Æ ЦАРДВÆНДАГ ИССÆЙ КАДИ ÆНОСОНДЗИЙНАДÆМÆ НАД…
Дзиуаригъæуи скъолай музейи æмбурдгонд æнцæ, се ’мгъæуккаг арфиаг адæймæгути туххæй сæдæгай æвдесæнтæ. Фулдæр æма устурдæр бунат ба си ахæссунцæ Гæздæнти авд æнсувæрей туххæй æрмæгутæ. Уодигъæдæй нифсгун æма æхсаргин уогæй, уонæн авдемæй дæр равгæ нæбал иссæй Устур Фидибæстон тугъди будуртæй сæ фидиуæзæгмæ исæздæхун, немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохи сæ цард нивондæн æрхастонцæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау.
Рæстæг догъон бæхи хузæн æнсæндæнтæ кæнуй размæ. Нуртæккæ дæр бабæй ралæудтæй нæуæг бæгъатæрти догæ. Еци нæуæг фæлтæрæй еу иссæй Гæздæнти Алан дæр, Уæрæсей Федераций националон гвардий Цæгат Кавкази оперативон разамунддæттунади штаби афицер. Фæммард æй бæгъатæрæй сæрмагонд æфсæддон операций е ’фсæддон ихæстæ æнхæст кæнгæй.
Алан 2008 анзи каст фæцæй Дзиуаригъæуи астæуккаг скъола æма еци анз иссæй Уæрæсей медгъуддæгути министради медбæстон æфсæдти Санкт-Петербурги æфсæддон институти ахуркæнуйнаг.
Институт каст фæууни фæсте æрвист æрцудæй Дагестани республики медбæстон æфсæдтæн ци æфсæддон хай адтæй, уордæмæ. Адтæй минометæйæхсæг взводи батарейи командир. Уой фæсте службæ кодта Цæцæни республики æсгарæг штаби сæргълæууæги хуæдæййевæгæй. 2022 анзи ба æрвист æрцудæй, сæрмагонд тугъдон операци кæми цæуй, еци рауæнтæй еуемæ. 31 декабри æ тугъдонти къуар бахаудтæнцæ фатæхсти цирени. Ами Алан райста дуккаг контузи. Æхуæдæг æвæстеуатæй агъазгъæуагæ уогæй, уæддæр ци ма æ бон адтæй, уомæй агъаз кодта цæф тугъдонтæн.
«Ме ’фсæддонти ниууадзун мæ бон неци хузи æй, – гъæугæ ма кæнун…» – уотæ дзурдта æхсаргин командир, æхе ин тугъди будурæй рахæссунбæл нæ арази кæнгæй. Уæддæр æй æрæгиау уордигæй ку рахастонцæ, уæдмæ ба байрæги æй…
Бæгъатæри рохс ном иронх некæд уодзæнæй. Уомæн æвдесæн æнцæ, æ райгурæн гъæуи ин æ номерæнæн æрæги ци мадзæлттæ исаразтонцæ, уони цитгиндзийнадæ дæр.
Гæздæнти Алан æ райгурæн гъæуи ци скъола каст фæцæй, уой педагогон коллективи фæндæй æрæги, сæ бæгъатæр рауагъдони игурæн бони – 12 сентябри – ами æ номерæнæн игонгонд æрцудæй сæрмагонд стенд. Стенди æвæрд æнцæ е ’фсæддон китель, ходæ, грамотитæ, къартæ, документтæ.
Еци кадгин мадзали архайдтонцæ æ ниййергутæ, æ хуæрæ, е ’нсувæр, æ бийнойнаг æма æ сабийтæ, хæстæгутæ, æмгъæуккæгтæ, æмкъласонтæ. Æрбацудæнцæ Алани хæццæ ка службæ кодта, етæ дæр, уæдта Алагири райони разамунд, æхсæнадон æма ветеранти организацити, Ирæфи æма Алагири æфсæддон комиссариатти минæвæрттæ.
Гæздæнти Алан царди циуавæр адæймаг адтæй, уой туххæй лæмбунæгæй радзурдтонцæ скъолай директор Гæздæнти Ритæ, скъолай музейи разамонæг Кочити Беллæ, муггаги номæй ба Гæздæнти Милæ. Еци мадзали архайунмæ сæрмагондæй Дзиуаригъæумæ иссудæй Уæрæсей Федераций Цæгат Кавкази националон гвардий округи командæгæнæги хуæдæййевæг инæлар-майор Сергей Черноиванов. Æма æ радзубандий уотæ загъта:
– Майор Гæздæни-фурт æ тугъдон ихæстæ æнхæст кодта Херсони æма Запорожьей облæстти, æма æ устур лæгæхсарæ æма арæхстдзийнадæй аккаг байвæрд бахаста Уæрæсей æма нæ Фидибæсти интерестæ багъæуай кæнуни гъуддагмæ. Куд дæсни æфсæддон специалист, уотæ æ бон адтæй вазуггин тугъдон фарстатæ тæккæ гъæугæдæр хузи лух кæнун… Адтæй бæрнон командир æма хуæрззæрдæ æмбал, уæхæнæй æй сæ зæрдити дардзæнæнцæ, æ хæццæ ка службæ кодта, етæ. Уæлдай зæрдибунæй ба абони арфæ кæнун, уæхæн бæгъатæр, еузæрдиуон фурт ка исгъомбæл кодта, еци ниййергутæн – Гæздæнти Валерий æма Фатимæн. Сæ фурт кадгинæй рахаста уæрæсейаг афицери цитгин ном.
Æфсæддон ихæс æнхæстгæнгæй устур лæгдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй майор Гæздæнти Валерийи фурт Алан Уæрæсей Федераций Президенти Указæй хуарзæнхæгонд æрцудæй Жукови номбæл майданæй (æ рамæлæти фæсте).
Номерæн мадзали ма радзубанди кодтонцæ Алагири райони администраций сæргълæууæг Дзантиати Ислам, Фидибæстæ гъæуайгæнгæй æ цард ка равардта, уони бийнонтæмæ цæстдарæг Уæрæсей æхсæнадон организаций Цæгат Иристони хайади сæрдар Татьянæ Днепровская, æхсæнадон æзмæлд «Иристони Устур нихæс»-и Координацион совети сæрдар Еналдити Хъазбег, Дзиуаригъæуи хестæрти номæй ба Тохтиати Алик. Уонæй алкедæр æ радзубандий нифсæвæрæн загъд кодта, æ фæсте ин ци кизгæ æма биццеу байзадæнцæ, уонæн.
Еци бон ма Дзиуаригъæуи, Алан кæми райгурдæй æма æ ниййергутæ кæми цæрунцæ, еци хæдзари фарсбæл æвæрд æрцудæй къæйдорæй конд номерæн фæйнæг.
…Айдагъдæр æ хъæбæр хеуонтæ зудтонцæ, Алан æхе цæститæй ци фæууидта æма æхуæдæг ци бавзурста, уой туххæй киунугæ ниффинсуйнаг ке адтæй, уой. Фал ин нæбал бантæстæй. Финст ин си æрцудæй айдагъдæр еу сæргонд æма си ес уæхæн дзурдтæ: «Тугъдон нæдтæ – етæ æндæр æнцæ. Етæ тогдадзинтти хузæн уодæгас æнцæ, етæ ’нцæ ирисхъи нæдтæ. Царди æма мæлæти нæдтæ. Мах ами уой туххæй ан, цæмæй еци нæдтæ цæронцæ, уæлахезмæ нæ хонгæй. Над гъæуама адæймаги цард ма еса, фал æй гъæуама ервæзун кæна…»
Гæздæнти Алани царди над иссæй æносондзийнадæмæ над. Нæ ин бантæстæй æ фурт Маирбеги къохбæл ниххуæцун æма ’й скъоламæ фиццаг къласмæ бахонун, гъазæн киндзæй æ минкъий кизгæ Элини зæрдæ балхæнун, æ уарзон бийнойнаг Дианæн ма еухатт дæр зæгъун, цæйбæрцæбæл æгæрон хъазар ин æй, уой туххæй… Нæбал ин бантæстæй, куд аллихатт, уотæ æ фиди хæдзарæмæ ’рцæун, е ’мбæлтти хæццæ фембæлун…
Æнзтæ цæудзæнæнцæ, фал уæрæсейаг æфсади афицер Гæздæнти Алани рохс ном ба ирд æстъалуйæй цæхæртæ калдзæнæй æ уарзон Иристони цитгиндзийнади уæлæрвти.
Æрмæгутæ бацæттæ кодта ХЕКЪИЛАТИ Маринæ