12 декабря 2024

Æ ФÆСТЕ НИУУАГЪТА АРФ ФÆД

20.02.2024 | 11:33

Нæ дзилли ’хсæн абони дæр, æвæдзи, нæ разиндзæнæй номдзуд Хъанухъти Есей лæгдзийнæдти хабæрттæ зундгонд кæмæн нæ ’нцæ, уæхæн адæймаг. Рагон дзаманти Дигоргоммæ æлдареуæг кæнуни зæрдтæй ци знæгтæ лæборунмæ гъавтонцæ, уонæн уоййасæбæл карз нихкъуæрд раттидæ æма ходуйнагæй фæлледзæги уиуонцæ:

Сари Аслæнбек цудæй æфсæдти хæццæ тухæ кæнунмæ Есемæ,

Фал æхуæдæг фæстæмæ æлхæнуйнаг иссæй æ бæхгини рæуаги. Байæлхæдтонцæ е ’мбæлттæ æстдæс-æстдæсемæй,

Рандæнцæ йетæ йеци æгъдауи хæццæ.

Дигорæмæ байзадæй кадæ Хъанухъти-Есей рæуаги.

Аци фондз рæнгъи ’нцæ, адæм æ рæстæги ци кадæнгæ «Донифарси Хъанухъти Есей зар»-и кæронбæттæн. Рафинстан æй нæ зундгонд ахургонд Салæгати Зойи арæзт æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад»-æй. Æма бæлвурдæй аци кадæнгæ хумæтæги нæ равзурстан. Уомæй уой зæгъуйнаг ан, æма аци бакасти ездон æма хуæдæфсæрмæ силгоймаг царди гъуддæгути ба бавдиста  алæмæти нифс æма уоди федардзийнадæ рæстдзийнади сæрбæлтау.

Æ наукон архайд уоййасæбæл æнцонтæй нæ адтæй. Хуæнхаг æма будуйраг гъæутæбæл, сауæнгæ сæ тæккæ идæрдтæбæл æвæллайгæй фæззелæ, æмбæлæ уоми цæргути хæццæ, финсæ æма финсæ уони дзубандитæ нæ адæми цъухæйдзоргæ исфæлдистади уадзимистæ. Уобæл исхарз кæнæ дæс анземæй фулдæр, æрмæг рартасæ, жанртæбæл æй ниддехтæ кæнæ, барæвдзæ сæ  кæнæ, фæстæдæр сæ дууæ томемæй рауадзæ  дуйней рохсмæ. Æма еци арфиаг гъуддаг кæрæй-кæронмæ исæнхæст кæнун бантæстæй Салæгати Зойæн – æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад»-и мухури фиццаг хатт рацудæй 1961 анзи, дуккаг хатт ба æнхæстдæрæй – 2007 анзи. Аци академион дууæтомон рауагъди редактор ба адтæй номдзуд Абайти Васо.

Аци хабар нæ адæмæн æностæмæ зæрдæбæлдаруйнаг æй. Абони ба ’й уомæ гæсгæ æримистан, æма филологон наукити доктор, Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети профессор, Уæрæсей Федераций æма Цæгат Иристони наукæ æма техники æскъуæлхт архайæг Салæгати Мирони кизгæ Зойи райгурдбæл 13 феврали исæнхæст æй сæдæ анзи (1924-2011). Æма ин аци æрмæгæй ерæн æ рохс ном.

Нæ радзубанди ба Салæгати Зойи арæзт дууæтомон æмбурдгонд «Ирон адæмон исфæлдистадæ»-й хумæтæги нæ райдæдтан. Еци къабази архайæг номдзуд ахургæндти гъудимæ гæсгæ уæхæн бундорон, алæмæти наукон-рохсадон ахедундзийнадæ кæмæн ес, еци гъуддаг исаразун æ бон исуодзæнæй устур зонундзийнæдти æма федар уоди хецауæн. Æма айдагъ æ исаразунæй нæ фескъуæлхтæй Салæгати Зойæ. Уæди рæстæгути цардарæзти фæткитæ уæхæн адтæнцæ, æма наукон кенæ аййевадон уадзимистæмæ хъæбæр карз партион цæстдард цудæй, уæди идеологон «хъалагъурти» æнæ аразийæй рæствæндаг неци кодта, уæдта сæмæ хаттæй-хатт æгириддæр си ка нæ гъудæй æма си федаугæ ка нæ кодта, уæхæн æййивддзийнæдтæ бахæссун кæниуонцæ. Еци хузи «фæррæвдзæдæр» кæнунмæ гъавтонцæ æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад» дæр. Цæветтонгæ, аци æмбурдгондмæ æрмæгутæ бахаста, адæм ин сæ алли рауæнти сæхе æвзагæй куд радзурдтонцæ, уотемæй. Уæди уæлдæрлæууæг унаффæгæнгутæ ба си агурдтонцæ, дигоронау æма къудайрагау си ци уадзимистæ адтæй, етæ дæр ирон æвзагмæ тæлмацгонд куд æрцæуонцæ. Сæ рæуагæ адтæй: «Куд æнцæ, уотемæй адæмæн лæдæрд нæ уодзæнæнцæ…» Зойæ сæ еци загъдбæл нæ исарази æй: «Куд нæ уодзæнæнцæ?.. Сæхуæдтæ сæ уотемæй нæ исфæлдистонцæ?!»

Еузагъдæй, карз фæллæудтæй еци æдзæлгъади миуи нихмæ, нæ син басастæй, æдзæстхезæй исдзурдта наукон æма уодварни рæстдзийнади сæрбæл, фæууæлахез æй. Æма си абони уæлдай арфиаг ан, æгайтима нин æ хъазауати фæрци  багъæуай кодта нæ адæми исфæлдистади æцæгдзийнадæ.

*  *  *

Салæгати Зойи цардвæндаги хабæрттæ æма наукон-æхсæнадон архайд уоййасæбæл цæмæдессаг æнцæ, æма сæбæл кæрæй-кæронмæ æрдзорун бæргæ æнгъезуй, фал газети равгитæмæ гæсгæ нин абони уæхæн фадуат нæййес. Уомæ гæсгæ ба нæ дзубанди, гъулæггагæн, цубуртæгомау рауайдзæнæй.

Салæгати Зойæ 1946 анзи хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ каст фæцæй Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл педагогон институт (нури паддзахадон университет). Æ ахури рæстæгутæ æримисгæй, зæрдиагæй ракæнидæ æ ахургæнгути кой, уæлдай арфиаг ба адтæй нæ нормдзуд поэт Дзанайти Иванæй (Нигерæй). Раст уодзæнæй уотæ зæгъун дæр, æма уонæй уоййасæбæл боз уогæй, уони хузæн æ царди сæйрагдæр гъуддагæн равзурста наукон куст. Салæгати кизгæ æхе федар исбаста æ уарзон ахургæнæндони хæццæ, рацудæй си лаборанти дæсниадæй профессори уæнгæ.

Нуртæккæ ахургæндтæ архивтæмæ куд æнцонæй нивналунцæ æма си гъæугæ, бæлвурддæрæй ба фольклорон æрмæгутæ куд фæндонæй иссерунцæ, раздæри рæстæгути ба уотæ нæ адтæй. Ахургæндтæ уæд сæхуæдтæ адтæнцæ архивтæ аразæг. Гъудæй цæун адæми ’хсæнмæ, агорун, игъосун, финсун. Мирони кизгæ Зойæ æхуæдæг уарзта адæми хæццæ дзорун, сæ еугур имисуйнæгтæ син финсун. Хуæнхæгтæ ин дзурдтонцæ рагон царди хабæрттæ, цъухæйдзоргæ исфæлдистадæ адæми тæрхонмæ хастонцæ. Нуртæккæ дæр ма хæдзари æ архиви ’нцæ æ финститæ.

Фольклорбæл  наукон, берæвæрсуг устур куст кодта университети лекцитæй уæгъдæ рæстæг, сæрдигон фæлладуадзæн дзамани. Уомæ Мирони кизгæ хъæбæр æнгъæлмæ кастæй, фæззиннидæ ин уарзон науки архайуни рæстæг. Æхуæдæг æ фæллад дæр некæд исуагъта, университети кастæй медесгун лекцитæ. Баст адтæнцæ уруссаг литератури хæццæ, æ истори, уруссаг адæмон исфæлдистади хæццæ, Советон Цæдеси адæмти литератури хæццæ, сæрмагонд къурситæ «Лев Толстой æма Кавказ», «Лев Толстой уруссаг критики», сæрмагонд семинартæ Пушкини роман «Евгений Онегин», «Пушкин æма Кавказ», Толстойи «Война и мир», студентти дипломон æма къурсон, аспирантти æма агоргути куститæн адтæй разамонæг. Адтæй университети литератури диссертацион совети иуонг.

Дæс анземæй фулдæр Салæгати Зойæ адтæй уруссаг æма фæсарæйнаг литератури кафедри разамонæг. Наукæмæ хъæбæр берæ æригон специалистти æрбахудта, рауадæй си дæсни ахургæндтæ. Студентти хæццæ косгæй, Мирони кизгæ Зойæ архайдта филологон гъудикæнуйнадæ исæвæрун, – æцæг дæсни уомæй бæрæг фæддаруй. Æмдзæвгитæ финсæг студенттæмæ ин адтæй уæлдай зæрдхæлардæр рахастдзийнадæ. «Кæд поэт æй, уæд иннети хузæн нæй», – дзурдта Зойæ.

Æ студенттæ адтæнцæ Мæхæмæтти Ахурбег, Хъодзати Æхсар, Дзасохти Музафер, Джиккайти Шамил, Малити Васо, Хозити Барис æма æндæртæ. Æ еугур хуарз студентти дæр гъуди кодта, æхцæуæнæй æмбалдæй сæ алли устур æма минкъий æнтæститæбæлдæр. «Ирон адæмы сфæлдыстад» нерæнгæ æ гъудий дæр нæма адтæй. Зойæ 28-анздзудæй, 1951 анзи, ахурмæ бацудæй аспирантурæмæ, равзурста уруссаг литературæ. Иристонæй рацæугæ силгоймагæн е уæлахези хузæн адтæй. Æ разамонæг адтæй, литературæамонæг, археолог, этнограф-кавказамонæг, профессор Леонид Семенов, æма уотемæй Салæгати кизгæ багъæуай кодта диссертаци. Зойæ ниффинста наукон куст «Хетæгкаты Къоста æмæ ирон адæмон сфæлдыстад».

Ленингради, Пушкинаг Хæдзари, хъæбæр хуарз багъæуай кодта æ диссертаци. Совети иуонгтæ – номдзуд профессортæ, ахургæндтæ, сæ хæццæ – Абайти Васо, уотемæй Зойæ æхе цæттæ ахургондæй, наукон косæгæй равдиста. Уæд бавналдта æ сæйраг наукон кустмæ. Уотемæй дуйней рохс фæууидта «Ирон адæмы сфæлдыстад». Университет къæрцгъос адтæй Салæгати кизги фæллæнттæмæ, рауагъдади ин рацудæнцæ наукон уаци 4 æмбурдгонди.

САЛÆГАТИ Зойæ (рахесæрдигæй) æ раздæри ахурдзаутæ ТМЕНАТИ Дзерассæ (астæуæй) æма ГАБИСАТИ Светлани хæццæ. Етæ дæр, куд æ ахурдзаутæ, уотæ бафæнзтонцæ сæ уарзон ахургæнæги æма сæ царди сæйраг гъуддагæн равзурстонцæ наукон исфæлдистадæ, зæрдиагæй ин æ фæдзæхститæ æнхæст кæнгæй, иссæнцæ зундгонд ахургæндтæ.

Салæгати Зойæ адтæй 100 наукон уаци автор, уони хæццæ – библиографион хæзна, монографи «Хетæгкаты Къоста æмæ ирон адæмон сфæлдыстад». Финст æрцудæй хъæбæр æнхæстæй, Къоста амонуни еугур фæззелæнтæ дæр си нимад æрцудæнцæ. Салæгати кизгæ е студентти хæццæ еци фарстабæл куста фæстæдæр дæр. «Ирон прозæйы тыххæй цыппар этюды» рауагъта 1970 анзи, уоми фæббæрæг кодта ирон литературон змæлди сæйраг нæдтæ. «Нузайлаг фыстæй романы онг» рацудæй 1980 анзи, уоми автор æртасуй ирон литератури игурæнтæ, æ жанрти исконд.

Салæгати Мирони кизгæ уодуæлдай куст бакодта æ докторон диссертацибæл. Исхудта ’й «Генезисы тыхстдзинæдтæ æмæ ирон прозæйы слæуд». Æ куст Мæскуй наукити академий Дуйнеуон литератури институти хъæбæр хуарз багъæуай кодта. Нæ литературæ XVIII æноси райдайæни æхецæн бундор ке исæвардта, уой исфедар кодта фæрстæбæл рагон финститæй, аргъауæнти къохфинститæ æма киунугутæй. Раздæр ирон литератури фæззинд хастонцæ XIX æносмæ.

Зойи уацтæ баст адтæнцæ Бритъиати Елбиздихъо, Цæликкати Ахмæт æма иннæ классикти нæмтти хæццæ. Мадта уруссаг финсгутæ Чехов, Достоевский, Белинский, Шевченко  æма æндæрти юбилейти фæдбæл дæр финста уацтæ. Газет «Социалистическая Осетия»-йæн айдагъдæр бæрзонд цæттæдзийнади хæццæ ахургæндтæ финстонцæ уæхæн уацтæ. Салæгати Зойæ Уæрæсей нимад адтæй цæгаткавказаг литератури ахсгиаг фарстати æма кавказаг-уруссаг литературон бастдзийнæдти фæдбæл экспертæй. Хъæбæр берæ рæстæг лæвардта диссертацитæ æма киунугутæн рецензитæ финсунæн, бацæттæ кодта æригон аспиранттæ æма ахургæндти.

Зойæ ци æрмæгутæ финста, етæ бæрæг дардтонцæ бавналдæй, хъæбæр лæмбунæг рахастдзийнадæй, уруссаг, ирон кенæ дуйнеуон литературити ’хсæн бастдзийнæдтæ агурдта. Уотемæй фæззиндтæй Малити Геуæргий туххæй берæвæрсуг æрмæг дæр. Е ’сфæлдистадæ ин равзурста, æ царди еугур фæззелæнтæ дæр æрæмбурд кодта, уотемæй æй равардта журнал «Вестник СОГУ»-мæ. Фал æй нæ рауагътонцæ, æрмæг фесавдæй.

Салæгати Зойи наукон архайдæн аккаг аргъ искодтонцæ: берæ хуæрзеугути, кадгин нæмтти хецау адтæй. Айдагъ «Уæрæсей Федераций уæлдæр профессион ахуради кадгин косæг», «Уæлдæр скъолай хъæбæр хуарз косæг», «Берæанзиккон наукон-педагогон æма æхсæнадон архайди туххæй», УСФСР паддзахадон комитети арфæ, нæ республики Сæйраг Совети Кади гæгъæдитæ, майдантæ – уонæн æвдесæн.


САЛÆГАТИ ЗОЙÆ НÆ АДÆМÆН БАЛÆВАР КОДТА АЛÆМÆТИ НАУКОН-ЗОНАДОН ФÆЛЛÆНТТÆ

 

 

 

 

 

 

 

 

 


Мирони кизгæ Зойæ 1995 анзæй 2006 анзи уæнгæ куста университети æма Цæгат Иристони гуманитарон æма социалон æртасæнти наукон институти. Æ бон бацæй мухурмæ 10 киунуги бацæттæ кæнун, дуйней рохс фæууидтонцæ æ 20 кусти. Мадта Хетæгкати Къостай кустити æртиккаг том мухурмæ бацæттæ кæнуни дæр архайдта. Уотæ зæгъæн ес, æма Къостай къохфинститæй пьесæ «Дуня»-йæй иснæуæг кодта æнæгъæнæ скъуддзаг. Е раздæр мухургонд некæд адтæй.

Уæрæсейаг кæсæгæн базонун кодта фæсарæнти цæрæг, ирон литератури æма журналистики классик Цæликкати Ахмæти уацтæ. Еци фиццаг рауагъдадæмæ Салæгати Зойæ ниффинста устур уац, очерк Цæликкати Ахмæти, исфæлдистади туххæй. Фал уæддæр æ зæрди хецæн бунат адтæй «Ирон адæмы сфæлдыстад»-æн, еци хуарздзийнадæ адæмæй иронх некæд уодзæнæй. Ирон фольклормæ бахаста еугур хæзнатæ – героикон зартæ, бацеу-бацеутæ, æмбесæндтæ.

Æ рауадзунбæл Мирони кизгæ нæуæгæй бакуста 90-аг æнзти райдайæни, бахаста имæ фольклори нæуæг финститæ, исгъæздуг æй кодта дзурдуатæй æма нуриккон библиографийæй.

Салæгати Зойæ ке хæццæ æмбалдæй, ке хæццæ куста, ке ахур кодта, етæ ’й уарзтонцæ, кадæ ин кодтонцæ. Зæрдхæлар, рæстуод, агъазмæ цæттæ, бæрзонд квалификаций хæццæ ахургонд, адæймаг – уæхæн адтæй Салæгати Мирони кизгæ Зойæ. Æ рохс сорæт байзадæй адæми зæрдити, фарни хæццæ ’й имисунцæ.

Хетæгкати Къостай номбæл Цæгат Иристони паддзахадон университети уруссаг филологий факультети косгутæ.

 

Редакцийæй.

Салæгати Зойæ æ рæстæги ци дууæтомон æмбурдгонд «Ирон адæмон сфæлдыстад» бацæттæ кодта, уордигæй абони мухур кæнæн еу таурæхъ.

 

УАРЗОН АХУРГÆНÆГИ АРФИАГÆЙ ИМИСГÆЙ

Салæгати Зойи агъазиау хъиамæттæй еу е æй, æма æцæг гъомбæлгæнæг ци кæстæртæн иссæй, уони бæрцæн, æвæдзи, банимайæн дæр нæййес – кедæр загъдмæ гæсгæ ’нцæ фондз минемæй фулдæр. Уогæ æхецæн сæ бæрцæ уотæ дессаг нæ адтæй – æхцæуæн е адтæй, æма етæ рæствæндаг ке фæцæнцæ. Сæрустур си адтæй æма си етæ дæр боз адтæнцæ. Уонæй еу – Цæгат Иристони адæмон поэт ХЪОДЗАТИ Æхсар (1937-2021). Æ уарзон ахургæнæги туххæй кæддæр ци æмдзæвгæ ниффинста, уой мухур кæнæн.

 

 

ФÆЗЗЫГОН ЭЛЕГИ

 Мæ кæддæры ахуыргæнæг Салæгаты Зояйы

рухс ном дзы арын

 

Нæ фæззæг, оххай, азæронд æваст,

йæ дуг уыди ыскаст æмæ ныккаст.

Фæтахтысты зæрватыккæй, зырнæгæй,

æмæ та дуне аззади быгъдæгæй.

 

Мæ зæрдæ ма мынæг рухсæй сыгъди,

мæ туджы ма мæнгæфсон цин уыди.

 

Цы фæци ныр, цы бæстæм æй фæхастой?

Уæууау, йæхи мын бакодта мæ ахстон

налат æвдиу… Кæм агурон æххуыс?

Тæккæ знон та фæкъахыр и мæ ныфс:

мæ ахуыргæнæг Салæгон дæр нал ис,

йæ сыгъдæг уд ын аныхъуырдта сау низ.

 

Цæрæм… Цæуæм куыдхуыздæрæй мæрдтæм.

Нæ сæфты радмæ хъахъдзыхæй кæсæм.

 

…Ныццыбыр бон, ныдздзигло и, ныттар.

Хъуынджынхъус уæйыг ДАРГЪ ÆХСÆВ – æлдар.

23.11.2011