12 декабря 2024

Æ ЦÆВÆГ ГЪÆСТÆЙ КА ДАРУЙ, УЕС ХÆССУН ДÆР Е ФÆРАЗУЙ!..

14.04.2023 | 16:15

Абрил АБДУЛЛАЕВ

Паддзахадон Думæ æркæсуйнаг æй, Уæрæсей æфсæддон службæмæ агурд ка цæудзæнæй, уони карæ къæпхæнгай фæффулдæр кæнуни туххæй закъони проект.

Уоми куд амунд цæуй, уотемæй иннæ анз фæдздзурди исуйнаг æфсæддонти карæ уодзæнæй 19 анземæй 30 анзей уæнгæ, 2025 анзи – 20 анземæй 30 анзей уæнгæ, 2026 анзи 1 январæй фæстæмæ ба – 21 анземæй 30 анзей уæнгæ.

Фæдздзурди карæ 21 анземæй æма уомæй фулдæрей уæнгæ ке фæббæрзонддæр кæндзæнæнцæ, уой нæ нимайгæй, ке бафæндæуа, еци лæхъуæнтæн сæ бон уодзæнæй фæдздзурдмæ гæсгæ æфсæддон службæ æнхæст кæнунмæ æстдæсанздзудæй цæун.

Аци æма æфсæддон æндæр гъуддæгути хæццæ баст фарстати фæдбæл цудæй дзубанди, нæ республики æфсæддон комиссари ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Абрил Абдуллаевæн æрæги журналистти хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми. Фиццагидæр лæмбунæгæй радзурдта нури, 2023 анзи æфсадмæ фæдздзурд куд цæуй, уой фæдбæл. Куд загъта, уотемæй уалдзигон фæдздзурд алли анз дæр райдайуй 1 апърели æма фæццæуй 15 июльмæ. Идард Цæгати цæргутæ æма ахургæнгутæн еци фæдздзурди æмгъуд райдайуй еу мæйæ фæстæдæр – 1 майи.

Уæрæсей Федераций Президенти Указмæ гæсгæ аци анз æфсади службæ кæнунмæ гъæуама агурд æрцæуонцæ 147 мин адæймаги, фарæ уалдзигон фæдздзурди сæ бæрцæ адтæй 133,5 мин адæймаги, фæззæги ба айдагъдæр 120 мин адæймаги. Хонсайраг æфсæддон зилди хецауади амунддзийнадæмæ гæсгæ нæ республикæн уалдзигон фæдздзурди рæстæг нисангонд æрцудæй 900 адæймагемæ фæдздзорун. Уонæй 130 ахур фæцæнцæ ДОСААФ-и техникон шофери дæсниадæ. Е нуртæккæ æй ахсгиаг æфсæддон дæсниадæ, æма æрвист æрцæудзæнæнцæ Хонсайраг æфсæддон зилди хайæдтæмæ. Фæдздзурди гъуддæгутæ æнхæстгæнæг къамистæ косун райдæдтонцæ 3 апърели æма косдзæнæнцæ къуæре фондз бони, æдеугурæй фæдздзордзæнæнцæ 7204 адæймагемæ.

– Нури уалдзигон фæдздзурдмæ ка хауй, уонæн сæ карæ фулдæргонд æрцæудзæнæй?

– Аци анзи уалдзигон фæдздзурди фæсевæди карæ фулдæргонд не ’рцæудзæнæй, нисангонд куд æй, уотемæй æфсадмæ агурд цæудзæнæнцæ 18-27 анзей кари фæсевæд. Етæ еугурæйдæр, æнæмæнгæ, рацæудзæнæнцæ медицинон къамис. Фæсевæди карæ 21-30 анзей уæнгæ фулдæргонд фæззæгæй раздæр не ’рцæудзæнæй. Никки ма гъæуайкæнуйнади Министрадæ нисан кæнуй Гæрзефтонг тухти нимæдзæ 1 миллионæй 1,5 миллионей уæнгæ фæффулдæр кæнун. Уонæй се ’мбеси бæрцæ, 695 мин адæймаги гъæуама уонцæ контрактниктæ.

– Аци анзи уалдзигон фæдздзурдмæ гæсгæ æфсадмæ æрвист ка ’рцæудзæнæй, етæ си цæйбæрцæ фæууодзæнæнцæ, сæ служби бæрцæ дууæ анзей уæнгæ нæ фæффулдæр уодзæнæй?

– Æмгъудмæ службæ рахæсдзæнæй 12 мæйи, 2023 анзи уалдзæг æма сæрди седтонтæ сæхемæ æрæздæхдзæнæнцæ 2024 анзи уалдзæг æма сæрди æфсадмæ кæмæ фæдздзурдтонцæ, етæ. Паддзахадон Думи депутаттæ ноябри мæйи иситинг кодтонцæ служби æмгъуд дууæ анзей уæнгæ фæффулдæр кæнуни фарста, фал гъæуайкæнуйнади Министрадæй уой туххæй нерæнгæ нециуавæр унаффитæ ’рбацудæй.

– Æмгъуд æргъæвд æма æфсадæй исуæгъдæ кæнуни барæ 2023 анзи уалдзигон фæдздзурди рæстæг лæвæрд кæмæн уодзæнæй?

– Æфсади рæнгъити службæмæ æригон адæмæй бæзгæбæл нимад нæ цæудзæнæнцæ  незгун ка уа æма се ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ си уæхæн равгæ кæмæн нæ уа, етæ, уæдта бийнонтæгин уогæй си дууæ æма фулдæр æнагъон сувæллони кæмæн уа, етæ, æртæ анзей уæнгæ инвалид сувæллон гъомбæлгæнæг; еунæг фидæ кæмæн уа; 26 къуæрей уæнгæ æнгъæлдзау силгоймаги хæццæ къайадæ кæмæн ес, уæхæн нæлгоймаг, фæккæсуйнаг хæстæгутæмæ кæсгутæ; зæронд ниййергутæбæл ауодгутæ.

– Кæми службæ кæндзæнæй аци анзи æвзонг æфсæддон?

– Фари фæззигон фæдздзурди рæстæг командæгæнгутæ фегъосун кодтонцæ, æвзонг æфсæддонтæ ке нæ архайдзæнæнцæ сæрмагонд æфсæддон операций, уой. Нур дæр етæ æрвист æрцæудзæнæнцæ бæсти æндæр регионти æфсæддон хæйттæмæ – нæуæг регионтæй фæстæмæ.

Гъæуайкæнуйнади Министради амонунцæ, зæгъгæ, æригон æфсæддонти цæттæ кæнуни мадзæлттæ хуæздæрæй-хуæздæр æма ахедгæдæр кæнунцæ, сæрмагонд æфсæддон операций фæлтæрддзийнадæ æма нæуæг техникæ, уæдта нæуæг тохæндзаумауи фæззинд равгитæй парахаттæй пайдагонд  ке цæуй, уомæ гæсгæ.

Медицинон къамиси фæсте æригон æфсæддонти рарветдзæнæнцæ фестæг æфсад, уæлдæфон-космосон тухтæ, æфсæддон-денгизон флот, стратегион нисанеуæги ракетон æфсæдтæ, уæлдæфон-десантон æфсæдтæмæ. Скъолай ахургæнгæй, ДОСААФ-и профессионалон дæсниадæ ка райста, кенæ шофери бартæ кæмæ ес, уонæн иннетæй фулдæр фадуат уодзæнæй æфсæддон хаййи хузæ æвзарунæн.

Уомæй уæлдай, æригон æфсæддонтæн сæ бон æй альтернативон службæ кæнун, уордæмæ бахаун сæ бон æй уæрæсейæгтæй  сæ дини æма этикон зундирахастмæ гæсгæ Гæрзефтонг тухти рæнгъити службæгæнæн кæмæн нæййес, уонæн сæ еугуремæн дæр.

– Куд бахауæн ес контрактон службæ кæнунмæ?

– Нисангонд куд цæуй, уотемæй контрактон службæмæ бацæуни равгæ ес, æфсадмæ фæдздзоруйнаг кæмæ ’нцæ, уонæн фæдздзурди фиццаг бонæй фæстæмæ. Етæ фиццаг цуппар мæйи ахур кæндзæнæнцæ се ’фсæддон дæсниадæбæл, айдагъдæр уой фæсте æрвист æрцæудзæнæнцæ æфсæддон служби бунатмæ. Нæуæг уагæвæрдти федаргонд нæма æрцудæнцæ, фал Паддзахадон Думи куд нимайунцæ, уотемæй сæ исфедар кæндзæнæнцæ аци анз.

– Ци æма куд кæнгæ ’й фæдздзурди гæгъæди дæмæ ку ’рбацæуа, уæд?

– «Æфсæддон ихæс æма æфсæддон служби туххæй» №53-аг закъонмæ гæсгæ фæдздзурди гæгъæди, æнæмæнгæ, раттун гъæуй ке номбæл æй, уой къохмæ æма е æ райсуни туххæй гъæуама æ къох ниввæра. Уоми амунд цæуй, е кæд æма кумæ гъæуама æрбацæуа, еци адрес. Фæдздзурди гæгъæди дæттуй кенæ æфсæддон комиссаради косæг, ахури кенæ кусти организаций æнхæстбаргин минæвар. Фæдздзурди гæгъæдий райсти туххæй æ къох ку æрфинса, кæмæ æрвист адтæй уой хеуон, синхаг кенæ æндæр æцæгæлон адæймаг, уæд гæгъæдийæн исæфуй æ юридикон тухæ.

– Æфсæддон службæй æхе еуварс ласунвæндæ ка искæна, етæ куд æфхуæрд цæудзæнæнцæ?

– Фæдздзурди гæгъæди райсгæй, æнæрайсуни рæуонæй гражданин æфсæддон комиссарадæмæ ку нæ фæззинна, уæд нимад цæуй æхе æфсæддон службæй еуварсгæнæгбæл æма ин закъонмæ гæсгæ лæвæрд цæуй рагфæдзæхст кенæ административон ивар 500 сомемæй 3000 уæнгæ. Зæгъæн,  Алагири райони фæдздзурди уагæвæрдмæ гæсгæ 50 адæймагей байагурдтонцæ, уонæй цуппар нæ фæззиндтæнцæ, гæгъæди нæмæ нæ равардтонцæ, зæгъгæ, рæуонæй. Нуртæккæ æфсæддон комиссарадæ æмбурд кæнуй гæгъæдитæ еци цауи фæдбæл æма лæвæрд æрцæудзæнæнцæ Алагири слестгæнæг комитетмæ.

– Æфсадмæ цæуйнаг ка ’й, уонæн сæ хæццæ ци ес райсæн æмбурдгæнæн пунктмæ?

– Æмбурдгæнæн пункти седтонæн лæвæрд цæуй сезонмæ гæсгæ зуймон, сæрдигон уæледарæс æма къахидарæс, уæдта медæггæгтæ. Еугур еци дзаумæуттæ æнæмæнгæ гъæуама уонцæ æхе аккаг. Гæнæн ес, кънопкæгин дзиппидаргæ телефон æнæ видеокамерæй æма симкартитæ рахæссæн. Еугур иннæ гъуддæгутæ, уони хæццæ хуæруйнаг дæр, фиццаг бонæй фæстæмæ лæвæрд цæудзæнæнцæ бунати.

* * *

Нæ рагфидтæлтæ уотæ дзориуонцæ: «Æ цæвæг гъæстæй ка даруй, уес хæссун дæр е фæразуй!..» Махмæ гæсгæ, аци загъд фæдзæхсти хузи нин нури рæстæгути дæр бабæззидæ берæ рауæнти, уой хæццæ ба нæ паддзахади æдасдзийнади хæццæ баст фарстатæ аразгæй. Еци фарстати сæйрагдæртæй ба еу æй нæ Гæрзефтонг тухти гъомусадæ тухгинæй-тухгиндæр кæнун. Æма е аразгæ ба й адæмæн сæхецæй, уой рæнгъитæмæ нифсхастæй æрлæуунмæ нæ фæсевæди разæнгард кæнгæй.


НОМДЗУД ÆФСÆДДОН АРХАЙÆГИ ФÆДЗÆХСТ

ХЕТÆГКАТИ Геуæрги (1903-1975), æфсади инæлар, Советон Цæдеси Бæгъатæр:

– Æфсад, уой æгъдæуттæ æма фæткитæ рæстуодæй уарзунбæл æригæнтти æхцул кæнун æй алли хецауи табуйаг ихæс. Адæймаги тугъдонæй исгъомбæлгæнæн нæййес, нæ Гæрзефтонг Тухти намусгин евгъуди хабæрттæмæ æргом не ’здахгæй. Æригон æфсæддон æ уоди æма бауæри хъауритæ æнæгъæнæйдæр харз кæнгæй, æ зин æфсæддон гъуддаг уарзгæй æма сæрустурæй араздзæнæй, хестæр фæлтæрти намуси эстафетæ ке райста æма ’й ке хæссуй, уой æнхæстæй ку балæдæра, айдйгъдæр уæд…