03 декабря 2024

Æ НАМУСГИН ЦАРДВÆНДАГ – НÆ СÆРУСТУРДЗИЙНАДÆ

27.04.2024 | 22:41

ЦОКОЛАТИ Эльдар

Хуцауæй лæвæрд авиацион æфсæддон хецау, инæлар-болкъон, тæхæг-кунæггæнæг Цоколати Эльдар Вениамини фурт. Аци ном уæлдай кадгиндæр адтæй авиацион хæйтти æма еугæндтити. Е æ дæсниади исхизтæй тæккæ уæлдæр бæрзæндæмæ, фал æ фæндитæ кæронмæ не ’сæнхæст æнцæ ССР Цæдеси æскъуæлхт тæхæг Цоколай-фуртæн.

Эльдар райгурдæй 1929 анзи 21 апърели Дагестани, сахар Буйнакски, дохтиртæ – хъумухъаг Калсын-Бек Качалаев æма ирон Цоколати Ольги хæдзари. Æ ниййергутæ базонгæ ’нцæ Мæскуй паддзахадон университети медицинон факультети ахур кæнгæй. 1927 анзи сæ цард байеу кодтонцæ æма ахури фæсте рандæнцæ Буйнакскмæ. Фидæ куста дохтир-терапевтæй, мадæ ба – сувæллæнтти поликлиники сæргълæууæгæй.

Æртинæймаг тæссаг æнзти æнамонддзийнадæ фæззиндтæй æригон бийнонтæмæ дæр: 1937 анзи ниййахæстонцæ Калсын-Бек Качалаеви æ «антисоветон» архайди туххæй æма ’й еци анз ноябри «тройки» тæрхонмæ гæсгæ фехстонцæ. 1962 анзи ма ’й бæргæ исраст кодтонцæ…

Ольгæ æ минкъий биццеуи къохбæл рахуæстæй æма рандæй Дзæуæгигъæумæ. Ами æ цард байеу кодта дохтир Вениамин Логинови хæццæ. Е адтæй дони хъазахъæгти байзæдтаг. Вениамин Ольги биццеуæй æхецæн фурт загъта, равардта ин фиди номæн æхе ном, муггагæн ба ин байзадæй æ мади муггаг. Уотемæй Калсын-Бек Качалаеви фурт Эльдарæй рауадæй Цоколати Вениамини фурт Эльдар.

Дзæуæгигъæуи фæндзæймаг астæуккаг скъолай биццеу каст фæцæй аст къласи æма æ мади æнсувæр, денгизон тæхæг-кунæггæнæг, Советон Цæдеси Бæгъатæр Цоколати Геннадийи унаффæмæ гæсгæ ахур кæнунмæ бацудæй Ростови сæрмагонд авиацион скъоламæ. (Редакцийæй… Еугæр æ хуæрифурти цардвæндаги райдайæнбæл уоййасæбæл алæмæтдзийнадæй фæббæрæг æй Геннадийи унаффæ, уæд, махмæ гæсгæ, раст уодзæнæй уомæн æхе кой ракæнун дæр. Уæлдайдæр ба нур, нæ Цитгин Уæлахези 79 анзей бæрæгбони хуæдразмæ. Æма уомæ гæсгæ  абони мухур кæнæн хецæн цубур æрмæг Цоколати Геннадийи туххæй дæр).

Ахурмæ бацæунæн фæлварæнтæ раттуни фæсте, Эльдар 1949 анзи иссæй И.В. Сталини номбæл зундгонд Ейски æфсæддон-денгизон авиацион училищей курсант. Ахури æнзтæ тагъд ратахтæнцæ. 1952 анзи Цоколати 23-анздзуд биццеу каст фæцæй училище хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ. Уæди курсанттæ адтæнцæ, реактивон хуæдтæхæг МиГ-15 æскъæрунбæл ке ахур кодтонцæ, фиццаг уæхæн рауагъдонтæ. Хъæбæр хуарз ка ахур кодта, уонæн адтæй служби бунат равзаруни барæ. Эльдар равзурста Сабурфордаг флоти авиаций службæ кæнун. Лейтенант Цоколай-фурти уайтæккидæр иснисан кодтонцæ хестæр тæхæгæй, уомæн æма тæхунмæ е ’мкурсонтæй цæттæдæр адтæй.

Æригон денгизон тæхæги гвардион кунæггæнæг полк адтæй аэродром Центральная Угловаяйи. Эльдар тахтæй МиГ-15 æма МиГ-17 хуæдтæхгутæбæл, фæстæдæр ба – МиГ-19 хуæдтæхгутæбæл. Реактивон авиаци тæхгутæй агурдта устур бæрнондзийнадæ, æма Эльдар алкæддæр адтæй полкки хуæздæр тæхгути нимæдзи. Рæхги ’й иснисан кодтонцæ цæги командирæй. Скъолай æма училищей ку ахур кодта, уæдта служби æнзти дæр Эльдар адтæй хъæбæр хуарз гимнаст. Цæги командир уогæй радон хатт иссæй Сабурфордаг флоти чемпион гимнастикæй. Уогæ, теннисæй дæр хуарз гъазта, сауæнгæ ма сахар Львови чемпион дæр адтæй æхе карæнти ’хсæн. Арæхстæй бæхбæл бадунмæ дæр. 14-аг уæлдæфон æфсади командæгæнæг кадгин караули роти службæгæнгутæн æвдиста бæхбæл бадгæй æхсаргарди хæццæ архайуни мадзæлттæ.

1953-1954 æнзти 22-аг гвардион кунæггæнæг авиацион полкки исконди уогæй, Эльдар архайдта АЕШ-и авиаций цæфтæй Цæгат Корейи электростанцæ багъæуай кæнунбæл. Еци архайдæн ин аргъ искодтонцæ дæсгай æнзти фæсте: ССР Цæдеси æскъуæлхт æфсæддон тæхæг, авиаций инæлар-болкъон Цоколати Эльдарæн, Цæгат Корейи æ интернационалон ихæс æнхæст кæнгæй, лæгдзийнадæ æма тугъдон æхсарæдзийнадæ ке равдиста, уой туххæй ССР Цæдеси Сæйраг Совети Президиуми 1988 анзи 28 декабри Указмæ гæсгæ лæвæрд æрцудæй Грамотæ æма нисан «Тугъдон интернационалист».

Советон Цæдеси 14-аг Уæлдæфон æфсади командæгæнæг, инæлар-лейтенант Цоколати Эльдар (рахесæрдигæй) æма Чехословакий Социалистон Республики Уæлдæфон тухти Сæйраг командæгæнæг Й.Ремерк еумæйаг æфсæддон мадзали рæстæг Цоколай-фурти фæсте (рахесæрдигæй) лæууй 92-аг авиацион полкки штаби хецау, майор Бедойти Руслан – аци уаци автор.

1960 анзи гвардий майор Цоколай-фурт ахур кæнунмæ бацудæй Æфсæддон-уæлдæфон академимæ (1968 анзæй фæстæмæ – Ю.А. Гагарини номбæл). 1964 анзи академи каст ку фæцæй, уæд дæлболкъон Цоколати Эльдари иснисан кодтонцæ 737-аг кунæггæнæг авиацион полкки командирæй. Полк æрæнцадæй Сари-Шагани (Балхаши цадæмæ хæстæг сахар Приозерски). Еци полкки службæ кодта ирон тæхæг Гъæргинти Мурат дæр, ССР Цæдеси федæни æскъуæлхт æфсæддон тæхæг адтæй эскадрилий командир. Полкки размæ лæудтæй бæрнон ихæс – ракетити нихмæ тохи сосæг полигон гъæуай кæнун.

Уæдмæ Æфсæддон-уæлдæфон академий командæкæнуйнадæ æргъуди кодта æ рауагъдонти хуæздæртæй еуей æма 1966 анзи ракурдта Æфсæддон-уæлдæфон тухти сæйраг командæгæнæгæй, цæмæй дæлболкъон Цоколай-фурт æрвист æрцудайдæ адъюнктурæмæ. Анзи фæсте – нæуæг бунат, иснисан æй кодтонцæ аэродром Шармелеки фæндзæймаг кунæггæнæг авиацион полкки командирæй.

Зундгонд куд æй, уотемæй 1967 анзи цудæй тугъд арабти æма израилæгти ’хсæн. Эльдари фæндадтæй Хæстæг Искæсæнмæ рандæун, цалдæр рапорти дæр балæвардта, фал æй Æфсæддон-уæлдæфон тухти сæйраг командæкæнуйнадæ нæ рауагъта, фал Египетæн агъаз кæнунмæ рарвиста тæхгути æма инженерон-техникон службæгæнгути. Фиццаг хатт ку фарста тæхгути, барвæндонæй ке фæндуй Египетмæ, зæгъгæ, уæд еугурæйдæр нигъгъос æнцæ. Уæдмæ размæ рахизтæй эскадрилити командиртæй еу æма загъта: «Эскадрилий командир майор Æгъузари-фурт паддзахадон ихæслæвæрд æнхæст кæнунмæ цæттæ æй». Эльдар арфиагæй бакастæй е ’мзæнхонмæ, академий еу рæстæги ке хæццæ ахур кодта, уомæ, уæдта бабæй сæ карнæ нæуæгæй ами фембæлун кодта. Тæхгути еу къар фæттахтæй Египетмæ. Еци къуари адтæй майор Æгъузарти Виктор дæр. Устур аргъ кодта дивизий командир уомæн – æфсæддон тæхæг-снайперæн, тугъдон интернационалистæн. Виктор æфсадæй рацудæй болкъони цини, адтæй авиацион полкки командир.

Аци рæнгъити автор еци æнзти службæ кодта æфсæдти Цæгатаг къуари, Польши. 1967 анзи июли тугъдон ахурти рæстæг 159-аг гвардион кунæггæнæг полк фæттахтæй Венгримæ Кишкунлацхази аэродроммæ. Уоми адтæй Цоколати Эльдари дивизий полктæй еу. – Ейски ке хæццæ ахур кодтон, уонæй базудтон, дивизий командир ме ’мзæнхон ке æй, уой. Еу сæумæ раги вертолети гъæуама фæттахтайанæ сахар Дебреценмæ, уордигæй полкки фæттæхтитæн разамунд дæттуни туххæй. Командон-диспетчерон пункти рази лæудтæнцæ цалдæр хестæр афицери. Еу болкъон си, æ аййев  гуриконд æма ходи æрсагъдæй бæрæг дардта иннетæй. Е адтæй Цоколати Эльдар. Уæд æй фæууидтон фиццаг хатт.

1971 анзи дивизий командир Цоколай-фуртæн равардтонцæ радон æфсæддон цин инæлар-майор. Æ идарддæри служби еуæндæс анзи баст адтæнцæ Прикарпатьей æфсæддон зилди хæццæ, Львови хæццæ. 1972 анзи – 14-аг Уæлдæфон æфсади командæгæнæги хуæдæййевæг, 1974 анзи – фиццаг хуæдæййевæг, 1976 анзи ба – командæгæнæг. Еци анз 13 августи Сæйраг Совети Президиуми Указмæ гæсгæ Цоколати Эльдарæн лæвæрд æрцудæй кадгин ном «ССР Цæдеси æскъуæлхт æфсæддон тæхæг». Авд анзи командæ кодта 14-аг Уæлдæфон æфсадæн Эльдар. Бæсти Уæлдæфон тухти уомæй хуæздæр æфсад некæмæн адтæй. Æ хуæдтæхгутæ Карпатти хуæнхти уотæ арæхстгинæй тахтæнцæ, æма сæ еунæг локатор дæр нæ ахæста! Æфсæддон-уæлдæфон тухти Главки, цæмæдæр гæсгæ, уобæл фæггурусхæ ’нцæ. Командæгæнæг дæсни специалистти рарветун кодта, цæмæй гъуддагæй баууæндонцæ тæхгути æнтæститæбæл. Главки æрвист инæлартæ десгæнгæй раздахтæнцæ Мæскумæ.

Прикарпатьей æфсæддон зилди хæццæ 1980 анзи радон фæлварæн лæвардта 14-аг Уæлдæфон æфсад дæр январи-феврали. Фæлварæн иста ССР Цæдеси Гъæуайкæнуйнади Сæйраг инспекци, æ сæргъи Советон Цæдеси Маршæл К.С. Москаленко. 14-аг Уæлдæфон æфсад кадæй исæнхæст кодта æ размæ æвæрд ихæстæ. Авиацион æфсæддон хæйттæ æма еугæндтæ райстонцæ хуарз бæрæггæнæнтæ. Къамис æфсæддон зилди куста еу мæйи дæргъи. 92-аг кунæггæнæг авиацион полк ба райста хъæбæр хуарз бæрæггæнæн. Еци полкки штаби хецау уæд адтæй аци рæнгъити автор.

1983 анзи авиаций инæлар-лейтенант Цоколати Эльдари иснисан кодтонцæ ССР Цæдеси Æфсæддон-уæлдæфон тухти тæккæ уæлдæр бунæттæй еуеми – Æфсæддон-уæлдæфон тухти командæгæнæгæй – Идард Скæсæни æфсæдти Сæйраг командæгæнæги хуæдæййевæгæй. Багъудæй æй Улан-Удэмæ рандæун æма ’й æгæрон «хæдзаради хæццæ» зонгæ кæнун: Уралæй Камчаткæмæ агъазиау территорибæл æрбунæттон æй гъомусгин авиацион къуар, адтæй си стратегион нисанеуæги дууæ Уæлдæфон Æфсади, æртæ Уæлдæфон Æфсади – фронтон нисанеуæги, Сабурфордаг флоти авиаци, уæлдæфгъæуайгæнæг 11-аг æфсади авиаци, уæдта Манголий Æфсæддон-уæлдæфон тухтæ. Хуарз исфедудтайдæ Эльдарбæл, уруссагау «авиаций маршæл» ке хонунцæ, е. Авиаций инæлар-болкъон Цоколати Э.В. адтæй бæсти Æфсæддон-уæлдæфон тухти Сæйраг командæгæнæги – ССР Цæдеси гъæуайкæнуйнади министри хуæдæййевæги бунатмæ сæйраг кандидаттæй еу. Дууинсæй анзей дæргъи служби  алкæддæр адтæй хъæппæресгун, лæдæргæ, перспективон афицербæл нимад. Адтæй хъæбæр хуарз тæхæг æма фæлтæрдгин æфсæддон хецау, уиндгун адæймаг.

Царди æма архайди аллихузон къабæзти æ зонундзийнæдтæ дессаг адтæнцæ.  Æфсæддон хæйтти зундгонд адтæй Эльдари базургин загъд: «Афицер гъæуама хецæн кæна Гоголи Гегелæй, Бабели ба – Бебелæй». Командæгæнæг æ дзурдихатт  некæд фæббæрзонддæр кодта, æ дзубандий алкæддæр адтæй уæзæ. Агоргæ куд кодта æ дæлбартæй, уотæ сæбæл кодта ауодгæ дæр. Инæлар Цоколай-фурт еугур бæрзонд бунæтти дæр æнæнгъæлæги цаути рæстæг некæд тарстæй æхемæ бæрнондзийнадæ райсунæй.

Гъулæггагæн, авиаций инæлар-болкъон Цоколати Эльдари хъаурæ æма арæхстдзийнадæй кæронмæ пайдагонд не ’рцудæй.

Еуæй-еу бæрзондибадæг æфсæддон хецæуттæ ин испайда кодтонцæ æ уодигъæди рæстдзийнадæ æма кæдзосдзийнадæй æма ’й фæффудгин кодтонцæ, æгириддæр уомæ ка нæ хаудтæй, уæхæн цауи.

Æма æнæ хай фæцæй Æфсæддон Уæлдæфон тухти Сæйраг командæгæнæги бунатæй дæр æма авиаций маршæли номæй дæр.

1988 анзи Эльдари иснисан кодтонцæ Жуковскийи номбæл Æфсæддон-уæлдæфон инженерон академий хецауи хуæдæййевæгæй. 1990 анзи запаси рацæуни фæсте сауæнгæ 2006 анзи августмæ адтæй социалон гъæуайкæнуйнадон фонд «Ветеран»-и президент.

Цоколати Эльдар адтæй Устур Британий Æфсæддон-уæлдæфон тухти Къароладон клуби кадгин иуонг, Китайи наукити академий æма Æфсæддон-уæлдæфон тухти кадгин профессор. Сурх Турусай орден, «ССР Цæдеси Гæрзефтонг тухти Райгурæн бæстæн службæ кæнуни туххæй» æртиккаг къæпхæни орден, инсæй майдани, къуар фæсарæйнаг бæстити ордентæ æма майдантæ дзорæг æнцæ æ лæгдзийнадæбæл, æ арæхстдзийнадæбæл, æ хуарз службæбæл, Фидибæстæмæ уарзондзийнадæбæл æма еузæрдиуондзийнадæбæл.

Æноси æмбес Эльдари хæццæ æфсæддон служби зин надбæл æмдзо кодта æ цардæмбал Церекати Фатимæ. Е 1952 анзи каст фæцæй Хуæнхон гъæууонхæдзарадон институт, 1967 анзи ба – Мæскуй Тимирязеви номбæл гъæууонхæдзарадон академи. Иссæй биологон наукити кандидати ном, доцент. Ахургонди къæпхæн райста Эльдар æма Фатими биццеу Барисмæ дæр. Е Будапешти университети æрдзон-наукон факультети æртæ къурси каст фæууни фæсте идарддæр ахур кодта Львови университети. Барис æма æ цардæмбал Ингæ сæ ниййергутæн балæвар кодтонцæ бæдоли бæдæлттæ Фатимæ æма Эльдари. Кæстæр Эльдари кизгæ Ольгæ райстæ медицинон наукити кандидат, æхгæд акционерон æхсæнадæ «Мед-Экспо»-й – медицинон равдистити разамонæг. Æ цардæмбал адтæй медицинон наукити доктор Саламти Хъаурбег. Исæнтæстæй син дууæ фурти Эльдар æма Таймураз. Дууемæй дæр райстонцæ уæлдæр ахургонддзийнадæ. Эльдар каст фæцæй юридикон академи, Таймураз ба медицинон институт.

Еске бафæрсдзæнæй, гъома, рæнгъити автор Цоколати инæлари бийнонти хабæрттæ цæмæй зонуй. Гъуддаг уой медæгæ ’й, æма Эльдари хæццæ кæрæдзей хуарз зудтан, уомæн æма къуар анзи службæ кодтон æ дæлбарæ æфсæддон авиацион хæйтти æма еугæндтити.

Инæлар-болкъон Цоколати Эльдари кæстæртæй æма уони кæстæртæй дæр арви цъæхи æфсæн цæргæсбæл, кæсалги хузæн, накæ кæнуни над неке равзурста. Фал инæлари уæддæр нифс адтæй кæстæр Эльдарæй æма федар гъæлæси уагæй зæгъидæ: «Цоколати кæстæр Эльдарбæл авд анземæй æндæр нæма цæуй, рæстæг ма ин ес!..»

… Цоколати Эльдари намусгин цардвæндаг, гъулæггагæн, æгæр рацубуртæ æй – 2006 анзи  августи рахецæн æй æ уæлзæнхон цардæй. Е ’носон бунат иссæй Мæскуй Троекурови уæлмæрдтæ. Ардæмæ æ цирти размæ ахид æрбацæунцæ хеуæнттæ, Мæскуй цæрæг не ’мзæнхонтæ, Иристонæй Мæскумæ ниццæуæг адæмæй беретæ… Æ рохс ном ин исцитгин кæнунцæ…

Иристон номдзуд балхонтæй цох нæй, нæй инæлартæ гъæуагæ дæр. Фал нæмæ инæлар-болкъонтæ æдеугурæй цалдæремæй æндæр нæ ’нцæ. Уонæн сæ фиццæгтæй еу – ирон лæги кадæ æма намус бæрзонд ка исиста æма ’й табуйаг турусай хузæн кæдзосæй ка хаста, ирон æма хъумухъаг адæмтæ сæрустур кæмæй æнцæ, сæ еци еумæйаг хъæболæ, Советон Цæдесбæл æма Уæрæсебæл еузæрдиуон фурт Цоколати Эльдар. Æ цард, æ берæ хъазауатон гъуддæгутæй фæнзуйнаг æй æма уодзæнæй нæ адæми абони æма исонибони фæлтæртæн.

 

БЕДОЙТИ Руслан, (1947-2020),  авиаций инæлар-майор