмæ ке рандæй, уомæ гæсгæ. Нур ба рабæрæг æй æцæгдзийнадæ. Нæ Фидибæсти нихмæ знаггадæдзийнадæй неци исаразта. Мадта Къостай знаг æма уомæн знаггадæгæнæг дæр æй бустæги дзæгъæли исхудтонцæ. Аци дууæ адæймаги, кæд се ’хсæн цидæр гъуддæгути фæдбæл буцæутæ æма карз дзубандитæ дæр рауайидæ, уæддæр фæццардæнцæ хæларæй æма уарзонæй.
Зундгонд куд æй, уотемæй Къостай «Ирон фæндур» фиццаг хатт мухури рауадзунбæл хъæбæр байархайдта Байти Гаппо. Фал Къостай æмдзæвгитæмæ еуæй-еу рауæнти редакцион æййивддзийнæдтæ ке бахаста, е хъæбæр гъулæг адтæй Къостайæн æма имæ ци финстæг рарвиста, уоми ин фæккодта хъæбæр карз уайдзæфтæ. Еци финстæг дæр абони мухур кæнæн 7-аг фарсбæл.Уотемæй ба еци æййивддзийнæдтæ агурдта уæди цензурæ æма сæ Гаппо ку нæ исæнхæст кодтайдæ, уæд, ка ’й зонуй, «Ирон фæндур» тагъд рохс нæма фæууидтайдæ. Фал уæддæр Гаппо хатир ракурдта Къостайæй æма бабæй дууæ æмбали бафедудтонцæ.
Байти Гаппо цæйбæрцæбæл агъазиау хъиамæттæ бакодта нæ национ культури, бæлвурдæй ба нæ литератури райрæзти сæрбæлтау, уомæн ци берæ æвдесæнтæ æрхæссæн ес, уонæй еу æй е дæр, æма уой фæрци 1900 анзи уагъд æрцудæй цалдæр иристойнаг финсæгей уадзимисти киунугæ, æ ном ба адтæй «Гæлæбо». Киунугæн æ «фæндарастгæнæг» дзубандий Гаппо уотæ фæрсуй: «Ка нин балæдæрун кæндзæнæй хуæздæр царди æгъдæуттæ? Нæ унгæг зæрдæ нин ка исрохс кæндзæнæй? Еуминкъий нин ка бахай кæндзæнæй дуйней зундæй? Нæ царди рохс ка уодзæнæй?..» Æма æ берæ фæрститæн æхуæдæг дæттуй цубур дзуапп: «Нæ ирон киунугæ…» Æма идарддæр: «Æгасцæуай, нæ хъазар æнгъæлмæкаст, нæ нæуæг царди уодæнцойнæ – нæ ирон киунугæ!..»
Аци киунуги кæрони мухургонд æрцудæй Гаппойæн æхе радзурд «Иуазæг» дæр, æма си е ирон киунугæ хонуй «царди федог», «сугъзæрийнæ гъæлæсæй фарнæхæссæг» ин æй: «Мæ сугъзæрийнæ гъæлæсæй, – зæгъуй ирон киунугæ – æз никкæндзæнæн нæ мæгур царди кæрæдзей уарзондзийнади зар!..»
Киунугæ «Гæлæбо»-й æдеугурæй ес цуппæрдæс уадзимиси: Къубалти Александри æмдзæвгитæ «Мадæ æма сувæллæнттæ», «Косер», «Цагъайраг», «Гъарæнгæ», Цæголти Геуæргий æмдзæвгæ «Мадæ ’ма лæхъуæн», Байти Гаппой æмдзæвгæ «Гæлæбо», æ радзурд «Иуазæг», æ тæлмацæй Крылови басня «Мулдзуг æма цъирцъирагæ», Хъайтмæзти Аслæмурзай тæлмацæй уруссаг поэт А. Пореций æмдзæвгæ «Биццеутæ æма дзубулдар», Тлаттати Хадзимæти æмдзæвгæ «Сувæллон», адæмон исфæлдистадæй – «Дзæбодур æма саг».
Къостай зæрдæмæ уоййасæбæл хъæбæр нæ бацудæнцæ киунуги мухургонд уадзимистæ, исхудта сæ «детский лепет», «галиматья», «дребедень», «чепуха ужаснейшая».
Къоста æма Гаппой ’хсæн рахастдзийнæдтæбæл дзоргæй, уой зæгъун гъæуй, æма ’й Къоста кæд еуæй-еу хатт дзæгъæли бафхуæридæ, уæддæр ибæл Гаппо æ зæрдæ некæд исæййивта, æ рамæлæти бони уæнгæ дæр æй уарзта, æ искурдиадæн ин устур аргъ кодта. Къостайæй дæр æ маст феронх уидæ æма бабæй, куд раздæр, уотæ лимæнæй цардæнцæ. Уомæн тæккæ хуæздæр æвдесæн æй е дæр, æма Къоста æ уаци «Избави бог и нас от этаких судей» (газет «Казбек») куд федарæй рахуæстæй Гаппой фарс, исдзурдта æ сæрбæл, е ’хсæнадон архайд ин исхудта «бескорыстная, неустанная и благотворная деятельность».
Æма, мадта, циуавæр адæймаг адтæй, алкæд домагæ Къоста уотæ ке растудта, е ’хсæнадон-культурон архайдæн уæхæн бæрзонд аргъ кæмæн искодта, еци Гаппо, ци ин зонæн æ цард æма æ архайди туххæй?..
Аци фарстатæн, зæгъун æнгъезуй, аккаг æма лæмбунæг дзуапп фиццагидæр равардта Джусойти Нафи æ киунугæ «История осетинской литературы»-йи (1980). Гаппой культурон архайдæн рæстмæ аргъ искодта Джиккайти Шамил дæр æ киунуги «Осетинская литература». Краткий очерк»-и (1980).
Байти Уасили фурт Гаппо (Геуæрги) райгурдæй 1869 анзи (Редакцийæй: раст зæгъгæй, Калоти Геуæрги æ уаци уотæ финсуй, гъома, Гаппо райгурдæй 1870 анзи, аци анз æ райгурди анзбæл нимад ма цæуй кæцидæр æрмæгути дæр. Фал растдæр ба ’й 1869 анз, уотæ финст æй æ циртдзæвæнбæл дæр Ирон аргъауæни тургъи). Райгурдæй Иристони Ольгинскийи гъæуи зæнхкосæги хæдзари. 1894 анзи 24-анздзудæй каст фæцæй Новороссийски университети юридикон факультет. Уæдæй фæстæмæ куста Дзæуæгигъæуи. 1905 анзи æй равзурстонцæ Владикавкази сахайраг думи иуонгæй, 1911 анзæй 1917 анзи уæнгæ ба адтæй Владикавкази хецау.
Паддзах 1917 анзи Уæрæсей паддзах Николай II 1917 анзи Феврали революций рæстæги æ бунатæй гæлст ке ’рцудæй, е бæргæ хъæбæр æхцæуæн адтæй Гаппойæн. Фал революци идарддæр социализм аразуни надмæ ке раздахтæй, уомæй ба æгириддæр арази нæ адтæй. Уой туххæй 1920 анзи 12 сентябри газет «Нæуæг цард»-и уотæ финста: «Нæ революци раст надбæл нæ рацудæй. Æ мард фесæфа – æгæр æррæуигъта…» Æ зæрдæмæ нæ фæццудæнцæ зæронд цард фехалуни зæрдтæй революций æгæр «рарæуигъдтитæ».
Еци рæстæги хабæрттæ æма цаути фæдбæл газетти мухур кодта аллихузон уацтæ, фал си Советон хецауадæй лæгъузæй некæд неци загъта. Е нæ, фал ма æргомæй дзурдта Деникини уорсгвардион æфсади фудракæндтити нихмæ.
Фал паддзахи хецауади бæрнон бунæтти ке фæккуста, уой туххæй мæн дæр æвудæй ку бафхуæронцæ, зæгъгæ, æхецæн тарстæй, æма 1921 анзи феврали эмигранти хузи рандæй Германимæ. Куста Берлини университети доцентæй. Уоми фæццардæй æ рамæлæти бони уæнгæ.
Байти Гаппо ма цалинмæ Иристони цардæй, уæдмæ æ культурон-рохсадон архайд адтæй æ адæми пайдайæн. Хуæнхаг царди уавæр фæххуæздæр кæнуни сæйрагдæр мадзæлттæбæл нимадта уоми цæрæг дзиллæн се ’хсæн ахурдзийнадæ æма уодварнон культурæ парахат кæнун æма æвæллайгæй дзоргæ дæр æма архайгæ дæр кодта еци куст ахедгæдæр кæнунбæл. Архайдта Иристони скъолати бæрцæ фулдæр кæнунбæл, сæ куст син гъæугæ хузи исæвæрунбæл: скъоладзаути гъæуама ахур кæнонцæ кустуарзон унбæл, æхцул сæ кæнонцæ фæллойнадон арæхстдзийнæдтæбæл, гъæуама си хуарз æвæрд уа маддæлон æвзаг ахур кæнуни гъуддаг, скъоладзаутæн фагæ уа хуарз ахургæнæн киунугутæ, ахур дæр сæ гъæуама кæнонцæ, еци куст ка уарзуй æма имæ хуарз ка арæхсуй, айдагъдæр уæхæн ахургæнгутæ. Еци домæнтæ хъæбæр ахсгиагæй гъæунцæ æма æгæрдæр ма исфедауиуонцæ нуриккон скъолати дæр.
Байти Гаппо гъуддагæй агъаз кодта ирон киунугæуадзæн «Ир»-и кустæн. Æма уой фæрци фæххуæздæр æй нæ маддæлон æвзагбæл киунугутæ уадзуни гъуддаг. Гаппой зæрдиаг архайди фæрци 1897 анзи фиццаг хатт мухури рацудæй Къубалти Александри поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ». 1899 анзи ба – Къостай ардхуæрæни киунугæ «Ирон фæндур». Аци киунугутæ ’нцæ сæрæвæрæн нæ ирон киунуги гъуддаги», – устур бозæй финста Гаппо.
Ирон æвзагбæл киунугутæ мухур кæнуни куст Гаппо зæрдиагæй идарддæр кодта. Æма ин минкъий нæ бантæстæй. Зæгъæн, 1900 анзи рауагъта нæ уæдиккон поэттæй цалдæрей уадзимисти æмбурдгонд «Гæлæбо», уæдта æмбурдгæндтæ «Ирон аргъæуттæ», «Ирон æмбесæндтæ» æма «Бацеу-бацеутæ», 1901 анзи – киунугæ «Фарн», раздзурд дæр ин æхуæдæг ниффинста, уотемæй.
Гаппой культурон-рохсадон архайди ахсгиаг хайбæл нимайуйнаг е æй, æма æхуæдæг ке æмбурд кодта нæ адæмон исфæлдистадæ. Æхуæдæг сæ ратæлмац кодта уруссаг æвзагмæ æма сæ мухури рауагъта. Зæгъæн, сауæнгæ 1895 анзи газет «Северный Кавказ»– и æхе финст æма тæлмацгондæй ниммухур кодта адæмон уадзимис «Еунæги кадæнгæ», газет «Терские ведомости»-й ба «Æфхæрдты Хæсанæ», уой дæр æхуæдæг ратæлмац кодта, уотемæй. Нæ адæмон исфæлдистадæ Гаппо нимадта нæ национ аййев литератури ратæдзæн сауæдонæ æма æ ирæзти æведуйгæ къæбецбæл.
Байти Гаппо арæхстгинæй финста уацтæ ирон литератури фарстатæбæл. Сæрмагонд уацтæ ниффинста Хетæгкати Къостай, Къубалти Александри, Цæголти Геуæргий, Æмбалти Цоцкой туххæй.
Нæ республики сувæллæнтти киунугæдони директор Цомайти Тамарæ 1989 анзи Берлинæй æрбаласта Байти Гаппой уац «Хетæгкати Къоста. Æ цард æма æ гъуддæгутæ». Æрмæг мухури рацудæй газет «Рæстдзинад»-и 3 октябри æма журнал «Мах дуг»-и. Уац финст æрцудæй 1922 анзи Берлини. Автор си Къостай туххæй ракодта берæ цæмæдесаг хабæрттæ.
Къостай «Ирон фæндур»-æн фиццагидæр устур аргъ ка искодта, уонæй еу адтæй Гаппо. Худта ’й Къостай агъазиаудæр фæллойнæ, æ уоди кусти æнæмæлгæ имисуйнаг ирон ковæндонæ. Берæ байархайдта æ ниммухур кæнунбæл. Мæнæ уæлдæр ке кой искодтан, æ еци уаци Гаппо финста: «Туххæй бафтудæй 1897-1898 æнзти цензури комитетæй аразий дзурд райсун, тухамæлттæй æй ниммухур кодтан…» Фал цæттæ киунугæ хецауадæ уайтæккæ æрахæста, æма цæмæй рохс фæууина, уой туххæй ба Гаппой нæуæгæй багъудæй «устур тохи бацæун».
«Ирон фæндур» дуккаг хатт дæр мухури рауагъта Гаппо – Берлини 1922 анзи Гутнати Елбиздихъой типографий, раздзубанди дæр ин ниффинста æхуæдæг, Елбиздихъо ба ин загъта, «Фæндараст нæ райгурæн Иристонмæ!..»
Гаппо, æвæдзи, æхуæдæг дæр адтæй, 1889 анзи 16 августи, Пятигорски Лермонтовæн циртдзæвæн ку игон кодтонцæ, уæд уой фæдбæл арæзт цитгин мадзали дæр. Уотæ ку адтайдæ, уæд, Къостайæн уоми цæйбæрцæбæл кадæ кодтонцæ, уой туххæй кутемæй гъæуама ниффинстайдæ: «Рæбунæй бадæг æй искодтонцæ, æнæгъæнæ Уæрæсейæй ка ’рцудæй, еци финсæг адæм, зонунади дæснитæ æма хецæуттæ. Циртдзæвæни рази бакастæй рæсугъд кадæнгæ «Лермонтови циртдзæвæни рази». «Ирон цъæх цохъатæ нæ рамулдта!» – дзурдтонцæ урус. Уотæ дæр ма финста Гаппо æ уаци.
Байти Гаппо устур аргъ кодта уруссаг литератури классиктæн, уомæн хуарз æвдесæн æй, Александр Пушкини райгурди сæдæ анзей бонмæ ци устур уац «Пушкин в жизни горцев» ниффинста, е дæр. Еци рæстæги Къоста адтæй Херсонмæ æрвист, æма кадæгæнæг дзурди барæ æхемæ райста Байи-фурт, ниффинста сæрмагонд уац, ниммухур æй кодта юбилейи бони (1899 анзи 26 майи) газет «Казбек»-и.
Гаппо æ уаци лæмбунæг рартаста номдзуд поэти исфæлдистадæ æма ин искодта бæрзонд аргъ. Лæмбунæг ба раргом кодта, поэт æ дессаги уадзимисти раст ке исфæлгонц кодта хуæнхаг адæмти цард, се ’гъдæуттæ, сæ хуарз менеугутæ, сæ устур сæребарæуарзондзийнадæ, сæ дессаги æрдзæ. Пушкини уадзимистæ, хатдзæг кæнуй Гаппо, устур агъаз бакодтонцæ хуæнхаг адæмти интеллигенцийæн уруссаг адæми культурæ фулдæр базонуни æма бауарзуни, адæмти кæрæдземæ бахæстæгдæр кæнуни устур гъуддаги.
Байи-фурт æ уаци зæрдибунæй дзурдтæ загъта, Къоста «предвестник желанной свободы» ке исхудта Кавкази адæмти цард аййев литератури равдесуни гъуддаги Пушкини традицитæ идарддæр ка æнхæст кодта æма хуæнхаг адæмтæ сæрустурæй «наш народный поэт» ке исхудтонцæ, еци номдзуд Лермонтови туххæй дæр.
Еумæ райсгæй уац «Пушкин в жизни горцев»-и бæрæг даруй, финст ке æй фæлтæрдгун профессионалон литературон къохæй, е. Байти Гаппо хуарз зудта хуæнхаг адæмти цард æма ’й е ’цæг хузи æвдиста æ публицистикон уацти.
Байти Гаппо æцæгæлон бæсти цæргæй дæр нæ иронх кодта нæ адæми культурæ, финста уацтæ нæ национ финсгути цард æма исфæлдистади туххæй. Зæгъæн, немуцаг ахургæндтæй еуей хæццæ еумæ ниффинстонцæ уадзимис «Ирон финсæг Къубалти Александри героикон эпос» æма ’й 1934 анзи немуцаг æвзагбæл ниммухур кодтонцæ Берлини университети наукон æмбурдгæндти 37-аг рауагъди. Къостай туххæй ци уаци кой искодтан, уой дæр Гаппо ниффинста фæсарæнти уогæй. Секкаг нæй, æ архиви ма никкидæр ке разиндзæнæй æрмæг нæ национ культури туххæй, е.
Байти Гаппой культурон-рохсадон архайдæй, нæ адæми цардиуагæбæл æ аллихузон публицистикон уадзимистæй, нæ финсгути туххæй ке ниффинста, еци уацтæй куд зиннуй, уотемæй Байти Гаппо адтæй æ дзамани устур ахургонд, публицист, экономист, нæ адæми культури зингæ архайæг.
КАЛОТИ Геуæрги, доцент, филологон наукити кандидат.
(газет «Рæстдзинад», 1990 анзи 5 июли).