07 декабря 2024

Æ ЦАРДИ НИВÆ Æ ЗÆНХОН ХЪИАМÆТТÆЙ ИСÆРТТИВТА…

15.10.2022 | 20:45

ДЗОБЛАТИ Мæхæмæт, (1926-2010) гъæууонхæдзарадон наукити кандидат

Æ рæстæги гъæууонхæдзарадон науки хъæбæр ка фескъуæлхтæй, еци устур ахургонд Ардасенти Губийи фурт Алихани (æ паспортмæ гæсгæ Алексей Гаврили фурт) ном, еу догæ иннæ догæй æййевуни хæлæмулти иронхгæнгæ цудæй, æма ‘й абони беретæ бæлвурдæй нæ зонунцæ, ка адтæй æма наукон исфæлдистадæй ци хуæрзти бацудæй нæ адæмæн, нæ Фидибæстæн. Нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун, æма æ фæсте ци берæ наукон куститæ ниууагъта, уонæн айдагъ нуртæккæ нæййес устур ахедундзийнадæ, фал ма идарддæр дæр уодзæнæй.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма Ардасенти Алихан айдагъ устур ахургонд нæ адтæй. Адтæй рохситауæг, æхсæнадон кустгæнæг, революцион архайæг.

Ардасенти Алихан райгурдæй хумæтæг зæнхкосæг Ардасенти Губийи хæдзари Терки облæсти Елхотти гъæуи. Æ сувæллони бæнттæ æрвиста хуæрзæгъдау, кустуарзон бийнонти ’хсæн. Елхотти гъæуи цæргутæн сæ зингæдæр хай хуæст адтæнцæ пусулмон динбæл. Уомæ гæсгæ ба ецирдигон сувæллæнттæн дæр сæ фулдæр ахур кодтонцæ пусулмон ахургæнæндони – медресей. Паддзахи унаффæмæ гæсгæ, куд иннæ гъæути, уотæ Елхотти сувæллæнтти еу хай ахур кодта дууанзон уруссаг скъолай. Алихан дæр ахур кодта еци скъолай.

Æ хестæр æнсувæр Пши куста бæрнон бунати Елхотти зилди. Алихан ахурбæл æновуд ке адтæй, уобæл цийнæ кодтонцæ бийнонтæ еугурæйдæр. Æма 1861 анзи, дууæ къласи каст ку фæцæй, уæд æй Дзæуæгигъæуи зилди хуæнхаг училищемæ равардтонцæ. Хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ ‘й каст фæцæй 1867 анзи æма идарддæр ахур кæнуни зæрдтæй рандæй Мæскумæ. Уоми бацудæй гъæууонхæдзарадон скъоламæ, кæций каст фæцæй 1870 анзи хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ. Нифсхаст æма разæнгард лæхъуæн уобæл нæ ниууагъта æ ахури гъуддæгутæ – еци анз æ ахур раидарддæр кодта Петербурги зæнхи кусти (гъæди) институти, каст æй фæцæй æма 1874 анзи, багъæуай кодта гъæууон хæдзаради æма гъæди кусти наукити кандидати диссертаци.

Мæскуй, уой фæсте ба Петербурги ку ахур кодта, уæди рæстæгути ци хуарздзийнæдтæй фæххайгин æй, уонæн сæ сæйрагдæртæй æма зæрдæбæл бадаруйнæгтæй е адтæй, æма имæ ке ’рхаудтæй Д.И. Менделееви, К.А. Тимирязеви, А.И. Энгельгардти, И.А. Стебути æма æндæр номдзуд, æнæгъæнæ дуйнетæбæл игъустгонд ахургæндти лекцитæмæ игъосуни амонд. Хуарз зонгæ адтæй Герман Гельригели, Юстус Либихи æма иннæ номдзуд ахургæндти кустити хæццæ дæр.

Куд рæстзæрдæ æригон адæймаг, уотæ Ардасени-фурт арази нæ адтæй, уæди рæстæгути Уæрæсей цардиуаги ци берæ æнæрастдзийнæдтæ цудæй æма фæллойнæгæнæг дзилли хъæбæр ка гъезæмарæ кодта, уони хæццæ. Æма уруссаг, украинаг, гурдзиаг æма æндæр адæмихæттити минæвæрттæй е ‘мгъудигæнæг ка адтæй, уони хæццæ архайдта студентти сосæг æмбурдти, рохситауæн литературæ хъæртун кодта Дзæуæгигъæумæ дæр, ардæмæ ма исæрвиста сауæнгæ мухургæнæн станок дæр.

Революцион кусти ке архайдта, уой туххæй 1874 анзи Алихани æрахæстонцæ. Ахæстдони бадгæй ин фадуат фæцæй æма исахур кодта Карл Маркси «Капитал», Франций революций истори французаг æвзагбæл, политикон экономий, философий, химий, математики, политикон тæрхони процессти туххæй æрмæгутæ.

Ахæстдони фæстаг бæнттæ Алихан æрвиста камери еунæгæй – уой дæр зундгонд Пугачеви гæнахи Бутырскийи ахæстдони.

Ардигæй æй 1879 анзи 5 майи рарвистонцæ Иркутски губерний Тункинскийи гъæумæ. Надбæл фæссæйгæй æма Бирюсински этапи бæргæ курдта, цæмæй æй уоми ниууадзонцæ, фал ин уæхæн барæ нæ равардтонцæ, æма уой фæдбæл ба хæлхъой исаразта… Ку исдзæбæх æй, уæд ин æ еци «фудзунддзийнадæ» æ зæрдæбæл æрлæуун кодтонцæ æма ’й фудæнæн рарвистонцæ Среднеколымскмæ – Уæрæсей уæди тæккæ идарддæр сæрисæфæн бунатмæ.

Ами дæр æ рæстæг дзæгъæли нæ исафта – наукон æсгарунадæбæл фæццалх уогæй, халсарти кусти сосæгдзийнæдтæй уæди уæнгæ ка нæма адтæй æргомгонд, уони исбæрæг кæнун, бæлвурддæрæй ба – ци амалæй æнгъезуй еци зинвадуат уавæрти, æносон салд зæнхити дæр халсарти куст кæнун. Уæди уæнгæ си уæхæн куст нæ кодтонцæ.

Аци мемориалон фæйнæг Ардасенти Алиханæн 1989 анзи æвæрд æрцудæй Дзæуæгигъæуи Миллери гъæунги 29-аг хæдзари фарсбæл. Æ исаразæг – зундгонд скульптор Цæрикъати Маирбег.

Уогæ еци гъуддаг, гъома, цæмæй аллихузон халсартæ ами дæр ирæзонцæ æма тиллæг дæттонцæ, уой исаразуни фæдбæл архайæнти Ардасени-фурт кæд фиццаг нæ адтæй, уæддæр адтæй фиццæгтæй еу. Менделееви, Энгельгардти, Тимирязеви, Стебути æма иннæ æнæмæлгæ ахургæндти лекцитæмæ игъосгæй ци зонундзийнæдтæ райста, уонæй арæхстгинæй пайда кодта ами практикон æма наукон кустити. Исбæрæг кодта, ами ци берæ органикон бауæргъæдтæ исæнтæстæй, уонæй уазал уавæрти саумæрæ ке не ’взуруй, (рауайуй си торф) æма уомæ гæсгæ ба æ фæлварæнти сæйраг нисан адтæй, торфи сикъити халсарти культуритæ кутемæй зайун кæнун æнгъезуй, уой исбæрæг кæнун.

Гъе уотемæй æрвиста Алихан æ гъезæмæртти бæнттæ идард Сибири къумти. Цалинмæ ибæл нæ исæмбалдæй, исуæгъдæ дæ, зæгъгæ, цийни хабар, æма 1885 анзи райдайæни Алихан æрæздахтæй æ райгурæн гъæу Елхоттæмæ. Ами ин, æ зонундзийнæдтæй æнхæстæй пайда кæнуни фадуæттæ ке нæ адтæй, уомæ гæсгæ рандæ ‘й Тифлисмæ. Уоми фиццаг рæстæг уроктæ лæвардта хецæн бийнонти цæуæтæн сæ хæдзæртти æма ин етæ ци бафедиуонцæ, уомæй цардæй.

Фæстæдæр косун райдæдта ахургæнæгæй Тифлиси рæзикусти скъолай. Еци куст ин адтæй зингæ зæрдæмæдзæугæдæр. Æма уомæ гæсгæ ба еци разæнгардæй скъоладзаутæн уотид зонундзийнæдтæ нæ лæвардта, фал архайдта, цæмæй етæ рæстуодæй уарзонцæ сæ рæбуни æрдзæ, лæдæронцæ æй, зæнхæ адæймагæн æ дарæг ке ’й æма, æ хуарздзийнадæбæл ин æновудæй архайун ке гъæуй, е сæ зунди ниффедар уа. Хъæбæр разæнгардæй архайдта уæди рæстæгути ци гъæууонхæдзарадон равдиститæ арæзт цæуидæ, уонæмæ цæттæгæнæн кустити. Алихани ахурдзаутæй еу, æнæгъæнæ дуйнебæл игъустгонд Мцхети деденгутикустгæнæг М.А. Мамулашвили уотæ финста: «Мах нæ ахургæнæги базудтан уæхæн педагогæй, кæци айдагъ домгæ нæ кæнуй зонундзийнæдтæ ахурдзаутæй, фал уарзуй зæнхæ, зонуй ин æ сосæгдзийнæдтæ…»

Тифлиси уогæй Ардасенти Алихан ниммухур кодта къуар публицистикон уаци, кæцитими фауй, æхсæнадæн сæ æдзæсгон миутæй зæран ка хæссуй, уонæй ин æ уодварнон бундортæ ка ихалуй, уæхæнтти – зудæй хæлæфгæнгути, фæливдтити, давгути. Æ еци æрмæгутæ дзиллити ’хсæн æнæфæббæрæг уогæ нæ фæцæнцæ. Зæгъæн, зингæ цаубæл нимад æрцудæй, æ уацтæй еуеми Тифлиси сæргълæууæги лæгъуз миутæ ке раргом кодта, е. Ардасени-фуртæн рæзикусти скъолай æ куст æ зæрдæмæ кæд цудæй, уæддæр си цидæр æнтъуснæгдзийнадæ ба лæдæрдтæй, цума ин си уолæфт нæ фагæ кодта, уой хузæн. Е ба уомæ гæсгæ уотæ адтæй, æма ‘й лæдæрдтæй, ами ин æ зонундзийнæдтæ рапарахат кæнунæн фагæ уавæртæ æма гæнæнтæ нæййес. Уомæ гæсгæ ба 1889 анзи кæрони рандæ ‘й Нигулæн Фæскавказмæ. Уоми уæдиккон губернатор В.А. Старосельский финста: «Ардасенти Алихан фондз анзей дæргъи кусти рæстæг æрзилдæй æнæгъæнæ Нигулæн Фæскавказбæл. Куд гъæдгæс, уотæ нæ, фал ма куд ахургонд-агроном, зилдæй гъæдти æма цъимарати, адтæй Сванетий, Редут-Калейи, Потий, минкъий ин нæ бантæстæй искæнун…»

Ардасенти Алихан, куд ахургонд, уотæ æ косæнуати еци бадæги нæ бадтæй. Уомæн æ косæн уат адтæй будур, æма ибæл æхе адæми хæццæ баста. Амудта син, мæрæ, еуæй-еуетæ куд гъуди кæнунцæ, уотæ мард ке нæй. Мæри айдагъ физикон æма химион процесстæ нæ цæунцæ, уоми цæунцæ хъæбæр берæ аллихузон процесстæ, кæцитæ ахедунцæ мæри органикон цардбæл. Алихан хæдзаргай зилдæй гъæутæбæл æма син амудта, куд хуæздæр зелун гъæуй дзæхæрадæнттæмæ, уой.

Ардигон æрдзи сосæгдзийнæдтæ хуæздæр базонуни фæндæй 1890 анзи Алихан исаразта экспедици Кутаиси сахарæй Сванетимæ æма æрæмбурд кодта зонадон æрмæг хуæнхбæсти æрдзигъæдæ æма мæри конди туххæй, сванти цардиуаги фæдбæл. Еци æрмæгути бундорбæл бацæттæ кодта æма ниммухур кодта æрмæг «Сванетия и Лечхум».

Мæскуй æма Петербурги зæнхикусти (гъæди) институти ци арф зонундзийнæдтæ райста, уонæй айдагъ æнхæстæй нæ пайда кодта, фал ма сæ гъæздугдæр кодта, æ аллибони архайди ци нæуæгдзийнæдтæ базонидæ, уонæй. Уой фæрци ин бантæстæй, кæми цардæй æма куста, уомити зæнхи кусти системæ хуæздæрæрдæмæ раййевуни фæдбæл берæ пайдайаг æййивддзийнæдтæ царди рауадзун.

– Мах хуæнхти бæрзæндти, – финсуй Алихан, – æвзуруй саумæрæ нæ, фал торф. Аст мин фути æма уомæй уæлдæри бæрзæндтæбæл органикон байзайæггæгтæ не ’мбуйунцæ, æма си уомæ гæсгæ саумæрæ зæнхитæ нæййес.

Алихан хонхи зæнхитæ «байурста» æртæ тæрхæги-тæлмæбæл. Фиццаг тæлмæмæ бахаста, сæнæфсерæ æма нартихуар кæми нæ зайунцæ, еци рауæнтæ. Еци тæлмæ нимайуй уæлхонхбæл, зин уавæрти си æнхæст кæнунцæ гъæууонхæдзарадон куститæ. Алихан куд нимайуй, уотемæй аци тæлми не ’нгъезуй таун люцернæ, эспарцет æма хуаргæрдæгутæй дæр берæ кæцидæрти.

– Уæлхонхи тæлми, – амудта Алихан, – фулдæр архайун гъæуй хезнитæ хуæздæр кæнунбæл, кæдзос сæ кæнун гъæуй дортæй, хæмпæл æма зианхæссæг кæрдæгутæй, гъæуай кæнун гъæуй къотæртæ æма бæлæстæ, цæмæй уарундæнттæ ма ихалонцæ зæнхи уæлдзарм.

Еци хезнитæй пайдагонд ку цæуа, уæд зæнхи уæлдзарм багъæуай кæнунæн аразун гъæуй сæрмагонд мадзæлттæ. Циуавæртæ æнцæ, уони туххæй дæр бæлвурд финсуй.

Дуккаг тæлмæ Алихан хонуй гъæдæмбæрзт хуæнхтæ (лесогорные). Аци тæлми таунцæ нартихуар, хъæбæрхуар, мæнæуæ, сауфагæ, тамаку, бæмпæг æма æндæр техникон культуритæ. Хуарз си зайунцæ сæнæфсерæ, кæрдту, фæткъутæ, чиуалитæ, балитæ, инжир, гагарæзæ æма æндæр аллихузи культуритæ. Ес си дарæн мудибиндзитæ.

Хумзæнхитæй пайда кæнунцæ аст-дæс анзей дæргъи, уæдта сæ ниууадзунцæ, цалинмæ сæ кеми не ’рцæуонцæ, уæдмæ си нæбал фæппайда кæнунцæ. Иннæ рауæнти зæнхитæ æртæ-цуппар анзей фæсте ниууадзунцæ дзæвгарæ рæстæг, уолæфунмæ. Аци райони куд исбæрæг кодта, уотемæй си люцернæ хъæбæр хуарз зайуй, фондз хатти æй никкæрдунцæ. Исбæрæг си кодта люцерни дууæ хузи – æрвхуз æма борхуз. Борхуз люцернæ æнгъезуй уæлхонх тæлми хезæнуæтти таун хæлæмулæй æндæр кæрдæгути хæццæ. Уой туххæй уотæ финсуй: «Под такими травами почва отдыхает и набирает новые силы, принося, в то же время, каждый год два раза больше выгоды, чем кукуруза с такого пространства».

Æртиккаг тæлмæмæ Алихан хæссуй Сау денгизи билгæрæнттæ. Аци тæлми хумзæнхити фулдæр туд фæууй нартихуар. Уолæфунæн ци зæнхи гæбæзтæ ниууадзунцæ, етæ уайтæккæ гъæди буни фæуунцæ, фулдæр фæруæ бæлæсти буни. Академик В.Р. Вильямс зонгæ ку адтайдæ Ардасенти Алихани «Возможность травосеяния в Кутаисской губернии», зæгъгæ, наукон кусти хæццæ, уæд, ка ‘й зонуй, не ’руагътайдæ уæхæн гурумухъ рæдуд æма нæ ниффинстайдæ: «Гъæди бунат æрахæссунцæ кæрдæгутæ». Уогæ мæнæ махмæ ба – цалдæр анзи ци хумзæнхитæй нæ фæппайда кæнунцæ, етæ райдзаг унцæ къотæртæ æма бæлæстæй.

Куд устур ахургонд, уотæ Ардасенти Алихан лæууй игъустгонд академиктæ В.В. Докучаеви æма В.Р. Вильямси æмрæнгъæ, æма ин гъæуама аргъгонд дæр цæуа етæ гæсгæ.

***

Ардасенти Алихан берæ æнзти дæргъи хъазауатонæй ке фæккуста Сомехи, е уоми дзиллæй иронх нæй, хъæбæр кадгин цæстиварди си æй. Ардигон адæм æй уарзонæй сæхердигонау худтонцæ «Торпах Генерал» («Зæнхи Инæлар»). Нæ номдзуд æмзæнхони ном ма уомæй дæр исæносон кодтонцæ, æма Сомехи паддзахадон аграрон университети (сахар Еревани) азгъунсти фарсбæл ин æвæрд æрцудæй номерæн мраморон фæйнæг.