Æ ЦАРД ÆНÆГЪÆНÆЙ ДÆР РАВАРДТА Æ АДÆМИ СÆРБÆЛТАУ
ГУРДЖИБЕТИ БЛАШКАЙ ТУХХÆЙ Е ’МДОГОНТИ ИМИСУЙНÆГТÆ
СОСИТИ Геуæрги: «ÆГЪДАУ ИРОНХ КÆНУН НÆ ГЪÆУЙ!..»
Черноярски станицæй Ерастимæ скъоламæ цæугæй æз ахид фæууининæ цъæх цохъати бæрзондгомау хуæрзконд афицери. Ка адтæй, уой раздæр нæ зудтон, фал мин еу хатт æмбæлттæй кадæр аййевæй балæдæрун кота: «Гурджибети Блашка æй е. Хъæбæр агъаз кæнуй ахургæнуйнæгтæн æма скъолайæн. Фал æгъдаубæлхуæст æй æма ’й ка ихалуй, уонæн нæ бухсуй».
Æ еци хуарз менеугутæ ин æз уой фæсте хуæздæр базудтон. Ку рагъомбæл дæн æма мæмæ æфсадмæ ку фæдздзурдтонцæ, уæд бахаудтæн Сунжæ-Дзæуæгигъæуи полкмæ. Еци полк адтæй Ханкенди (нури Степанакерт). Еци полкки ахурадон команди начальник адтæй Гурджибети Блашка. Мæ фиццаг бацудæй фæстæмæ æз ахид цудтæн Блашкатæмæ (е æ бийнонти хæццæ кæми цардæй, еци хæдзарæмæ) иуазæгуати. Æз адтæн уæд хумæтæг хъазахъаг. Неци цин мæмæ адтæй, Блашка ба адтæй сотник. Фал еци хецæндзийнадæ æгириддæр неци гъигæдардта нæ хуарз лимæндзийнадæ. Еу хатт мин Блашка балæвар кодта е ’мдзæвгити æртæ минкъий киунуги. Æз мæ фурцийнæй мæхе дæр хуарз нæбал лæдæрдтæн. Мæ хестæр, мæ гъæуккаг Блашка поэт ке адтæй, е мæмæ устур гъуддаг кастæй, сæрбæрзонд си адтæн.
Блашкайæн æ дæлбарæ ка адтæй, еци тугъдон æмбæлттæмæ уарзон æма хумæтæг цæстингас дардта, фал си уæддæр æгъдау некæд иронх кодта. Еу хатт, гъуддаги уогæй, æз феронх кодтон уомæн æфсæддон салам раттун, уой фæсте имæ мæ къох бадаргъ кодтон. Мæ къох мин ралхъивта, фал мин уæддæр уой фæсте аййевæй загъта:
– Къазармæ ирон иуазæгуарзагæ хæдзарæ нæй, тугъдони æгъдау иронх кæнун нæ гъæуй, æндæр еске дæ мæ бунати бафхуардтайдæ.
Еци дзурдти фæсте Блашка æ курæти дзиппæй исиста бонуги киунугæ, гæгъæдий гæбазæбæл цидæр рафинста, батухта ’й æма ’й мæнмæ равардта:
– Гъа æма ’й къазарми хъалагъурмæ радтæ, зæгъгæ, мин æ къохæй райамудта.
Æз финстæгмæ не ’ркастæн, уотемæй æй исæмбæлун кодтон, кæмæ мин загъта, уобæл.
Е мæ еуцалдæр бони карцери бакодта. Уордигæй ку рацудтæн, уæд мæ Блашка сæхемæ байагурдта. Е адтæй хъæбæр игъæлдзæг, фæндæ ’й адтæй, æвæдзи, мæнбæл раходун. Нур ди, æнæмæнгæ, некæдбал феронх уодзæнæй, æфсæддон салам раттун дæ кæми гъæуа, е.
Блашка хъæбæр дæсни цагъта. Хъæбæр лимæнæй цардæй афицер Федотови хæццæ. Етæ изæригон ахид сæ фæллад уагътонцæ еумæ æма уæд кенæ гитарæй цагътонцæ, кенæ ба зардтонцæ рагон уруссаг зартæ æма романстæ. Еу мæйрохс æхсæви штабмæ хæстæг Блашка æма Федотов цагътонцæ æма зардтонцæ, еци рæстæг афицерти æхсæн зундгонддæр æма рæсугъддæр зар ке худтонцæ, уой «Маньчжурий туппуртæбæл» («На сопках Маньчжурии»). Æз еци сахат хъалагъурæй лæудтæн. Игъустон æмбесонди зари зæрдихалæн мотивтæмæ æма мæ цæститæ дони зилдæнцæ. Уой фæсте мин ме ’мбæлттæй дæр беретæ дзурдтонцæ, еци зар син сæ зæрдитæмæ куд хъæбæр багъардта, уой туххæй. Дзурдтонцæ уотæ, зæгъгæ, дан, ма сауæнгæ полкки командир болкъон Баратов æхуæдæг дæр нæ уорæдта æ цæстисугтæ, еци зармæ мæтъæлæй игъосгæй.
Япони æма Уæрæсей тугъд æ тæккæ карзи ку адтæй, уæд Гурджибети Блашкай иснисан кодтонцæ полкки казначейæй – куд тæккæ растдæр косæг, æууæнки аккаг афицер. Фал Блашка æнцад бадун æ сæрмæ не ’рхаста. Уайтæккæ æхцати кирæ ниууагъта полкки командир Баратови фатери æма рандæй тугъдæн æ тæккæ цæхæрмæ.
Уоми бæгъатæрæй фæммард æй не ’мбæстаг тугъдон, искурдиадæгин поэт æма дессаги хуарз æмбал.
СÆГУТОНТИ Мирон: «КАДИ ХÆЦЦÆ ’Й ГЪÆУАМА ИМИСÆН…»
Æз Блашкайæй кæстæр адтæн еу-цуппæрдæс анзей бæрцæ. Фал нин е неци гъигæдардта нæ лимæндзийнадæн. Æ кæстæрти, уæлдайдæр ба сувæллæнтти берæ уарзта, ахид сæ рæвдудта æ фæлмæн дзурдæй. Æз хуарз бафеппайдтон Блашкай еци менеуæг, мæ зæрдæмæ хъæбæр хæстæг адтæй æма ибæл æхцулæй-æхцулдæр кодтон. Блашкайæн афицери ном ку равардтонцæ, уæддæр æхе уæлдай нецихузи равдиста, куд раздæр, уотæ адтæй хумæтæг, нæ имæ адтæй æнæнвæрсон миутæ. Хъæбæр ахид цудæй не скъоламæ. Уоми иуазæги хузæн æхе нæ дардта, фал скъолай гъуддагмæ æ гъос дардта æма ин агъаз кодта алли æгъдауæй дæр.
Ерастий скъола каст ка фæууидæ, уонæн æ дæлвæзи игуæрдæни бæрæгбони хузæн гъазтизæр исаразидæ.
Уæлдай хъæбæрдæр ма мæ зæрдæбæл лæууй 1894 анзи майи мæйæ. Æз дæр уæд адтæн, скъола каст ка фæцæй, уони хæццæ. Еци хатт дæр бабæй, станицæмæ хæстæг рауæн игуæрдæни Блашка исаразта æцæг бæрæгбон, уоми фæсевæд игъæлдзæгæй кафтонцæ, зардтонцæ, кастæнцæ æмдзæвгитæ. Мæнæн Блашка байхæс кодта, цæмæй исахур кодтайнæ æмдзæвгæ «Æгас нæмæ цо æмдзиуаргин, Фадей».
1899 анзи сæрди каст фæдтæн гъæдæзонунади училище, куддæр игъæлдзæгхузæй рауадтæн Блашка кæми цардæй, еци хæдзари рæзти. Хæдзари хецау – Блашка рæзæбæлæстæн сæ алливæрстæ къахта. Æз мæ ходæ исистон æма ин салам равардтон. Уомæн дин, мæнæ, цума æ хуарз æмгарæбæл исæмбалдæй, уотæ æ цæсгон ниррохс æй, игъæлдзæгхузæй бахудтæй, радзубанди кодта, уæдта мæ бафарста:
– Нæ гъæуи фæсевæд тугъдон скъолатæмæ хъæбæр разæнгардæй ку цæунцæ, уæд ду гъæди ахургæнæн скъоламæ цæмæ гæсгæ фулдæр раздахтай де ’ргом:
Æз ин дзуапп равардтон:
– Хъæбæр берæ уарзун æрдзæ, гъæди сосæгдзийнæдтæ хуæздæр исахур кæнун æма базонуни надбæл изолдæр цæун.
Блашка исарази ’й мæ хæццæ æма мин загъта:
– Хуарз æй, æрдзæ берæ ке уарзис, е. Уарзæ ’й. Фал уомæй фулдæр ба ду гъæуама адæми уарзай, гъе айдагъдæр хуарз ка ’й, кæдзосзæрдæ ка ’й, уæхæн адæми.
Æма æцæгæйдæр: хуарз ниййергутæ адтæй Блашкайæн, хуарз æй исгъомбæл кодтонцæ, раст над ин байамудтонцæ æма си рауадæй раст æма кæдзосзæрдæ адæймаг…
Раст æма сæрæн адтæй Гурджибети Блашка, е ’стур зунд, æ кæдзос зæрдæ æма æ еугур цард дæр равардта æ адæми кæсдзос цæсгони сæрбæлтау. Æ адæми размæ, æ фидибæсти размæ, æ тугъдон ихæс æнхæст кæнгæй, е бæгъатæрæй фæммард æй тугъди будури.
БУЗАРТИ Илья: «ХЪÆБÆР БЕРÆ УАРЗТА Е ’МБÆСТÆГТИ…»
Æз ма хуæрз æригон ку адтæн, уæддæр Блашкай ном игъустгонд адтæй. Иннетæ куд загътонцæ, уотæ ’й æз дæр ахид уидтон не скъолай. Амудта нин, аййевадон киунугутæ куд кæсун гъæуй, уой. Уæлдай æновуддæрæй дзурдта æмдзæвгити туххæй.
Æнзтæ мæбæл тагъд рауадæнцæ. Япони æма Уæрæсей тугъди рæстæг Блашкай фæндæмæ гæсгæ мæ иснисан кодтонцæ Маньчжурий фронти командæгæнæг инæлар Мищенкойæн сæрмагонд хабархæссæгæй.
Еу хатт (е адтæй 1905 анзи 18 июни) æз мæ бæхбæл тагъд-тагъдæй уадтæн болкъон Баратовмæ, хастон имæ ахсгиаг пакет. Надбæл мæбæл исæмбалдæй Блашка. Блашка бадтæй хуарз бæхбæл, æ хæццæ – æндæр бæхгинтæ дæр, сæ астæу брички медæгæ æфсæйнаг кирæ. Æз зудтон, Блашка Баратовмæ ци æхцай кирæ ниууагъта, уой. Цæмæйдæр æй рафæрсунмæ гъавтон. Фал мæмæ е æхуæдæг фæрраздæр æй. Еуварсмæ мæ ракодта æма мæ аййевæй рафарста:
– Ци игъусуй нæуæг хабарæй нæ гъæуæй?
Æз ин ци зудтон, уони тагъд-тагъдæй радзурдтон. Бæргæ ма ’й фæндадтæй мæ хæццæ фулдæр радзубанди кæнун. Фал ин пакетти хабар ку загътон, уæд мин æвæстеуатæй надмæ райамудта. Мæ фæсте дæр ма еуцæйбæрцæдæр рæстæг кастæй. Блашка хъæбæр берæ уарзта е ’мбæстæгти. Сæ хæццæ дзубанди кæнун ин уидæ хъæбæр æхцæуæн алкæддæр…
Раст еци бон сехуарафони не ’фсæддонтæмæ æрбайгъустæй, уæззау хабар: подъесаул Гурджибети Власий æхсаргинæй фæммард æй япойнаг тугъдон федæрттæ пурхæ кæнгæй маньчжуриаг гъæу Санвайцзыйи.
Æз мæхе ракурдтон инæлар Мищенкойæй Блашкайæн фæстаг рохсаг зæгъунмæ. Е мæ рауагъта æма мин загъта:
– Цо! Рохсаг зæгъæ дессаги хуарз адæймаг æма бæгъатæр тугъдонæн. Е адтæй æцæг адæймаг…
Æма æз дæр уотæ бакодтон.
Уой фæсте мæ хъазар æмзæнхони марди кирæ Маньчжурийæй æ райгурæн бæстæмæ фæлластонцæ. Надбæл цудæй 42 сутки. Æ хæццæ мардласæгæн адтæй нæ гъæуккаг Мамухъти Хатог.