27 апреля 2024

Æ КÆСТÆРИ АМОНДМÆ БА КА НÆ БÆЛЛУЙ!..

30.12.2021 | 13:02

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн фæдзæхст: «Кадæмæ еунæг над ес – фæллойнæ!..» Æма нæ ниййергутæй ке нæ фæндуй, цæмæй æ кæстæр райса зæрдæмæдзæугæ
дæсниадæ, æнтæстгинæй фæллойнæ кæна æма кадгин уа!.. Уомæ гæсгæ ба уотæ зæгъун дæр æнгъезуй, æма етæ, æвæдзи, сæ цæуæтæй уæлдай фулдæр фæссагъæс кæнунцæ, циуавæр дæсниадæ равзардзæнæнцæ, уобæл.

Æма син уæддæр сæ зæрдæ ци зæгъуй, кæми гъæуама косонцæ сæ цæуæт? Уæхæн фарста уæрæсейæгтæй кæмæ равардтонцæ дзиллон цæстингас бæлвурдгæнæг æртасгутæ, уони
дзуæппитæ еумæйагæй рауадæнцæ мæнæ ауæхæн:

Адвокатæй, юристæй – 18%
Æхе бизнес – 15%
Финансон къабази – 15%
Паддзахадон служби – 21%
Информацион технологити – 13%
Дохтирæй – 24%
Инженерæй – 12%